Telegram Group Search
Гуырдзиаг меньшевикты къухæй 105 азы размæ цы 13 коммунары амардтой, уыдон рухс ном арыны сæраппонд абон Згъудеры уæлмæрдмæ сæ обелискы цурмæ æрбацыдысты нæ республикæйы Президент Гаглойты Алан, Парламенты Сæрдар Мæргъиты Алан, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, афтæ ма министрадтæ æмæ уагдæтты сæргълæуджытæ, æхсæнады минæвæрттæ, студенттæ.

Мысæн мадзалы æппæт хайадисджытæ дидинджытæ сæвæрдтой обелискы раз.

@XurZaerin
Ныртæккæ киноконцертон зал «Чермен»-ы ирон адæмы геноцидыл 105 азы сæххæсты сæраппонд цæуы мысæн мадзал.

@XurZaerin
21-æм июны 16:00 сахатыл нæ горæты Равдыстыты залы байгом уыдзæн нывгæнджытæ Джиоты Вадим æмæ Битеты Залинæйы куыстыты равдыст. Уыдон сты нæ университеты рауагъдонтæ æмæ цымыдисон уыдзæн се сфæлдыстадмæ бакæсын æмæ сын саргъ кæнын.

@XurZaerin
Абон 13:00 сахатыл нæ республикæйы ирон адæмы геноциды амæттæгты рухс ном арыны цытæн, автотранспорты шофыртæ æмæ фистæгæй цæуджытæ æрурæдтой цалдæр минуты бæрц се змæлд æмæ цыд.

@XurZaerin
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
РХИ-йы Хицауды Сæрдар Джуссойты Константин Петербурджы æхсæнадæмон экономикон форумы фембæлд Абхазы президент Бадра Гунбаимæ æмæ йæ фæхуыдта нæ республикæйы сентябры цы экономикон форум уагъд цæудзæн, уырдæм.

@XurZaerin
Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Волгограды областы администраци Петербурджы æхсæнадæмон экономикон форумы фæзуаты бадзырдтой æмгуыстад кæныныл.

Æмгуыстады фæдыл Сразыдзинадыл сæ къухтæ бафыстой Джуссойты Константин æмæ Волгограды областы губернаторы хæдивæг Анна Писемская.

@XurZaerin
Дидинджытæ сæвæрдтой 13 коммунары номыл обелискы раз
#Мысæн_мадзал

105 азы размæ гуырдзиаг меньшевикты къухæй цы 13 коммунары фæмард, уыдоны рухс ном арыны цытæн 20-æм июны Згъудеры уæлмæрдмæ сæ обелискы цурмæ æрбацыдысты нæ республикæйы Президент Гаглойты Алан, Парламенты Сæрдар Мæргъиты Алан, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, афтæ ма министрадтæ æмæ уагдæтты сæргълæуджытæ, æхсæнады
Стыр зонды - стыр тых.

Стыр тулдзæн арф уидæгтæ.

Стыр фурдæн - стыр улæн.

@XurZaerin
Хуссар Ирыстоны адæмы сæ зæххыл куынæг кодтой нысанмæздæхтæй
#Цытджын_æмбырд

Президент Гаглойты Аланы раныхас ирон адæмы геноцидыл 105 азы сæххæсты сæраппонд æмбырды

Цытджын æмбæстæгтæ, æмфыдыбæстæйонтæ!

Зынаргъ хæлæрттæ!

Абоны бон Хуссар Ирыстоны историон календары у ирæтты историйы иууыл трагикондæр сыфтæй сæ иуы хъынцъыймагдæр мысынады бон – 1920 азы Гуырдзыстон ирæттæн цы геноцид сарæзта, уыцы бон. 1920 азы сæрдыгон…
1920 азы цаутæн ферохгæнæн нæй
#Тымбыл_фынг

1920 азы ирон адӕмы историйы азфысты арӕзт ӕрцыд иууыл æгъатырдæр геноцид. Уый сæраппонд Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президенты Администраци ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты хъӕппӕрисӕй уагъд ӕрцыд тымбыл фынг.

Паддзахадон университеты ӕмбырдгӕнӕн залмӕ ӕрбацыдысты Президенты паддзахадон уынаффӕгӕнӕг Беджызаты Батрадз, Хицауады Сӕрдары фыццаг хӕдивӕг Джиоты Алан, Парламенты Сӕрдары хӕдивджытӕ…
ОСТЪАТЫ Алан: «Ирыстоны знæгты боныгтæ фагæй фылдæр сты гуырдзиæгты фæазымджын кæнынæн»
#Интервью

Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист, РХИ-йы Фысджыты æмæ Журналистты цæдисты уæнг, журнал «Фидиуæг»-ы сæйраг редакторы хæдивæг, 1920 азы геноциды тыххæй чиныг «Сау тымыгъ»-ы æмæ пьесæ «Фæстаг æвдисæн»-ы автор Остъаты Аланимæ фембæлдтæн æмæ мын дзуаппытæ радта, йæ уацмысты æрмæг куыд агуырдта, куыд сæ æмбырд кодта, уыдæтты тыххæй мæ
Абон у Рекомы кувæн къуырийы фæстаг бон.

Рекомы Уастырджи ирæтты хæстон зæд у. Сæхи йыл фæдзæхстой хæстмæ цæугæйæ. Йæ быны ирон лæппутæ ард хордтой, æфсымæртæ кæнгæйæ туджынтæ фидытой.

Ахуыргæндтæ куыд нымайынц, афтæмæй Рекомы кувæндон арæзт æрцыд 1382 азы.

Хуссар Ирыстоны дæр Рекомы Уастырджийы номыл кувæндонтæ ис - Ерманы, Едысы, Чеселты, Ходы, Дзомагъы.

@XurZaerin
Уый уарзта йæ професси, йæ райгуырæн Ирыстоны
#Аивады_дæснытæ

Ацы аз 18-æм июны 115 азы сæххæст уыдаид зындгонд ирон кинорежиссер Уалыты Егоры фырт Владимирыл.

Уалыты Владимир рйгуырдис 1910 азы Знауыры районы. Уый йæ рæстæджы ахуыр кодта Мæскуыйы Æппæтуæрæсейаг кинематографийы паддзахадон институты. Уыдис Сергей Эйзенштейны ахуыргæнинаг.

Киноныв «Фатимæ» сисын фыццаг кæй хъуыдымæ æрцыд æмæ йыл зæрдиагæй чи…
Цæгат Ирыстон-Аланийы Чмийы æрбайгом этнокультурон лагерь «Ирон фидæн». Уым сывæллæтты ахуыр кæнынц ирондзинадыл, культурæ æмæ æгъдæуттыл. Аразынц мультфильмтæ ирон æвзагыл, кафынц, зарынц. Сывæллæттæ иууылдæр æдæрсгæйæ дзурынц иронау.

@XurZaerin
Мæ фыды мад-иу мын дзырдта…
#Ирон_адæмы_геноцид_105

Ирон лæджы цард рагæй æнцон никуы уыдис. Фæнды мæ радзурын мæ бинонтæ меньшевикты азарæй цыхуызæн тухиты бахаудтой 105 азы размæ, уый тыххæй. Аив мæм нӕ каст мæхиуæтты тыххæй фыссын, фæлæ æппынфæстаг мæхицæн загътон, мæхицæйхуыздæр сæ чи ныффысдзæн? Цы зонын, æмæ цы хъуыстон мæ фыды мад Гатыгкоты Эрмонæйæ, уыдæттыл
Ирыстоны æгомыг хæхтæ – геноциды амæттæгты æвдисæнтæ
#Ирон_адæмы_геноцид_105

105 азы рацыд фашистон Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны зæххыл туджы зæйтæ куы рауагътой, уыцы трагикон бонтæй. Знон, 20-æм июны Хуссар Ирыстоны банысан кодтой Гуырдзыстоны ‘рдыгæй ирон адæмы геноциды амæттæгты мысæн бон. 1920 азы Хуссар Ирыстоны трагикон цауты тыххæй Советон хицауады рæстæджы алцыдæр сусæг кодтой. Советон Гуырдзыстон æппæт дæр
Бакодтой реставрацион куыстытæ
#Стыр_Уæлахиз_80

Фыдыбæстæйон Стыр хæсты сæраппонд фыдгулы ныхмæ чи растад, цыппар азы дæргъы сæ ныхмæ удуæлдай тох чи кодта, уыдонæн се ‘гæрон сгуыхтдзинад мысинагæн баззайдзæн æнусты дæргъы. Уыцы мысинæгтæй иу у, æдзард хæстонты номыл цыртдзæвæнтæ арæзт кæй æрцыд, уыцы нымæцы Цхинвалы районы бирæ хъæуты дæр. Уыдонмæ æмбæлон хъусдард ис…
Тасойты Инал – дунейы дыууæ хатты чемпион
#Спорт

Ирон богал Тасойты Инал ссис дзюдойæ дунейы дыууæ хатты чемпион. Чемпионат уагъд Будапешты. Инал +100 кг уæзы категорийы фыццаг тохы рамбылдта Турчы минæвары, дыккаг фембæлды тыхджындæр разынд узбекаг дзюдоистæй. Финалы ¼ хайы ирон спортсмены ныхмæлæууæг уыд уæрæсейаг Тамерлан Башаев. Ам дæр та Инал йæхи равдыста хъæддыхæй, фæуæлахиз…
Магистралон донвæды цалцæггæнæн куыстытæ
#Инспекцион_азылд

Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан Паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы директор Сиукъаты Иванимæ бабæрæг кодтой Едыс-Цхинвалы магистралон донвæды цалцæггæнæн куыстытæ.

Президент йæ инспекцион азылд райдыдта Дзауы район Челиаты хъæуæй. Кусджытæ йын лæмбынæг радзырдтой, проектмæ гæсгæ куыстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы арæзтадæн 2024 азы Инвестпрограммæйæ…
2025/06/30 00:41:34
Back to Top
HTML Embed Code: