Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
29 азы фӕстӕ Цӕгат Ирыстоны ӕрцахстой, ӕнахъом сывӕллонимӕ ӕнӕуаг митӕ чи кодта, уыцы нӕлгоймаджы
🔻 1996 азы сывӕллоны мад бахъаст кодта барадхъахъхъӕнджытӕм, зӕгъгӕ, «Минторг»-ы базӕйы ӕнӕзонгӕ нӕлгоймаг йӕ 15-аздзыд чызгимӕ ӕнӕуаг митӕ кодта. Уӕд Дзӕуджыхъӕуы Промышленнон районы прокуратурӕ байгом кодта уголовон хъуыддаг.
➡️ Цалдӕр мӕйы фӕстӕ, кӕй азымджын кодтой, уыцы 22-аздзыд нӕлгоймаджы ӕрцахстой. 29 азы фӕстӕ йӕ январы кӕрон ӕрцахстой. Нӕлгоймаг уыцы цауыл басаст.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуккаг мидхъуыддӕгты министрады раздӕры кусӕджы азымджын кӕнынц 1,2 милуан сомы цӕстфӕлдахӕн митӕй
🔻 Мидхъуыддӕгты министрады горӕты управленийы финансты хайады раздӕры специалистыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг, хъусын кӕнынц Слестгӕнӕн комитетӕй. Азымджын ӕй кӕнынц ӕхцайы ӕнæзакъон зилдухӕй ӕмӕ цӕстфӕлдахӕн митӕ кӕнынӕй.
➡️ Слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, 2024 азы апрелӕй-иу сылгоймаг слестӕн хъӕугӕ фиддонтӕн рафыста гӕххӕттытӕ. Фыста дзы, цыма йӕ мад юридикон ӕххуыс кодта, уый. Афтӕмӕй та йӕ ныййарӕг адвокат нӕ уыд. Ахæм хуызы сылгоймаг йӕ банчы хыгъд 1,2 милуан сомы фӕхъӕздыгдӕр кодта.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстоны цӕрӕг суӕвын кӕй фӕнды, уыдоны гӕххӕттытӕ ногӕй исын райдыдтой
🔻 Сӕрмагонд къамис йӕ куыст сног кодта ивгъуыд азы декабры. Йӕ сӕрдар Коцты Егор куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй уымӕн уыд техникон аххосӕгтӕ. Ӕрбацыд сӕм тынг бирӕ курдиӕттӕ ӕмӕ сӕм хъуыдис ӕркӕсын. Ныр гӕххӕттытӕ ногӕй исдзысты дыццӕгӕй майрӕмбонмӕ.
«Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй 2024 азы Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ систы 2,5 мин адӕймаджы. Уымӕй уӕлдай арӕхдæр ахӕм уынаффӕ рахӕссы республикӕйы президент Гаглойты Алан. Фӕлӕ бафиппайын хъӕуы уый, ӕмӕ сӕ фылдӕрӕн сӕ фыдӕлтӕ республикӕйы цардысты.
➡️ Хуссар Ирыстоны президент сӕрмагонд уынаффӕ куы бафыста, уӕдӕй фӕстӕмæ ма республикӕйы цӕрӕджы ном радтой Цӕгат Ирыстоны дыууӕ бирӕсывӕллонджын бинонтӕн.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
«Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй 2024 азы Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ систы 2,5 мин адӕймаджы. Уымӕй уӕлдай арӕхдæр ахӕм уынаффӕ рахӕссы республикӕйы президент Гаглойты Алан. Фӕлӕ бафиппайын хъӕуы уый, ӕмӕ сӕ фылдӕрӕн сӕ фыдӕлтӕ республикӕйы цардысты.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Экспозици «Беслан. Школа №1»-ӕн радих кодтой 132 милуан сомы
🔻 Уыдзӕн Беслӕны ӕмном центры. Куыстыты фыццаг къӕпхӕнӕн федералон бюджетӕй радих кодтой 125 милуан сомы, 7 милуан сомы та уыдзысты республикӕйы бюджетӕй.
💬 «Уыдзӕн, уыцы фыдохы бонтӕ ӕххæстӕй ӕвдыст кӕм уыдзысты, ахӕм центр. Равӕрдзыстӕм дзы ӕрмӕг алкӕй тыххӕй дӕр: амӕттӕгты, ныййарджыты, ирвӕзынгӕнджыты, чи ӕххуыс кодта, уыдоны. Радзурдзыстӕм, нӕ фарсмӕ чи ӕрбалӕууыд, уыдоныл. Зӕгъӕм, Италийы цӕрджытыл. Ома, канд уыцы уӕззау бонтыл нӕ уыдзӕн, фӕлӕ уыцы рисы 20 азы истори», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн вице-премьер Платы Альбинӕ.
➡️ Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хӕстӕгдӕр бонты сараздзысты сӕрмагонд фӕтк ӕмӕ куыстытӕ чи кӕндзӕн, уый сбӕрӕг кӕндзысты. Уалдзӕджы райдайдзысты проект ӕххæст кӕнын ӕмӕ йӕ афӕдзы кӕронмӕ хъуамӕ фӕуой. Экспозици ӕххӕстӕй бацӕттӕ кӕндзысты 2026 азы кӕронмӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Адарддæр кæн æмбисонд: чидæр, дам, къуымбил агурæг ацыд...
Anonymous Quiz
13%
Фæлæ йæ цæмæн хъуыд, уый нæма зыдта
16%
Æмæ æнæхъæн фысты дзуг ссардта
16%
Æмæ ма дзы цъындатæ дæр бийын кодта
55%
Æмæ йын йæхи дæр сæлвыдтой
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — аххос.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Йӕ хӕцъӕфтӕ Дюшены дистрофийӕ хъыгдард кӕмӕн сты, уыцы лӕппуйӕн балӕвар кодтой сӕрмагонд коляскӕ
🔻 Къухы бафтыд зӕрдӕхӕлар ӕмӕ цӕстуарзон адӕмы руаджы. Фӕкастысты Соломоны мадмӕ ӕмӕ хъӕугӕ ӕхца сӕмбырд кодтой. Коляскӕ кӕнын хъуыд Германы. Йӕ аргъ та уыд 300 мин сомы.
Ныр Соломоны бон у скъоламӕ цӕуын. Хъыгагӕн ын бонӕй-бонмӕ зындӕр у цӕуын.
💬 «Скъоламӕ 500 метры ацӕуын дӕр йӕ бон нӕ уыд, хъуыды кодта, хӕдзары куыд ахуыр кӕна, ууыл. Фӕлӕ цыппар къулы астӕу бада ӕмӕ йе 'мгӕрттимӕ ма ныхас кӕна, уый дӕр нӕ нӕ фӕндыд. Ныр уавӕр аивта. Соломон тынг цин кӕны, йӕ къӕхтӕ нал риссынц. Нӕ фарсмӕ чи ӕрбалӕууыд, чи нӕм фӕкаст, уыдонӕн се 'ппӕтӕн дӕр стыр бузныг. Ӕнӕ уыдонӕй мӕ къухы ницы бафтыдаид», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн лӕппуйы мад Дарья Копадзе.
Коляскӕ афтӕ конд у, ӕмӕ йæ сылгоймаджы бон у ӕнӕ искӕй ӕххуысӕй райсын, сӕмбырд кӕнын кӕнӕ райхалын. Фӕлӕ бинонтӕ радон хатт сӕмбӕлдысты ног къуылымпыдзинӕдтимӕ. Горӕт инвалидтӕн ӕнцонвадат нӕу.
💬 «Дзӕуджыхъӕуы пандустӕ стӕм ран сты, стӕй тынг бӕрзонд бордюртӕ. Тротуартӕ дзыхъхъытӕ ӕмӕ къуыппытӕ, бирӕ асинтӕ... Ай-гъайдӕр, фӕндагыл ацӕуӕн нӕй ӕмӕ фылдӕр хатт скъоламӕ фӕндаджы был фӕцӕуӕм», — ӕмбарын кӕны Дарья.
Лӕппуйы мад йӕ зӕрдӕ дары, коляскӕ сӕ рӕстӕгмӕ кӕй хъӕуы, ууыл. Йӕ ныфс нӕ сӕтты, паддзахад сӕм 120 милуан сомӕй кӕй фӕкӕсдзӕн ӕмӕ Соломонӕн хос кæй балхӕндзысты. Уӕвгӕ цавӕр мады нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ сывӕллон æнæниз уа, уый. Йӕхи къахӕй скъоламӕ куыд ацӕуа, уый та йын у ӕппӕты стырдӕр бӕллиц.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Ныр Соломоны бон у скъоламӕ цӕуын. Хъыгагӕн ын бонӕй-бонмӕ зындӕр у цӕуын.
Коляскӕ афтӕ конд у, ӕмӕ йæ сылгоймаджы бон у ӕнӕ искӕй ӕххуысӕй райсын, сӕмбырд кӕнын кӕнӕ райхалын. Фӕлӕ бинонтӕ радон хатт сӕмбӕлдысты ног къуылымпыдзинӕдтимӕ. Горӕт инвалидтӕн ӕнцонвадат нӕу.
Лӕппуйы мад йӕ зӕрдӕ дары, коляскӕ сӕ рӕстӕгмӕ кӕй хъӕуы, ууыл. Йӕ ныфс нӕ сӕтты, паддзахад сӕм 120 милуан сомӕй кӕй фӕкӕсдзӕн ӕмӕ Соломонӕн хос кæй балхӕндзысты. Уӕвгӕ цавӕр мады нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ сывӕллон æнæниз уа, уый. Йӕхи къахӕй скъоламӕ куыд ацӕуа, уый та йын у ӕппӕты стырдӕр бӕллиц.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Гӕртам — хыгъдмӕ: гӕртамисӕг хъалонисӕджы хъуыддаджы рабӕрæг сты ног цаутӕ
🔻 Хъалонисӕн службӕйы хистӕр инспекторы азымджын кӕнынц гӕртам исынӕй. Ныртӕккӕ уал слестгӕнджытӕ рабӕрӕг кодтой 15 цауы.
Слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, 2019 азы мартъийӕ 2023 азмӕ инспектор адӕмӕй домдта ӕхца. Уый ныхмӕ сын зӕрдӕ ӕвӕрдта, амалгӕнæджы регистраци сӕм кӕй нӕй, уый тыххӕй сӕ административон ӕгъауӕй ма ӕфхӕрын. Иннӕ амалгӕнджытӕн та ныфстытӕ ӕвӕрдта, сгӕрстытӕ сӕм кӕй не 'рвитдзӕн, уымӕй. Ӕмткӕй сӕ райста 1,2 милуан сомы.
➡️ «Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй хъалонисӕг инспекторӕн ӕхца ӕрвыстой йӕ банчы картӕмӕ. Раздӕр уал слестгӕнджытӕ байгом кодтой хъуыддаг иу цауыл.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, 2019 азы мартъийӕ 2023 азмӕ инспектор адӕмӕй домдта ӕхца. Уый ныхмӕ сын зӕрдӕ ӕвӕрдта, амалгӕнæджы регистраци сӕм кӕй нӕй, уый тыххӕй сӕ административон ӕгъауӕй ма ӕфхӕрын. Иннӕ амалгӕнджытӕн та ныфстытӕ ӕвӕрдта, сгӕрстытӕ сӕм кӕй не 'рвитдзӕн, уымӕй. Ӕмткӕй сӕ райста 1,2 милуан сомы.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Telegram
СапÆ
Дзӕуджыхъӕуы хъалонисӕн инспекторы ӕрцахстой гӕртам райсыны тыххӕй
🔻Цӕгат Ирыстоны хъалонисӕн инспекцийы хайӕдтӕй иуы кусӕг К. Сосланы азымджын кӕнынц гӕртам исынӕй. Ныртӕккӕ ис ахст адӕмы рӕстӕгмӕ дарыны изоляторы.
Слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, «ӕххуыс…
🔻Цӕгат Ирыстоны хъалонисӕн инспекцийы хайӕдтӕй иуы кусӕг К. Сосланы азымджын кӕнынц гӕртам исынӕй. Ныртӕккӕ ис ахст адӕмы рӕстӕгмӕ дарыны изоляторы.
Слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, «ӕххуыс…
Лыг хъус ӕрбахаста: 32 азы фӕстӕ Дзӕуджыхъӕуы ӕрцахстой лӕгмарӕджы
🔻 1993 азы Дзӕуджыхъӕуы Керамикон фӕрсуынджы ссардтой, туг кӕмӕй ауазал вӕййы, ахӕм мардыбуар. Бирӕ рӕтты уыд кардӕй цӕфтӕ, йӕ фӕрстӕ, риуыстӕг ӕмӕ сӕры къуыдыр — саст, йӕ хъус та — лыг. Йӕ къӕхтӕ уыдысты баст.
Кӕй ссардтой, уый разынд 37-аздзыд электрик М. Владимир. Уӕд бынӕттон прокуратурæ байгом кодта уголовон хъуыддаг, фӕлӕ йӕ куы урӕдтой, куы та-иу æй сног кодтой.
Куыд рабӕбӕг, афтӕмӕй фыдбылызы ӕхсӕв азымджын нӕлгоймаг, 36-аздзыд Руслан, ӕрбацыд спъиртзаводы бацӕуӕнмӕ ӕмӕ хъахъхъӕнӕгӕн ӕвдыста лыг хъус.
➡️ 32 азы фӕстӕ йӕ слестгӕнджытӕ ссардтой ӕмӕ йӕ ӕрбаластой пъӕлицӕйы хайадмӕ. Хъуыддаджы статьятӕ дӕр ивын бахъуыд: ома йӕ барӕй амардта, уыимӕ уӕлдай карзӕй ӕмӕ йӕ адӕмыхатты тыххӕй.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Кӕй ссардтой, уый разынд 37-аздзыд электрик М. Владимир. Уӕд бынӕттон прокуратурæ байгом кодта уголовон хъуыддаг, фӕлӕ йӕ куы урӕдтой, куы та-иу æй сног кодтой.
Куыд рабӕбӕг, афтӕмӕй фыдбылызы ӕхсӕв азымджын нӕлгоймаг, 36-аздзыд Руслан, ӕрбацыд спъиртзаводы бацӕуӕнмӕ ӕмӕ хъахъхъӕнӕгӕн ӕвдыста лыг хъус.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры уыдзӕн ног аивадон разамонӕг
🔻 Республикӕйы драмон театры кусджыты абон базонгӕ кодтой сӕ ног разамонджытимӕ. Директоры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй фидаргонд ӕрцыд Мамиты Григорий. Фӕстаг азты куыста культурӕйы министры хӕдивӕгӕй. Аивадон разамонӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг та сси Щукины номыл училищӕйы рауагъдон, дыгурон драмон театры сӕйраг режиссер 37-аздзыд Джелыты Хъазыбег.
Хуссар Ирыстоны культурӕйы министр Зӕгъойты Радӕ «Сапӕ»-йæн куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй ахӕм уынаффӕ рахастой театры фидӕныл хъуыды кӕнгӕйӕ.
💬 «Ӕвиппайды уынаффӕ нӕу. Театр цы у ӕмӕ куыд кусы, уый чи зоны, уый нӕ бамбардзӕн. Театр канд культурӕйы уагдон нӕу, фӕлӕ культурӕйы бындур ӕмӕ йӕ фидӕны рӕзтыл хъуыды кӕнын хъӕуы. Уый национ фарста у», — радзырдта Зӕгъойты Радӕ.
Театры раздӕры аивадон разамонӕг Дзуццаты Тамерлан ӕм стыр ӕвӕрӕн бахаста, фæлӕ дзы ног уддзӕф бауадзын хъӕуы.
💬 «Театр хъуамӕ дисы ӕфтауа, адӕмы йӕхимӕ ӕлваса, ива. Уымӕн та ног разамонджытӕ ахъаз сты. Мӕнмӕ гӕсгӕ, ног аивадон разамонӕджы бон суыдзӕн театрмӕ хуыздӕрырдӕм ивддзинӕдтӕ бахӕссын, йе сфӕлдыстадон куыст рацаразын. Джелыты Хъазыбеджы раз бӕлвырд хӕстӕ ӕвӕрд ис, цы кӕнын ӕй хъӕуы ӕмӕ цавӕр зындзинӕдтимӕ ӕмбӕлдзӕн, уый хорз зоны. Фӕлӕ мӕ уырны, театры коллективимӕ ӕнгомӕй кӕй архайдзысты ӕмӕ театр ног ӕмвӕзадмӕ кӕй сисдзӕн, уый», — дзуры Зӕгъойты Радӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Хуссар Ирыстоны культурӕйы министр Зӕгъойты Радӕ «Сапӕ»-йæн куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй ахӕм уынаффӕ рахастой театры фидӕныл хъуыды кӕнгӕйӕ.
Театры раздӕры аивадон разамонӕг Дзуццаты Тамерлан ӕм стыр ӕвӕрӕн бахаста, фæлӕ дзы ног уддзӕф бауадзын хъӕуы.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Йæ базыртæ æппæты уæрæхдæр цавæр маргъ айтындзы?
Anonymous Quiz
5%
Цъиусур
34%
Альбатрос
11%
Зырнæг
51%
Цæргæс
Волейболӕй командӕ «Аланочка» рамбылдта Федерацийы Кубокы ӕвзарӕн ерысты
🔻 Цӕгатирыстойнаг волейболисткӕтӕ рамбылдтой Липецк, Обнинск, Тамбов, Мæскуы ӕмӕ Санкт-Петербурджы командӕты. Матчтӕ иууылдӕр ахицӕн сты 3:0 хыгъдӕй. Афтӕмӕй 2013-2014 азты гуырд ерысгӕнджыты 'хсӕн ӕвзарӕн къӕпхӕны Козаты Фатимӕйы хъомылгӕнинӕгтӕн ӕмбал нӕ уыд.
➡️ Волейболисткӕтӕй алкӕмӕндӕр скодтой хицӕн лӕвӕрттӕ. Турниры ӕмӕ MVP-йы нымадмӕ гӕсгӕ хуыздӕр спортсменкӕтыл нымад ӕрцыдысты Багаты Аринӕ, Таймазты Аланӕ ӕмӕ Гомосты Николь.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — дис.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дунейы, Европӕйы чемпионаты ӕмӕ Европӕйаг хъӕзтыты уӕлахиздзау бирӕтӕн у фӕзминаг. Иналмæ кӕсгӕйӕ, бирӕтӕ сӕ фӕндаг акӕнынц спортмӕ. Ирыстоны цӕрджытӕ дзы сты сӕрбӕрзонд.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстоны цӕрӕг суӕвын кӕй фӕнды, уыдон кӕнынц къаддӕр
🔻 Паддзахады цӕрӕджы ном айсынӕн курдиӕттӕ чи балӕвӕрдта, уыдон, 2023 азимӕ абаргӕйӕ, дзӕвгар фылдӕр сты. Уый баст у, арӕхдӕр кусынмӕ Уӕрӕсемӕ кӕй ацӕуынц, уыимæ, радзырдта «Сапӕ»-йӕн Хуссар Ирыстоны президенты цур граждайнаг фарстаты фӕдыл къамисы сӕрдар Коцты Егор.
💬 «Уӕрӕсейы закъонмӕ гӕсгӕ, паддзахадон оргӕнтӕм кусынмӕ чи цӕуы, уыдонӕн дыууӕ паддзахады гражданин уӕвӕн нӕй», — ӕмбарын кӕны Коцты Егор.
Фӕстӕмӕ паддзахады цӕрӕг суӕвыны фадат ис, фӕлӕ бӕлвырд домӕнтӕ хынцгӕйӕ. Уыимӕ йӕ куы айсын кодта, уӕдӕй афӕдзӕй къаддӕр хъуамӕ ма рацӕуа. Къамисы уӕнгты ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы цӕрӕг ногӕй суӕвын кӕй фӕнды, уыдон дӕр цъус не сты.
💬 «Цард цард у. Адӕм кӕм искуыдӕм ацӕуынц, кӕм фӕстӕмӕ раздӕхынц. Кӕйдӕр фӕстӕмӕ нал фӕфӕнды. Хъыг нын у, фӕлӕ цы бакӕнӕм, алчидӕр йӕ цардӕн у уынаффӕгӕнӕг», — зӕгъы къамисы сӕрдар.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Фӕстӕмӕ паддзахады цӕрӕг суӕвыны фадат ис, фӕлӕ бӕлвырд домӕнтӕ хынцгӕйӕ. Уыимӕ йӕ куы айсын кодта, уӕдӕй афӕдзӕй къаддӕр хъуамӕ ма рацӕуа. Къамисы уӕнгты ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы цӕрӕг ногӕй суӕвын кӕй фӕнды, уыдон дӕр цъус не сты.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны цӕрӕгыл гуырысхо кӕнынц Украинӕйы ӕфсадӕн хостӕ ӕрвитынӕй
🔻 2022 азы 37-аздзыд нӕлгоймаг уыдис украинаг горӕт Ивано-Франковскы. Уым балхӕдта бирӕ хостӕ ӕмӕ сӕ радта Украинӕйы национ гвардийӕн ӕххуысгӕнӕг организацимӕ.
➡️ Ӕдасдзинаы федералон службӕйы управленийы слестгӕнӕн хайад ыл байгом кодта уголовон хъуыддаг паддзахадыл гадзрахатӕй рацӕуыны тыххӕй.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM