Гъе, мæгуыр куырм Бибо!.. Гъе, мæгуыр зæронд лæг!..
Дæ бон дыл баталынг, де 'хсæв дыл бамыр ис:
Нал уыныс арвы цъæх, нал уыныс зæххы сау!..
Баци дыл сау талынг иæ рæсугъд урс дуне.
Дæ зæронд стджытæн асасти сæ хъару,
Кусынæн куы нал дæ, хæрынæн инн' ахæм.
Дæ хъæздыгдзинад у дæ талынг уаты къуым;
Гал дæм нæй, бæх дæм нæй!:. Гъе, мæгуыр зæронд лæг,
Дæ цард куы нал цæуы адæмы зæрдæмæ!..
Гъе, хъæздыг куырм Бибо!.. Гъе, тыхджын зæронд лæг!..
Радта дын Уастырджи сау хъисæй хуыйысæр,
Радта дын зæрдæргъæвд, радта дын дзырдамонд. ;
Фыдæлты кадджытæ се 'ппæт дæр куы зоныс,
Се 'ппæт дæр куы цæгъдыс сау хъисын фæндырæй.
Нæ дзæбæх фæсивæд д'алыварс куы лæууынц,
Д' алыварс куы лæууынц, кадæгмæ куы хъусынц.
Кадæгмæ куы хъусынц, сæ цæссыг куы калынц,
Сæ цæссыг куы сæрфынц стыр тымбылкъухæй...
Гъе, хъæздыг куырм Бибо!.. Гъе, тыхджын зæронд лæг
Къубалты Алыксандр "Ӕфхӕрдты Хӕсанӕ"

Мӕсыг хи дурӕй кӕлы. Уыцы уавӕр ӕппӕты хуыздӕр ӕмӕ раздӕр бамбӕрста Брытъиаты Елбыздыхъо. Йӕ пьесӕ "Уӕрӕседзау" хуыдта "хъӕлдзӕг ныв", фӕлӕ дзы райгондӕй ницы и хъуыдыджын адӕмӕн, фыст у масты цӕстысыгтӕй. Цӕлуарзаг Муссӕ "ӕгъдауджынӕй" Уӕрӕсемӕ афтыд ӕмӕ бынтон ӕнӕгъдауӕй ссыди цалдӕр азы фӕстӕ. Ирыстонӕй ӕууӕнк ахаста ӕмӕ йӕ Уӕрӕсейы ныууагъта. Уымӕй уӕлдай аивта йӕ мӕгуыр удыгъӕд, райста уырыссаг зӕрдӕ, уӕздӕтты къӕхтӕ сӕрфгӕйӕ, ферох кодта йӕ мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ дзуры уырыссагау арвистонӕй.
Елбыздыхъойы заман муссӕтӕ иугӕйттӕ уыдысты, фӕлӕ уыдоны низӕй тарсти фӕрынчынӕй ирон фӕсивӕдӕн, ӕмӕ, цӕмӕй тарсти, уый нӕ баййӕфта: абоны уӕрӕседзаутӕн банымайӕн дӕр нал и.
#literaturӕ

Фæдисхъæрау æртахт æцæгæлон зæххæй нæ фыццаг поэты уынгæг хъæлæс: «Уæ нæ хæхтæ, нæ бæстæ, куыд ма цæрæм уæ фæстæ!» Кæмæ фехъуысти хъæбулы ныхас? Чи йæ рахаста дзыллæйы рæгъмæ? Ныййарæг зæхх. Цымæ цы уыдаид, Темырболат ацы тутæрхæм зарæг туркагау куы ныффыстаид, уæд? Йæ хъæлæс къонайæ фесхъиуæггаг æхсидавау ахуыссыдаид Анатолийы быдырты. Зарæг цæфтæй, фæлæ цардæгасæй æрыздæхти фыдæлты артдзæстмæ. Ирон дзырды фарнæй!..
Хъодзаты Æхсар
Хъодзаты Æхсар
Эпикуры хуызӕн ут:
καὶ χαλεπωτάτων δὲ καιρῶν κατασχόντων τηνικάδε τὴν Ἑλλάδα, αὐτόθι καταβιῶναι, δὶς ἢ τρὶς [εἰς] τοὺς περὶ τὴν Ἰωνίαν τόπους πρὸς τοὺς φίλους διαδραμόντα. Laert. 10.10.
"Кӕд уыцы заманты Элладӕйыл уӕззау бӕллӕхтӕ 'ртыхстысты, уӕддӕр йӕ цард уым арвыста, ӕрмӕст дыууӕ кӕнӕ' ртӕ хатты Ацыд Ионимӕ йе'мбӕлттӕм"
Иу ахӕм бӕллӕхы тыххӕй Фыссы Плутарх Полиоркеты Деметрийы цардфыссынады, кӕй ӕрхъулайы тыххӕй Афинӕтӕ' вирхъау ӕххормагӕй тыхстысты:
τότε καὶ τὸν φιλόσοφον Ἐπίκουρον ἱστοροῦσι διαθρέψαι τοὺς συνήθεις κυάμους πρὸς ἀριθμὸν μετ' αὐτῶν διανεμόμενον. Plut. Demetr. 34
"Куыд дзурынц, афтӕмӕй-иу уӕд философ Эпикур дӕр йе' мбӕлттӕн бахӕрын кодта хъӕдуртӕ, уыдон-иу банымадта ӕмӕ-иу сӕ байуӕрста се 'хсӕн"
Эпикурейаг философимӕ гӕсгӕ цин ссарӕн ис хуымӕтӕг хъуыддӕгты мидӕг.Тӕккӕ зындӕр рӕстӕджыты дӕр ахсджиаг у хӕлардзинадӕн аргъ кӕнын, рӕстӕй цӕрын, уӕлдай митӕй хи хизгӕйӕ, ӕмӕ уды ӕнцойадмӕ тырнын.

Цымыдисаг ныв, ӕвдыст дзы цӕуы хурныгуылӕн черкесаг минӕвӕртты фембӕлд зындгонд бритайнаг политик Генри Пелхэм-Клинтонимӕ, 1855 азы 5 октябры Сухум калайы фрегат HMS Highflyer-ы бортыл.
Герцог уыд хӕсты хъуыддӕгты паддзахадон министр ӕмӕ хӕстон секретарь лорд Абердины хицауады.
Ныв скодта шотландиаг нывгӕнӕг ӕмӕ 'фсӕддон уацхӕссӕг Вильям Симпсон (1823-1899).

Инӕлар - маршал Юбер Лиотэйы гуманон колониализм
Фӕлтӕрд ӕфсӕддон уӕвгӕйӕ, Лиотэйы нӕ фӕндыд, Алжиры цы рӕдыдтытӕ сыл æрцыд, уыдон фӕлхат кӕнын, уым "сабырдзинадмӕ тыхфбаст"-ы процесс адаргъ дӕсгай азты дӕргъы дыууӕрдыгӕй дӕр дзӕвгар зиантимӕ. Европӕйаг административон модельтӕ хъарыны бӕсты йе 'ргом аздӕхта бынӕттон адӕмы ӕууӕнк фидар кӕнынмӕ, традицион хицаудзинады институттӕ бахъахъхъӕнынмӕ ӕмӕ мароккайнаг хицауадимӕ ӕмгуыст кӕнынмӕ
Фӕлӕ уӕддӕр, бынӕттон институтты хъахъæд нӕ ивта Лиотэйы системӕйы империон ӕрдзыхъӕд. Французаг чиновниктӕ разамынд лӕвӕрдтой хицауады ӕппӕт департаменттӕн-финанстӕн, ӕхсӕнадон куыстытӕн, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынӕн, ахуырадӕн, юстицийӕн ӕмӕ 'ндӕртӕн. Мароккайнӕгты бӕрны баззадысты дины фарстатӕ, исламы тӕрхондӕттӕ 'мӕ ӕндӕр ахӕм æнæхсызгон хабӕрттӕ. Афтӕмӕй, Лиотэйы системӕ бынӕттон адӕмӕн лӕвӕрдта мӕнг стимултæ французаг колониалон администрациимӕ ӕмгуыст кӕнынмӕ. Лиотэ ӕмбӕрста, мароккайнаг элитӕтӕ бӕстӕйы разамынд дӕттыны хъуыддаджы куы архайой, уӕд, колониалон ӕгъдау цӕмӕй уа, уый тыххӕй ӕфсӕддон тыхӕй пайда кӕнын дзы нал хъæудзæн.
Уыйадыл ахӕм "гуманон колониализм" (ӕви soft power) мароккайнӕгтӕн сарӕзта хӕдбардзинады илюзи ӕмӕ 'мрæстæджы ахъаз кодта францаг протекторат сфидар кӕнынӕн.

Эмиль Чоран фыста: "Адӕймаг бӕстӕйы нӕ цӕры, цӕры ӕвзаджы мидӕг. Фыдыбӕстӕ ӕвзаг у ӕмӕ ӕндӕр ницы". Ӕмӕ 'цӕгӕй дӕр, ӕвзаг канд информаци дӕттыны фӕрӕз нӕу, фӕлӕ ма у культурӕйы, адæмы мысӕнуаты ӕмӕ цардыуаджы арф ӕвдисӕг.
Фыдыбӕстӕ у, ӕвзаг кӕй сфӕлдыста, уыцы миддунейы ӕцӕгдзинад. Адӕймагӕн йӕ бон у йӕ бӕстӕ ныууадзын, фӕлӕ уыцы уавӕры дӕр ӕвзаг баззайы, лæгæн йӕ ивгъуыд чи бахъахъхъӕны, ахӕм мадзаллæй.
Не 'взаг сафгӕйӕ нæхи дæр сафӕм. Ӕвзаг уды хӕдзар у, ӕмӕ, суанг дунейыл хъеллау кӕнгӕйӕ дӕр, адӕймаг хӕдзары баззайы, цалынмӕ йӕ мадӕлон ӕвзагыл хъуыды кӕнын ӕмӕ ӕнкъарын фӕразы, уӕдмӕ
#qwydytæ

Ис ахӕм гӕнӕн ӕмӕ Ацӕмӕзы тыххӕй кадджытӕ Кавказы арӕнтӕй дарддӕр ахызтысты ӕмӕ сӕ фӕд ныууагътой, цӕгатырдыгӕй чи цӕры, уыцы адӕмты культурӕты дӕр.
Цӕвиттон, иртасджытӕ фӕнысан кӕнынц марийаг ном Асамат 'мӕ чувашаг дзырдбаст "Асамат кĕперы"-имӕ, (ома "арвӕрдын"
комкоммӕ та йӕ куы ратӕлмац кӕнӕм уӕд уыдзӕн "Асаматы хид") параллельтӕ. Ацӕмӕзы фӕлгонц уалдзыгон бонтимӕ баст кӕй, уымӕ гӕсгӕ, ахӕм æнгæсдзинадӕн ис бынат.
Цымыдисаг ма уый у, ӕмӕ рагон марийӕг ном Патраш, ӕвӕццӕгӕн, баст у Нарты Батрадзимӕ.

Telegram
Ævicon bæstæ
Ногайский вариант нартовского сказания о мести Ацамаза
Нартовский эпос выходит за пределы его традиционного бытования на Северном Кавказе. Например, его следы и влияния отмечают у народностей Дагестана — аварцев, лакцев, тюркоязычных кумыков. У них представлены…

This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Цард уӕрдоны цалхау зилы, цардӕн иу ран лӕууӕн нӕй,
Иу фарс дзы куы уа уӕлей, иннӕ уӕд вӕййы бынӕй.
Мах йӕ цагъартӕ стӕм цардӕн, махӕн нӕй цӕрӕн фӕрнӕй,
Цард тыхӕй кӕнгӕ куы нӕ у, нӕй йын аразӕн сӕнттӕй

Абайты Васойы фӕдзӕхст
"Мӕ кӕстӕртӕм!
Мæ зæрдæ риссы, нæ мадæлон æвззаджы хъысмæтыл куы ахъуыды кæнын уæд. Куыстуæтты æмæ æхсæнадон æмбырдты нæ, фæлæ ма хæдзары, бинонты хсæн дæр тæссаг раны бахауд. Хъуамæ алчи дæр æмбара: æвзаджы фесæфт у – адæмы фесæфт. Нæй æвзаг – нæй адæм. Фæдисы хъæр: не ‘взаг бахъахъхъæнæм, бавæрæм! Æппæты фыццаг – хадзары мидæг, бинонты хсæн. Алы хæдзары къулыл дæр хъуамæ фыст уа егъау дамгъæтæй:
“АМ ИРОНАУ (ДЫГУРОНАУ) ДЗУРЫНЦ”.
Абон Абайты Васойы райгуырдыл сӕххӕст 124 азы

Мӕнмӕ куыд кӕсы, афтӕмӕй термин "наци" - йы хуыздӕр бӕрӕггӕнӕнтӕй иу лӕвӕрд ӕрцыд францаг философ Эрнст Ренаны чиныджы "Наци Цы у?" ("Qu'est-ce qu'une nation?")
"Наци у, паддзахад саразын дӕ кӕимӕ фӕнды, уыцы адӕм." Ренаны фидарӕй уырныдта, наци хуымӕтӕджы этникон кӕнӕ ӕвзаджы ӕхсӕнад нӕу, фӕлӕ у иумӕйаг ивгъуыд кӕмӕн ис ӕмӕ иумӕйаг фидӕнмӕ чи тырны, уыцы æмзонд адӕмы æхсæнад

Толкин ӕмӕ ӕвзӕгтӕ
"Languages have a flavour to me. I never understand people saying, it awfully dry and dull, because the new language to me is just like taking a new wine or some sweetmeat"
Ӕвзӕгтӕм йӕ монц равдисыны тыххӕй англисаг фыссӕг ӕмӕ филолог Джон Рональд Руэл Толкин ӕрхъуыды кодта суанг сӕрмагонд дзырд — глоссопейя / glossopoeia кӕнӕ "ӕвзӕгты арӕзт". Йӕ царды дӕргъы ӕрхъуыды кодта 20 ӕвзагӕй фылдӕр, сӕ зынгӕдӕр — эльфиаг ӕвзӕгтӕ ӕмӕ сӕ ныхасыздӕхтытӕ. Куыста сыл 1910-ӕм азтӕй суанг йӕ амӕлӕты бонмӕ 1973-ӕм азы.
Толкинӕн йӕхи загъдау, ӕвзӕгты ӕрхъуыды у йӕ куыстыты бындур. Уый йӕ уацмыстӕ фыста уыцы ӕвзӕгтӕн дуне саразыны тыххӕй, иннӕрдӕм нӕ, фӕлӕ. Бындур уыд дзырд, стӕй та-йемӕ баст истори.
Ӕркӕсут 1968 азы интервьюйы скъуыддзагмӕ, уым фыссӕг ӕвзӕгты тыххӕй тӕрхӕттӕ кӕны.
Абон йӕ райгуырдыл сӕххӕст 133 азы. Толкины биографийы сӕйраг фӕзилӕнтӕ базонӕн ис ам.

YouTube
1968: TOLKIEN on LORD OF THE RINGS | Release | Writers and Wordsmiths | BBC Archive
JRR Tolkien speaks to John Ezard about his extraordinarily popular Lord of the Rings series of fantasy novels. The author touches upon their genesis and themes, his fondness for invented languages - and how they are often misinterpreted.
This clip is from…
This clip is from…
Деэтнизаци - адӕм кӕнӕ йӕ хицӕн минӕвӕрттӕ сӕ этникон миниуджытӕ сӕфын куы райдайынц, ахӕм процесс; райдайы мадӕлон ӕвзаджы сӕфтӕй, стӕй та – национ хиӕмбарынады ӕмӕ этникон идентификации сӕфтӕй.
1963 азы нæхи «уæрæседзауты» æнувыд архайдæй мадæлон æвзаг ахуыр кæныны æмæ рæзыны уавæр æваст къæссавæлдæхт фæци. Нæ ахуырдзау сывæллæттæ мадæлон æвзаджы хъомысæй иртæстгонд æрцыдысты тæккæ фæззæджы къæсæрыл: фыццæгæмтæй фæстæмӕ æппæт предметтæ дæр райдыдтой ахуыр кæнын уырыссагау, ирон æвзаджы урокты сахæттæ фесты дыууæ хатты къаддæр, æвзаджы ахуыргæнджытæ аззадысты æгуыстæй бæрнаджы бынаты. Æппæт уыцы фыдгæнды уынаффæтæ рахаста уæды Ирыстоны хицауад бынæттон «уæрæседзауты» фæндонæй, æмæ сын разамонджытæ уыдысты уæды ахуырады бæрнон кусджытæ Галазты Æхсарбег æмæ Чъерджиаты Хазби. Уыдон лæгæвзæрстæй сæ иузæрдион хъузæттимæ сæхицæн гæрстой размæ кæнгæ кады фæндæгтæ, æппæлæн ныхæстæй уырысы зæрдæ æлхæнгæйæ. Ирон ныййарджытыл та рацыдысты сайдæй, æмæ бархийæ сæ цоты баиртæстой ирон æвзаджы хъомысæй, бафтыдтой сæ уырыссаг æвзаджы дзидзитыл...
Йæ мадæлон æвзаг гуыбыны хæрдыл чи ауæй кодта, йæ ирон сæр сæрмæ чи нал хæссы, фыдызæхх кæмæн нал и, уыдон, ирæтты нæмттæ хæсгæйæ, Хуссар Иры гуырдзиагау дзæнгæда цæгъдынц, Цæгат Иры — уырыссагау. Уыдонæй вæййы фехъусæн иугъæдоны ихсыд, æнæмæт ныхас: «Ирон æвзаг кæй сæфы, уый у историон цау, царды фæзынд, æмæ нын нал и уыцы уавæрæй фервæзæн».
Айларты Измаил
Йæ мадæлон æвзаг гуыбыны хæрдыл чи ауæй кодта, йæ ирон сæр сæрмæ чи нал хæссы, фыдызæхх кæмæн нал и, уыдон, ирæтты нæмттæ хæсгæйæ, Хуссар Иры гуырдзиагау дзæнгæда цæгъдынц, Цæгат Иры — уырыссагау. Уыдонæй вæййы фехъусæн иугъæдоны ихсыд, æнæмæт ныхас: «Ирон æвзаг кæй сæфы, уый у историон цау, царды фæзынд, æмæ нын нал и уыцы уавæрæй фервæзæн».
Айларты Измаил
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Хаджеты Таймураз - "Уыд мӕ царды ӕппӕт дӕр хуымӕтӕг"