Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Наукӕ ӕмӕ ахуырады министрады хъӕппӕрисӕй сывӕллӕттӕн Чмийы байгом этнокультурон лагерь "Иры фидӕн". Уым сӕ ахуыр кӕнынц ирондзинадыл, культурӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттыл. Исынц мильтфильмтӕ ирон ӕвзагыл, кафынц, зарынц, сӕхи ирхӕфсынц. Ам уыдзысты 18 боны. Райсомӕй суанг изӕрмӕ сывӕллӕттимӕ цӕуы хъомыладон куыст. Иууылдӕр ӕдӕрсгӕйӕ дзурынц иронау! Алы бон дӕр сӕм уазӕгуаты вӕййынц зындгонд адӕм культурӕ, спорт, ахуырад, ӕхсӕнадон организацитӕ ӕмӕ царды ӕндӕр къабӕзтӕй. Цыбыр ныхасӕй - зӕрдӕ райы!
#журналмахдуг #ирыфидӕн
#журналмахдуг #ирыфидӕн
Forwarded from IrystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Арфӕгонд ут!
Ацы ныхӕстӕй райдайӕд уӕ алкӕйы бон дӕр! Уӕлдай арфӕгонд та, ацы ирон кафе байгом кӕнын кӕй зӕрдыл ӕрлӕууыд, чи йыл бакуыста - уыдон се 'ппӕт дӕр! Куыд адджын у зӕрдӕйӕн йӕ национфӕлыст! Къӕхтӕ сӕхӕдӕг лӕджы хӕссынц ардӕм - Бутырины уынг, 33-ӕм хӕдзармӕ. Махӕн та уӕлдай уарзон у, уымӕн ӕмӕ ам стыр аргъ кӕнынц ИРОН ЛИТЕРАТУРОН ЖУРНАЛ "МАХ ДУГ"-ӔН, ирон литературӕ, аив дзырд ӕмӕ культурӕйы! Ам уӕлдӕф дӕр бынтон ӕндӕрхуызон у! Лӕг дзы риуыдзау улӕфы, фӕлӕ уӕддӕр не 'фсӕды!!!
#журналмахдуг #арфӕгонд