group-telegram.com/XurZaerin/8363
Last Update:
УЫЙ ÆНХЪÆЛ НÆ УЫДЫСТЫ
Тынг худæг у, æвæдза, данийаг политиктæ æмæ экспертты хъарджытæ сæ прессæйы кæсын. Æнæхъæн сериал сæ саразæн ис «Куыд ныл æрцыди ахæм цау?», зæгъгæ сæргондимæ. Копенгагены университеты профессор Миккел Расмуссены хъарджытæй газет Politiken-ы:
«Хиуылхæцындзинадмæ æрсидын бæргæ æвзарæм, бæргæ нæ фæнды уавæр æрсабыр кæнын, фæлæ æцæгдзинадæй Данийы бон ницы у. АИШ-ы æрдыгæй Гренландийыл контроль сæвæрынæн Трампæн цы пълан ис, уый йæхигъæдæй не æрбайсæфдзæн. Цæуылнæ? Уымæн æмæ афтæ уыдзæн…
Конфликты мидис бамбарынæн хъæуы Трамп йæхи куыд дары, уымæ æркæсын. Мах уынгæ дæр нæ кæны, бынтондæр æй не ндавынц Даниимæ æмахастытæ. Æввахс æмцæдисонтæ кæй стæм, уый цыма Трамп хъусгæ дæр никуы фæкодта, йæхи афтæ дары. Иран кæнæ æндæр исты знаджы паддзахадимæ цымæ дзуры, Даниимæ дæр йæхи афтæ дары...
Дани у ныгуылæн дунейы æрдзон хай. Трампмæ уый нымады дæр нæу. Нæ йæ æндавы, Ирак æмæ Афганистаны АИШ-имæ уæхски-уæхск Дани кæй хæцыдис. Нæ йæ æндавы, нæ бæстæйæ АИШ-мæ егъау базарадон ахастытæ кæй ис. Æппæт уыдæттæй нæ зонд схæццæ , кризис та арфдæр кæны»
Диссаджы адæм! Цæй аккаг стут, уый уын аразы Трамп. Уымæн æмæ АИШ уæм «æмцæдисонты» цæстæй никуы кастис. Уый уæ кæддæриддæр нымадта йæ вассалтыл, кæцытæн сæ хæс у бахъуаджы сахат АИШ-ы интересты сæраппонд туг ныккалын. Афтæ уыдис Иракы, афтæ уыдис Афганистаны. Сымах уым уæхи интересты сæрыл никуы хæцыдыстут – уæ туг Америкæйы сæрыл фæкалдтат!
@XurZaerin
BY Газет «Хурзæрин»
Share with your friend now:
group-telegram.com/XurZaerin/8363