Telegram Group & Telegram Channel
Тыхмитӕ кӕмӕн бакодтой, уыцы прокуроры систой йæ куыстæй   

🔻Республикӕйы сӕйраг прокуроры уынаффӕмӕ гӕсгӕ прокуратурӕйы кусджыты нымӕц фӕкъаддӕр кодтой. Æнæ куыстæй чи баззад, уыдоны 'хсӕн ис, тыхмитӕ кӕмӕн бакодтой, уыцы сылгоймаг-прокурор дӕр. Йӕ бынаты ныхмӕ йын радтой куыст равзарыны фадат, фӕлӕ уӕгъд уыдысты ӕрмӕст шофырты бынӕттӕ. Ууыл сылгоймаг не сразы.

Уымӕй уӕлдай ма, йæ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уголовон хъуыддаг куы байгом кодтой, уӕдӕй фӕстӕмӕ йын йæ куыст цыппар хатты басгӕрстой. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ йӕ ахӕм хуызы прокуратурӕйæ цӕуын кӕнынц. Сӕвзӕргæ уавӕр раиртасыны тыххӕй сылгоймаг бацагуырдта Уӕрӕсейы генералон прокурор Игорь Красновы ӕххуыс.

«Сапӕ» ма куыд хъусын кодта, афтӕмӕй йын тыхмитӕ чи бакодта, уыцы ӕмкусӕг Григорий Авакяныл сылгоймаг-прокурор бахъаст кодта июлы райдианы. Нӕлгоймаджы ӕрцахстой, августы та хъуыддаг йӕхимӕ райста Слестгӕнӕн комитеты сӕйраг управлени Мӕскуыйы. 16-ӕм декабрмӕ уыдзӕн хъахъхъӕнджыты къухы.

💬 «Цы 'рцыдис, уый тыххӕй 3-ӕм июлы йӕ разамындӕн куы фехъусын кодта, уӕд ын ӕххуысӕй зӕрдӕ бавӕрдтой, фӕлӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй уавӕр бынтон ӕндӕрхуызон у. Генералон прокуратурӕйӕ куырдтам, цӕмӕй хъуыддагмӕ цӕст дарой, уыдон та йӕ фӕстӕмӕ ардӕм ӕрбарвыстой. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ иу сгӕрст иннӕйы фӕдыл», — зæгъы йæ адвокат Кокайты Алан.

Сылгоймаг ныффыста Уӕрӕсейы президентмӕ ӕмӕ бацагуырдта адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕджы ӕххуыс. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, слестгӕнджыты къорды нæ бауагътой, фыдми кӕм ӕрцыд, уыцы кабинетмӕ, ӕвӕстиатӕй йӕ цалцӕг кӕнын райдыдтой, камерӕты видеотӕ та схафтой. 

Сылгоймаг «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй 1-ӕм ноябры республикон прокуратурӕйы ӕдасдзинады службӕйы разамонӕг Мысыкаты Левыл Уӕрӕсейы слестгӕнӕн комитет байгом кодта уголовон хъуыддаг, рӕстдзинад ӕмӕ хъуыддаг равзарынӕн цӕлхдуртӕ кӕй ӕвӕрдта, уый тыххӕй. Фӕлӕ дыккаг бон генералон прокуратурӕ йӕ уынаффӕ аивта.

💬 «15 азы кӕм фӕкуыстон, уыцы къабазы бон мӕ бахъахъхъæнын нӕу, кӕнӕ та йӕ нӕ фӕнды. Мӕ зындзинӕдтимӕ иунӕгӕй аззадтӕн. Ацы хъуыддаг тагъддӕр куы фӕуид ӕмӕ аххосджын закъонмӕ гӕсгӕ ӕфхӕрд куы баййафид, уый мӕ тынг фӕнды» — зӕгъы сылгоймаг.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM

group-telegram.com/ironsapa/2273
Create:
Last Update:

BY СапÆ

Share with your friend now:
group-telegram.com/ironsapa/2273

View MORE
Open in Telegram

Telegram | DID YOU KNOW?

Date: |

A Russian Telegram channel with over 700,000 followers is spreading disinformation about Russia's invasion of Ukraine under the guise of providing "objective information" and fact-checking fake news. Its influence extends beyond the platform, with major Russian publications, government officials, and journalists citing the page's posts. In 2018, Russia banned Telegram although it reversed the prohibition two years later. Oleksandra Matviichuk, a Kyiv-based lawyer and head of the Center for Civil Liberties, called Durov’s position "very weak," and urged concrete improvements. READ MORE "And that set off kind of a battle royale for control of the platform that Durov eventually lost," said Nathalie Maréchal of the Washington advocacy group Ranking Digital Rights.
from br

Telegram СапÆ
FROM American