group-telegram.com/mahduuug/4292
Last Update:
АБОН ГАЛУАНТЫ ЛЮДМИЛÆЙЫЛ СÆХХÆСТ УЫДАИД 88 АЗЫ
Цыма, йæ райгуырæн бæстæ, йæ адæмы йæ удæй фылдæр чи уарзы, уый сын искуы лæггад кæнынæй бафсæст… æвæццæгæн, нæ… афтæ рауад йæ цардвæндаг РЦИ-Аланийы æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ, Хуссар Ирыстоны Парламенты фыццаг æмæ фæндзæм æрсидты депутат, Ирыстоны Фысджыты цæдисы уæнг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, поэт, драматург, æхсæнадон архайæг Галуанты Людмилæйæн дæр.
20-æм октябры йæ куыстæй æрлæууыд Иры иузæрдион хъæбулы зæрдæ. Ахицæн йæ цардæй, фæлæ йæ ном æнустæм баззайдзæн уæлæуыл, цы адæмæн лæггад кодта, уыдоны зæрдæты, Ирыстоны историйы. Адæм зардзысты йæ зарджытæ æмæ сæ царды дымгæ таудзæн Хуссарæй — Цæгатмæ, Цæгатæй та – Хуссармæ. Ирон театры сценæйы цы фæлгæндзтæ сарæзта, уыдон аивадуарзджытæ, театрдзаутæ хæсдзысты дæнцæгæн. Уымæн æмæ адæймаджы зæрдæмæ фæндаг чи ссары, уымæн ферохгæнæн нæй. Афтæ йæ адæмыл иузæрдион рæстаг лæг цæрæнбонты кæйдæр цæрайæ фæцæры, хи цардмæ та йæ æвдæлгæ дæр нæ ракæны. Раст афтæ рауад йæ цардвæндаг Людмилæйæн дæр.
#журналмахдуг #ГалуантыЛюдмилæ #иронтеатр
BY ЖУРНАЛ "МАХ ДУГ"
![](https://photo.group-telegram.com/u/cdn4.cdn-telegram.org/file/ONyMgG0STIzdcjw-55y2S3eIco_1MF_fQte51w24EOawJccYWHuoxbtJ3KOLbcpTYEIuKtTmv0qhtTEU6kJDuXG2IyCCn8lhxWKTRZIRgYL5Ym44aCNah1OL7PBnwAuhFcSmuT_G8Qi2Q4kfYE4EYz_G7PLF-7_rLyA8BTEgDljUKLVaD3awqMhL6lENmgxFAamt20kIMUa2r5GYShyoZ6_eCnNGmt5P0zE0eeNnktWGlYooA4O1DDjYLOE5OJZXVyz-TJfVRBgL6wJhOu789K48CDTzHvEVcHjk-z8jsiVkhMoiiK8AQkeUl2wFdsSxInqj8NQ_FoN4gbpdAKxOWg.jpg)
Share with your friend now:
group-telegram.com/mahduuug/4292