Telegram Group & Telegram Channel
ЦЫКУРАЙЫ ЗÆДЫ ЛÆВАР

Æз райгуырдтæн Църуйы. Мæ фыд Садула 1945 азмæ уыд Джеры дзуары (Църуйы) кувæг лæг. Фæстæдæр, æртæ мæйы мыл куы цыди, уæд нæ æдæппæтæй дæр рарвыстой Назранмæ. Уым нæ æрцæрын кодтой, мæхъæл хаст куы ‘рцыдысты, уæд, æмæ дзы фæцардыстæм æртындæс азы дæргъы. Хæсты рæстæджы Гæззаты мыггаг бахъахъхъæдтой Джеры дзуры дзæнгæрджытæ, æмæ дзы иу рахастой семæ. Назранæй куы рацыдыстæм, уæд æрцардыстæм Цæгат Ирыстоны, Уæллаг Иры. Куы ‘рбынæттон стæм, уæд Гæззаты мыггаг сарæзта ног кувæндон Джеры дзуарæн Цырауы, æмæ уыцы дзæнгæрæг уым бакодтой. Цы цау дын радзурдзынæн, уый æрцыд, Назраны ма куы цардыстæм, уæд. Цыди мыл фондз, кæнæ ‘хсæз азы.
Иу бон ракодта стыр къæвда, тыхджын ихимæ. Уалынмæ арв ныннæрыди, æмæ нæ сыхæгты хæдзарæн йæ тохынайы арв æрцафта (зестæй конд уыд). Уыцы хæдзары, пецы раз архайдта зæронд ус (Гыцци), æмæ чъиритæ куыд кодта, афтæмæй арвы цæфæй фæмард. Адæм фæдисы лыгъдысты Гыццийы хæдзармæ. Æз дæр уæд рацыдтæн, æмæ куыддæр нæ кæртыдуарæй рахызтæн, афтæмæй ихимæ мæ къæхтыбынмæ æрхауд бур фæрдыг. Тынг цымыдисаг мæм фæкаст, æмæ йæ систон зæххæй. Уарын куы фæсабыр, уæд уынгты цингæнгæ алыгътæн хъæрæй дзургæ: «Мæнмæ та фæрдыг ис, мæнмæ та фæрдыг ис!», – зæгъгæ. Уалынмæ мæм нæ хъæуыгкаг ус, Джиоты Къоси, æрбацыд, æмæ мæ бафарста: «Æри ма, цæуыл цин кæныс?», – æмæ мын æй байста. Мæ мадмæ кæугæйæ бацыдтæн, æмæ мæ бафарста: «Цæуыл кæуыс, мæ хъæбул, цы кодтай?». Уæд йын радзырдтон, мæ фæрдыг мын куыд байстой. Мæ мад æдзæмæй алæууыд æмæ загъта: «Кæд уый Цыкура-фæрдыг уыди, уæд уыцы бинонтæн тæссаг у»! Æмæ æцæгæй дæр, мæй нæма рацыд, афтæмæй сæ бинонтæ фæрынчын сты æмæ амардысты.
Фæлæ бынтон диссаг та нæм уый фæкаст, æмæ, цалынмæ тыхджын их нæма райдыдта, уæдмæ мах æртæ сывæллонæй хъазыдыстæм цæхæрадоны. Уарын куы байдыдта, уæд арвы цæфæй фæтарстыстæм æмæ бæлæсты бын амбæхстыстæм. Цæхæрадоны рæзты фæцæйцыди сыхæгты ус (Соня), уагъд æмæ хуылыдз, даргъ дзыккутимæ. Бацыди нæм, æмæ загъта: «Алидзут, мæ хæбултæ, уæхимæ! Бæлæсты бын не ‘мбæлы æмбæхсын, арв уæ æрцæвдзæн». Æмæ мах, фæстæмæ кæсгæйæ æмæ, цæмæндæр, худгæйæ, алыгъдыстæм. Цæхæрадонæй куы ралыгъдыстæм, уæд дыууæ сывæллоны бацыдысты хæдзармæ, æз та уынгмæ рацыдтæн, æмæ Цыкура-фæрдыг уæд æрхауд ма цурмæ. Ууыл дыууæ куъуыри куы рацыд, уæд нæм æрбауад уыцы сыхаг сылгоймаг (Соня). Мæ мад йын арфæ ракодта: «Бузныг, Соня, мæ сывæллæтты мын кæй рарвыстай цæхæрадонæй хæдзармæ къæвдайы рæстæджы». Соня дисгæнгæ бакаст мæ мадмæ æмæ загъта: «Æнæхъæн дыууæ мæйы мæ уатæй куы нæ сыстадтæн, уæд сæ æз куд рарвыстон?». Уæд мæ мад ахъуыды кодта æмæ загъта: «Æвæццæгæн нæм Соняйы хуызы æрбацыд хæрзгæнæг». Æртæ чъирийы скодта, фынг акодта, æмæ скуывтам. Цыкура фæрдыг нал раздæхт, фæлæ Цыкурайы зæд йæ тых æмæ йæ уды фарн мæнæн радта.

Радзырдта йæ 1946 азы гуырд Гæззаты-Темырхъанты Э., Дзæуджыхъæу, 07.05.2022 аз; ныффыста йæ Хъусаты З.

#журналмахдуг #ЦИГСИИ

group-telegram.com/IronDin/154
Create:
Last Update:

BY Ирон дин ӕмӕ Ӕгъдауы ӕмбырд (Цӕттӕ кӕнӕм уанелмӕ)

❌Photos not found?❌Click here to update cache.

Share with your friend now:
group-telegram.com/IronDin/154

View MORE
Open in Telegram

Telegram | DID YOU KNOW?

Date: |

If you initiate a Secret Chat, however, then these communications are end-to-end encrypted and are tied to the device you are using. That means it’s less convenient to access them across multiple platforms, but you are at far less risk of snooping. Back in the day, Secret Chats received some praise from the EFF, but the fact that its standard system isn’t as secure earned it some criticism. If you’re looking for something that is considered more reliable by privacy advocates, then Signal is the EFF’s preferred platform, although that too is not without some caveats. Asked about its stance on disinformation, Telegram spokesperson Remi Vaughn told AFP: "As noted by our CEO, the sheer volume of information being shared on channels makes it extremely difficult to verify, so it's important that users double-check what they read." For tech stocks, “the main thing is yields,” Essaye said. Telegram has gained a reputation as the “secure” communications app in the post-Soviet states, but whenever you make choices about your digital security, it’s important to start by asking yourself, “What exactly am I securing? And who am I securing it from?” These questions should inform your decisions about whether you are using the right tool or platform for your digital security needs. Telegram is certainly not the most secure messaging app on the market right now. Its security model requires users to place a great deal of trust in Telegram’s ability to protect user data. For some users, this may be good enough for now. For others, it may be wiser to move to a different platform for certain kinds of high-risk communications. So, uh, whenever I hear about Telegram, it’s always in relation to something bad. What gives?
from us

Telegram Ирон дин ӕмӕ Ӕгъдауы ӕмбырд (Цӕттӕ кӕнӕм уанелмӕ)
FROM American