ЦЫКУРАЙЫ ЗÆДЫ ЛÆВАР Æз райгуырдтæн Църуйы. Мæ фыд Садула 1945 азмæ уыд Джеры дзуары (Църуйы) кувæг лæг. Фæстæдæр, æртæ мæйы мыл куы цыди, уæд нæ æдæппæтæй дæр рарвыстой Назранмæ. Уым нæ æрцæрын кодтой, мæхъæл хаст куы ‘рцыдысты, уæд, æмæ дзы фæцардыстæм æртындæс азы дæргъы. Хæсты рæстæджы Гæззаты мыггаг бахъахъхъæдтой Джеры дзуры дзæнгæрджытæ, æмæ дзы иу рахастой семæ. Назранæй куы рацыдыстæм, уæд æрцардыстæм Цæгат Ирыстоны, Уæллаг Иры. Куы ‘рбынæттон стæм, уæд Гæззаты мыггаг сарæзта ног кувæндон Джеры дзуарæн Цырауы, æмæ уыцы дзæнгæрæг уым бакодтой. Цы цау дын радзурдзынæн, уый æрцыд, Назраны ма куы цардыстæм, уæд. Цыди мыл фондз, кæнæ ‘хсæз азы. Иу бон ракодта стыр къæвда, тыхджын ихимæ. Уалынмæ арв ныннæрыди, æмæ нæ сыхæгты хæдзарæн йæ тохынайы арв æрцафта (зестæй конд уыд). Уыцы хæдзары, пецы раз архайдта зæронд ус (Гыцци), æмæ чъиритæ куыд кодта, афтæмæй арвы цæфæй фæмард. Адæм фæдисы лыгъдысты Гыццийы хæдзармæ. Æз дæр уæд рацыдтæн, æмæ куыддæр нæ кæртыдуарæй рахызтæн, афтæмæй ихимæ мæ къæхтыбынмæ æрхауд бур фæрдыг. Тынг цымыдисаг мæм фæкаст, æмæ йæ систон зæххæй. Уарын куы фæсабыр, уæд уынгты цингæнгæ алыгътæн хъæрæй дзургæ: «Мæнмæ та фæрдыг ис, мæнмæ та фæрдыг ис!», – зæгъгæ. Уалынмæ мæм нæ хъæуыгкаг ус, Джиоты Къоси, æрбацыд, æмæ мæ бафарста: «Æри ма, цæуыл цин кæныс?», – æмæ мын æй байста. Мæ мадмæ кæугæйæ бацыдтæн, æмæ мæ бафарста: «Цæуыл кæуыс, мæ хъæбул, цы кодтай?». Уæд йын радзырдтон, мæ фæрдыг мын куыд байстой. Мæ мад æдзæмæй алæууыд æмæ загъта: «Кæд уый Цыкура-фæрдыг уыди, уæд уыцы бинонтæн тæссаг у»! Æмæ æцæгæй дæр, мæй нæма рацыд, афтæмæй сæ бинонтæ фæрынчын сты æмæ амардысты. Фæлæ бынтон диссаг та нæм уый фæкаст, æмæ, цалынмæ тыхджын их нæма райдыдта, уæдмæ мах æртæ сывæллонæй хъазыдыстæм цæхæрадоны. Уарын куы байдыдта, уæд арвы цæфæй фæтарстыстæм æмæ бæлæсты бын амбæхстыстæм. Цæхæрадоны рæзты фæцæйцыди сыхæгты ус (Соня), уагъд æмæ хуылыдз, даргъ дзыккутимæ. Бацыди нæм, æмæ загъта: «Алидзут, мæ хæбултæ, уæхимæ! Бæлæсты бын не ‘мбæлы æмбæхсын, арв уæ æрцæвдзæн». Æмæ мах, фæстæмæ кæсгæйæ æмæ, цæмæндæр, худгæйæ, алыгъдыстæм. Цæхæрадонæй куы ралыгъдыстæм, уæд дыууæ сывæллоны бацыдысты хæдзармæ, æз та уынгмæ рацыдтæн, æмæ Цыкура-фæрдыг уæд æрхауд ма цурмæ. Ууыл дыууæ куъуыри куы рацыд, уæд нæм æрбауад уыцы сыхаг сылгоймаг (Соня). Мæ мад йын арфæ ракодта: «Бузныг, Соня, мæ сывæллæтты мын кæй рарвыстай цæхæрадонæй хæдзармæ къæвдайы рæстæджы». Соня дисгæнгæ бакаст мæ мадмæ æмæ загъта: «Æнæхъæн дыууæ мæйы мæ уатæй куы нæ сыстадтæн, уæд сæ æз куд рарвыстон?». Уæд мæ мад ахъуыды кодта æмæ загъта: «Æвæццæгæн нæм Соняйы хуызы æрбацыд хæрзгæнæг». Æртæ чъирийы скодта, фынг акодта, æмæ скуывтам. Цыкура фæрдыг нал раздæхт, фæлæ Цыкурайы зæд йæ тых æмæ йæ уды фарн мæнæн радта.Радзырдта йæ 1946 азы гуырд Гæззаты-Темырхъанты Э., Дзæуджыхъæу, 07.05.2022 аз; ныффыста йæ Хъусаты З. #журналмахдуг #ЦИГСИИ
group-telegram.com/mahduuug/4165
Create:
2025-01-21 Last Update: 2025-02-13 22:37:36

BY ЖУРНАЛ "МАХ ДУГ"
Share with your friend now:
group-telegram.com/mahduuug/4165
Telegram | DID YOU KNOW?
"Like the bombing of the maternity ward in Mariupol," he said, "Even before it hits the news, you see the videos on the Telegram channels." In addition, Telegram now supports the use of third-party streaming tools like OBS Studio and XSplit to broadcast live video, allowing users to add overlays and multi-screen layouts for a more professional look. Anastasia Vlasova/Getty Images But the Ukraine Crisis Media Center's Tsekhanovska points out that communications are often down in zones most affected by the war, making this sort of cross-referencing a luxury many cannot afford. Markets continued to grapple with the economic and corporate earnings implications relating to the Russia-Ukraine conflict. “We have a ton of uncertainty right now,” said Stephanie Link, chief investment strategist and portfolio manager at Hightower Advisors. “We’re dealing with a war, we’re dealing with inflation. We don’t know what it means to earnings.”
from de