Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Хӕфсӕн йӕ лӕппын — хуры тын... Ӕцӕг ӕви мӕнг ныхас у, уый зын зӕгъӕн у. Фӕлӕ Дюймовочка ӕмӕ галхӕфс иумӕ ӕцӕгӕйдӕр нӕ фидауынц.
Сымахмӕ та куыд кӕсы?
#аивады_хӕзнадон
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Сымахмӕ та куыд кӕсы?
#аивады_хӕзнадон
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Бырынцъаг, уазӕлттӕ ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕры фӕтк: сӕйрагдӕр
▫️ Знон Дзӕуджыхъӕуӕй Ларсмӕ фӕндагыл Уӕрӕсейæ ацӕуӕн нӕ уыд. 2025 азы 16 февралы 23 сахатыл фӕндаг сӕхгӕдтой сӕрмагонд уынаффӕмӕ гӕсгӕ.
▫️ Арвыкомы фӕндагыл цӕуын тӕссаг кӕй у, уый тыххӕй абон 11 сахатӕй Цӕгат Ирыстоны сфидар кодтой ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты фӕткӕвӕрд. Республикӕйы разамонӕг Сергей Меняйло рахаста республикӕмӕ транзитон транспорт ма уадзыны тыххӕй уынаффӕ. Ӕнӕнхъӕлӕджы цауты министрадӕн бӕхӕс кодтой хъармгӕнӕн пункттӕ сфидар кӕнын, мидхъуыддӕгты министрадимӕ лæмбынæг цӕст дарын фӕндӕгтыл цӕуыны фӕткмӕ.
▫️ Метеорологты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, хӕстӕгдӕр къуыри республикӕйы тынг фӕуазал уыдзӕн. Уӕлдӕфы температурӕ хӕццӕ кӕндзӕн уазалы 12 градусы онг. Уардзӕн мит, баддзӕн мигъ, фӕндӕгтӕ сӕвӕрдзысты ихын цъар ӕмӕ уыдзысты бырынцъаг, хӕхты тӕссаг у зӕйтӕ рацӕуынӕй.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Йӕ барты сӕрты кӕй ахызт, уый тыххӕй ахуыргӕнджыты зонындзинӕдты фылдӕргӕнӕн иституты ректор Исахъты Людмилӕйӕн кӕндзысты тӕрхон
🔻 Хъуыддагмӕ кӕсдзысты Дзӕуджыхъӕуы Ленины районы тӕрхондоны. Сылгоймаджы азымджын кӕнынц, йӕ барты сӕрты кӕй ахызт, уымӕй.
2019 азы октябры национ проект «Демография»-йы фӕлгӕты институт ӕмӕ адӕмӕн куыст дӕттыны комитет бафыстой паддзахадон бадзырд. Йӕ домӕнтӕм гӕсгӕ ӕгуыст адӕмы институты хъуамӕ ахуыр кодтаиккой ног дӕсныйадыл.
Слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ректор бацӕттӕ кодта мӕнг гӕххӕттытӕ, ӕртӕ сылгоймаджы дзы хорз ахуыр кодтой, зӕгъгӕ. Афтӕмӕй та ахуыргӕнӕндоны сӕ кой дӕр нӕ уыд. Ахӕм бӕрӕггӕнӕнты тыххӕй институты хыгъдмӕ арвыстой 100 мин сомы.
➡️ «Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй декабры райдианы Исахъты Людмилӕйы йӕ куысты бынатӕй систой.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
2019 азы октябры национ проект «Демография»-йы фӕлгӕты институт ӕмӕ адӕмӕн куыст дӕттыны комитет бафыстой паддзахадон бадзырд. Йӕ домӕнтӕм гӕсгӕ ӕгуыст адӕмы институты хъуамӕ ахуыр кодтаиккой ног дӕсныйадыл.
Слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ректор бацӕттӕ кодта мӕнг гӕххӕттытӕ, ӕртӕ сылгоймаджы дзы хорз ахуыр кодтой, зӕгъгӕ. Афтӕмӕй та ахуыргӕнӕндоны сӕ кой дӕр нӕ уыд. Ахӕм бӕрӕггӕнӕнты тыххӕй институты хыгъдмӕ арвыстой 100 мин сомы.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны бӕлццӕттӕ ӕмӕ транспорты шофыртӕ хъаст кӕнынц федералон фӕндӕгты уавӕрӕй
🔻 Федералон фӕндӕгтыл цӕуын тӕссаг кӕй у, уый муниципалитетты 'хсӕн бӕлццӕттӕласӕн транспорты шофыртӕ абон райсомӕй сӕхиуыл банкъардтой. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй ахӕм уавӕры сӕ бон сахатмӕ 20 километрӕй тагъддӕр цӕуын нӕу.
💬 «Райсомӕй мӕм чи нӕ ӕрбадзырдта, ахӕм шофыр нал баззад. Сӕ хъасты сӕр уыдысты федералон фӕндӕгтӕ. Куыстмӕ сын ӕнӕ рацӕугӕ нӕ уыд, фӕлӕ фӕндӕгтыл тынг сындӕггай цӕуынц, сахатмӕ 20-25 километрӕй тагъддӕр нӕ. Хорз у, ӕмӕ фӕндагон фыдбылызы ничи бахауд, фӕлӕ ахӕм уавӕрты кусын зын у», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн «Автоколоннӕ 1210»-ы хицау Джидзалаты Хазби.
Автобустӕ сындӕггай кӕй цыдысты, уый аххосӕй чи куыстмӕ, чи ахуырмӕ байрӕджы кодта.
💬 «Транспорт, раст уӕртджын хӕфсытау, хилынц. Иннӕмӕй та сӕм ацы уазалы бирӕ рӕстӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсын хъӕуы. Чидӕртӕ фӕстӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхтысты. Гыццыл ма хъӕуа, ӕмӕ мӕхӕдӕг дӕр ацыдаин, фӕлӕ уӕдмӕ автобус фӕзынд. Стӕй тынг сындӕг цыдыстӕм. Фӕлӕ уӕддӕр иуафон фӕндагӕй фӕцӕйтахтыстӕм ӕмӕ телыхъӕдыл нӕхи сцавтам. Беслӕнӕй горӕтмӕ куы схӕццӕ стӕм, уӕд Хуыцаумӕ куывтам, сӕрӕгасӕй кӕй ныххӕццӕ стӕм, уый тыххӕй», — радзырдта бӕлццӕттӕй иу.
➡️ Федералон фӕндӕгты управлени «Кавказ»-ы сӕвзӕргæ уавӕрыл аныхас кӕнын не сразы сты, фӕндӕгтӕм зилӕг куыстуаты та хӕтӕл ничи исы: дысфӕлдӕхтӕй кусынц, ӕвӕццӕгӕн.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Автобустӕ сындӕггай кӕй цыдысты, уый аххосӕй чи куыстмӕ, чи ахуырмӕ байрӕджы кодта.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Адарддæр кæн æмбисонд: кæмæндæр йæ бæхыл йæ бон нæ цыд...
Anonymous Quiz
12%
Æмæ ма кæйдæр бæхмæ бæллыд
5%
Æмæ йæ бастæй дардта
53%
Æмæ йæ саргъы надта
30%
Æмæ кæмæндæр бæхтимæ арæхсын амыдта
Искӕй хардзӕй хӕрзгӕнӕг: 14 февралы сылгоймӕгтӕн ӕхсызгон лӕвӕрттӕ скӕнынӕн дзӕуджыхъӕуккаг нӕлгоймаг адавта шоколад
🔻 «Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй пъæлицæмæ бахъаст кодта горӕты «Пятёрочка»-тӕй иуы хицау. Дукани бӕрӕг кӕнгӕйӕ, уый бафиппайдта, шоколад плиткӕтӕ кӕй фӕхъуаг сты.
Видеомӕ ӕркӕсгӕйӕ, рабӕрӕг: 14 февралы изӕрӕй ӕлхӕнджытӕй иу аст Milka-йы ӕмӕ ӕхсӕз Alpen Gold-ы кӕй амбӕхста, уый. Сӕ иумӕйаг аргъ уыд 2,6 мин сомы. Уый фӕстӕ нӕлгоймаг тезгъо кодта Томайы-фырты номыл уынджы ӕмӕ сӕ лӕвар кодта чызджытӕн.
➡️ Уарзӕгой зӕрдӕйы хицауы барадхъахъхъӕнджытӕ ссардтой. Разынд дзӕуджыхъӕуккаг 39-аздзыд Г. Сергей. Уый размӕ дӕр уыд ахст. «Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй ныртӕккӕ дӕр ис пъӕлицӕйы къухты.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Видеомӕ ӕркӕсгӕйӕ, рабӕрӕг: 14 февралы изӕрӕй ӕлхӕнджытӕй иу аст Milka-йы ӕмӕ ӕхсӕз Alpen Gold-ы кӕй амбӕхста, уый. Сӕ иумӕйаг аргъ уыд 2,6 мин сомы. Уый фӕстӕ нӕлгоймаг тезгъо кодта Томайы-фырты номыл уынджы ӕмӕ сӕ лӕвар кодта чызджытӕн.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — уӕртджын хӕфс.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Ӕфсӕнтуг» барӕг: абон Хъантемыраты Мухтарбегыл сӕххӕст уыдаид 91 аз
🔻 Йӕ царды хабӕрттӕй:
▫️ Райгуырд Воронежы. Уыд Хъантемыраты Алыбеджы кӕстӕр фырт;
▫️ Уыд кӕрдтӕ мысаныл ӕхсынӕй федераци «Freeknife» (свободный нож)-ы президент;
▫️ 1968 азы Мексикӕйы гастрольты рӕстӕг Ирбег æмӕ Мухтарбег се 'ппӕты дисы бафтыдтой. Мухтарбег ма архайдта корридӕйы. Галтимӕ куыд архайдта ӕмӕ сыл куыд фӕтых, уымӕ кӕсгӕйӕ мексикӕйӕгтӕ дзурынхъом нал уыдысты. Иуахæмы та галы уӕлдӕфы ӕртӕ хатты ӕрзилын кодта, афтӕмӕй йӕ зӕххыл æрфӕлдӕхта. Ирбег ӕмӕ Мухтарбеджы райстой клуб «Чарро-педригаль»-мӕ;
▫️ Ӕнгом куыстой Ӕнӕнхъӕлӕджы цауты министрадимӕ дӕр. Граждайнаг хъахъхъӕнынады академийы базӕйы Химкӕты сарӕзтой бӕхтимӕ кусынӕн спортивон комплекс. Мухтарбег ӕмӕ йе 'фсымӕр Ирбег курсантты ахуыр кодтой бӕхыл бадын ӕмӕ ӕндӕр сусӕгдзинӕдтыл;
▫️ Мухтарбег ахъазыд бирӕ аивадон кинонывты;
▫️ Бавӕрдтой йӕ Дзӕуджыхъӕуы Намысы аллейы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Рагацау зонын хуыздӕр у: мӕнг ӕхцатӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц
🔻 Уӕрӕсейы банчы регионон хайады «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдтой, афтӕмӕй Цӕгат Ирыстоны мӕнг ӕхцатӕ дыууӕ хатты къаддӕр бӕрӕг кӕныны райдыдтой. 2024 азы уыдысты 22, 2023 — 41. Сӕ фылдӕр уыдысты 5000 сомы гӕххӕттын ӕхца, дыууӕ — 2000 гӕххӕттын ӕхца, фараст та — минтӕ.
Уӕрӕсейы банчы ӕрфарстмӕ гӕсгӕ, ӕхца мӕнг сты ӕви нӕ, уый бӕрӕг кӕнынц нӕ бӕстӕйы цӕрджыты 13%. Уыдонӕн сӕ 63% сты Цӕгат Кавказы цӕрджытӕ.
💬 «Ӕппӕт ӕхцатӕ дӕр банкты сбӕрӕг кӕны сӕрмагонд техникӕ. Царды та сæ чыссӕйы сӕвӕрыны размӕ хорз уаид уырзӕй басгарын, рухсмӕ сӕм бакӕсын ӕмӕ сӕ гыццыл анцъылд кӕнын», — радзырдта Уӕрӕсейы банчы регионон хайады разамонӕг Дзиуаты Иринӕ.
➡️ Ӕхцайыл чи фӕгуырысхо уа, уыдоны та хъӕуы сӕ фӕндаг банкмӕ акӕнын. Уым сын лӕвар скӕндзысты экспертизӕ. Спайдагӕнӕн ис телефоны уӕлӕфтуан «Банкноты Банка России» ӕмӕ сайты хай «Наличное денежное обращение»-йæ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Уӕрӕсейы банчы ӕрфарстмӕ гӕсгӕ, ӕхца мӕнг сты ӕви нӕ, уый бӕрӕг кӕнынц нӕ бӕстӕйы цӕрджыты 13%. Уыдонӕн сӕ 63% сты Цӕгат Кавказы цӕрджытӕ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ног разамонӕг
🔻 Александр Хоружийы сфидар кодтой Цӕгат Ирыстоны граждайнаг хъахъхъӕнынады ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы цауты комитеты сӕргълӕууӕгӕй.
➡️ Уый тыххӕй уынаффӕ бафыста республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстоны фидӕн аз фӕнд кӕнынц дыууӕ флюорографы балхӕнын
🔻 Аппараттӕ балхӕныны хӕс бахӕсдзысты 2026–2030 азты Хуссар Ирыстоны социалон ӕмӕ экономикон рӕзты программӕмӕ. Уый тыххӕй «Сапӕ»-йӕн радзырдта ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады ӕмӕ социалон политикӕйы парламенты комитеты сӕрдар Плиты Алыксандр.
💬 «Стационарон аппараты аргъ 10 милуан сомӕй фылдӕр у. Хъыгагӕн, базилынæн сӕм ӕхца нӕй. Куы сӕ ӕлхӕдтой, уӕд бюджетмæ бахастой сӕ цалцӕг ӕмӕ сӕм зилынӕн фӕрӕзтӕ. Фӕлӕ уал иу ныхасмӕ не 'рцыдыстӕм», — зӕгъы Плиты Алыксандр.
Дыккаг аппарат ис, КамАЗ-ӕй цы медицинон кабинет скодтой, уым. Фылдӕр дзы пайда кӕнынц районты цӕрджыты диспансеризацийы рӕстӕг. Афтӕмӕй ноджы зынаргъдӕр уайы, машинӕйы аргъ дӕр ма йыл кӕй бафты, уымӕ гӕсгӕ.
Республикӕйы бирӕфадатджын медицинон центры хицау Джиоты Луизӕ куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй ӕнӕ флюорографтӕй бирӕ азты хъизӕмар кӕнынц.
💬 «Кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ пайда кӕнӕм рентгенӕй. Фӕлӕ уыйбӕрц рынчынты фаг нӕ кӕны ӕмӕ уайтагъд фехӕлы», — хъаст кӕны Джиоты Луизӕ.
Куыд ма бафиппайдта, афтӕмӕй ныртӕккӕ сӕ центры ӕмӕ тарнизы диспансеры тынг хорз нырыккон рентген-аппараттӕ ис. Флюорограф ма сӕм куы фӕзына, уӕд кусынӕн ӕмӕ рынчынтӕн — удӕнцой.
➡️ Зӕрдӕ сриссы иу хъуыддагӕй: социалон ӕмӕ экономикон рӕзты программӕ парламентмӕ бадӕтдзысты ӕрмӕст сӕрды.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Дыккаг аппарат ис, КамАЗ-ӕй цы медицинон кабинет скодтой, уым. Фылдӕр дзы пайда кӕнынц районты цӕрджыты диспансеризацийы рӕстӕг. Афтӕмӕй ноджы зынаргъдӕр уайы, машинӕйы аргъ дӕр ма йыл кӕй бафты, уымӕ гӕсгӕ.
Республикӕйы бирӕфадатджын медицинон центры хицау Джиоты Луизӕ куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй ӕнӕ флюорографтӕй бирӕ азты хъизӕмар кӕнынц.
Куыд ма бафиппайдта, афтӕмӕй ныртӕккӕ сӕ центры ӕмӕ тарнизы диспансеры тынг хорз нырыккон рентген-аппараттӕ ис. Флюорограф ма сӕм куы фӕзына, уӕд кусынӕн ӕмӕ рынчынтӕн — удӕнцой.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM