Telegram Group Search
25 маршрутӕй пайдагӕнджытӕ та ногӕй баззадысты ӕнӕ транспортӕй

🔻Ирыхъӕуӕй Викалинӕмӕ цӕуӕг маршрутыл куыста компани «Фаэтон». Фӕлӕ йӕ бирӕ рӕстӕг къуылымпы кодтой, йӕхи пайдайӕн чи куыста, уыцы шофыртӕ. Ӕнӕ бардӕттӕг гӕххӕттытӕй-иу маршрутмæ рацыдысты. Уымӕ гӕсгӕ-иу «Фаэтон»-ы машинӕтæ къаддӕр цыдысты ӕмӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ куыстой. Фӕлӕ абон ӕвиппайды, йӕхи 'гъдауӕй чи куыста, уыцы шофыртӕ куыстмӕ нӕ рацыдысты. Уый тыххӕй «Сапӕ»-йӕн радзырдта куыстуаты хицау Чихтисты Ирбег. 

💬 «Чи зоны, ивартимӕ баст у. Нӕ куыст нын кӕй къуылымпы кӕнынц, уый тыххӕй паддзахадон автоинспекцимӕ цалдӕр хъасты арвыстам. Тох кодтам семӕ. Абон та кӕс — ӕмӕ не сты», — зӕгъы компани «Фаэтон»-ы хицау.

➡️ Уавӕр базонгӕйӕ, куыстуат маршрутмӕ рарвыста уӕлӕмхасӕн 12 машинӕйы. Кӕд рӕстӕг ацыд, уӕддӕр уавӕрыл бакуыстой ӕмӕ бӕлццӕттӕн баххуыс кодтой.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы трамвайыл цӕуыны аргъ суыдзӕн 25 сомы

🔻Ахӕм тарифӕй кусын райдайдзысты 1 июлӕй. Уый тыххӕй фехъусын кодтой муниципалон куыстуат «ВладТрамвай»-йӕ. Уыимӕ, кӕд исчи уӕзӕгтӕ ласы, уӕд ын фидын хъӕудзӕн.

Фӕндаггаг фылдӕр кӕй кӕндзӕн, уый тыххӕй куыстуат хъусын кодта 2024 азы декабры. Уӕд фӕнд кодтой аргъ январы фӕбӕрзонддӕр кӕнын, фӕлӕ йӕ сӕрдмӕ аргъӕвтой.  

➡️ Ныртӕккӕ фӕндаггаг у 13 сомы.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Нарты Сосланы карды фистоныл цы уыд?
Anonymous Quiz
23%
Уæйыджы рихи
21%
Алæмæты хъуымбылæг
52%
Йæ бæхы хъис
4%
Кæрдæджы хал
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — ивар.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Прокурор аразӕгӕй бадомдта ӕрдӕгконд хӕдзар фехалын

🔻Республикӕйы прокуроры фыццаг хӕдивӕг тӕрхондонмӕ гӕххӕт балӕвӕрдта гом акционерон ӕхсӕнад «Парус-Строй» ӕмӕ амалхъом адӕймаг Хуыгаты Иннӕйыл. 12 майы йыл кусын райдыдтой.

Дзырддаг сси 11,8 гектары фӕзуат. Дзӕуджыхъӕуы Логистикӕйы районы ис 5 ран. Зӕхх ис горӕты администрацийы бӕрны, фӕлӕ йӕ арӕзтадон компани «Парус-Строй»-ӕн хаццоны радтой. Уый та йӕ 2024 азы майы радта Хуыгаты Иннӕйӕн. Уымӕй уӕлдай ма фарон октябры амынд зӕххытыл скълӕдтӕ аразынӕн фирмӕ райста бардӕттӕг гӕххӕттытӕ, афтӕмӕй куыстытӕм бавнӕлдтой.

Прокурор домы, Хуыгаты Иннӕйӕн зӕхх кӕй радтой, уыцы бадзырд ӕмӕ арӕзтад ӕнӕзакъоныл банымайын. Дыккаг домӕн та у цӕмӕй аразӕг зӕххытӕ фӕстӕмӕ горӕты исбонмӕ радтын ӕрдӕг арӕзт бӕстыхай та фехалын.

Цалынмӕ тӕрхондон уынаффӕ рахӕсса, уӕдмӕ та амынд фӕзуатыл мацы куыстытӕ хъуамæ цӕуой. Уыцы домӕнтимӕ республикӕйы Арбитражон тӕрхондон сразы.

➡️ 2022 азы Цӕгат Ирыстоны арӕзтады министрад горӕты генералон планмӕ бахаста ивддзинӕдтӕ ӕмӕ Логистикӕйы районмӕ бахаста ивддзинӕдтӕ. Бирӕфадатджын ӕхсӕнадон-кусӕн фӕзуат сси, цӕрӕн бынӕттӕ аразӕн кӕм ис, ахӕм ӕмӕ дзы фӕнд кодтой бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕ аразын. Ныртӕккӕ кадастрмӕ гӕсгӕ зӕххытӕ нымад сты цӕрӕн бынӕттыл. Базарадон агъуыстытæ ӕмӕ скълӕдтӕ аразыны бар дзы ис.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны дыууӕ цӕрӕджы фæмард сты уӕзласӕн машинӕимӕ фӕндагон фыдбылызы

🔻Фыдбылыз ӕрцыд абон Ӕрӕфы районы. Паддзахадон автоинспекцийы хъусынгæнинагмӕ гӕсгӕ, уӕзласӕн машинӕ «МАЗ»-ы 41-аздзыд шофыр ӕд хӕдтулгӕ йӕхи бахаста бетон быруйыл ӕмӕ афӕлдӕхт. Цыдис Цыкола—КомыАрт—Мацутайы фӕндагыл.

Шофыр ӕмӕ йе 'мбӕлццон хъыгдард баййæфтой. Аластой сӕ районы рынчындонмӕ, уырдыгӕй та сӕ фӕхӕццӕ кодтой Дзӕуджыхъӕумӕ, Республикон рынчындонмӕ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
300 сывӕллонӕй фылдӕр бацархайдзысты акци «Цветы жизни»-йы

🔻2005 азӕй фӕстӕмӕ йӕ 1 июны ӕрвылаз саразынц Беслӕны центрон парчы. Фыццаг хатт дзы психологон реабилитацийы фӕлгӕты архайдтой 1-ӕм скъолайы раздӕры амӕттӕгтӕ. Акцийы архайджытӕй алчидӕр хъуамӕ фӕндон ӕрхъуыдыгӕнгӕйӕ ныссадза дидинӕг.

Ацы аз акци арӕзт уыдзӕн хӕрзаудӕн фонд «Жизнь после»-йы ӕххуысӕй. Дидинджытӕ ныссадзынмӕ Беслӕнмӕ ссӕудзысты скъоладзаутӕ республикӕйы алы районтӕй. 

💬 «Дидинӕг куы садзой, уӕд сыл кӕндзысты алӕмӕты худ. Ома, уыцы рӕстӕг уыдзӕн диссӕгтӕ ӕвдисӕг ӕмӕ йӕ фӕндон ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн. Мӕхӕдӕг акцийы куы архайдтон, уӕд мӕхи тынг бӕрнон ӕнкъардтон æмӕ мӕ фӕндыд, ӕппӕтӕй хуыздӕр бӕллицтӕ куыд сӕххӕст уой», — зӕгъы фонд саразӕг ӕмӕ раздӕры амӕттаг Гуыриаты Иринӕ.  

➡️ Акцийы дӕрддзæфмӕ архайдзысты Мӕскуыйы, Ленинграды облӕсты ӕмӕ Уралы минӕвӕрттӕ. Сӕхи паркты, скверты цӕхӕрадӕтты ӕмӕ кӕртыты ныссадздзысты дидинджытӕ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Рагон горæт Троя кæцы нырыккон бæстæйы территорийыл уыдис?
Anonymous Quiz
43%
Греци
11%
Болгари
33%
Турк
13%
Кипр
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы футболы академийы ӕвзарынц хуыздӕрты

🔻Дугъ кӕнын, тагъд хъуыды кӕнын, портиимӕ арӕхсын ӕмӕ командӕйы кусын — ацы ӕмӕ ӕндӕр миниуджытӕ сты сӕйрагдӕр. Футболы академи «Алани»-йы кӕсынц 2014 азы гуырд лӕппутӕм ӕмӕ дзы ӕвзарынц хуыздӕрты. Республикӕйы алы районтӕй ӕркастмӕ ссыдысты 100 лӕппуйӕ фылдӕр. Фыццаг къӕпхӕны дзы равзардзысты 30.  

💬 «Фӕндтӕ ӕмӕ фадӕттӕ хъуамӕ ӕмхуызон уой. Футболӕй хъазын та цавӕр лӕппуйы нӕ фӕнды, уӕлдайдӕр та уарзон «Алани»-йы. Фӕлӕ, хъыгагӕн, алкӕй бон нӕу. Уӕвгӕ спорты алы хуызы дӕр афтӕ у. Уымӕ гӕсгӕ лӕппутӕм тынг лӕмбынӕг кӕсӕм ӕмӕ дзы ӕвзарӕм», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн академийы сӕйраг тренер Пагӕты Артур.

Фыццаг къӕпхӕн чи ацӕуа, уыдонӕн ног къуыри сараздзысты матч. Уый уыдзӕн ӕвзӕрстыты дыккаг къӕпхӕн ӕмӕ, кӕй равзарой, уыдонӕй сарадзысты 2014 азы гуырд лӕппуты командӕ. Чи зоны, фидӕны та стыр футболы дӕр архайдзысты.

💬 «Бӕргӕ, алы лӕппу дӕр йӕ арӕхстдзинад ӕххӕстӕй куы равдисид, фӕлӕ арӕх ӕфсӕрмы фӕкӕнынц. Уый сӕ кар ахӕм у, нырма ныййарджытыл ахуыр сты æмӕ сæ гыццыл дӕр куы фӕцух вӕййынц, уӕд стыхсынц. Фӕлӕ сын мах ӕххуыс кӕнӕм. Ӕрсабыр сӕ кӕнӕм ӕмӕ уӕд сӕ гӕнӕнтӕ хуыздӕр раргом кӕнынц», — зӕгъы футболы академийы сӕйраг тренер Пагӕты Артур.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — хӕрзаудӕн.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дунейы чемпионаты дзюдойӕ Уӕрӕсейы кад хъахъхъӕндзысты Тасойты Инал ӕмӕ Таймæзты Мӕдинӕ

🔻Ӕдӕппӕтӕй Цӕгат Ирыстонӕй Будапештмӕ ацуӕдзӕн фондз спортсмены. Уӕресейы командӕйы дзы сты дыууӕйӕ: Тасойты Инал ӕмӕ Таймæзты Мӕдинӕ.

Коцойты Зелим ӕмӕ Цъыккаты Зелим хӕцдзысты Азербайджаны командӕйы, Федор Целиди та — Грецийы.

➡️ Дунейы чемпионат дзюдойӕ цӕудзӕн 13—20 июны Венгрийы.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Ragon Bal ныры дуджы: Цхинвалы уыд фольклорон къорды концерт

🔻Берозты Тамуйы ӕмӕ йӕ къорды Хуссар Ирыстоны бирӕтӕ зонынц. Радон хатт Ӕлборты Феликсы номыл ахуыргæнӕндоны аивадуарзджытӕн сарӕзтой музыкалон бӕрӕгбон. Тамуйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Цхинвалмӕ цӕуын уарзынц, уымӕн ӕмӕ ам цӕрынц, музыкӕ чи зоны ӕмӕ чи уарзы, ахӕм адӕм.

Национ инструменттыл цӕгъдынӕй уӕлдай къорды уӕнгтӕ пайда кӕнынц «ӕнӕкӕрон мелодитӕй». Ома, иу цагъд ӕнӕрлӕугӕйӕ раивы иннӕмӕй. Афтӕмӕй адӕймаг удӕнцой исы, ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм зӕлынадӕй: фӕндыр, флейтӕ (уасӕн) ӕмӕ уадындз баиу вӕййынц. Бафтауынц ма сыл хъисджын ӕмӕ ӕрдынтимӕ инструменттӕ. Ацы хатт Ragon Bal акодта ирон ӕмӕ кавказаг мелодитӕ.

Концерты рӕстӕг иуафон рухс куы ахуыссыд, уӕд дӕр къорды уӕнгтӕ сӕ инструменттӕ не 'руагътой ӕмӕ цырӕгъты рухсмӕ, ӕнӕ микрофонтӕй ӕмӕ ӕндӕр техникон фӕрӕзтӕй дарддӕр цагътой.

▫️Концерты кӕрон Берозты Таму, Хъыргъаты Сӕрмӕт, Гуӕцъӕты Хъазыбег æмæ Хъотайты Аделинӕйӕн республикӕйы культурӕйы министр Зӕгъойты Радӕ радта арфӕйы фыстӕджытӕ. Куыд бафиппайдта, афтӕмӕй къорды уӕнгтӕ Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны, стӕй Кавказы адӕмты этнокультурон бастдзинадмӕ стыр ӕвӕрӕн хӕссынц.

➡️ Ragon Bal арӕзт уыд Адӕмон сфӕлдыстады хӕдзары разамонӕг Лалыты Хъазыбеджы хъӕппӕрисӕй. Ныртӕккӕ фӕнд кӕнынц ног репертуар саразын, тувæйаг музыкант Радик Тюлюшимӕ иумӕ бакусын, стӕй та ног программӕ равдисын хуссарирыстойнаг аивадуарзджытӕн.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Цӕхӕрадӕтты ӕмбалад «Металлург»-ы цӕрджыты тыхсын кӕны, цы арӕзтад дзы райдыдтой, уый

🔻Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ дзы аразынц бирӕуӕладзыгон хӕдзар. Куыстытӕм ӕрӕджы æрæвнæлдтой, фӕлӕ ныридӕгӕн дӕр адӕм райдыдтой зындзинӕдтӕ ӕййафын.

💬 «Цалынмӕ арӕзтадон ӕрмӕджытӕ ластой, уӕдмӕ фӕндаг ныппырх кодтой, нал бӕззы. Авд ӕви астуӕладзыгон хӕдзар аразынӕн цӕрджытӕй бар нӕ райстой. Ам адӕм куы ӕрцӕрой, уӕд сӕм уӕлейӕ алцыдӕр зындзӕн. Гъер, сывӕллонимӕ кӕртмӕ нӕ рацӕудзынӕ, бассейн нӕ сӕвӕрдзынӕ», — зӕгъы бынӕттон цӕрджытӕй иу Зассеты Юрий.  

Уӕдӕ коммуналон хызӕгты хъомыс дӕр уыйбӕрц адӕмы фаг нӕу.

Адӕм сӕ хъаст бахастой бӕрнон ведомствотӕм. Дзӕуджыхъӕуы администрацийы «Сапӕ»-йӕн загътой: арӕзтадӕн бар нӕ лӕвӕрдтой.

💬 «Объекттӕм хъуамӕ ӕркӕса архитектурон-арӕзтадон ӕмӕ цӕрӕн хӕдзӕрттӕм цӕстдарӕг инспекцийы юридикон службӕ. Хъуамӕ сбӕрӕг кӕной, куыстытӕ закъонмӕ гӕсгӕ конд сты ӕви нӕ, стӕй æмбӕлгӕ гӕххӕттытӕ рафыссой», — ӕмбарын кӕнынц мэрийы.

Инспекцийы специалисттӕ бабӕрӕг кодтой арӕзтад. Ныр цӕттӕ цӕнынц акт ӕмӕ йӕ ратдзысты администрацимӕ.

💬 «Дарддӕр горӕты администраци йӕхӕдӕг уынаффӕ кӕндзӕн, тӕрхондонмӕ сыл бадӕтдзысты ӕви нӕ», — радзырдтой архитектурон-арӕзтадон ӕмӕ цӕрӕн хӕдзӕрттӕм цӕстдарӕг инспекцийы.

➡️ Уӕдӕ арӕзтадон фирмӕ та «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй дзы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты арӕзтадыл ныхас дӕр нӕй. Фӕнд дзы кӕны дӕс 3-уӕладзыгон коттеджы скӕнын, рухс, дон ӕмӕ газӕн та ног коммуникацитӕ бауадзын. Ныридӕгӕн дзуапдӕттӕг компанитимӕ баныхас кодта. Зӕрдӕ ӕвӕры ног фӕндӕгтӕй дӕр.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Спелеологи цы иртасы?
Anonymous Quiz
54%
Лæгæттæ
4%
Хæхтæ
12%
Мæр
30%
Вулкантæ
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — уасӕн.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
2025/06/30 17:28:07
Back to Top
HTML Embed Code: