Telegram Group Search
Æнгузбæлас йæ уидæгтæй хуыскъ кæны. ☝️

Æнусон цъити дæр ма змæлгæ кæны. ☝️

Æндæр хойраг æндæр ад кæны.👍

@XurZaerin
Бæгæныйы ахадындзинад
#Культурæ

Æрмæст хуымæтæг адæмы ‘хсæн нæ, фæлæ ма дохтыртæ æмæ биологты ‘хсæн дæр ис, ацы хуымæллæгджын нуазинагæн чи табу кæнынц, ахæмтæ. Уымæ гæсгæ ахуыргæндтæ раиртæстой ацы продукт æмæ æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ: бæгæны канд пайда нæ хæссы, фæлæ ма у зиан дæр.
Бирæазон иртасынæдты фæстæ ахуыргæндтæ æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ,…
Хъæууон цæрджыты аудинæгтæ
#Хъæу

Хъæууон цæрæгæн йæ аудинæгтæ дзæвгар вæййынц афæдзы алы рæстæджы дæр. Уый хъуамæ æрвылбон дæр куса йæ хæдзаргæрон зæххы фадыджы, къаддæр нæу йæ фыдæбон фос дарыны хъуыддаджы дæр. Фæлæ хæдзардзин æмæ куыстуарзаг хъæууон фæллойгæнæг уыцы фыдæбæттæ мурмæ дæр нæ дары, уымæн æмæ уыдонæй кæнгæ у йæ бæркад.
Цхинвалы…
Аудæм æрдзыл æмæ ныл уый дæр ауда
#Æхсæнад

Не ‘гъдæуттæм куы ‘ркæсæм, уæд нын уыдон бирæ цыдæртæ зæгъынц, æрдзы сыгъдæгдзинады, куыд æй хъахъхъæнын хъæуы, уыдæтты тыххæй. Зæгъæм, дон чъизи кæнын нæ фæтчы. Уый тыххæй йæ бырæттæ доны ничи калдта. Адæм-иу сæхæдæг дон цы суадонæй нуæзтой, уый уыдис табуйаг. Донскъæфæнты йæм цыдысты кувынмæ, ног чындзыты йæм…
Йæ дзыхы дзырд дæр æвдадзы хос уыд
#Юбилейы_цытæн

(Къæбысты Падойы райгуырдыл сæххæст 125 азы)

Падо… Ацы ном хуымæтæджы ном нæу. Ацы ном зæгъгæйæ, фехъусгæйæ нæ хъуыдыйы æрыфты номдзыд дохтыр, адæймагæн йæ тыхст рæстæджы йæ уæлхъус чи балæууыдаид æмæ йæ мæлæты дзæмбытæй чи байстаид, ахæм адæймаг. Адæм æм дардæй дæр стыр ныфсимæ цыдысты æмæ фæстæмæ та…
«Фидауынгæнæг» йе ‘цæг цæсгом равдыста
#Политикæ

22 июны æхсæвы АИШ-ы бомбæкалæн хæдтæхджытæ «B-2»-тæ Ираны ядерон объекттыл бомбæтæ æмæ ракетæтæ æркалдтой. Ядерон объекттæ Фордо, Нетенз æмæ Исфахан цахæм зиæнттæ баййæфтой, уый нырма бæрæг нæу. АИШ фыццаг хатт спайда кодта 13 тоннæйы уæзæн бункертæкуынæггæнæн бомбæтæй. Ацы бомбæ нымад у иууыл хъомысджындæр рæмудзæн æрмæгыл ядерон бомбæйы…
80 азы размæ, 24-æм июны 1945 азы, Мæскуыйы Сырх Фæзуаты уыд легендарон Уæлахизы парад.

Уæд парадыл командæ кодта Советон Цæдисы Маршал Константин Рокоссовский. Историон парады иста Советон Цæдисы Маршал Георгий Жуков.

@XurZaerin
Президенты фембæлдтытæ
#Хицауады

Ахуырады министр Лолаты Асланимæ

Министр паддзахады сæргълæууæгæн фехъусын кодта министрты III-аг æхсæнадæмон форум «Фидæн аразгæйæ»-йы фæстиуджыты тыххæй, цыран хайад райстой 30 бæстæйæ фылдæры делегацитæ.
Форумы фæлгæтты Лолаты Аслан фембæлд Уæрæсейы Федерацийы ахуырады министр Сергей Кравцовимæ. Фембæлды дзырд цыд къорд фарстаты тыххæй.
Лолаты Аслан куыд загъта, афтæмæй…
Дзинагъамæ — сæрдыгон плэнертæм
#Культурæ

Нæ республикæйы Къостайыхъæуы скъола-студийы ахуыргæнинæгтæн радон хатт Цæгат Ирыстон-Аланийы рæсугъддæр æмæ фенддагдæр бынæттæй сæ иу – Дзи­нагъайы хъæуы уыдзæнис сæрдыгон плэ­нер­тæ, афтæ ма бынаты æрыгон ныв­гæн­джы­тæн уыдзæн сæ куыстыты равдыст дæр. Ам конкурсы руаджы фæбæрæг уыдзысты хуыздæр æмæ цымыдисондæр куыс­тытæ. Уыдонæн аргъгæнджытæ уы­дзысты Ирыстоны сгуыхт нывгæн­джытæ, аива­дæн…
Цæгат Ирыстоны радон хатт фехъусын кодтой æнæпилотæй тæхæг аппараттæй тæссаг уавæры тыххæй. Уый тыххæй фыссынц РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы телеграм каналы.

@xurZaerin
Дыууæ курдиаты равдыст барухс кодта адæмы зæрдæтæ
#Культурæ

22 июны Хуссар Ирыстоны Нывгæнджыты цæдисы Равдыстыты залы цытджын æгъ­дауæй байгом Цæгат æмæ Хуссарирыстойнаг æвзонг нывгæнджытæ Джиоты Ва­дим æмæ Битеты Зæлинæйы иумæйаг рав­дыст «Родные мотивы», зæгъгæ, ахæм номимæ.

Равдыстмæ æрбацыдысты Нывгæн­джы­ты цæдисы сæрдар Битеты Алан, Уæ­рæсе æмæ Ирыстоны Адæмон нывгæнæг Че­лæхсаты Магрез, РХИ-йы Адæмон ныв­гæнæг Гæбæраты Барис,…
Абон адæймагад æрæввахс æртыккаг дунеон хæстмæ
#Политикæ

Путины раныхас пленарон рабадты

Петербургы кæронмæ бахæццæ XXVIII-æм Æппæтадæмон экономикон форум. Зынгæ экономистты хъуыдымæ гæс­гæ форум рауад æнтыстджын – бафыст дзы æрцыд иу мин бадзырдæй фылдæр, кæцыты финансты гуырахст ахызт 6,3 триллион сомæй. Мадзалы хайад райстой 2 мин адæ­ймаджы бæрц 144 бæстæйæ, уыдоны ‘хсæн уыдысты ны­гуылæ­йнаг бæстæты…
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
27-æм июны изæры 18:30 сахатыл Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры равдисдзысты режиссер Чилæхсаты Эдуарды æвæрд спектакль «Саухъус æлдар». Уый тыххæй фехъусын кодтой театры пресс-службæйы.

Ацы спектакль æвæрд æрцыдис Гаглойты Владимиры уацмыс «Гъе, мардзæ, исчи»-мæ гæсгæ.
Цымыдисон спектакль кæй рауад, уымæ гæсгæ йæ адæм æрдомдтой театрæй, цæмæй йæ ногæй равдисой.

Табуафси, бакæсут æм. Спектакль сихронон тæлмац цæуы уырыссаг æвзагмæ. Билеттæ та балхæнæн ис театры кассæйы.

@XurZaerin
«Хæхтæ — æвдисæнтæ»
#Геноцид

Киноконцертон зал «Чермен»-ы 20-æм июны уагъд æрцыдис цыт­джын æмбырд, Гуырдзыстон 1920 азæй 2008 азмæ ирон адæмы ных­мæ цы геноцидтæ сарæзта, уыдон амæт­тæгты нæмтты мысынæн.

Æм­бырды хайад райста нæ бæстæйы къух­дариуæгад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Хуссар Ирыс­тоны Уæрæсейы Федерацийы æх­хæстбарджын минæвар Марат Ку­лахметов, тыхон структурæты служ­бæгæнджытæ æмæ æхсæнады…
Историйы æнкъард бонтæй сæ иу
#Геноцид

84 азы размæ 1941 азы 22 июны сæумæрайсо­мæй фашистон Герман бабырста Советон Цæдис­мæ. Æхста æфсæддон æмæ стратегион объекттæ æмæ бирæ горæттæм. Афтæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст, кæцы аххæссыд 1418 æхсæв æмæ бон. Уæды Советон Цæдис уыцы хæсты фе­сæфта 27 милуан адæймаджы бæрц, фæлæ уæд­дæр фæуæлахиз цыфыддæр знагыл.…
«Мысынады цырагъ» университеты раз
#Акци

Хуссар Ирыстон ныр дыккаг аз хайад исы 21 июнæй 22 июнмæ æхсæвы æппæтдунеон акци «Мысынады цырагъ»-ы. Паддзахадон университеты раз уагъд æрцыд мысæн мадзал. Уазджытыл æм­бæ­лыдысты æфсæддон азты зарджытимæ, хъæз­тытæ æмæ адджын фынгыл.
Мадзалы хайадисæг, нæ горæты Уырыссаг хæ­дзары къухдариуæггæнæг Сергей Комиссаров куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы…
Икъаты Миленæ — «Золотой микрофон»-ы лауреат
#Музыкалон_преми

Хуссарирыстойнаг курдиатджын зарæггæнæг Икъаты Ми­ле­нæ ссис Кавказы музыкалон преми «Золотой Микрофон»-ы ла­уреат. Хорзæхтæ дæттыны цытджын церемони уыд 20-æм ию­ны горæт Сочийы Национ культурæты центр «Истоки»-йы.

Хонæн гæххæт Миленæмæ æрбарвыстой мадзалы организатортæ – Уæрæ­сейы На­цион Артийскаг комитет. Музы­калон пре­ми лæвæрд цæуы музыкалон æмæ во­калон аивады къабазы стыр æн­тыстыты…
Ахъуыдыйаг æрмæг


Кокайты Тотрадзы æрмæг «Иу хатт-ма нæ ирон æгъдæутты тыххæй» мыхуыргонд æрцыдис газет «Рæстдзинад»-ы 5 июны æртыккаг фарсыл. Æз æй бакастæн дыууæ хатты, зноны сывæллон нал дæн æмæ æмбарын хорз дæр æмæ æвзæр дæр.

Тотрадз йæ æрмæджы фыццаг абзацы афтæ зæгъы: «Ирон æгъдæуттæ чингуытæй сахуыргæнæн нæй. Ирон фынг у йæхæдæг ирон æгъдæутты академи!». Æмæ уыцы ныхас зæрдыл дарын хъæуы, ирон æгъдæуттыл куы дзурæм, уæд. Кæд ирон дæ æмæ дæ фæнды ирон æгъдæутты академи фæуын, уæд уал фыццаг уырдыг алæуу хистæртæн æмæ уал фыццаг кълас фæу.


бæлвырддæр кæсут:https://rastdzinad.ru/2025/06/24/ahuydyjag-aermaeg-2.html
Forwarded from Фидиуӕг
⚡️Петици Дӕргъӕвсы некрополь сӕхгӕныны тыххӕй.

Цыппар боны размӕ портал «Change.org»-ы равӕрдтой Дзампаты Дианӕйы номӕй фыст курдиат Дӕргъӕвсы некрополь сӕхгӕныны тыххӕй. Ахæм хуызы йӕ фӕнды ацы историон бынат бахъахъхъӕнын. Цыппар бонмӕ петици бафыстой 600 адӕймаджы.

Ивгъуыд ӕнусы 90 азты ацы бынат, федералон нысаниуӕг кӕмӕн ис, ахӕм культурон хӕзнайыл нымад æрцыд, æмæ афтæмæй ахӕм уавӕры кӕй ис, уый раст нӕу. Алы бон дӕр ӕм цӕуынц, йӕ ахадындзинад ын чи не 'мбары, ахӕм ӕцӕгӕлон адӕм. Куыд ӕмбӕлы, сӕхи фылдӕр хатт афтӕ нӕ фӕдарынц. 

«Ныр бирӕ азты фӕткӕвӕрд алы бон дӕр хӕлд цӕуы. Зӕппадзтӕм ӕппарынц бырӕттӕ. Стӕджытӕ ӕмӕ сӕры къуыдыртӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕн рахӕссынц, зарджытӕн исынц клиптӕ. Уал дуджы фӕстӕ та кӕмӕдӕрты ӕрцыдис, зӕппӕдзты чи ис, уыдонæн бынæттæ куыд æвзæрстой, ууыл ныхас кӕнын», — фыссы Дзампаты Дианӕ.

21 июны Дӕргъӕвсы цӕрджытӕ сарӕзтой ӕмбырд ӕмӕ ныхас кодтой некрополы уавӕрыл.

«Фӕнды нӕ, цӕмӕй йӕ сӕхгӕной ӕмӕ йӕм туристтӕй мачи цӕуа. Кӕсӕн фӕз скӕнӕнт, равӕрӕнт дзы, йӕ истори фыст кӕм уа, ахӕм стенд, ӕмӕ табуафси — истори дӕр базондзысты, кӕсгӕ дӕр ӕм бакӕндзысты. Туристты фылдӕр хай, кӕдӕм цӕуынц, уый зонгӕ дӕр нӕ фӕкӕнынц ӕмӕ сӕ нӕ фыдӕлты стӕгдартыл ракӕн-бакӕн кӕнынц. Ацы фарстайыл аныхас кӕнынӕн ныр цалдӕр хатты сӕмбырд стӕм. Ацы къуыри нӕ зӕрды ис республикӕйы сӕргълӕууӕгимӕ фембӕлын ӕмӕ ацы фарста алыг кӕнын», — дзуры Дӕргъӕвсы цӕрӕг Сасиаты Руслан.

⚡️ Нӕ истори бахъахъхъӕнӕм!

@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг, не мзæххон лæппу Хуыгаты Радиславæн йæ амæлæты фæстæ УФ-йы президент Владимир Путин радта Уæрæсейы Хъайтары ном.
Сержант Хуыгаты Радислав мартъийы мæйы 2022 азы йæхи нывондæн æрхаста йæ хæстон æмбæлтты сæрвæлтау.

Радислав йæ æмслужбæгæнджытимæ хæцыдис Мариуполы. Иу карз тохы рæстæджы бахаудтой знаджы æрхъулайы, рахизæн сын нал уыд æмæ афтæмæй дыууæ боны фесты æрхъулайы бынаты. Тынг тæссаг уыд уырдӕм сæм знаг куы баивæрзтаид, уымæй. Уæд уавæрæн саргъ кæнгæйæ, аскъуыддзаг кодта знаджы хъусдард йæхимæ аздахыны тыххæй ирон ныфсхастдзинад равдисын. Уый йæ бронежилеты бынæй ралвæста ирон тырыса, систа йæ хæрдмæ æмæ афтæмæй размæ йæхи аппæрста æмæ уымæй йæхимæ расайдта æхстытæ, рабæрæг сты знаджы æмбæхсæнтæ.
Ирон хъæбатыр хæстон йæ хæстон æмбæлтты цард бахъахъхъæнгæйæ, йæхæдæг фæмард куыд хъайтар, афтæ. Радислав цы дæлхайимæ уыд, уый та æппæт хъарутæй фæлæууыд знаджы ныхмæ, цалынмæ сæм æххуысмæ æндæртæ фæзындысты, уæдмæ хæцыдысты.

@XurZaerin
2025/06/24 21:18:37
Back to Top
HTML Embed Code: