Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — уӕнгбӕттӕн.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Алани»-йы хуыздӕр размӕбырсджытӕй иу Гуырцъыты Батраз командӕйӕ ацыд
🔻 Футболон клубтӕ «Алания» ӕмӕ «Оренбург» ӕрцыдысты иу уынаффӕмӕ — 26-аздзыд футболистимæ бадзырд фехалын. Уый тыххӕй хъусын кӕны ФК «Алани»-йы пресс-службӕ.
💬 «Батразӕй тынг бузныг стӕм, клубы рӕзтмӕ цы ӕвӕрӕн бахаста, уый тыххӕй, йӕ дӕсны архайды æмæ, йӕхиуыл кӕй нӕ ауӕрста, уый тыххӕй», — зӕгъынц клубы.
«Алани»-йы Батраз ахъазыд 152 матчы. Бакъуырдта 48 голы, сарӕзта, гол бакъуырынӕн чи фӕахъаз, 19 ахӕм передачӕйы.
➡️ Ныр Батраз хъаздзӕн футболон клуб «Сокол»-ы. Сӕрдмӕ йӕ Оренбурджы командӕйӕ хаццоны райстой. Ныртӕккӕ футболист ис Саратовы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
«Алани»-йы Батраз ахъазыд 152 матчы. Бакъуырдта 48 голы, сарӕзта, гол бакъуырынӕн чи фӕахъаз, 19 ахӕм передачӕйы.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Сывӕллон электрон тыхӕй хъыгдард кӕм баййӕфта, уыцы скъолайы директоры хъуыддаг кӕронмӕ раиртӕстой
🔻 Черменыхъӕуы 2-ӕм скъолайы директоры азымджын кӕнынц, йӕ бӕрны цы фӕзуат уыд, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕй кастис, уымӕй. Йӕ ӕнӕмӕт архайд та расайдта, сывӕллон уӕззау цӕфтӕ кӕй райста, уымӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕнынц Слестгӕнӕн комитет ӕмӕ республикӕйы прокуратурӕ. Ныр хъуыддаг арвыстой тӕрхондонмӕ.
Слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, директор хъуамӕ йæ цӕст дардтаид уагдоны ӕппӕт коммуникациты куыстмæ. Фӕлӕ электрон кусӕнгарзы ӕдасдзинадмӕ хъус не 'рдардта ӕмӕ ӕппӕт дуæрттыл гуыдыртӕ нӕ сауыгъта.
«Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй 10-аздзыд лӕппу бацыд трансформаторон дӕлстанцӕмӕ, байгом кодта электрон тыхуарӕн уарты дуар, цӕмӕдӕр февнӕлдта ӕмӕ йӕ ток ныццавта. Скъоладзауы аластой сывӕллӕтты клиникон рынчындонмӕ, уырдыгӕй та йӕ сӕрмагонд хӕдтӕхӕгыл фӕхӕццӕ кодтой Дӕллаг Новгороды клиникӕтӕй иумӕ.
➡️ Ацы цауы фӕстӕ Сергей Меняйло бахӕс кодта Цӕгат Ирыстоны ӕппӕт скъолаты дӕлстанцӕты уавӕр сбӕрӕг кӕнын.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, директор хъуамӕ йæ цӕст дардтаид уагдоны ӕппӕт коммуникациты куыстмæ. Фӕлӕ электрон кусӕнгарзы ӕдасдзинадмӕ хъус не 'рдардта ӕмӕ ӕппӕт дуæрттыл гуыдыртӕ нӕ сауыгъта.
«Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй 10-аздзыд лӕппу бацыд трансформаторон дӕлстанцӕмӕ, байгом кодта электрон тыхуарӕн уарты дуар, цӕмӕдӕр февнӕлдта ӕмӕ йӕ ток ныццавта. Скъоладзауы аластой сывӕллӕтты клиникон рынчындонмӕ, уырдыгӕй та йӕ сӕрмагонд хӕдтӕхӕгыл фӕхӕццӕ кодтой Дӕллаг Новгороды клиникӕтӕй иумӕ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Дзæуджыхъæуы хæдзæрттæй иуы рацарæзты фæстæ цæрджытæ бæстыхайæн ныккæлынæй тæрсынц
🔻 Темыраты ӕфсымӕрты уынджы 9-ӕм хӕдзары цы офистӕ уыд, уыдон балхӕдта арӕзтадон компани «ЕВА». Ныр дзы кӕнынц фатертӕ.
Цӕрджытӕ ӕнхъӕлдтой, офистӕ цалцӕг кӕнынц, ӕмӕ хъуыддагмӕ сӕ хъус тынг не 'рдардтой. Фӕлӕ декабры, бӕстыхай кӕуыл лӕууы, уыцы къулты дуӕрттӕ къӕртт кӕнын куы райдыдтой, уӕд фӕгуырысхо сты. Ныр хӕдзары ӕртӕ подъезды сфидар кодтой фондз дуары.
💬 «Хыл кодтам, пъӕлицӕмӕ дзырдтам, прокуратурӕмӕ, администрацимӕ ӕмӕ цæрæнуатон инспекцимӕ хъаст фыстам. Фӕлӕ компанимӕ ис Арбитражон тӕрхондоны уынаффӕ», — хъаст кӕны цӕрджытӕй иу Хъуыссӕты Алан.
Тӕрхондон та рахӕцыд «ЕВА»-йы фарс ӕмӕ сын бар радта агъуысты конд аивынæн ӕмӕ офистӕй цӕрӕнбынӕттӕ скӕнынæн. Сӕ уынаффӕ ӕнцадис эксперт Сергей Мамаевы хатдзӕгтыл. Фӕлӕ «Сапӕ»-имӕ ныхас кӕнгӕйӕ, Сергей Мамаев бафиппайдта, проект ӕмӕ арӕзтад хицӕн кӕй кӕнынц, уый.
💬 «Мӕ проектмӕ гӕсгӕ бындурон къултӕм ӕвналӕн нӕ уыд. Аразджытӕ цы кусынц, уый нӕ федтон ӕмӕ йӕ нӕ зонын. Хӕдзармӕ дӕр нӕ кастӕн, уӕвгӕ домӕн дӕр нӕ уыд. Хатдзӕгтӕ скодтон проектмӕ гӕсгӕ», — загъта Сергей Мамаев.
Уӕрӕсейы цӕрӕнуӕтты кодексмӕ гӕсгӕ хӕдзары кондæн аивӕн ис, цӕрджытӕ се 'ппӕт разы куы уой, ӕрмӕстдӕр уӕд. Куыддӕр æгъдауæй тӕрхондоны сӕ разыйы гӕххӕтт разындис.
💬 «Хӕдзары цӕрджытӕн иумӕйаг ӕмбырд нӕ уыдис. Нӕ къухӕвӕрд никуы сӕвӕрдтам. Мӕнмӕ гӕсгӕ, уыцы гӕххӕтт ӕнӕзакъонӕй конд ӕрцыд. Нӕ цӕстӕнгас ӕмӕ нӕ хъуыдытӕй нӕ фӕрсгӕ дӕр ничи бакодта», — радзырдта Бӕзойты Альбинӕ.
Арӕзтадон компани «ЕВА»-йы юрист Хъӕцмӕзты Лев «Сапӕ»-йӕн фидарӕй зӕгъы, Сергей Мамаевы проектмӕ гӕсгӕ кӕй кусынц, уый, стӕй ма компанийы минӕвӕрттӕй цӕрджытимӕ кӕй ничи фембӕлд, уый дӕр.
💬 «Чи зоны, цӕрджытӕ разы нӕ уыдысты. Фӕлӕ хӕдзары конд ивд ӕрцыд», — загъта арӕзтадон фирмӕйы юрист.
Уӕдмӕ та бирӕуӕладзыгон хӕдзары цӕрджытӕн сӕ тас кӕны тыхджынӕр. Дыккаг уӕладзыджы фатеры къултӕй иу аскъуыд, хӕдзары къултӕ æддæрдыгæй дӕр цалдӕр ран афаз сты. Цӕрджытӕ фӕнд кӕнынц Советон районы тӕрхондонмӕ бахъаст кӕнын.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Цӕрджытӕ ӕнхъӕлдтой, офистӕ цалцӕг кӕнынц, ӕмӕ хъуыддагмӕ сӕ хъус тынг не 'рдардтой. Фӕлӕ декабры, бӕстыхай кӕуыл лӕууы, уыцы къулты дуӕрттӕ къӕртт кӕнын куы райдыдтой, уӕд фӕгуырысхо сты. Ныр хӕдзары ӕртӕ подъезды сфидар кодтой фондз дуары.
Тӕрхондон та рахӕцыд «ЕВА»-йы фарс ӕмӕ сын бар радта агъуысты конд аивынæн ӕмӕ офистӕй цӕрӕнбынӕттӕ скӕнынæн. Сӕ уынаффӕ ӕнцадис эксперт Сергей Мамаевы хатдзӕгтыл. Фӕлӕ «Сапӕ»-имӕ ныхас кӕнгӕйӕ, Сергей Мамаев бафиппайдта, проект ӕмӕ арӕзтад хицӕн кӕй кӕнынц, уый.
Уӕрӕсейы цӕрӕнуӕтты кодексмӕ гӕсгӕ хӕдзары кондæн аивӕн ис, цӕрджытӕ се 'ппӕт разы куы уой, ӕрмӕстдӕр уӕд. Куыддӕр æгъдауæй тӕрхондоны сӕ разыйы гӕххӕтт разындис.
Арӕзтадон компани «ЕВА»-йы юрист Хъӕцмӕзты Лев «Сапӕ»-йӕн фидарӕй зӕгъы, Сергей Мамаевы проектмӕ гӕсгӕ кӕй кусынц, уый, стӕй ма компанийы минӕвӕрттӕй цӕрджытимӕ кӕй ничи фембӕлд, уый дӕр.
Уӕдмӕ та бирӕуӕладзыгон хӕдзары цӕрджытӕн сӕ тас кӕны тыхджынӕр. Дыккаг уӕладзыджы фатеры къултӕй иу аскъуыд, хӕдзары къултӕ æддæрдыгæй дӕр цалдӕр ран афаз сты. Цӕрджытӕ фӕнд кӕнынц Советон районы тӕрхондонмӕ бахъаст кӕнын.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ӕгъуызарты Мурат ныууагъта Цӕгат Ирыстоны вице-премьеры бынат
🔻 «Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй йӕ бӕсты фыццаг вице-премьер суыдзӕн Атарты Георгий. Раздӕр уыд хицауады сӕрдары хӕдивӕг, арӕзтады министр.
➡️ Ӕгъуызарты Мураты йӕ куыстæй суæгъд кæныны тыххӕй уынаффӕ знон бафыста Серей Меняйло. Ӕгъуызарты Мурат ныффыста курдиат, йӕ бынатӕй йӕхи фӕндонмӕ гæсгæ кӕй цӕуы, уый тыххӕй.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Достоевскийы амындмæ гæсгæ, адæймаджы рахатынæн хъæуы...
Anonymous Quiz
34%
Цæрæгойтæм цы цæстæй кæсы, уый бамбарын
39%
Иннæтæй цы дзуры, уымæ байхъусын
18%
Куыд худы, уымæ бакæсын
9%
Цавæр музыкæ уарзы, уый базонын
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — размӕбырсӕг.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Яндекс»-ы таксисты ӕрцахстой, наркотикон буаргъӕдтӕ кӕй парахат кодта, уый тыххӕй
🔻 «Ӕрыдон-Дзӕуджыхъӕу»-мӕ фӕндагыл пъӕлицӕйӕгтӕ баурӕдтой 40-аздзыд таксисты Hyundai Sonata-йыл. Хӕдтулгӕмӕ кӕсгӕйӕ дзы цалдӕр раны ссардтой наркотиктӕ, фехъусын кодтой «Сапӕ»-йӕн.
Метилэфедроны иу грамм уыд нӕлгоймаджы дзыппы. Мефедроны 460 граммимӕ дыууӕ тыхтоны ӕмӕ эфедроны 100 граммы уыдысты магнитофоны фӕстӕ ӕмбӕхст. Пъӕлицӕйӕгты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕмбӕхст тыхтонтӕ таксист хъавыд уӕй кӕнынмӕ.
Нӕлгоймаджы ныхӕстӕм гӕсгӕ йӕ ацы хъуыддагыл фӕцахуыр кодта бӕлццӕттӕй иу. Ӕртӕ боны размӕ дзы ракуырдта йӕ дзаумӕттӕ йын аласын ӕмӕ йӕ афтӕмӕй йӕ хицауимӕ базонгӕ кодта. Бӕлццоны ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыд къуытты ӕмӕ ӕрмӕст Telegram-ы фӕфыссы.
➡️ Кӕронбӕттӕны йын йӕ къухты тыхтонтӕ фӕсагъта ӕмӕ йын бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ, адӕм бирӕ кӕм нӕ вӕййы, уым зӕххы бын бамбӕхса. Уыцы «лӕггады» тыххӕй йын бафыстой 30 мин сомы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Метилэфедроны иу грамм уыд нӕлгоймаджы дзыппы. Мефедроны 460 граммимӕ дыууӕ тыхтоны ӕмӕ эфедроны 100 граммы уыдысты магнитофоны фӕстӕ ӕмбӕхст. Пъӕлицӕйӕгты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕмбӕхст тыхтонтӕ таксист хъавыд уӕй кӕнынмӕ.
Нӕлгоймаджы ныхӕстӕм гӕсгӕ йӕ ацы хъуыддагыл фӕцахуыр кодта бӕлццӕттӕй иу. Ӕртӕ боны размӕ дзы ракуырдта йӕ дзаумӕттӕ йын аласын ӕмӕ йӕ афтӕмӕй йӕ хицауимӕ базонгӕ кодта. Бӕлццоны ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыд къуытты ӕмӕ ӕрмӕст Telegram-ы фӕфыссы.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ӕнусон: Къостайы къухфыстытӕм гӕсгӕ ЦИПУ-йы сарӕзтой ног шрифт Kosta
🔻 ЦИПУ-йы сарӕзтой ног шрифт. Скодтой йӕ Хетӕгкаты Къостайы къухфыстыты бындурыл. Фылдӕр касысты ӕмӕ иртӕстой «Ирон фӕндыр». Специалисттӕ куыд раиртӕстой, афтӕмӕй Къоста дамгъӕтӕ фыста рахизырдӕм тынг къулӕй. Графологты ныхӕстӕм гӕсгӕ, афтӕ чи фӕфыссы, уыцы адӕймаг тынг бауарзаг вӕййы ӕмӕ йе 'нкъарӕнтӕ нӕ фембӕхсы. Уыимӕ вӕййынц цардуарзаг, уарзынц ногдзинӕдтӕ. Шрифт ӕрхъуыдыгӕнджытӕ нӕ аивтой революцийы агъоммӕ орфографи.
💬 «Ацы шрифт у нӕ культурон бындур. Ахӕм хуызы Къостайы ӕнусон сфӕлдыстадӕн кад ӕмӕ аргъ кӕнӕм. Сӕйрагдӕр та йӕ рох нӕ кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ хӕзнатӕ дарддӕр хӕссӕм. Ахӕм шрифтӕй фысгӕйӕ алкӕй бон дӕр уыдзӕн зындгонд поэты ӕрмдзӕф банкъарын», — зӕгъынц ЦИПУ-йы.
➡️ Шрифт Kosta-йӕ пайда кӕнын у алкӕй бон дӕр.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы скъолатӕй иуы ахуырдзау къахы иу цӕфӕй донхъаймӕт сарӕзта
🔻 46-ӕм скъолайы абон ӕхсӕзӕм урок нӕ уыд. Дыккӕгӕм ӕмӕ ранӕй-рӕтты фыццӕгӕм уӕладзгуытӕ ӕваст доны лӕсӕнты бын фесты. Аххосаг — саст хъармгӕнӕн радиатор.
💬 «Ӕхсӕзӕм урочы рӕстӕг чидӕр къахӕй радиатор ныццавта, уый аххосӕй хӕтӕлӕй дон кӕлын райдыдта. Хъыгдард ничи баййӕфта. Сӕхи хъарутӕй йӕм базылдысты ӕмӕ йӕ сцалцӕг кодтой», — радзырдтой «Сапӕ»-йӕн Дзӕуджыхъӕуы ахуырады управленийы.
Скъолайы кусджыты фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты гӕрӕты доны хӕдзарады специалисттӕ.
💬 «Доны хӕдзарад дзуапп дӕтты ӕрмӕст, объектты онг цы хӕтӕлтӕ цӕуынц, уыдонӕн. Фӕлӕ ахӕм цаутӕ куы ӕрцӕуынц, искуы хӕтӕл куы атоны, уӕд баххуыс кӕнӕм», — загъта «Сапӕ»-йӕн куыстуаты хицау Хъараты Тимур.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Скъолайы кусджыты фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты гӕрӕты доны хӕдзарады специалисттӕ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Сергей Макаров «Алани»-йӕ ацыд
🔻 Клуб ӕмӕ футболист сæ бадзырд, баныхас кӕнгӕйӕ, фехӕлдтой. Уый тыххӕй фехъусын кодта футболон клубы пресс-службӕ.
💬 «Футболон клуб дзы тынг бузныг у. Нӕ зӕрдӕ йын зӕгъы, ног бынаты ӕнтыстджын куыд уа», — зӕгъынц «Алани»-йы.
Сергей Макаров Дзӕуджыхъӕуы командӕйы уӕнг сси фарон сӕрды. Ацы сезоны ахъазыд 19 матчы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Сергей Макаров Дзӕуджыхъӕуы командӕйы уӕнг сси фарон сӕрды. Ацы сезоны ахъазыд 19 матчы.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — донхъаймӕт.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM