Telegram Group Search
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Театр «Саби»-йы цӕттӕ кӕны спектакль «Сказка о рыбаке и рыбке»-йы премьерӕ

🔻Цӕттӕ йӕ кӕны Образцовы куклæты театры режиссер Виктор Воеводин. Спектакль сӕвӕрынӕн Дзӕуджыхъӕуккаг театр Мӕскуыйы театрӕй райста бардӕттӕг лицензи. Ныр алкӕмӕн зонгӕ аргъау ӕртӕ азы дӕргъы циндзинад хӕсдзӕн Ирыстоны чысыл театрдзаутӕн. Цымыдисаг уыдзӕн хистӕртӕн дӕр.

💬 «Нӕ театртӕ хӕларӕй цӕрынц. Ӕвӕццӕгӕн, спектакль нӕхи бакӕнын дӕр къухы уымӕн бафтыд. Раст зӕгъгӕйӕ, ахæм куысты фæлтæрддзинад нӕдӕр махмӕ уыд, нӕдӕр Образцовы театрмӕ. Ацы куклæты театры репертуарӕй цӕттӕ спектакль чи райста, уыдонӕй Уӕрæсейы стӕм фыццӕгтӕ. Мӕнӕн уый тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ нæм ногазон бӕрӕгбӕтты фӕстӕ уыдзӕн премьерӕ. Уый та ӕнтыстыл банымайӕн ис», — радзырдта театр «Саби»-йы аивадон разамонӕг Гӕлӕуты Аслӕнбег.

Спектакль «Сказка о рыбаке и рыбке» ног театры кӕй ӕвдисдзысты, уыцы хабар йӕ режиссер Виктор Воеводинӕн ӕхсызгон уыдис. Дзӕуджыхъӕумӕ ссыд ног куыстмӕ йӕ мондӕгтӕ уадзгӕйӕ.

💬 «Йæ спектакль ын репертуарæй куы сисынц, уæд цыфӕнды режиссер дӕр ӕнкъард фӕкӕны. Мӕнмӕ ахӕм амонд бахудт, ӕмӕ спектакль дарддӕр цӕрдзӕн Дзӕуджыхъӕуы. Тынг зӕрдӕргъӕвдӕй ссыдтӕн Дзӕуджыхъӕумӕ. Ам та сӕмбӕлдтӕн, мӕхуызӕн, йӕ театр чи уарзы, ахæм кусджытимӕ. Уый тынг ӕхсызгон у. Театры алчидӕр йӕ куыст тынг хорз зоны ӕмӕ тынг разӕнгардӕй иумӕ архайдтам. Афтӕмӕй хæрзцыбыр рӕстӕгмӕ спектакль бацӕттӕ кодтам», — загъта Виктор Воеводин.

«Саби»-йы сценӕйыл спектакль сӕвӕрдтой 10 бонмӕ. Сӕйраг рольты дзы хъазынц Гагуылаты Сослан ӕмӕ Ӕгъуызарты Миланӕ. Иннӕ сурӕттыл бакуыстой Хъараты Максим, Джиголаты Анастасия ӕмӕ Рубайты Илонӕ.

💬 «Зын уыдис, уымӕн ӕмӕ ахӕм куыст никуыма кодтам. Спектакль цӕттæ кӕнгӕйӕ, раздӕр актертимӕ фӕкусынц, уый фӕстӕ куклæтимӕ архайын райдайӕм. Ацы хатт та ӕмхуызонӕй иууылдӕр иумӕ райдыдтам. Фыццаг бонты ницы ӕмбӕрстам, нӕ сӕртӕ разылдысты. Ныр та, раст кӕсаг доны куыд цъыввытт кӕны, уыйау ӕнцонтӕй архайӕм. Ӕвӕццӕгӕн нын Пушкин ӕххуыс кодта», — радзырдта нын Гагуылаты Сослан.

➡️ Спектакль иннӕтӕй хицӕн кӕны уымӕй дӕр, ӕмӕ дзы фыццаг дамгъӕйӕ суанг фӕстагмӕ ис Пушкины текст. Режиссеры ӕрхъуыдыдзинӕдты руаджы та сӕ мидис ноджы арфдӕр ӕмӕ рӕсугъддӕр ссис, зӕрдӕтӕм дӕр тынгдӕр хъары. Спектакль «Сказка о рыбаке и рыбке»-йы премьерæ сӕмгъуыд кодтой 25 январмӕ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Адарддæр кæн æмбисонд: кæмæндæр, дам, йæ амæлæтыл нæ куыдтой, фæлæ...
Anonymous Quiz
41%
Хист кæнын ын кæй хъуыд, ууыл
34%
Йæ цардыл
15%
Кусинæгтæ ма йын кæй баззад, ууыл
11%
Иунæгæй сæ кæй ныууагъта, ууыл
Байаты Давид фӕуӕлахиз Ярыгины номыл турниры 70 килограммы уӕзы

🔻Иван Ярыгины номыл Кубок рамбулыны ӕппӕтдунеон турниры 70 килограммы онг уӕзы фӕуӕлахиз не 'мзӕххон Байаты Давид. 

Финалы хӕцыд Константин Капрыновимӕ Якутийӕ, разынд тыхджындӕр.

Иван Ярыгины турниры Давид фыццаг хатт фӕуӕлахиз. Уый размӕ дыууӕ хатты рамбылдта ӕвзист, иу хатт та бронзӕ майдан.

📄 Иван Ярыгины номыл Кубок рамбулыны æхсæнадæмон турнир цӕуы Красноярскы. Уӕрӕсейы спортсментӕй уӕлдай дзы сӕ тыхтӕ фӕлварынц дунейы 17 бӕстӕйы хъыбысæйхӕцджытӕ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — агуыридур.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🎵 Икъаты Аринӕ — «Ӕз ӕмӕ ды»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уыци-уыци: дуры бын цæры, фæлæ мæлдзыг нæу, айк æфтауы, фæлæ карк нæу, кæрдæг хæры, фæлæ хъуг нæу
Anonymous Quiz
45%
Уæртджын хæфс
34%
Калм
9%
Хæлуарæг
12%
Рæмпæг
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Ныры дуджы бирӕтӕ ӕрдзӕй афтӕ адард сты, ӕмӕ цӕрӕгойты арӕхдӕр телеуынынадӕй кӕнӕ сырддоны фенынц. Бирӕ хатт сӕм бакӕсын цымыдисаг вӕййы. Фӕлӕ сæ ӕрдзы хъӕбысы чи фены, уыимӕ ма иронау дзургӕйӕ, уымӕн йӕ дисӕн кӕрон нал вӕййы. Цӕй, уӕдӕ кӕд видео ӕмӕ социалон хызӕгтӕн ахӕм тых ис, уӕд абон домбай ӕмӕ йе 'мбӕлттӕ уемӕ дзурдзысты иронау. Кӕм сӕ ссардтам? Мадагаскары.

#аивады_хӕзнадон

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🎵 Томайты Миланӕ ӕмӕ Джихаты Рустам — «Дыууӕ уды, дыууӕ зӕрдӕйы»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Уыци-уыци: æнæ артæй судзы, æнæ донæй ахуыссы
Anonymous Quiz
36%
Маст
29%
Хур
11%
Зæрдæ
25%
Цывзы
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 «Ирон мультипликацион кинонывтӕ-ма фылдӕр исут» — ахӕм курдиат арӕх фехъусӕн вӕййы. Бӕргӕ тынг хорз хъуыддаг у ӕмӕ йыл чи архайы, уыдонӕн стыр бузныг. Уӕлдайдӕр та, се 'ппӕтӕн зонгӕ ӕмдзӕвгӕтыл сӕ куы сисынц, уӕд. Абон дӕр уын кӕнӕм лӕвар.

#аивады_хӕзнадон

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Меняйло бахӕс кодта горӕты къофиуæйгæнæн машинæты ӕддаг хуыз иухуызон скæнын

🔻Абон аппаратон ӕмбырды республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло горӕты разамонӕнӕгæн радта бӕлвырд хӕс — къофиуæйгæнæн машинæтæ кӕмӕ ис, уыцы амалгæнджыты ӕрæмбырд кӕнын ӕмӕ сын зæгъын, сӕ машинӕтæ æнгæс куыд скӕной, уый. Фыццаджыдӕр, Дзӕуджыхъӕуы архитектурон хуызыл цæмæй бадой, уый тыххæй.

💬 «Сӕ хицӕутты сын ӕрæмбырд кӕнут, сӕ ныхмӕ кӕй не стӕм, уый сын бамбарын кæнут, уадз ӕмӕ кусой. Хорз фӕсивӕд сты. Фӕлӕ сӕ машинӕты уындӕй хатгай зӕрдӕ ӕрӕнкъард вӕййы», — загъта регионы разамонӕг. 

➡️ Сергей Меняйло ма бафиппайдта, аивадон-архитектурон совет ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы, уый.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
⚡️Черчесты Станислав ныууагъта футболæй Казахстаны иугонд командӕйы сӕйраг тренеры бынат

💬Казахстаны футболы федераци куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй бадзырд фехæлдтой баныхас кӕнгӕйӕ.

Черчесты Станислав Казахстаны иугонд командӕйӕн футболӕй разымынд лӕвӕрдта 2024 азы июнӕй. Командӕимӕ УЕФА-йы Лигӕйы акодтой ӕхсӕз матчы, фӕлӕ дзы иунӕг гол дӕр нӕ бакъуырдтой.

➡️ Бынӕттон уацхӕсджытимӕ дӕр тренерӕн ӕнгом бастдзинад нӕ уыд. Йӕ бынатӕй кӕй цӕуы, уый тыххӕй бирӕ ныхӕстӕ уыд. Ныр ӕцӕг разындысты.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
2-ӕм Реданты цӕрджытӕ дыууӕ мӕйы тох кӕнынц ӕнӕ радӕй поселочы фӕндӕгтыл цӕуӕг уӕзласӕн машинӕтимӕ

🔻Уӕзласӕн машинӕты хицӕуттӕ сӕхицӕн зын нӕ кӕнынц ӕмӕ сӕ цӕмӕй патрулон службӕйы посты рӕзты цӕуын ма бахъӕуа, уый тыххӕй ссарынц ӕндӕр фӕндӕгтӕ. Сӕ иу — Реданты поселочы фӕндаг. Ӕнӕуый дӕр ыл асфальт нӕй, фурӕтӕ та рыг сисынц, сӕ уӕзӕй дзыхъхъытӕ фылдӕр ӕмӕ арфдӕр кӕнынц. Уӕлдай сагъæссаг та уый у, ӕмӕ сӕ уӕзӕй зӕххы бын коммуникацитӕ ныттонынц, рахъаст кодтой «Сапӕ»-йӕн бынӕттон цӕрджытӕ.  

💬 «Гъер, знон доны хӕтӕл атыдта. Ныры онг нӕм дон нӕй. Уый размӕ та газы хӕтӕл бахъыгдардтой. Уыимӕ иугӕйттӕй нӕ, фӕлӕ кӕрӕдзийы фӕдыл ныррӕгъ вӕййынц. Алы машинӕ та цалдӕр тонны ласы», — радзырдта 2-ӕм Реданты цӕрӕг Мария Кузнецова.

Поселочы цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, машинӕтӕй зӕхх нырризы. Уый аххосӕй Томайты Жаннӕйы хӕдзары ӕвгтӕ афаз сты.

💬 «Фӕндаджы тӕккӕ цур цӕрӕм. Машинӕ нӕ рӕзты куы фӕцӕуы, уӕд алы хатт дӕр 2-уӕладзыгон хӕдзар базыр-зыр кӕны. Ӕрӕджы та рудзгуыты ӕвгтӕ аскъуыдтӕ сты. Уый фӕстӕ сфӕнд кодтам поселокмӕ фӕндагыл шлагбаум сӕвӕрын», —  радзырдта сылгоймаг.

Фӕлӕ машинӕты ницы уромы. Шлагбаум дыууӕ хатты асастой. Цӕрджытӕ фӕндаг бетон къӕйтӕй сӕхгӕдтой ӕмӕ та уыдон дӕр шофыртӕ айстой.

Поселокмӕ хӕстӕг рад хӕссынц паддзахадон автоинспекцийы службӕгӕнджытӕ. Фӕлӕ куыддӕр ацӕуынц, афтӕ уӕзласӕн машинӕты хицӕуттӕ æзфæраздæронæй дугъ радтынц, стӕй сын фӕндагамонӕг ӕххуысгӕнджытӕ дӕр разыны.

💬 «Куыд нӕм кӕсы, афтӕмӕй сын цӕрджытӕй чидӕр ӕххуыс кӕны. Фӕндæгтӕ чи зоны, ахӕм. Уымӕн ӕмӕ картӕтыл амынд дӕр не сты, зын ссарӕн сты ӕмӕ сӕ ӕцӕгӕлон адӕм кӕцӕй зонынц», — зӕгъы цӕхӕрадӕтты ӕмбалад «Редант»-ы сӕргълӕууӕг Абсаламов Алан.

➡️ Бынӕттон цӕрджытӕ фӕндагамонджытимӕ ныр цалдӕр хатты фӕхыл сты. Ӕрсабыр вӕййынц, фӕлӕ сын бирӕ нӕ ахӕссы ӕмӕ та ногӕй сӕ кӕнон кӕнынц.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ленинграды блокадæ сисыны операци куыд хуындис?
Anonymous Quiz
12%
«Масты азар»
23%
«Цæхæр»
22%
«Январы æрвнæрд»
43%
«Тайфун»
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — фӕндаг.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
2025/02/03 06:56:16
Back to Top
HTML Embed Code: