Telegram Group Search
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны регионон оператор «ЭРА» разы нӕу, Росприроднадзор ын 12 миллиард сомы кæй фидын кæны, уыимæ

🔻Регионон операторы территорийыл бырӕттӕ баныгæнынæн полигон кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ хауӕццӕгтӕ ӕмбырд кӕнынц, Горӕтгӕрон район сын цы зӕххытӕ радих кодта, уым. Уый тыххӕй «Сапӕ»-йӕн фехъусын кодта сæ минӕвар. Куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй ӕппӕт бырӕттӕ фӕзыл ӕмбырд кӕнынц хауӕццӕгтимӕ архайыны Территориалон схемӕмӕ гӕсгӕ.

Уымӕй уӕлдай национ проект «Экологи»-йы фӕлгӕты регоператор йӕхи хардзӕй аразы бырӕттыкуыстгӕнӕг завод ӕмӕ ӕмбӕлгӕ полигон. Объекттӕ эксплуатацимӕ куы радтой, уӕд ӕппӕт хауӕццӕгтӕ райдайдзысты дих кӕнын, цы нал бӕззы, уыдон та ног полигоны ныгӕндзысты.

💬 «Сӕ домӕн, стӕй мӕры чъизидзинады бӕрӕггӕнӕнтӕ регионон оператормӕ ничи фӕхӕццӕ кодта», — зӕгъынц организацийы.

➡️ «Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй Росприроднадзоры разамонӕг Светлана Радионова йӕ сыфы равӕдта информаци, зӕгъгӕ, регионон оператор 1,6 гектары фӕзуатыл скодта ӕнӕзакъон быгъдон ӕмӕ ӕрдзӕн зиан ӕрхаста 12 миллиард сомы аргъ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны сфидар кодтой ӕнӕ пилотӕй тӕхӕг аппараттӕй тӕссагдзинады фӕтк

🔻Уый тыххӕй фехъусын кодта Сергей Меняйло. Цӕрджытӕй куры, цӕмӕй уой къӕрцхъус, кӕсой ӕмӕ хъусой ӕрмӕст официалон информацимӕ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгатирыстойнаг зоологмӕ ӕрбаздӕхт, кӕй схаста, уыцы ӕхсӕрсӕттӕджы лӕппын

🔻Дыууӕ азы размӕ Дзуццаты Зауыр дендрарийы ссардта ӕхсӕрсӕттӕджы ноггуырд лӕппыны. Хӕдзармӕ йӕ ӕрбахаста ӕмӕ йӕ схаста. Фыццаг рӕстӕг ын ӕхсыр сывæдӕгӕй лӕвӕрдта. Ном та йыл сӕвӕрдта Орешек. 

Ӕхсынӕг ӕм фӕцард афӕдз, стӕй йӕ къалатийы дарӕн нал уыд ӕмӕ йӕ Зауыр ӕрдзмӕ рауагъта. Фыццаг къуыри-иу ӕм цӕрӕгой алы бон дӕр хӕдзармӕ цыд, уый фӕстӕ йӕхи царды кой кӕнын райдыдта. 

Рацыд афӕдз, ӕмӕ дын уалынмӕ Орешек зоолоджы сыхӕгты кӕртмӕ балыгъд. Ӕрмахуыр уыд ӕмӕ сӕ къуыхты абадт, цыдӕртӕ ахордта ӕмӕ Зауыры кӕрты смидӕг. Иууылдӕр ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ йӕ лӕппу атезгъо кӕнынмӕ рауагъта ӕмӕ йын ничи ницы загъта. Зауыр та йӕ хъомылгӕнинаджы социалон хызӕгты ӕнӕнхъӕлӕджы куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ ӕрбауынгӕг.

💬 «Мӕ гыццыл. Цъус ма хъуыдис, ӕмӕ скуыдтаин. Уыцы рӕстӕг йӕ мӕхӕдӕг куы федтаин, уӕд мӕхиуыл тыххӕй фӕхӕцыдаин», — раргом кодта йе 'нкъарӕнтӕ  Зауыр.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны ӕнӕ пилотӕй тӕхӕг аппараттӕй тӕссагдзинады фӕтк систой

🔻Уый тыххӕй фехъусын кодта Сергей Меняйло. Сӕрмагонд фӕтк ахаста 3 сахаты бӕрц. Республикӕйы сӕргълӕууӕг куыд бафиппайдта, афтӕмӕй оперативон штаб кусы ӕнӕрынцойӕ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны хӕхты ссардтой, цыппар мӕйы размӕ чи фесӕфт, уыцы альпинисты мардыбуар

🔻Уый тыххӕй «Сапӕ»-йӕн фехъусын кодтой ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрады. 23-аздзыд Данил Кадырмаевы мардыбуар ссардтой Кубусы хохы. Чи нал ис, уыцы лӕппу уыд Ленинграды облӕсты альпинизмы федерацийы уӕнг.

➡️ «Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй Данил ӕмӕ йе 'мбал 35-аздзыд Владимир Емельянов ссыдысты Санкт-Петербургӕй. Фесӕфтысты 19 февралы хӕхтыл бырыны фестивалы рӕстӕг. Боныхъӕд ӕвзӕр кӕй уыд ӕмӕ зӕйтӕ рацӕуынӕй тӕссаг кӕй уыдис, уый сӕ агурын къуылымпы кодта.

Данилы агуырдтой цыппар мӕйы, ссардтой йæ 30 апрелы.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — ӕхсынӕг.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Уæрæсейы чемпион Æгкацаты Станислав фæуазæг футболы скъола «Юность»-мæ

🔻«Краснодар»-ы дуаргæс йе скъоламæ æрбацыд Уæрæсейы чемпионы хорзæхимæ æмæ фембæлд суинаг футболисттимæ.

💬 «Мæ фыццаг къахдзæфтæ ам акодтон, "Юность"-ы. Æз уый никуы ферох кæндзынæн æмæ дзы сæрыстыр уыдзынæн. Ам стыр футболисттæ хъомыл кодта æмæ мын æхсызгон у, æз дæр уыдоны 'хсæн кæй дæн. Уый та мæ тренерты руаджы рауадис – алчи дæр сæ бахаста йе 'вæрæн. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй цæуат уæ бæллицы фæндагыл æмæ уæхиуыл дзæбæх кусат», — загъта рæзгæ фæлтæрæн Æгкацы-фырт.

Аныхас кодта йæ фыццаг тренертимæ дæр. Уыдон ын раарфæ кодтой йæ уæлахизы тыххæй æмæ загътой, ацы фебмæлд æрыгон спортсменты ныфсыл ныфс кæй бафтаудзæн.

💬 «Абон не скъолайæн бæрæгбоны хуызæн у. Цин кæнæм, йæ хорзæх нæм кæй æрбахаста, ууыл. Нæ зæрдæ дардтам йæ уæлахизыл æмæ йыл цин кодтам. Ардæм кæй æрбацыд, уымæй сывæллæтты сразæнгард кæндзæн ноджы фылдæр кусынмæ», — радзырдта «Юность»-ы тренер Гуыдиаты Казимир.

«Юность»-ы хъомылгæнинаг Æгкацаты Станислав 2015 азы рахызт футболы клуб «Краснодар»-мæ. 24 майы йæ командæ Уæрæсейы чемпионаты фæуæлахиз «Динамо»-йыл. Хъазт ахицæн 3:0 хыгъдæй. Афтæмæй «Краснодар» фыццаг хатт ссис бæстæйы чемпион.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Дзæуджыхъæуы премьерæйы размæ равдыстой ирон киноныв «Монолог»

🔻Исæн къорд Koala Production лентæ исын райдыдта ивгъуыд азы сентябры. Куысты сæйраг хай бакодтой Ирæфы районы Москæйы хъæуы. Сюжетмæ гæсгæ зæронд астроном, иронау чи дзуры, фæстаг ахæм лæг Гаппо хæрзиунæгæй цæры хæхты. Уым базонгæ робот Гоккиимæ. Алцæмæ цымыдисгæнаг робот ын æххуыс кæны астрономион иртæстытæ кæнын.

💬 «Мæн фæндыд, цæмæй робот уа зæрдæмæдзæугæ æмæ æнарæхст. Æмæ йыл сахуыр дæн, дæхи сывæллоныл куыд сахуыр уай, афтæ. Иу хатт, киноныв кæм истам, уыцы сарайыл æхсæв арт схæцыд. Гоккийы та æхсæв уым ныууагътам. Нæ сценарист фыццаджыдæр уый ирвæзын кæнынмæ атындзыдта. Тынг бузныг дзы дæн уый тыххæй. Иууылдæр сахуыр стæм Гоккийыл», — радзырдта дизайнер Кочысаты Алинæ.

Кинонывы режиссер Тамайты Ассан куыд радзырдта, афтæмæй цардиппæрд зæронд лæг æмæ аразгæ интеллекты ахастытæ равдисыны фæнд фыццаг фæзынд сæ командæйы уæнг Дзабиты Георгимæ. Режиссеры хæс уыд уыцы хъуыдыйыл бакусын.

💬 «Иу хатт машинæйы бадтæн æмæ мæ уарзондæр къорд Pink Floyd-мæ хъуыстон. Æмæ уайтагъд мæ сæры фегуырдысты астрономы æмæ роботы фæлгæндзтæ. Астрономи гыццылæй фæстæмæ бирæ уарзын, æмæ ныр уыцы æнкъарæн бавæрдтон мæ фыццаг кинонывы», — бамбарын кодта Ассан.

➡️ Равдысты рæстæг кинотеатр «Алания Синема»-йы æртæ залы дæр адæмæй къух бакæнæн нæ уыд. Сеансы фæстæ сæм ракодтой сæйраг архайæджы — робот Гоккийы. Æрбацæуджытæ йемæ систой къамтæ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ӕнӕ пилотӕй тæхæг аппараттӕй тӕссагдзинады фӕткы рӕстӕг Цӕгат Ирыстоны мобилон бастдзинад нӕ уыд

🔻Ныр уыцы фӕтк систой, ахаста фараст сахатӕй фылдӕр. Ӕппӕт уыцы рӕстӕг чырӕ бастдзинад нӕ уыд. Уый тыххӕй фехъусын кодта регионы разамонӕг Сергей Меняйло.

💬 «Рӕстӕгмӕ хъуыддаг уыдис. Адӕмӕй курӕг дӕн, цӕмӕй, ӕдасдзинады домӕн кӕй у, уый ӕмбарой. Зонын ӕй, ӕнӕ бастдзинадӕй зын у, фӕлӕ ӕдасдзинад сӕйрагдӕр у», — загъта Сергей Меняйло.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Дзæуджыхъæуы сырддонмæ цæуджытæн сæ бон уыдзæн цæрæгойты се 'вджид бакæнын

🔻Горæты сырддоны разамынд аныхас кæндзæн Мæскуыйы зоопарчы хицæуттимæ. Уыдон сын бацамондзысты, цæрæгойтыл арм дарыны хъуыддагæн цы хъæуы, уый. Уый тыххæй фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы администрацийы культурæйы хайады хицау Мæрзойты Руслан.

💬 «Проблемæтæ кæй ис, ууыл басæттын хъæуы. Фæлæ архайæм сæ алыг кæныныл. Фæнды нæ адæмæн бамбарын кæнын: сырддоны цæрæгойтæм кæсынæй уæлдай сæ бон у æмæ сын æххуыс дæр бакæной. Чи зоны, искæй бафæнда искæцы цæрæгойы йе 'вджид бакæнын. Чи зоны, волонтертæ сырддоны кусджыты фарсмæ æрбалæууой. Хæстдæгдæр рæстæг нæм цæрæгойтыл арм дарæн уыдзæн», — радзырдта Мæрзойты Руслан.

Сырддонмæ чи 'рбафтыд, уыцы цæрæгойтæ алыхуызон зындзинæдтыл рахызтысты. Зæгъæм, гималайаг арсы ардæм æрбарвыстой циркæй – куы базæронд, уæд сæ нал хъуыд. Сæгуыт бахауд браконьерты къæппæджы æмæ йын дзæвгар рæстæг йæ дзæмбыйæн фæхос кодтой. Æрбацæуджыты уарзондæр цæрæгойтæй иуы, хæрæджы, ам ныууагъта йæ хицау.

Æртæ азы размæ арæзт æрцыд сырддон фæуæрæхдæр кæныны проект. Фæлæ йæ сæххæст кæнынæн 200 милуан сомæй фылдæр хъæуы. Горæты бюджеты уыйбæрц æхца нæй. Мæрзойты Русланы ныхæстæм гæсгæ, æппынæдзух инвесторты агурынц, фæлæ сын чи баххуыс кæндзæн, ахæм адæмы ссарын зын у. Фарон сæхи тыхтæй цæрæгойтæн найæн бынæттæ сарæзтой, вольерты астæрд æмæ агъуыстытæ раивтой. Иуæй-иу вольертæ фестырдæр кодтой.

💬 «Цæрæгойты хæринагмæ стыр æргом здахæм. Фæлæ нæ сæйраг проблемæ у, кусджытæ кæй нæ фаг кæны, уый. Мыздтæ нæм 20 минæй цъус фылдæр йеддæмæ не сты. Ам чи кусы, уыцы адæм хъайтартæ сты. Сырддонæн специалистты агурын тынг зын у», — загъта Мæрзойты Руслан.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Фыццаг дыгурон поэты хæстарыд хъысмæт

📄 1899 азы Мусыхъæуккаг афицер, бæрзондгомау, æлвæстриу Гуырдзыбеты Блашка Гайттаты Иналыхъы хæдзармæ барвыста минæвæрттæ. Куырдта, цæмæй йæм моймæ радта йæ чызг Надяйы. Фæлæ сæ Иналыхъ æнæ дзуаппæй рарвыста. Йе 'ртæ чызджы сæ зонд æмæ сæ рæсугъддзинадæй хъуыстгонд уыдысты æмæ сæ курджытæ бирæ уыд. Хистæр чызг Раисæйыл дзырдта Хетæгкаты Къоста, фæлæ фыд æндæр бинонтимæ бадзырдта.

Надяйы зæрдæмæ цыдис саджы фисынтыл амад уæздан афицер. Æмæ хуымæтæг афицер нæ уыд. Фыццаг дыгурон поэтæн йæ курдиат бæрæг дардта.

«… Ивгъуыд хабар у, фæлæ мæ ме 'нкъарæнтæ нырма дæр уæгъд нæ уадзынц. Иналыхъæй куырдтон, цæмæй мын сæ бинонты уынаффæ фехъусын кæна, фæлæ уый йæ дзуапп афтæ сыздыхта, æмæ ма йæм арвыстон, цæмæй мын æй фæбæлвырд кæна», — фыста 31-аздзыд Блашкæ.

Дыууæ азы фæстæ (1901 азы) йын Иналыхъ йæ чызджы радта æмæ стыр чындзæхсæв скодтой. Уазджытимæ уыд Къоста дæр. Иу азы фæстæ та сын райгуырдис фырт – Сослан. Дыууæ азы йыл куы сæххæст, уæд Блашкæ барвæндонæй ацыдис Японы хæстмæ. Йæ бинойнаг уыдис æнхъæлцау. Уырдæм ын фехъусын кодтой, чызг дын райгуырд, зæгъгæ. Блашкæ фыста:

«Хæстмæ иунæг æз нæ цæуын, фæлæ не стыр бæстæйы цырв æгасæйдæр. Адæймагæн йæ мæлæт дæр Хуыцауæй кæнгæ у: Уый куы бафæнда, уæд пецы фарсмæ дæр амæлдзынæ, Йæ фæндон куы уа, уæд та арты дæр нæ басудздзынæ… Тынг æхсызгон мын у, чызгыл Раисæ кæй сæвæрдтат, фæлæ мæн хуызæн кæй у, уый мын æхсызгон нæу. Дæу хуызæн куы уыдаид. Йæ цæстытæ æмæ йæ сæрыхъуынтæ цахæм сты?».

Надяйы фарста алцæй тыххæй дæр: иунæгæй дыууæ сывæллонимæ куыд арæхсы, чи сæ куыд фынæй кæны æмæ цы хæры, уыдæттæй. Йæ фыстæджытæй хъарм уылæн ивылæнтæ кæны. Фæлæ уыимæ дыгурон дзырдаивады дæсны, стыр поэт Гуырдзыбеты Блашка уыд æнахуыр хъаруйы хицау. Йæхи 'ппæрста тохмæ. 18 июны операцимæ йæ командыгæнæг нæ уагъта, дыууæ хатты йæ рарвыста, ды хъуамæ ам, бынаты, полчы чырæмæ дæ цæст дарай, зæгъгæ. Æртыккаг хатт дæр та йæм бацыд Блашка: «Ныхас дын дæттын, фæстаг хатт ма дæ курын, цæмæй мæ тохмæ ауадзай».

Æмæ æцæгдæр уый уыдис йæ фæстаг хатт: знаджы нæмыг йæ гуыбыны суад æмæ йын йæ цард фескъуыдта.
Фæлæ ныууагъта бирӕ сфæлдыстадон бынтæ, стыр ном æмæ хорз бинонтæ. Кæд ын Надяимæ цыппар азы йеддæмæ нæ бантыст ацæрын, уæддæр ахæм уарзондзинад баззайы уæлæуыл.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — къахдзӕф.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Ӕгас дунейы цӕрӕг ирон адӕм! Нӕ рухс кувӕн зӕдбадӕнтӕй иу Реком у, ӕмӕ йӕ кувӕн бонты хуыздӕр чи ракува ӕмӕ кӕй куывд айса, уый не 'ппӕтыл дӕр рӕсугъдӕй ӕрцӕуӕд! Реком уын ахӕм арфӕ ракӕнӕд, ӕмӕ уӕ фыдбылазтӕ сӕфт, уӕ амонд та фидар куыд уа!»

▫️Рекомы Уастырджийы сæйрагдæр кувæндон ис Цъæйы комы. Нарты кадджытæм гæсгæ ацы кувæндон сæвзæрд, Стыр Хуыцау Нарты Батрадзы мардыл цы æртæ цæссыджы æрæппæрста, уыдонæй иуы бынаты.

▫️Фæстæдæр Рекомы кувæндæттæ фæзынд: Цæгат Ирыстоны – Хохы Санибайы сæрмæ, Цымытийы, Дзуарыхъæуы, Гуылæры, Зæрæмæджы; Хуссар Ирыстоны – Ерманы, Едысы, Чеселты, Ходы, Дзомагъы. Йæ сæйраг куывды бон Цъæйы вæййы.

▫️Рекомы Уастырджи ирæтты хæстон зæд кæй у, уый дӕр бӕрӕггонд у. Сæхи йыл фæдзæхстой хæстмæ цæугæйæ æмæ æрыздæхгæйæ дæр. Ам ирон лæппутæ ард хордтой æфсымæртæ кæнгæйæ, туджджынтæ фидыдтой. Цуанон ыл йæхи фæдзæхста цуаны цæугæйæ. Кувæндоны бын уый тыххæй æвæрдтой алыхуызон фæдзæхсæнтæ.

▫️Ахуыргæндтæ куыд нымайынц, афтæмæй Рекомы кувæндон арæзт æрцыд 1382 азы.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🎵 Абайты Артур — «Саулагъз чызг»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
2025/06/27 21:53:08
Back to Top
HTML Embed Code: