НОГ ЧИНЫГ
Мыхуырæй рацыд УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг, Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт архайæг, Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист, Хуссар Ирыстоны Парламенты æртæ æрсидты депутат, литературон журнал "Мах дуг"-ы прозæйы хайады редактор ГÆБÆРАТЫ Юрийы чиныг "Уæлион бæсты азым".
#журналмахдуг #гæбæратыюри

Дзæуджыхъæуы Дзанайты Азанбеджы номыл нывкæнынады училищейыл 50 азы кæй сæххæст, уый фæдыл ПТРК "Алани" систа документалон киноныв. Кинойы хæдзары йын абон уыд презентаци. Кинонывмæ бакæсынмæ æрбацыдысты Хицауады минæвæрттæ, училищейы ныры æмæ раздæры ахуыргæнджытæ, ахуырдзаутæ, рауагъдæттæ, журналисттæ, культурæйы алы къабæзты кусджытæ. Рымысыдысты бындур ын чи бавæрдта уыцы арфæйаг адæмы нæмттæ. Фыццаг директор уыд Гæздæнты Зарæ. Уый фæстæ разамынд лæвæрдтой (дзæнæтыбадинаг) Гагойты Таймураз, Фидараты Фидар. Бузныг загътой йæ абоны директор Хетæгкаты Асланæн.
Киноныв рауад тынг мидисджын. Æвдыст дзы æрцыдысты училищейы истори æмæ æнтыстдзинæдтæ, йæ ахадындзинад æмæ цы бæрзонд æмвæзадмæ схызтысты иннæ ахуыргæнæндæтты `хсæн, уый.
#журналмахдуг
Киноныв рауад тынг мидисджын. Æвдыст дзы æрцыдысты училищейы истори æмæ æнтыстдзинæдтæ, йæ ахадындзинад æмæ цы бæрзонд æмвæзадмæ схызтысты иннæ ахуыргæнæндæтты `хсæн, уый.
#журналмахдуг