Telegram Group & Telegram Channel
Цӕгат Ирыстоны прокуратурӕйы хайӕдтӕй иуы хицауы азымджын кӕнынц йе 'мкусӕгӕн тыхми бакӕнынӕй

🔻«Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй 2-ӕм июлы прокуратурӕйы 42-аздзыд кусӕг нӕлгоймаг райдыдта йӕ 37-аздзыд ӕмкусӕг сылгоймаг, хайады хистӕр прокурормӕ, ӕндӕдзын. Ӕрыгон сылгоймаг йӕ хицауы миты ныхмӕ кӕй уыд, уый бамбаргӕйӕ йын нӕлгоймаг адӕймаджы чи ӕрлӕмӕгъ кӕны, ахӕм хос бадардта. Уый фӕстӕ та йын цалдӕр сахаты тыхмитӕ кодта, уыимӕ уӕлдай карзӕй.

Сылгоймаг куы ӕрчъицыд, уӕд бахъаст кодта республикон прокуратурӕмӕ. Хъуыддаг равзарынӕй йыл зӕрдӕ бавӕрдтой, фӕлӕ ныхӕстӕй дарддӕр нӕ ахӕццӕ.

4-ӕм июлы хистӕр прокурор-сылгоймаг хъаст ныффыста Слестнӕнӕн комитеты республикон управленимӕ. Медицинон къамисы уынаффӕ дӕр у — сылгоймагӕн карз тыхмитӕ бакодтой. Ис ыл бирӕ тугдӕппӕлттӕ, йӕ хуылфыдзаумӕттӕ сты хъыгдард, кӕмдӕрты скъуыд. Ныртӕккӕ ис дохтырты къухы.

«Сапӕ» ма куыд сбӕрӕг кодта, афтӕмӕй 5-ӕм июлы тыхмигӕнӕг нӕлгоймаг ӕрбацыд сылгоймагмӕ йӕ хӕдзармӕ ӕмӕ йын лӕвӕрдта иу милуан сомы, цӕмӕй йӕ дзыхыл хӕца, уый тыххӕй. Сылгоймаг ын сӕ йӕ цӕсгомыл куыд баппӕрста, афтӕ уыцы рӕстӕг фӕзындысты мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ. Афтӕмӕй рабӕбӕрӕг гӕртам дӕттыны хъуыддаг дӕр.

➡️ Слестгӕнджыты прокуратурӕйы бӕстыхаймӕ нӕ бауагътой. Агъуыстыты видеоцӕстдарӕн камерӕты кадртӕ дӕр сын нӕ радтой, ома, фесӕфтысты, зӕгъгӕ. Прокуроры кабинеты та райдыдтой цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Тыхми бакӕнынӕй азымджын прокурор та медицинон басгӕрстыл не 'сразы.

⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM

group-telegram.com/ironsapa/1290
Create:
Last Update:

BY СапÆ

Warning: Undefined variable $i in /var/www/group-telegram/post.php on line 260

Share with your friend now:
group-telegram.com/ironsapa/1290

View MORE
Open in Telegram

Telegram | DID YOU KNOW?

Date: |

In addition, Telegram now supports the use of third-party streaming tools like OBS Studio and XSplit to broadcast live video, allowing users to add overlays and multi-screen layouts for a more professional look. Elsewhere, version 8.6 of Telegram integrates the in-app camera option into the gallery, while a new navigation bar gives quick access to photos, files, location sharing, and more. "There are a lot of things that Telegram could have been doing this whole time. And they know exactly what they are and they've chosen not to do them. That's why I don't trust them," she said. The picture was mixed overseas. Hong Kong’s Hang Seng Index fell 1.6%, under pressure from U.S. regulatory scrutiny on New York-listed Chinese companies. Stocks were more buoyant in Europe, where Frankfurt’s DAX surged 1.4%. Multiple pro-Kremlin media figures circulated the post's false claims, including prominent Russian journalist Vladimir Soloviev and the state-controlled Russian outlet RT, according to the DFR Lab's report.
from fr

Telegram СапÆ
FROM American