Telegram Group Search
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Уыци-уыци: æууилгæ кæны, ныхъуыргæ — нæ
Anonymous Quiz
78%
Куырой
5%
Мæр
2%
Дымгæ
15%
Хырх
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Гацырбег... «Усгур Гаци» цасфӕнды хатты куы фенай, уӕддӕр дзы адӕймаг нӕ фӕлмӕцы. Бирӕгъты Къоста цы сурӕт сарӕзта, уый бирӕтӕн дӕнцӕг у. Спектаклы ныхӕстӕ та апарахат сты ӕмӕ ныффидар сты адӕмы 'хсæн.

#аивады_хӕзнадон 

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг районтӕй домы амброзиимӕ тох кӕнын

🔻Ууыл ныхас цыд абон аппаратон ӕмбырды. Регионы разамонӕг куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй ивгъуыд дыууӕ азмӕ ӕппӕты фылдӕр хъӕстытӕ уыд Дзӕуджыхъӕуы, Рахизфарсы ӕмӕ Горӕтгӕрон районты цӕрджытӕй.

💬 «Горӕты администраци ӕмӕ Россельхознадзор ӕнӕмӕнг фылдӕр ӕргом аздахӕнт социалон объекттӕм. Амбрози кӕм зайы, уым ӕй скуынӕг кӕнын хъӕуы. Заууаты чи ис, уыцы объекттӕм дӕр уӕ хъус ӕрдарут. Цалынмӕ калын нӕ райдыдта, уӕдмӕ йӕ фесафын хъæуы», — загъта республикӕйы сӕргълӕууӕг.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны цӕрӕджы азымджын кӕнынц юридикон ӕххуысы ӕфсонӕй цӕстфӕлдахӕн митӕ кӕнынӕй

🔻Беслӕны 37-аздзыд Валерий ӕрхъуыды кодта адӕмы сайыны цалдӕр схемӕйы. Сӕ иумӕ гӕсгӕ, хӕдзар чи ӕлхӕдта кӕнӕ йӕхи банкротыл бынамайынвӕнд чи кодта, уыдонӕн-иу йӕхи ӕххуысгӕнӕг скодта. Фӕлӕ-иу ын куыддӕр бафыстой, афтӕ-иу цыдӕр фӕци.

Йӕхи арӕх амыдта банчы кусӕгӕй. Адӕмы-иу йӕхиуыл баууӕндын кодта ӕм-иу сын кредиттӕ райсын кодта. Стӕй сӕ иста йӕхицӕн, ома сӕ дарддӕр йӕхӕдӕг фиддзӕн.

Ныртӕккӕ рабӕрӕг ӕппынкъаддӕр 14 ахӕм цауы. Адӕмӕй сайдта 50 мин сомӕй 1,5 милуан сомы онг. Ӕмткӕй та йӕ дзыппы нывӕрдта 6 милуан сомы.

➡️ «Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй нӕлгоймаг раздӕр уыд финансты министрады кадрты резервы. Уый размӕ дӕр цӕстфӕлдахӕн миты тыххӕй уыд тӕрхонгонд. Ныртӕккӕ у ахст, хӕдзарӕй йын рацӕуыны бар нӕй.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Согдиана ӕмӕ Тимур Темиров архайдзысты 13 июны Сӕрибардзинады фӕзы концерты

🔻Уӕрӕсейы боны кадӕн 12 июны концерт ратдзысты цӕгатирыстойнаг артисттӕ ӕмӕ сфӕлдыстадон къордтӕ.

13 июны та горӕты сӕйраг фӕзы зардзысты уӕрӕсейаг артисттӕ. Се 'хсӕн — Согдиана, Рада Рай, Галина Бокашевская, Юрий Кузнецов-Таежный, Игорь Матета, Борис Шварцман, Ирина Шоркина, къорд «Рождество», ӕфсӕддон оркестр ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Концертты райдиан у 19 сахатыл.

📄 Уӕрӕсейы президент 2025 аз снысан кодта Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы ӕмӕ Уӕлахизы юбилейы азæй. Уыцы уынаффӕйы фӕлгӕты артисттӕ цӕудзысты алы регионтӕм ӕмӕ дӕтдзысты лӕвар концерттӕ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады проспект транспортæн (трамвайты йеддæмæ) кæцы азы сæхгæдтой?
Anonymous Quiz
13%
1904
15%
1935
56%
1957
15%
1952
Дзӕуджыхъӕуы къофифыцӕнтӕй иуы ӕрбацӕуджыты ныв кӕнынц агуывзӕтыл

🔻Ныр дыууӕ удӕнцойӕ ӕхсызгонӕй ис спайдагӕнӕн. Ахӕм ӕрхъуыдыдзинад фӕзынд ӕртӕ ӕрыгон нывгӕнӕгмӕ.

💬 «Кӕй бафӕнда, уыдонӕн нӕ нывгӕнджытӕ скӕндзысты агуывзӕйыл ныв. Кусынц нӕм дыууӕ чызджы ӕмӕ иу лӕппу. Нырма студенттӕ сты ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ радыгай дыгӕйттӕй кусынц. Ахӕм ӕрхъуыдыдзинад нӕм цымыдисаг фӕкаст. Стӕй студенттӕн сӕхицӕн дӕр пайда у, сӕ арӕхстдзинадыл кусынц ӕмӕ уарзон дӕсныйадыл хӕст сты», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Байаты Гаппойы уынджы къофифыцæны хицӕуттӕй иу.

➡️ Иу ныв скӕнынӕн бахъӕуы 10 минуты бӕрц, кӕнынц сӕ лӕвар. Нывгӕнджытӕ дзы вӕййынц 15 сахатӕй 20 сахаты онг.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Хӕстонты кадӕн

🔻Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизӕй рацыд 80 азы. Рӕстӕджы уылӕнтӕ семӕ бирӕ ивддзинӕдтӕ хӕссынц. Ӕнӕивгӕ у иу хъуыддаг — Советон Цӕдисы сырхӕфсӕддонты хъӕбатырдзинад ӕмӕ лӕгдзинад. Инӕларӕй салдаты онг сӕ алчидӕр ӕнӕуынонӕй тох кодта знаджы ныхмӕ. Бӕллыд ӕмӕ йӕхиуыл нӕ ауӕрста Стыр Уӕлахизы сӕраппонд.

➡️ «Сапӕ»-йы кусджытӕй рох не сты. Бацӕттӕ кодтам нӕхи акци — «Уӕлахиздзаутӕ». Сӕ иу — Хуыбиаты Варварӕ.

#Уӕлахизы80_азы
#Уӕлахиздзаутӕ

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — цӕрӕг.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хъараты Тимуры сси цӕрӕнуӕтты коммуналон хӕдзарады министры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг

🔻Уый тыххӕй уынаффӕ бафыста республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло. Уый размӕ Хъараты Тимур уыд республикӕйы доны хӕдзарады разамонӕг.

➡️ Июны фыццаг бонты Тамайты Майрӕн йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ йӕ бынат ныууагъта.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстоны цӕрӕг уӕрӕсейаг пенсиисджытӕн сӕ фиддонтӕ райдыдтой «Промсвязьбанк»-ы картӕмӕ ӕрвитын

🔻Банчы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, сты 2 мин адӕймаджы. Ныр сӕ республикӕйӕ цӕуын нал хъӕудзӕн, сӕ фиддонтӕ исдзысты бынаты. Фӕлӕ уал майæн пенси райсынӕн кӕйдӕрты бахъӕудзӕн банкмӕ бацӕуын ӕмӕ сын сӕ гӕххӕттын ӕхцатӕй ратдзысты.

«Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй, картӕмӕ ӕхца кӕмӕн не 'рбарвыстой, уыдонӕн банчы кусджытӕ ӕмбарын кӕнынц, июльмӕ алцыдӕр кӕй банывыл уыдзӕн. Уӕдмӕ та се 'хца райсын сæ бон у банчы.

Адӕмы ӕнцойдзинадӕн Цхинвалы сӕвӕрдтой «Промсвязьбанк»-ы терминалтӕ.

➡️ «Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй картӕты куыст кӕнын райдыдтой апрелы. Хуссар Ирыстоны Национ банчы разамонæг Бекъойты Сосланы ныхӕстӕм гӕсгӕ сӕ уӕд мин адӕймагӕй фылдӕр райстой.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Хъӕдыл нывӕфтауӕгæн бынат кӕй нӕй, уый аххосӕй йӕ куыстытӕ уӕй кӕны

🔻Фондз азы Икъоты Валерий куыста кӕйдӕр гаражы. Ныр йе суӕгъд кӕныны рӕстӕг ӕрцыд, ног бынат та йын нӕй. Уымӕ гӕсгӕ йӕ хъӕуы, цы бирӕ куыстытӕ скодта, уыдон уӕй кӕнын. «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй ма ахӕм уавӕры бирӕтӕ сты. Сӕ фылдӕр аразынц национ хуызы конд дзаумӕттӕ.

💬 «Къорд азы размӕ ныхас цыд раздӕры завод "Бином"-ы фӕзуаты нын бынат радтыныл. Фӕлӕ дзы цыдӕр къуылымпыдзинӕдтӕ уыд ӕмӕ хъуыддаг ныссабыр», — дзуры Валерий.

Ӕрмдӕсныйы хъуыдымӕ гӕсгӕ сын бынат куы уаид, уӕд уый аивадыл дӕр хуыздӕрырдӕм фӕзынид, уый та регионӕн дӕр пайда уаид.

💬 «Гидтимӕ дӕр кусӕн ис, алыхуызон организацитимӕ, дӕсныйадӕвдисӕг ахуыртӕ аразын, армукъатӕ. Уыимӕ канд Дзӕуджыхъӕуы нӕ, фӕлӕ Дыгуры, Алагиры, Мӕздӕджы, Цхинвалы ӕмӕ а.д», — зӕгъы Валерий.

⚫️Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы ӕхсӕнадон транспорты афӕдзы райдайӕнӕй льготӕтимӕ дӕр лӕвар никӕй ласынц

🔻Горӕты транспорты управленимӕ хъаст ӕрбацыд Зураты Раисӕйӕ. 85-аздзыд сылгоймаджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, 77-ӕм маршруты шофырӕн йӕ ветераны ӕвдисӕндар куы равдыста, уӕд ӕй загъды бын фӕкодта.

💬 «Хъӕр кӕнын мыл райдыдта, ома, мæн ницавӕр гӕххӕттытӕ ӕвдисын хъӕуы. Мӕ бӕсты иу лӕппу ӕхца куы балӕвӕрдта, æрмӕст уӕд йӕ фӕндаг дарддӕр акодта. Мӕнмӕ та льготӕтӕ ис, ӕз фӕллойы ветеран дӕр. Иуӕй-иу шофыртӕ сӕхи тынг ӕвзӕр дарынц, адӕм сӕм нымады дӕр не сты», — зӕгъы сылгоймаг.

Транспорты управленийы хицау Захъаты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, афӕдзы райдайӕнӕй социалон рӕзты министрад, льготӕтӕ кӕмӕ ӕмбӕлы, уыдонӕн ӕхца нӕ радих кодта. Уый размӕ сӕ лӕвӕрдтой ӕрмӕст «ВладГорТранс» ӕмӕ «ВладТрамвай»-ӕн.

💬 «Льготӕтӕ кӕмӕ ис, уыдон цыфӕнды транспорты дӕр хъуамӕ лӕвар ласой, фӕлӕ министрад ӕхца нӕма ӕрбарвыста. Цӕуылнӕ, уый нӕ зонын. Ӕвдисӕндартӕ адӕмӕн дӕттынц, чи сӕ ласы, уыдон та рохуаты баззадысты. Фӕлӕ уӕддӕр шофыртӕ хистӕртммӕ сӕхи афтӕ хъуамӕ ма дарой», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн горӕты транспорты управленийы хицау Захъаты Алан.

Лӕвар ласыны системӕйы фӕтк ахӕм у: льготӕтӕ кӕмӕ ис, уыдон сӕ электрон билеттӕ хъуамӕ бадарой валидатормӕ. Мӕйы кӕрон та сӕ нымӕц арвитӕм социалон рӕзты министрадмӕ, ӕмӕ шофыртæм æрбарвитынц, ӕвдисӕндартимӕ бӕлццӕттӕ цы схардз кӕнынц, уыцы фӕндаггаг.

💬 «Нӕ республикӕйы электрон билеттӕ нӕй, гӕххӕттын сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ банымайын дӕр зын у», — ӕмбарын кӕны Захъаты Алан.

📄 Фӕллойы ӕмӕ социалон рӕзты министады «Сапӕ»-йӕн куыд бамбарын кодтой, афтӕмӕй, льготӕтӕ кӕмӕ ӕмбӕлынц, уыдонмӕ хауынц фӕллойы ветерантӕ, реабилитацигонд адӕм, инвалидтӕ, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты ӕмӕ æндæр хӕстон цауты чи фӕмард, уыдоны бинонтӕ, бирӕсывӕллонджын бинонты цот. Ныртӕккӕ субсидитӕ дӕттыны домӕнтӕ аивтой ӕмӕ сыл министрады кусынц.

💬 «Ныр бюджеты ӕхца комкоммӕ транспортон компанитӕм ӕрвитӕн нӕй. Фӕзындысты ног домӕнтӕ: конкурсмӕ гӕсгӕ сбӕрӕг кӕнын бӕлццӕттӕласӕн куыстуат, стӕй та субсидтитӕ арвитын, бӕлвырдӕй цал адӕймаджы аластой ӕмӕ цас схардз кодтой, уымӕ гӕсгӕ», — фӕбӕлвырд кодтой министрады.

Уымӕй уӕлдай льготӕтӕ кӕмӕ ис ӕмӕ пластикӕй картӕтӕй чи пайда кӕны, уыдонӕн лӕвар цӕуыны фӕткы фӕзындзысты ногдзинӕдтӕ, уымӕн ӕмӕ гӕххӕтмӕ гӕсгӕ, адӕймаг цавӕр транспортӕй ӕмӕ цал хатты спайда кодта, уый банымайын зын у.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Адарддæр кæн æмбисонд: адæймаг æнæ адæм хъæддаг кæны, адæмимæ та...
Anonymous Quiz
18%
Лæджы хуызæн кæны
32%
Цæрын нæ зоны
32%
Куырыхон кæны
17%
Хъæхъхъаг кæны
2025/06/28 05:07:09
Back to Top
HTML Embed Code: