Telegram Group Search
📚 Рувас æмæ уызын
📝 Ирон аргъау
🎵 «О, нана»
3 мин
🎤 Хъаныхъуаты Алинæ
🖼 Чиныг «Нæ хурты хуртæн»

Рувас æмæ уызын кæрæдзиуыл хинæй куыд цыдысты…
Урс саг

​​Саг у кадджын, табуйаг, сакралон цæрæгой. Фæлæ сагтæй мифон æууæлтæй æппæты æххæстдæр у урс саг. Эпитет сызгъæрин нысан кæны æрвон, хурон. Эпитет урс дæр у уæздан, сыгъдæг æмæ рухсы нысан. Урс сагæн цыты бынат ис бирæ адæмты фольклоры Европæйы дæр æмæ Азийы дæр.

Ахуырад зæгъы: «Урс саг кельттæн уыди мистикон цæрæгой, уый æрцыд æддагон дунейæ æмæ хайджын уыди уæлæрдзон миниуджытæй». Кельттæ уыдысты европæйаг адæмтæй бирæты фыдæлтæ. Æмбæстон адæмтæн вæййы æнгæс мифтæ. Фæлæ цард ивы, - фæци мифты рæстæг.

Уæдцæр традици тыхджын у. Урс саджы ныв Англисы къарол Ричард II йæ риуыл дардта кады нысанæн. Базырджын саг уыди Францы къарол Карл V-æмы эмблемæ. Коронæджын саг ХV-æм æнусæй фæстæмæ сси Францы къаролты мыггагон нысан. Ис æндæр дæнцæгтæ дæр.

Фыццагон адæмæн урс саг мысæггаг кæнæ гуырысхойаг нæ уыд. Миф дзырддаг ничи кодта, уый адæмæн арв æмæ зæххау уыдис æцæгдзинад. Урс саг у сакралон, йæ фæлгонц ын мифтæй райстой эпос æмæ аргьау æмæ йæ хастой фæлтæрæй фæлтæрмæ. Урс саджы (хъуазы) диссæгтæ нын æвдисы Гриммты аргьау «Дыууæ æфсымæры». Нæртон Хæмыц саг- ты æхсæн уыны урс саг æмæ кувы: «Хуыцау, уыцы саг мын мæ амонд скæн!».

Казахаг миф «Зæринсыкъа саг»-ы урс саг цуаноны раз фесты урсбоцъо зæронд лæг. Уый у дæлзæххон паддзахады хан æмæ уæлзæхмæ цæуы урс саджы хуызы, рацæуы арф лæгагтæй, йæ бон у бирæ хæрзтæ кæнын. Урс саг у ирон эпосы персонаж дæр

Нартæн стыр фыдбылызтæ хæссы тыхгæнæг, залым Быдæ-Уæйыг. Уацары йæм ис Ацæ дæр. Ацæмæз цæуы йæ фыды уæгъд кæнынмæ. Æфсати йын йемæ æрвиты йæ фырты: цæуынц, Тутыры æхсæвы цы дыууæ урс саджы райгуырди, уыдоныл, адæгыл ифтыгъд сты, афтæмæй. Ацы сюжеты урс саг у бардуаджы коммæгæс цæрæгой, нæртон лæгæн æххуысгæнæг.

Джыккайты Шамил "Рагон ирон цард ӕмӕ адӕмы зондахаст. Миф,фольклор, ӕгъдау
БИРÆГЪ ÆМÆ РУВАС.
Æххормаг рувас бирæгъы фысы мард хæргæ æрбаййæфта.Рувасы комыдæттæ рауадысты фысы фыдмæ, фæлæ ма гæдыныхæстæм арæхсти.
— Цы ми кæныс ам?— дисгæнæгау афарста бирæгъы,—фæлхортыл цы зилыс.
Бирæгъ дызæрдыггæнгæ бакаст рувасмæ.
— Цы мæм кæсыс? Дæ лæгæты цур дын сырдтæ саг куы аргæвстой.
— Кæд уыдис уый?— афарста бирæгъ.
— Ныртæккæ æз уым уыдтæн...
— Æмæ уæд æз мæрдты дæн! — фæкодта бирæгъ æмæ фæцæуыныл.
Рувас дæр фысы мардыл йæхи ныццавта.

#аргъау
ÆХСÆРСÆТТÆГ ÆМÆ РУВАС.
Æхсæрсæттæг бæласыл гуыркъотæ æхсыдта. Бынæй йæ къæпп-къæпмæ рувасы комыдæттæ уадысты.
Æхсæрсæттæджы дзыхæй гуыркъо рахаудта.
— Хæц, къахыстæг дын!
Рувас æм фæлæбурдта.
Иу сайд гæдырувасыл дæр æрцæуы.

#ӕмбисонд
Ӕхсӕвы арӕнӕй Бонвӕрнон рахызт,
Дунемӕ бахудт фӕлмӕн!
Фарныл баст уыдзӕн ныр уымӕн йӕ бакуыст:
Хай дзы фӕуыдзӕни - дӕу ӕмӕ мӕн!

Иу хай - ӕнӕниз цард, хурӕфсӕст бонтӕ!
Иннӕйӕ худдзӕн - ӕнӕхӕст цъӕх арв!
Дзаг куыд уой фӕллойӕ фӕззӕджы гонтӕ:
Ма сцух уой фынгтӕй та - мыд ӕмӕ царв!


Хабæты- Гæджынон Риммӕ
«КÆЙ ХОНЫНЦ, ЦЫМÆ, РÆСУГЪД?»

Сауцæст, стæй ирд цæсгомы сконд?
У рæхснæг ‘ мæ асæй бæрзонд?
‘Ви даргъ дзыкку, астæу- нарæг-
Чи у рæсугъддзинад барæг?..

Нæ, мæ хуртæ, нæ,- уый зонут:
‘Цæг рæсугъды раст нæ хонут-
Цæсгом у ‘ нцъылдтæ зæрондæй,
Нал вæййы хъал гуыры кондæй!

Рæсугъд- Адæймаг йæ удæй,-
Куы ‘свæййы дæнцæг хъæрмудæй,
Стæй кæны адæмæн лæггад,
Хъахъхъæны мыггаджы кад!..

Кæйдæр сидзæрты рæвдауы,
Тох чи кæны нæ æгъдауыл!
Кæмæ нæй, нæ, мисхал дæр хин,
Чи нæ кæны мæгуыртыл ‘ лгъин-

О, бахъуыды кæн , мæ лымæн:
Цард, зæрдæ кæмæн и, уымæн-
Фылдæр уæд рæсугъдтæ удæй,
Цæрæнт адæмтæ хъæрмудæй!..


Хъайтыхъты Риммæ.
Амонд

Æpбацæуы амонд йæ къахвындзтыл сиргæ,
Мæ зæpдæ йæ pазмæ тырны !
Æpбахæccы йемæ бæллицтæ 'мæ цинтæ,
Йæ мидбылхудт дардмæ зыны !

Йæ фæзынд ын ауынын хуры æcкасты,
Æpныкъулы хъæдæй йæ цæcт.
Йæ хъæлæc ын хъусын хъæбулы ныхасы,
Йæ фæpцы мæ зæxxыл нæй хæст.

Фæхуды мæм Амонд сыхаджы цæcтытæй,
Æрвдидины фенын йæ хуыз.
Фæлмæн мæ pæвдауы сæууон хуры тынтæй,
Мæ удæй æнкъарын йæ уырз.

Фæндырдзагъды айхъусын амонды зæлтæ,
Нæpтон симды зилдух кæны !
Дыууæ удыл бафтауы уарзты кæлæнтæ,
Сæ цинтæм сын цинтæ xæccы.

Амонд æнæвгъауæй уары йæ лæвæрттæ,
Фарнимæ хорзæxтæ тауæг!
Булæмæpгъ цъиуæй æpтæxы мæ pухс кæpтмæ,
Азæлы иумæ нæ зарæг !

Бутаты Ритæ
Цыппурс ирон адæммæ нымад у удсыгъдæггæнæн бæрæгбоныл æмæ уе’ппæты дæр йæ хорзæх уæд!

Сыгъдæг уд, хъæлдзæг зардæ æмæ йыл дзаг фынгтæй æмбæлут, уæ бинонты фæндиаг!

Цыппурсы æртытæ уын уæ царды фæндæгтæ рухс куыд кæной, ахæм амонд уæ уæд!
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Бынатыхицауы æхсæв.
Фæлæ!!! Уæ хистæрты бaфæрсут!!

( Закидываю по вашим многочисленным просьбам! Весь Директ в вопросах.
Но! Пожалуйста! Спросите и у ваших старших)
Чырыстон диныл хæст адæм абон бæрæг кæнынц Цыппурсы бӕрӕгбон æмæ сæ йæ хорзӕх уӕд!

Поздравляем вас с Рождеством Христовым!
«Поздравляю Вас с Рождеством Христовым. Этот светлый, долгожданный праздник дорог миллионам людей во всём мире. Он дарит верующим радость и надежду, вдохновляет на добрые мысли, дела и поступки. В рождественские дни мы явственно, всем сердцем чувствуем, как важны для нас отеческие, семейные традиции, передающиеся из поколения в поколение.

Отмечу, что Русская православная церковь, другие христианские конфессии России играют огромную созидательную роль в единении народа, в сбережении нашей исторической памяти, уникального культурного, духовного наследия. Значим вклад религиозных организаций в укрепление института семьи, воспитание молодёжи, утверждение в обществе таких непреходящих нравственных идеалов и ценностей, как забота о ближнем, милосердие и сострадание, поддержка тех, кто нуждается в помощи и внимании. Эта многогранная, востребованная работа достойна самого глубокого признания.

Желаю православным христианам, всем гражданам России, празднующим Рождество Христово, здоровья и благополучия
».

Президент РФ
Владимир Путин
« НОГ»

Цы диссаг у, уæдæ,ацы дзырд!
О, цымæ, йæм фыццаг чи фæцырд?..
Ногбон ‘ мæ Ног цæхæркалгæ заз!-
Чи ‘ рхъуыды кодта дзырдбаст « Ног Аз»?..

Ног чындз, стæй та нын, уæдæ,-ноггуырд,
Ног рæстæг ,æмæ йемæ- Ног дуг!..
Æмæ , зæронд та ‘ взæр цæмæй у?-
Уалæ арвыл зæронд дæр мæй у…

Уæдæ- нæ “ Ног амондджын фæлтæр»,
Стæй уалдзæг бæласы Ног сыфтæр,
Ноджы хуымы иу хурбон- ног ауæдз,
Ауади дæ фыртыл « Ног афæдз»!..

Æрмæст ды ногæй макуы раив
Дæ удысконд, царды зæрдаив!
О, æмæ дыл макуы фæтых уæд
Мæнæ абоны царды ривæд.

Ногæй- ногмæ нын ды ив, мæ хур,
Дæ дарæс, хæлц, о, стæй дæ дæлтъур!..
Æрмæст- иу бахъахъхъæн хæлæртты-
Тыхст заман чи цæуы дæ тæртты!


Хъайтыхъты Риммæ.
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Уæ хъуыдытæ зæгъут, курын уæ🙏
О, Стыр хуыцау!
Нымдгӕнгӕ та дӕ сыгъдæг номæн кувæм!
Хатыр зӕххон рӕдыдтӕн курӕм!..
Ӕнӕрхъуыды кӕй вӕййӕм хатгай мах,
Кӕй нӕ фенӕм ӕнӕраст миты хахх!..

Кӕй нын у мады хъарм æвзаг дзырттаг,
Фӕрныг ӕгъдау та рохуаты - дӕрттаг.
Кӕй рох кӕны ӕфсымӕры - ӕфсымӕр...
сыгъдæгæй нын кӕй нал уыныс нӕ фынг!

Кӕй та кӕлы ныййарджыты цӕссыг...
Дӕ лӕвар зӕхх кӕй дихтӕ кӕнӕм кардӕй:
Кӕй нӕм худы фӕсарӕйнаг мӕнгардӕй...
О, курæм дæ уынаффæйы куывд абон:
ХӔСТ-ӔНДЗАРДЖЫТӔН БАСУДЗ ТАГЬД СӔ ФӔНДОН!..
Цӕмӕй хъæбулы ма ныгӕна мад!
Ӕмӕ та дидин акала зæххон цард!



Гӕджынон -Хабӕты Риммӕ.
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Будьте бдительны! Не дайте себя обмануть!
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Цæpæгойтæ иронау
Басылтæ- Ногбоны æхсæвы хæринæгтæ – æнæнхъызт хыссæйæ конд алыхуызон фæлгонцтæ.
2025/01/09 02:57:57
Back to Top
HTML Embed Code: