group-telegram.com/mahduuug/4139
Last Update:
.. Уырдӕм ӕввахс, быдыры, уыдысты фыййӕуттӕ ӕмӕ ӕхсӕвы сӕ фосы дзуг хъахъхъӕдтой. Ӕвиппайды Хуыцауы зӕд сӕ разы февзӕрди, ӕмӕ Хуыцауы кадӕй бӕстӕ ныррухс ис. Фыййӕуттӕ фыр тӕссӕй сӕхи дӕр нал ӕмбӕрстой. Зӕд сын загъта: «Ма тӕрсут, ӕз уӕм ӕрцыдтӕн, ӕппӕт адӕмӕн дӕр стыр циндзинад чи ӕрхӕсдзӕн, уыцы Фарны Уац фехъусын кӕнынмӕ: абон Давиды сахары райгуырди уӕ Ирвӕзынгӕнӕг — Бардарӕг Чырысти. Сывӕллоны баййафдзыстут хӕцъилты тыхтӕй, кӕвдӕсы хуысгӕйӕ, ӕмӕ Йӕ базондзыстут уыцы нысанӕй». Зӕды фарсмӕ ӕваст фегуырди ӕнӕнымӕц уӕларвон ӕфсад. Уыдон кадджын кодтой Хуыцауы: «Кад Хуыцауӕн бӕрзӕндты, зӕххыл та фарнимӕ уӕнт, Хуыцау кӕуыл ауды, уыдон!» Зӕдтӕ сӕ цурӕй уӕларвмӕ куы ссыдысты, уӕд фыййӕуттӕ сӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Уӕдӕ фӕцӕуӕм Вифлееммӕ ӕмӕ нӕхи цӕстӕй фенӕм, цы дзы ӕрцыди ӕмӕ нын Хуыцау цӕй тыххӕй фехъусын кодта, уый».
BY ЖУРНАЛ "МАХ ДУГ"
Share with your friend now:
group-telegram.com/mahduuug/4139