Уарзондзинад — сæ царды режиссер
📄 1955 азы Мæскуыйы Аивадон академион театры арæзтой ирон студи — хъуамæ бацæттæ кодтаиккой артистты Хуссар Ирыстоны драмон театрæн. Уырдæм бахауыны охыл йе сфæлдыстадон хъару бавзарынмæ æрбацыд 17-аздзыд Дзбойты Зоя. Худæнбыл чызг разынд ирд курдиаты хицау æмæ йæ банымадтой аккагыл.
🔸 Студимæ ма айстой, йæ зарынмæ-иу хъусынтыл кæмæн фесты, кафынмæ дæсны чи уыд, суанг ма аив æхситт кæнын дæр чи зыдта, иу ахæм лæппуйы — Годжыцаты Исахъы. Цыдис ыл 26 азы. Уыдис рæдау, хæларзæрдæ, хъæлдзæг, цыргъзонд. Зоя сæрыстыр сусæг уарзтæй бауарзта Исахъы. Уымæн та йæ зæрдæ æндæримæ дзырдта — Исахъæн йæ хатæны къулыл конд уыд йæ уарзон чызджы ныв. Фæстæдæр уыцы портрет айста: чызг æм нæ банхъæлмæ каст æмæ смой кодта.
💬 «Уый базонгæйæ дæр æм æввахс нæ цыдтæн, — мысыд йæ интервьюйы Зоя, — цæмæй афтæ ма банхъæла, æмæ иугæр сæрибар у, уæд мæ фæнды, æмæ мыл йæ цæст æрæвæра».
1961 азы фесты сæ ахуыр студийы æмæ баиу кодтой сæ цард. Нырма куыстой Хуссар Ирыстоны, уый фæстæ раивтой Дзæуджыхъæумæ. Иумæ хъазыдысты спектальты дæр, кинонывты дæр. Исахъы амæлæты фæстæ та Зоя архайдта йæ мойы ном сæнусон кæныныл.
💬 «Исахъ мын царды бирæ радта. Æппынæдзух йæхиуыл куыста, рæзыд, æмæ æз дæр йæ фæдыл цæуыныл архайдтон. Исахъ уыдис æрхъуыдыджын, уарзæгой цардæмбал, фæлмæн, хуымæтæг адæймаг. Исахъ мæнæн уыдис æппæт дæр — ме 'нцой, мæ хæлар. Абон бирæ æвзонг сылгоймæгтæ нæлгоймагæн йæ лæвæрттæм гæсгæ аргъ кæнынц, уыдон нымайынц уарзты æвдисæныл. Мах рæстæджы афтæ нæ уыд. Цæй лæвæрттæ? Мæгуыр цардыстæм, нæ къухтæм æмхасæнтæ кодтам», — мысыд Дзбойты Зоя.
Кæд сын цот нæ уыд, уæддæр сæ рæвдыд бирæтæ зыдтой, сæ уды хъарм тауынæй никуы бафæлладысты. Æмæ сын адæмон артистты нæмттæ хуымæтæджы нæ радтой — адæмы хорзæхæй хайджын уыдысты. Уый та цыфæнды хъæздыгдзинадæй зынаргъдæр у.
#таурӕгъ
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
1961 азы фесты сæ ахуыр студийы æмæ баиу кодтой сæ цард. Нырма куыстой Хуссар Ирыстоны, уый фæстæ раивтой Дзæуджыхъæумæ. Иумæ хъазыдысты спектальты дæр, кинонывты дæр. Исахъы амæлæты фæстæ та Зоя архайдта йæ мойы ном сæнусон кæныныл.
Кæд сын цот нæ уыд, уæддæр сæ рæвдыд бирæтæ зыдтой, сæ уды хъарм тауынæй никуы бафæлладысты. Æмæ сын адæмон артистты нæмттæ хуымæтæджы нæ радтой — адæмы хорзæхæй хайджын уыдысты. Уый та цыфæнды хъæздыгдзинадæй зынаргъдæр у.
#таурӕгъ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
#ӕмдзӕвгӕ
#цитатӕ
#зондджын_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Ацы мультипликацион киноныв ирон ӕвзагмӕ куы ратӕлмац кодтой, уӕд ӕм чи нӕ бакаст, ахӕм адӕймаг зын ссаргӕ у. Азтӕ рацыдысты, фӕлӕ раздӕрау худӕг ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ у.
Фыццаг хатт ӕм кӕд бакастыстут, уый уӕ чи хъуыды кӕны?
#аивады_хӕзнадон
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Фыццаг хатт ӕм кӕд бакастыстут, уый уӕ чи хъуыды кӕны?
#аивады_хӕзнадон
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
#ӕмдзӕвгӕ
#цитатӕ
#зондджын_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Ӕвӕллайгӕ ӕмӕ удӕнцой исгӕйӕ ӕппынӕдзух кӕсӕн ис артмӕ, хӕхтӕм, рӕсугъд чызджытӕм ӕмӕ гуырвидауц лӕппутӕм. Уӕлдайдӕр та уӕздан ирон кафт куы фӕкӕнынц, уӕд.
#аивады_хӕзнадон
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
#аивады_хӕзнадон
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕг салоны мигрантты кӕй ӕрцæрын кодта, уый тыххӕй ма йыл байгом кодтой ноджы иу хъуыддаг
🔻 Массажгӕнæн салоны 34-аздзыд хицау куыстмӕ райста, 20 азӕй 35 азы онг кӕуыл цӕуы, ахӕм сылгоймӕгты. Нӕ бӕстӕйы кусын бар ӕмӕ сӕм регистраци нӕ уыд, Уӕрӕсемӕ та ссыдысты туристты хуызы.
➡️ «Сапæ» куыд фыста, афтӕмӕй уыдысты 17 адӕймаджы, иууылдӕр Кубӕйӕ. Куыстой ӕмӕ цардысты Мæскуыйаг уынджы массажгӕнӕн салоны.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Къайтӕ регистрацигӕнӕн управленийы бамбарын кодтой, райгуырды тыххӕй ӕвдисӕндартӕ ӕрӕгмӕ цӕмӕн дӕттынц, уый
🔻 Къуыригӕйттӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй цӕрджытӕй бирӕ хъӕстытӕ цыд. Сӕ иу «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй йӕ гӕххӕттытӕ майы балӕвӕрдта, фӕлӕ йын ӕвдисӕндар æрмæст цалдæр боны размæ радтой.
💬 «Райгуырды тыххӕй ӕвдисӕндар райсыны курдиат цы бон бадӕттай, уыцы бон æй хъуамӕ райсай. Фӕлӕ йӕм 3-4 къурийы ӕнхъӕлмӕ кӕсын хъӕуы. Ау, афтӕ бирӕ сывӕллӕттӕ гуыры, ӕмӕ кусджытӕ нал ӕххӕссынц?», — дзуры горӕты цӕрӕг.
Къайтӕ регистрацигӕнӕн управленийы ӕмбарын кӕнынц, алыхуызон аххосӕгтӕм гӕсгӕ хатгай афтӕ кӕй рауайы, уый.
💬 «Кӕм программӕтӕ ӕмбӕлгӕ уагыл нӕ фӕкусынц, кӕм техникон зындзинӕдтӕ, кӕм адӕймаг ӕппӕт гӕххӕттытӕ нӕ бадӕтты. Рауайы афтӕ, ӕмӕ иу афон бирӕ курдиӕттӕ райсӕм», — зӕгъынц управленийы специалисттӕ.
Сывӕллон куы райгуыры, уӕд ын регистраци скӕнын ӕмӕ ӕвдисӕндар рафыссынӕн курдиат ныффысӕн ис ӕнӕ ЗАГС-ӕй дӕр — интернетӕй сервис «Рождение ребенка»-йы. Афтӕ чи бакӕна, уымӕн ӕвдисӕндар ӕрбарвитдзысты «Паддзахадон лӕггӕдты» хи кабинетмӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Къайтӕ регистрацигӕнӕн управленийы ӕмбарын кӕнынц, алыхуызон аххосӕгтӕм гӕсгӕ хатгай афтӕ кӕй рауайы, уый.
Сывӕллон куы райгуыры, уӕд ын регистраци скӕнын ӕмӕ ӕвдисӕндар рафыссынӕн курдиат ныффысӕн ис ӕнӕ ЗАГС-ӕй дӕр — интернетӕй сервис «Рождение ребенка»-йы. Афтӕ чи бакӕна, уымӕн ӕвдисӕндар ӕрбарвитдзысты «Паддзахадон лӕггӕдты» хи кабинетмӕ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Telegram
СапÆ
• Ирыстоны хабӕрттӕ
• Рухстауӕн ӕрмӕджытӕ
• Ирхӕфсӕн рубрикӕтӕ
• Рухстауӕн ӕрмӕджытӕ
• Ирхӕфсӕн рубрикӕтӕ
Ацы хъуыдыйæдтæй раст фыст кæцы у?
Anonymous Quiz
11%
Бæрæгбоны хорзæх уæ уæнт!
9%
Бæрæгбоны хорзæх уæ уæт!
70%
Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!
9%
Бæрæгбоны хорзæх Уæ уæд!
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Елхотӕй Кӕрдзынмӕ фӕндаджы 100 метры доны бын фесты
🔻 Тыхджын уарынты аххосӕй Кировы районы къуыбыртӕй ламидон рацыд ӕмӕ Елхотӕй Кӕрдзынмӕ фӕндаджы 100 метры йӕ быны фӕкодта.
Доны лӕсӕнтӕ рацыдысты федералон трассӕ «Кавказ»-ы Р-217 хайы 515 километрыл.
➡️ Фӕндагон службӕты специалистты ныхӕстӕм гӕсгӕ, дон тагъд ацӕудзӕн ӕмӕ уӕд бавналдзысты фӕндаг сыгъдӕг кӕнынмӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Доны лӕсӕнтӕ рацыдысты федералон трассӕ «Кавказ»-ы Р-217 хайы 515 километрыл.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Хӕстонты кадӕн
🔻 Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизӕй рацыд 80 азы. Рӕстӕджы уылӕнтӕ семӕ бирӕ ивддзинӕдтӕ хӕссынц. Ӕнӕивгӕ у иу хъуыддаг — Советон Цӕдисы сырхӕфсӕддонты хъӕбатырдзинад ӕмӕ лӕгдзинад. Инӕларӕй салдаты онг сӕ алчидӕр ӕнӕуынонӕй тох кодта знаджы ныхмӕ. Бӕллыд ӕмӕ йӕхиуыл нӕ ауӕрста Стыр Уӕлахизы сӕраппонд.
➡️ «Сапӕ»-йы кусджытӕй рох не сты. Бацӕттӕ кодтам нӕхи акци — «Уӕлахиздзаутӕ». Сӕ иу — Цоколаты Геннадий.
#Уӕлахизы80_азы
#Уӕлахиздзаутӕ
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
#Уӕлахизы80_азы
#Уӕлахиздзаутӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — зындзинад.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM