Telegram Group Search
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — цъынды.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Транскамыл — 40 азы!

🔻Куы нӕ уаид, уӕд Хуссар ӕмӕ Цӕгат Иры хсӕн цавӕр бастдзинад уаид, уый зын зӕгъӕн у. Йӕ саразын дӕр ӕнцон нӕ уыд. Ӕрмӕст арӕзтадон куыстытӕ 50 азӕй фылдӕр цыдысты.

Аивта цалдӕр номы, ӕвдисӕн уыд алы историон цаутӕн, зӕгъӕн ис, дугтӕн дӕр. Йемӕ баст цымыдисаг хабæрттимӕ уӕ зонгӕ кӕнӕм нӕ нывты.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алагиры районы уголовон сгӕрсты хайады хицау наркотиктӕ кӕй баппӕрста, уый тыххӕй йын рахастой дзырдӕй тӕрхон 

🔻Фарон сентябры райдианы Алагиры районы уголовон сгӕрсты хайады хицау Джони М. балхӕдта марихуанӕйы 33 граммы. Æрмæст дзы йӕхӕдӕг не спайда кодта, фӕлӕ сӕ иннӕтӕн ӕппӕрста. Афтӕмӕй йӕ куысты бӕрӕггӕнӕнтӕ хуыздӕр кодта.

Уыцы рӕстӕг Джонийы дӕлбар чи куыста, уыдон бӕрӕг кодтой, наркотиктӕ чи парахат кодта, ахӕм нӕлгоймаджы. Хайады хицауы йӕ фӕндтӕ сӕххӕст кӕнынӕн ӕндӕр цы хъуыд.

Йæ курдиатмӕ гӕсгӕ йе 'мкусджытӕ артаджы станцӕйы баурӕдтой уӕзласӕн машинӕ. Шофыр уыд, гуырысхо кӕуыл кодтой, уыцы нӕлгоймаг. Уырдӕм ӕрбацыд Джони дӕр ӕмӕ сӕрмагон къорд «Гром»-ы службӕгӕнджытӕ. Нӕлгоймаджы зӕххыл афӕлдӕхтой ӕмӕ йыл ӕндон цонгдарӕнтӕ скодтой. Джони ӕй къахӕй ныццавта ӕмӕ йын йӕ дзыппы марихуанӕ баппӕрста, стӕй йӕ машинӕйы сбадын кодта ӕмӕ дзы домдта йӕ аххосыл басӕттын.

➡️ Фӕлӕ цард доны къус у, хуымӕтӕджы нӕ фӕзӕгъынц. Джони йӕхӕдӕг тӕрхондоны аххосджыны бандоныл февзæрдис. Рахайстой йын дзырдӕй 4 азы тӕрхон, уыдонӕй 3 азы — фӕлварӕны хуызы. Прокурор ахӕм уынаффӕимӕ разы нӕ уыд, фӕлӕ йӕ республикӕйы Уӕлдӕр тӕрхондон нӕ аивта.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы фӕззӕг Дзӕуджыхъӕуы уынгтӕй раластой 55 мин кубометры сыфтæ

🔻Уынгты куыстой 19 бырӕттӕласӕн машинӕйы. Аллейтæй, сквертæй æмӕ ӕппӕт газонтӕй сӕ ластой самосвалтыл. Ӕппӕт техникӕ кодта ӕртӕ ӕмӕ фылдӕр рейсы.

«Алы машинӕйы цӕуы сыфты 12 кубометры. Сӕ уӕз сын банымайын зын у, уымӕн ӕмӕ боныхъӕдӕй аразгӕ у. Зӕгъӕм, къæвдабон уӕззаудӕр вӕййы», — радзырдтой «Сапӕ»-йӕн «СпецЭкоСервис»-ы пресс-службӕйы.

➡️ Уынгтӕ, сквертӕ, фистӕгæй цӕуджытӕн фӕндӕгтӕ, газонтӕ ӕфснайдтой 170 адӕймаджы. Уымӕй уӕлдай куыстой ӕфснайӕн ӕмӕ ӕхсӕн машинӕтӕ, автопогрузчиктӕ ӕмӕ автогрейдертӕ, стӕй мини-трактортӕ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Травмпункты ӕрранизы ныхмӕ вакцинӕ кӕй нӕ уыд, уый аххосӕй Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕгӕн укол не скодтой

🔻Знон Ирыстойнаг уынгыл Г. Владимиры (йӕ ном ивд у) размӕ фесты дзӕгъӕл куыйтӕ. Йӕхӕцӕй сӕ бӕргӕ сырдта, фӕлӕ йын фӕстейæ йӕ къахыл иу куыд фӕхӕцыд, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодта.  

Ӕвӕстиатӕй бацыд тагъд ӕххуысы рынчыныдоны дохтыртӕм. Фӕлӕ йын травмпункты сӕ бон баххуыс кӕнын ницӕмӕй уыдис. Сӕрмагонд хос — антирабикон вакцинӕ сӕм нӕ уыд.

«Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй хос канд рынчындоны нӕ, фӕлӕ афтекты дӕр стӕм уыд. Нӕлгоймаг ӕй кӕм ссардта, уым иу къопп кодта 4 мин сомы.

Цӕгат Ирыстоны ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министрады куыд радзырдтой, афтӕмӕй вакцинӕты бӕлвырд нымӕц бацагурынц афӕдзы райдианы — рӕстӕмбис нымадмӕ гӕсгӕ республикӕйы цас бахъӕуы, уыййас. Ацы аз регионы уыд 8 мин вакцинӕйы.

💬 «Ноябры кӕрон ма ноджы бацагуырдтам 7 мин вакцинӕйы. Декабры райдианы хъуамӕ фӕзына. Ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министрад ма арвыста курдиат 5 мин дозӕйы балхӕныны фæдыл. Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм хостӕгӕнӕн куыстуаты дзуапмӕ, сӕ бон нын сӕ ӕрбарвитын уыдзӕн ӕви нӕ, уымӕ»,— фӕбӕлвырд кодтой министрады.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Клуб Nomads-ы бизнес-форумы архайджытӕ хӕлттӕ ӕппӕрстой, амынддзинӕдтӕ кӕмӕн радтой, уый тыххӕй 

🔻Хуыздӕр специалисттӕ уӕлахиздзауӕн ратдзысты амынддзинӕдтӕ, амалхъомдзинад куыд хуыздӕр аразын хъӕуы, уый тыххӕй. Куыстуат рӕзты фӕндагыл куыд цӕуа, уымӕн цы хъӕуы, уый сын бацамондзысты Абайты Алан, Ӕгайты Георгий ӕмӕ Дзамболат Мидов.

💬 «Йӕ архайд ын бӕлвырд раиртасдзыстӕм, ӕрныхас ыл кӕндзыстӕм ӕмӕ йын цы ӕмӕ куыд кӕнгӕ у, уый бацамондзыстӕм, цӕмӕй йын ӕнцондӕр ӕмӕ хуыздӕр уа, уый тыххӕй. Афтӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр пайда исдзӕн, фӕлхасгӕнджытӕн дӕр хуыздӕр уыдзӕн», — радзырдта бизнес-клуб Nomads-ы разамонӕг Гӕбуаты Алан.

➡️ Форумы архайджытӕн ма ноджы араздзысты хӕлттӕ ӕппарыны мадзал. Бацархайыны фадат дзы уыдзӕн алкӕмӕн дæр.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Мидхъуыддӕгты кусӕджы уӕлӕдарӕсы нӕлгоймаг тыхсаст бакодта къофифыцӕн аппарат ӕмӕ дзы адавта ӕхца

🔻Къофифыцӕн аппараттӕ «Coffenberg»-ы хицау Хетӕгкаты Таирбег «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй, нӕлгоймаг аппаратӕй ӕхца куыд давы, уый камерӕты зыны.

💬 «Пъӕлицӕмӕ нӕ бахъаст кодтам, нӕхӕдӕг уал ӕй агурӕм. Стӕй нӕ фӕнды базонын, ӕцӕгӕйдӕр барадхъахъхъӕнӕг у ӕви кӕйдӕр уӕлӕдарӕс у», — зӕгъы Таирбег.

➡️ Къӕрных «сӕрæн» разынд ӕмӕ иу бонмӕ асыгъдӕг кодта дыууӕ аппараты: Мӕздӕджы ӕмӕ Стъараполы крайы. Ныридӕгӕн уал бӕрӕг у, йӕ машинӕ сыхаг регионы номыртимӕ кӕй уыд, уый.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ӕппӕтӕй фылдӕр адӕм цавӕр бӕстӕйы цӕры?
Anonymous Quiz
2%
Америкæйы
0%
Пакистаны
63%
Китайы
34%
Индийы
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Урсгӕлӕбуджын бон

🔻Цӕгат Ирыстон абон йӕ уӕлӕ акодта йӕ сыгъдӕг урс уӕлӕдарӕс. Йӕхимӕ ӕркаст, фидауы йыл ӕви нӕ, уымӕ. Йӕ зӕрдӕ йӕм цы бадзырдта, уый нӕ зонӕм, фӕлӕ хӕмпус миты тъыфылтӕй бирӕты зӕрдӕтӕ барухс кодта.

Ирыстоны кӕмтты рӕсугъд нывтӕ уын ӕвдисӕм мах дӕр.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — тъунел.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Забава»-йы кусджытӕн мызд кӕй нӕ фыстой, уый тыххӕй Цӕгат Ирыстоны слестгӕнджытӕ байгом кодтой уголовон хъуыддаг

🔻Слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, дуканиты хицӕуттӕн 2024-ӕм азы июлӕй октябрмӕ сӕ бон уыд адӕмӕн мызд фидын, фӕлӕ барӕй сӕ хӕстӕ нӕ сӕххӕст кодтой. Афтӕмӕй алы кусӕгӕй фӕхӕсджын сты 80 мин сомӕй фылдӕр.

Уголовон хъуыддаг байгом кодтой прокуратурӕйы ӕркасты фӕстӕ.

💬 «Куыд сбӕрӕг кодтам, афтӕмӕй ӕмткӕй кусджытӕй дыууӕ мӕймӕ хӕс дарынц 1 милуан сомӕй фылдӕр», — хъусын кӕнынц ведомствойы пресс-службӕйы.

➡️ «Сапӕ» куыд хъусын кодта, афтӕмӕй 16-ӕм октябры дыууӕ супермаркеты зынгхуыссынгӕнӕн системӕйы аиппытӕ кӕй ссардтой, уый аххосӕй сӕ рӕстӕгмӕ сӕхгӕдтой. Фӕлӕ сӕ разамынд кусджытӕн мызд нӕ бафыстой, хъастгӕнджытӕн та иу хаттӕй иннӕ хатмӕ зӕрдӕтӕ ӕвӕрдтой. Æрмӕст сæ ныхӕстӕн хицау нӕ разындысты.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Сывӕллӕттӕн дуканийӕ Дзӕуджыхъӕуы базарадӕй систой ӕнӕ сӕрмагонд нысæнттӕй уӕлӕдарӕс   

🔻Радон ӕркасты рӕстӕг Цӕгат Ирыстоны Роспотребнадзоры кусджытӕ сывӕллӕттӕн дуканитӕй иуы базарадӕй систой ӕнӕ «Честный знак»-ы QR-кодӕй уӕлӕдарӕс. Дуканийыл рафыстой ӕртӕ административон хъуыддаджы, дзаумӕттӕ та арвыстой тӕрхондонмӕ.

📄 Ведомствойы куыд фӕбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй, QR-кодтӕ кӕмӕ нӕй кӕнӕ мӕнг кӕмӕн сты, уыдоны бахъӕудзӕн ивар 300 мин сомы бафидын, дзаумӕттӕ та ӕрцӕуынц базарадӕй ист.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы цӕрджытӕ хъаст кӕнынц митӕй ӕнӕфснайд уынгтӕй

🔻Бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ та, бӕстон ӕрмӕст центрон уынгтӕ кӕй ӕфснайынц, уымӕй. Иннӕ районтӕ ӕмӕ уынгтӕ та цы уа, уый уӕды уавӕры баззадысты. Зӕгъæм, БАМ митӕй нал зыны.

💬 «Фӕндӕгтыл ацӕуӕн нӕй, митӕй байдзаг сты. Райсомӕй ныры онг районы иунӕг митӕфснайӕн машинӕ дӕр нӕ федтон», — хъаст кӕны цӕрджытӕй иу.

Уӕдмӕ та «СпецЭкоСервис»-ӕй хъусын кӕнынц, зӕгъгӕ, фӕндӕгтӕ митӕй ссыгъдӕг кӕныныл кусы 100 адӕймаджы, архайынц ӕхсӕвӕй-бонӕй. Уымӕй уӕлдай техникӕйы 30 иуӕджы — самосвалтӕ, митӕфснайӕн ӕмӕ фӕндӕгтыл змис ӕмӕ цӕхх пырхгӕнӕн машинӕтӕ.

➡️ Метеослужбӕйы хъусынгӕнинагмӕ гӕсгӕ, боны дӕргъы Дзӕуджыхъӕуы ӕруардзӕн 55 см мит.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
2024/11/30 11:41:29
Back to Top
HTML Embed Code: