Telegram Group Search
«Симды фӕз»-ы фатертӕ арӕзт цӕудзысты ӕрмӕстдӕр цæрæнуæтты республикон программæмæ гæсгæ

🔻Абон арӕзтады министрад уацхӕсджытӕн бацамыдта «Симды фӕз» аразӕг компанийы разамонӕг Хъыбызты Тамерланы. Фембӕлды ныхас кодтой проекты ивддзинӕдтыл ӕмӕ, ӕхсӕнады цы фарстатӕ фӕзынд, уыдоныл.

Министрады минӕвӕрттӕ фыццаджыдӕр бафиппайдтой, арӕзтадӕн цы зӕххытӕ радих кодтой, уыдонӕн хъӕууон-хӕдзарадон нысаниуӕг кӕй нӕй, фӕлӕ сӕрмагондӕй арӕзтадӕн кӕй сты. Уый фыст ис Дзӕуджыхъӕуы генералон планы. Фӕбӕрӕг кодтой, разамынддӕттӕг компани йӕм ӕппӕт хъӕугӕ хызӕгтӕ ӕмӕ коммуникацитӕ кӕй бауадздзӕн, уый. Ӕххӕст уыдзӕн инженерон коммуникацитæй дӕр: скӕндзысты доны ӕмӕ канализацийы хызӕгтӕ, сараздзысты скъолатӕ, рӕвдауӕндӕттӕ, поликлиникӕтӕ, улӕфӕн бынӕттӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

Ног разамонӕг ӕмӕ проект ӕххӕстгӕнӕг чи у, уый се 'ппӕтмӕ цымыдисаг каст. Амонæм ӕй сымахӕн дӕр — не 'мзӕххонмӕ егъау проекттӕ аразыны стыр фӕлтӕрддзинад ис. У экономикон наукӕты кандидат. 

💬 «Ам райгуырдтӕн, ам хъомыл кодтон, кусын ӕмӕ цӕрын Ирыстоны. Арӕзтады министрадимӕ ацы проектыл ӕнгом кусӕм, хӕссӕм ӕм ивддзинӕдтӕ. Куыддӕр сцӕттӕ уа, афтӕ ӕхсӕнады йемӕ базонгӕ кӕндзыстӕм», — загъта Хъыбызты Тамерлан.

Ис иу ахсджиаг хъуыддаг — проект ӕххӕст кӕндзысты ӕрмӕстдӕр бынӕттон аразджытӕ. Ногарӕзт фатертӕ та адæмæн дӕтдзысты цӕрӕнуæтты республикон программӕмӕ гӕсгӕ.

Фыццаджыдӕр та:
▫️Джызӕлы цӕрджытӕн;
▫️Ӕрыгон ӕмӕ бирӕсывӕллонджын бинонтӕн;
▫️Ӕрыгон специалисттӕн;
▫️Сидзӕр сывӕллӕттӕн;
▫️Льготӕтӕ кӕмӕ ис ӕмӕ ног хӕдзар кӕмӕ ӕмбӕлы, уыцы адӕмӕн.

➡️ Хӕстӕгдӕр рӕстӕг байгом кӕндзысты сайт. Уым алцы ӕргомӕй фысдзысты ӕмӕ дзы базонӕн уыдзӕн, куыстытӕ куыд цӕуынц, уый. Гæнæн дзы уыдзæн хъӕугӕ гӕххӕтытӕм ӕркӕсын, инвесторӕй аразӕджы онг проекты архайджыты тыххӕй базонын.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Паддзахы хæрæфырты ирон бинойнаг

🔻Ивгъуыд æнусы 60-æм азты хъуыстгонд барджыты къорд «Ирыстон» гастрольты уыдис Канадæйы. Равдысты фæстæ къорды разамонæг Тугъанты Дзерассæйы бацагуырдта иу сылгоймаг – Аза Куликовская. Йæ конд, йæ уындæй хицæн кодта. Æмæ куыннæ! Мойгонд уыдис Уæрæсейы паддзах Николай II хæрæфыртмæ. Дзерассæ йæ куы федта, уæд фергъуыйау: Куликовская кæй хуыдтой, уый кæд уыдис йæ фыды хойы чызг Агънаты Азæ! Бинонтæ йæ 22 азы дæргъы агуырдтой, фæлæ дзы ницы хъуыст æмæ æнхъæлдтой, амардис.

📄 1941 азы сæрды 17-аздзыд Агънаты Азæ ацыд Мæскуымæ. Йæ зæрды уыд Гнесинты номыл музыкалон ахуыргæнæндонмæ бахауын. Фæлварæнтæ радтын ын бантыст, фæлæ райдыдта хæст. Азæ фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ, йæ бинонтæм йæ ных сарæзта. Фæлæ нæ бахæццæ: сæ поезд сын ныппырх кодтой æмæ сæ атардтой Германы лагермæ, тыхбыны куыст кæнынмæ. Хæсты фæудмæ Азæ уыд уацары, фæрæзта над, дæлдзиныг, уазал æмæ фыдæбонæн.

▫️1945 азы уалдзæг æрхаста сæрибар… æмæ ног зындзинæдтæ уацайрæгтæн. Гыццыл дæр кæуыл фæгуырысхо уыдаиккой, уыдоны арвыстаиккой Сыбыры лагертæм. Ахæм хуызы бабын сты бирæ æнаххос адæм. Уыдæттæй тæрсгæйæ 21-аздзыд чызг йæхи бафæдзæхста францаг тæхæгыл, ракуырдта дзы æххуыс. Азæйæн кæд йæ уд æрдуйыл хæцыдис, уæддæр францаг æфсæддонмæ зæрдæмæдзæугæ фæкаст. Дзырд ын радта, кæй йæ ракурдзæн æмæ йæ ног хъизæмæрттæй кæй фервæзын кæндзæн. Æмæ афтæ дæр бакодта. Фæлæ лæппуйы бинонтæ разы нæ уыдысты, йæ къухыл уацайраджы номыр кæмæн уыд, ахæм чындзæй æмæ йын æй алы хуызы æмбарын кодтой. Йæ мойы мыггаг – Лефевр – ныффыссын æй нæ бауагътаиккой, йæхи мыггаг фыссын та йæм тæссаг каст: йæ хæстæджытæ Ирыстоны хорз бынæтты куыстой æмæ сын куы разиан кодтаид. Æмæ йæхицæн æрымысыд æндæр мыггаг – Гагарина. Азæ æмæ йæ мойæн райгуырд дыууæ сывæллоны, фæлæ иумæ бирæ нæ фæцардысты.

▫️Азæ æд сывæллæттæ ацыдис нырма Нью-Йоркмæ, уый фæстæ – Канадæмæ. Уым куыста дуканийы уæйгæнæгæй. Эмигранттимæ ныхас кæнгæйæ-иу арæх рахызт францаг æвзагæй уырыссагмæ. Уый бафиппайдта уазджытæй иу. Нæлгоймаг йæ цæст æрæвæрдта Азæйыл. Арæхæй-арæхдæр цыдис дуканимæ, уым-иу фæныхæстæ кодтой æмæ æппынфæстаг кæрæдзийæн сæ зæрдæйы ахаст бамбарын кодтой. Уæд нæлгоймаг раргом кодта, чи у, уый: Гурий Куликовский, университеты профессор, княгиня Ольгайы фырт. Йæ фыццаг усæй йын уыдис дыууæ сывæллоны. Гурий бауарзта Азæйы æмæ йæ ракуырдта.

Цардысты æмудæй, паддзахы фæдонты алыварс цы хъаугъатæ рауайы, уыдонæй сæхи хызтой, афтæмæй. Уыдысты адæмы цæстæнгасæй иртæст амондджын бинонтæ. Гурий куы амард, уæд ын Азæ бирæ азты зылдис йæ ингæнмæ, стæй сын Торонтойы цы хæстæджытæ цард, уыдоны ингæнтæм.  

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — мызд.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🎵 Санахъоты Тимур — «Ӕнӕ дӕу»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🔸 Хатт искæй рæнхъытæ куы фæкæсæм, уæд дзы ссарæм, нæхи бон зæгъын кæй нæ бацис, уыцы хъуыдыты халдих, науæд та нæ бафтауынц, ныры онг кæй никуыма бавзæрстам, ахæм сагъæстыл, раргом нын кæнынц æмбæхст рæсугъддзинад, сæвæрынц нæ разы ног фарстытæ.

▫️Ахæм рæнхъытæ уæм хæццæ кæныны охыл æрымысыдыстæм рубрикæ — «Хуыздæр нæ зæгъдзынæ».

#ӕмдзӕвгӕ
#цитатӕ
#зондджын_хъуыдытӕ

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Цымӕ цӕмӕй бауарзай, уымӕн цы хъӕуы? Уынд, конд, мулк? Фӕлӕ уыцы миниуджытӕй Дюймовочкайы иу дӕр нӕ хъуыд. Мыст ӕй кӕмӕн куырдта, уый хъуыды кӕнут? Видеомӕ нӕ бакӕсгӕйӕ йӕ чи ӕрхъуыды кӕндзӕн?

#аивады_хӕзнадон 

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🎵 Хъуылаты Елхъан ӕмӕ Билаонты Долорес — «Ды дӕ мӕ дуне»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🔸 Хатт искæй рæнхъытæ куы фæкæсæм, уæд дзы ссарæм, нæхи бон зæгъын кæй нæ бацис, уыцы хъуыдыты халдих, науæд та нæ бафтауынц, ныры онг кæй никуыма бавзæрстам, ахæм сагъæстыл, раргом нын кæнынц æмбæхст рæсугъддзинад, сæвæрынц нæ разы ног фарстытæ.

▫️Ахæм рæнхъытæ уæм хæццæ кæныны охыл æрымысыдыстæм рубрикæ — «Хуыздæр нæ зæгъдзынæ».

#ӕмдзӕвгӕ
#цитатӕ
#зондджын_хъуыдытӕ

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Цардысты ӕмӕ уыдысты Уарикъо ӕмӕ Хӕмыцы-фырт. Иуахӕмы дын фысымуаты баиу сты.
Цы дзы рауад, уымӕ та уӕхӕдӕг бакӕсут.

#аивады_хӕзнадон 

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны сараздзысты, протезтӕ кӕй хъӕуы, уыцы сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы архайджыты номхыгъд

🔻Уый абон аппаратон ӕмбырды Серегей Меняйло бахӕс кодта фӕллойы æмæ социалон рӕзты министр Абайты Юрийӕн.

Республикӕйы разамонӕг ма иу хатт бафиппайдта, регион ӕмӕ компани «Бионика» ныхасгонд кӕй сты.

Компани Цӕгат Ирыстоны байгом кӕндзӕн кабинет. Пациенттимӕ кусдзӕн куыд медицинон фӕдзӕхстады фонды полисмӕ гӕсгӕ, афтӕ фонд «Высокотехнологичная  медицинская помощь»-ы фӕлгӕты дæр. Пациентты цавӕр протезтӕ хъӕуынц, уый бæрæг кæндзысты ӕмӕ сӕ ӕрвитдзысты «Бионика»-мӕ. 

💬 «Республикӕйы протезтӕ цал адӕймаджы хъӕуынц, уый нӕ зонын хъӕуы. Райдайдзыстӕм уал ӕфсӕддон операцийы архайджытӕй, стӕй иннӕтимӕ кусдзыстӕм», — загъта республикӕйы сӕргълӕууӕг.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Бирӕгъ — мӕрдгӕс: фӕндӕгтӕм цӕстдарӕджы азымджын кӕнынц, уӕзласӕн машинӕтӕн закъоны сӕрты ахизын кæй ӕххуыс кодта, уымӕй

🔻Дзӕуджыхъӕуы 39-аздзыд цӕрӕджы азымджын кӕнынц, экстремистон организацийы уӕнг уӕвгӕйӕ ӕнӕзакъон архайд кӕй кодта, уымӕй. «Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй у змӕлд «АУЕ»-йы уӕнг (Уӕрӕсейы нымад у экстремистон организацийыл). Слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, фаронӕй 2025 азы апрельмӕ нӕлгоймаг ӕнӕзакъон фӕндагон змӕлдӕн фыста ӕхца, йӕхирдӕм расайдта ӕндæр адӕмы дӕр.

Кодта «фӕндӕгтӕм цӕстдарӕджы» куыст. Ома, кастис, цӕмӕй электрон рад ницӕмӕ даргӕйӕ уӕрӕсейаг-гуырдзиаг арӕны сӕрты цӕуой. Уымӕй уӕлдай ма сӕ ӕхца дӕр ӕмбырд кодта.

➡️ Уӕвгӕ закъоны сӕрты хизыныл нӕлгоймаг ахуыр у. Уый размӕ уыд тӕрхонгонд стыгъды, хӕцӕнгарзы ӕнӕзакъон зилдухы ӕмӕ адӕймаджы ӕнӕниздзинадӕн барӕй зиан ӕрхӕссыны тыххӕй. Ныртӕккӕ йӕ пъӕлицӕ агуры.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
2025/06/30 12:50:01
Back to Top
HTML Embed Code: