Telegram Group & Telegram Channel
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
«Йӕ бынат — Уӕрӕсейы иугонд командӕйы»: Цхинвалы ис ӕртӕ ӕвзонг футболисткӕйы

🔻Футболӕй хъазын кӕй фӕнды, ахӕм чызджытӕ республикӕйы бирӕ сты. Алы аз дӕр лӕппуты ӕмрӕнхъ сӕхи футболы секцимӕ ныффыссын кӕнынц.

Цалдӕр азы размӕ республикӕйы уыдис чызджыты футболон командӕ. Уыдис дзы 25 чызджы. Кокойты Юри семӕ лӕвар куыста. Фӕстӕдӕр сын тренировкӕтæ уагъта 22-аздзыд дзӕуджыхъӕуккаг футболисткӕ (йӕхӕдӕг та хуссарирыстойнаг у). Фӕлӕ алыхуызон аххосӕгтӕм гӕсгӕ командӕ нал ис.

Кокойты Юрийӕн хъыг у. Фӕнды йӕ, цӕмӕй чызджытӕ дӕр хъазой футболӕй ӕмӕ та йӕхимӕ райста ӕртӕ чызджы. Суинагыл дзы нымайы 15-аздзыд Плиты Миланӕйы. Суанг ма йӕ турниртӕм дӕр аласы ӕмӕ йын бар куы радтынц, уӕд ӕй лӕппуты командӕйы уӕнгӕй фӕзмӕ рауадзы. Тренеры бӕллиц та у Миланӕйы Краснодары Футболы академимӕ бакӕнын, ис дзы сылгоймӕгты футболон командӕ ӕмӕ хъазынц премьер-лигӕйы.

💬 «Фадат куы уаид, уӕд йӕхи иттӕг хорз равдисид, командӕмӕ йӕ райсиккой. Ууыл дызӕрдыг дӕр нӕ кӕнын. Ӕз ӕй Уӕрӕсейы иугонд командӕйы дӕр уынын, уый аккаг у», — зӕгъы тренер. 

➡️ Юрийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныртӕккӕ Хуссар Ирыстоны сылгоймӕгты иугонд футболон командӕ скӕнын зын у. Кӕд бирӕты бӕллиц у, уӕддӕр алчи йӕ ныфс нӕ хӕссы. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ зӕрдӕ дары ӕмӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM

group-telegram.com/ironsapa/2274
Create:
Last Update:

BY СапÆ

Warning: Undefined variable $i in /var/www/group-telegram/post.php on line 260

Share with your friend now:
group-telegram.com/ironsapa/2274

View MORE
Open in Telegram

Telegram | DID YOU KNOW?

Date: |

In the past, it was noticed that through bulk SMSes, investors were induced to invest in or purchase the stocks of certain listed companies. Again, in contrast to Facebook, Google and Twitter, Telegram's founder Pavel Durov runs his company in relative secrecy from Dubai. Lastly, the web previews of t.me links have been given a new look, adding chat backgrounds and design elements from the fully-features Telegram Web client. Update March 8, 2022: EFF has clarified that Channels and Groups are not fully encrypted, end-to-end, updated our post to link to Telegram’s FAQ for Cloud and Secret chats, updated to clarify that auto-delete is available for group and channel admins, and added some additional links. The Dow Jones Industrial Average fell 230 points, or 0.7%. Meanwhile, the S&P 500 and the Nasdaq Composite dropped 1.3% and 2.2%, respectively. All three indexes began the day with gains before selling off.
from es

Telegram СапÆ
FROM American