Telegram Group & Telegram Channel
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Цæгат Ирыстоны къахкъæлæттыл аив бырын ахуыр кæнын æрмæст иу лæппу

🔻Фондзаздзыд Саулохты Давид ихыл æрдæг азы размæ слæууыд. Æмæ ныртæккæ у, къахкъæлæттыл аив бырын чи ахуыр кæны, иунæг ахæм лæппу республикæйы. Нырма сæйраг элементтыл кусы. Йæ тренертæ куыд зæгъынц, афтæмæй сыл æрдæг азмæ фæцалх уыдзæн æмæ цæттæ уыдзæн ерыстæм цæуынмæ.

💬 «Нæ зæрдæ дарæм, тагъд æй турниртæм кæнын кæй райдайдзыстæм æмæ иннæ регионты минæвæрттимæ ерысхъом кæй уыдзæн, ууыл. Хъыгагæн, спорты ацы хуызы лæппутæ стæм ис. Æмæ канд махмæ нæ, иннæ регионты дæр афтæ у», – зæгъы тренер Торчынты Аланæ.

Фидæн аз «Тагбан»-ы æмбырд кæндзысты хоккейы командæ. Исдзысты 2020 азы гуырд спортсменты. Æмæ Давиды ахуыргæнджытæ æдас не сты, лæппу йæ къахкъæлæттæм клюшкæ куы бафтауа, уымæй. Уæддæр сæ зæрдæ дарынц, семæ кæй баззайдзæн æмæ, ам дæр лæджыхъæд равдисынæн хорз гæнæнтæ кæй ис, уый адæмæн кæй бауырнын кæндзæн.

💬 «Сывæллæтты сæ ныййарджытæ æрбакæнынц æмæ сæм, æвæццæгæн, афтæ фæкæсы, цыма спорты ацы хуыз лæппутæн нæу. Афтæмæй та сыл стыр физикон тых æфты», – æмбарын кæны Торчынты Алинæ.

➡️ Кæстæр къорды ис 20 сывæллоны. Арæх бацархайынц æппæтуæрæсеон турнирты æмæ сын вæййы æнтыстытæ. Фæстаг хатт Стъараполы турниры рамбылдтой æртæ майданы.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM

group-telegram.com/ironsapa/2331
Create:
Last Update:

BY СапÆ

Warning: Undefined variable $i in /var/www/group-telegram/post.php on line 260

Share with your friend now:
group-telegram.com/ironsapa/2331

View MORE
Open in Telegram

Telegram | DID YOU KNOW?

Date: |

The gold standard of encryption, known as end-to-end encryption, where only the sender and person who receives the message are able to see it, is available on Telegram only when the Secret Chat function is enabled. Voice and video calls are also completely encrypted. Andrey, a Russian entrepreneur living in Brazil who, fearing retaliation, asked that NPR not use his last name, said Telegram has become one of the few places Russians can access independent news about the war. "The result is on this photo: fiery 'greetings' to the invaders," the Security Service of Ukraine wrote alongside a photo showing several military vehicles among plumes of black smoke. The perpetrators use various names to carry out the investment scams. They may also impersonate or clone licensed capital market intermediaries by using the names, logos, credentials, websites and other details of the legitimate entities to promote the illegal schemes.
from nl

Telegram СапÆ
FROM American