Telegram Group Search
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абон фӕстаг дзӕнгӕрӕг азӕлыд Уӕрӕсейы ӕппӕт  скъолаты. Рауагъдонтӕ хӕрзбон загътой,  чысылӕй фӕстӕмӕ сӕ чи хъомыл кодта, зонындзинӕдтӕ сын чи амыдта, уыцы ахуыргӕнджытӕн ӕмӕ сӕ уарзон скъолатӕн. Ацы бон сӕ зӕрдыл дардзысты сӕ царды кӕронмӕ.

Рауагъдонтӕн разӕнгардгӕнӕн ныхӕстӕ дзырдтой сӕ ныййарджытӕ, ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ   республикӕйы разамынд. Арфӕ сын кодтой сӕ царды иууыл ахсджиагдӕр рӕстӕг кӕй ралӕууыд уый фӕдыл, уымӕн ӕмӕ сӕ ныр равзарын хъӕуы сӕ фидӕны дӕсныйад, ныр цы къахдзӕф саразой, уыимӕ баст у сӕ дарддӕры цард дӕр.

 Уӕлдай амондджын хуыз та сӕ ныййарджытӕ уыдысты. Уыдонӕн кӕм сӕ зӕрдӕ уӕрыккау кафыд, кӕм та сӕ зӕрдӕтӕ уынгӕг кодтой!

Мах дӕр арфӕ кӕнӕм нӕ кӕстӕртӕн! Царды уӕнт ӕнтыстджын! Фыццаджыдӕр та ӕнӕниз!

#журналмахдуг
Ирыстоны цӕрджытӕ сбӕрӕг кодтой Гӕбӕраты Иуанейы райгуырды 250 азы бон. Сывӕрдтой йын йӕ цыртыл дидинджытӕ рымысыдысты йӕ рухс ном.

Дзӕуджыхъӕуы 43-ӕм скъолайы ахуырдзаутӕ бацӕттӕ кодтой концертон программӕ. Раныхас кодтой интеллигенцийы минӕвӕрттӕ: Цыбырты Людвиг, Хозиты Барис, Дзӕгойты Вячеслав, Хъуысаты Игорь, мыггаджы минӕвар Гӕбӕраты Роланд.

#журналмахдуг
Forwarded from Аланты Ныхас
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
ÆÆЗ «Аланты Ныхас»-ы сæрдары хæдивæг Дзæгъойты Вячеслав дзуап дæтты ахæм фарстайæн: «Цæмæй фæкувынц циндзинады фынгыл?»
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Боны хуыздӕр арфӕтимӕ сымахимӕ ӕппынӕдзух нӕ уарзон ирон журнал "Мах дуг"-ы кусджытӕ! Зӕрдӕрай ут!

#журналмахдуг
#арфӕйагут
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Мыхуырӕй рацыд журнал "Мах дуг"-ы 5-ӕм номыр! Сӕрмагондӕй у Стыр Уӕлахизы 80 азы номыл!

#журналмахдуг
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Абон редакцимӕ уазӕгуаты ӕрбауад фыссӕг, тӕлмацгӕнӕг, журналист Хӕмыцаты Морис! Нӕ фӕндыртӕ фенгӕйӕ сӕ дыууӕйыл дӕр ацагъта. Уӕ цӕстытыл ауайӕд, дисы куыд бацыдыстӕм, уый! Ныридӕгӕн нӕ зыдтам, ацы курдиатджын адӕймаг фӕндырӕй цӕгъдынмӕ дӕр дӕсны кӕй у, уый! Хъӕлдзӕг бонтӕ уыл кӕнӕд!

#журналмахдуг
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Ацы суинаг кӕстӕры цас сагъӕс бацыд, мадӕлон ирон ӕвзаг бахъахъхъӕныны тыххӕй, уый хуымӕтӕг ӕвзагӕй нӕ зӕгъдзынӕ! Куыд тыхсын кӕй йыл нал дзурынц йӕ алыварс адӕм, йӕ цахъхъӕнтӕ, хистӕртӕ... Зӕрдӕ йӕ тыхстӕй уынгӕг кӕны. Цымӕ цавӕр бинонты 'хсӕн хъомыл кӕны? Чи сты йӕ мад, йӕ фыд? Кӕмӕй у йӕ мыггаг?

Хуыцауы арфӕтимӕ байрӕз! Мах фидарӕй уырны, Ирыстонӕн кӕй дӕ аккаг гуырд! Дӕ бӕллицтӕ дӕ къухы бафтӕнт! Нӕ зӕрдӕтӕ байдзаг кодтай ныфс ӕмӕ дӕ ацы зӕххмӕ фӕзынды цинӕй! Цардӕй бафсӕд, хъӕбул!


#журналмахдуг
2025/06/29 11:37:30
Back to Top
HTML Embed Code: