Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Ӕфсӕнтуг» барӕг: абон Хъантемыраты Мухтарбегыл сӕххӕст уыдаид 91 аз
🔻 Йӕ царды хабӕрттӕй:
▫️ Райгуырд Воронежы. Уыд Хъантемыраты Алыбеджы кӕстӕр фырт;
▫️ Уыд кӕрдтӕ мысаныл ӕхсынӕй федераци «Freeknife» (свободный нож)-ы президент;
▫️ 1968 азы Мексикӕйы гастрольты рӕстӕг Ирбег æмӕ Мухтарбег се 'ппӕты дисы бафтыдтой. Мухтарбег ма архайдта корридӕйы. Галтимӕ куыд архайдта ӕмӕ сыл куыд фӕтых, уымӕ кӕсгӕйӕ мексикӕйӕгтӕ дзурынхъом нал уыдысты. Иуахæмы та галы уӕлдӕфы ӕртӕ хатты ӕрзилын кодта, афтӕмӕй йӕ зӕххыл æрфӕлдӕхта. Ирбег ӕмӕ Мухтарбеджы райстой клуб «Чарро-педригаль»-мӕ;
▫️ Ӕнгом куыстой Ӕнӕнхъӕлӕджы цауты министрадимӕ дӕр. Граждайнаг хъахъхъӕнынады академийы базӕйы Химкӕты сарӕзтой бӕхтимӕ кусынӕн спортивон комплекс. Мухтарбег ӕмӕ йе 'фсымӕр Ирбег курсантты ахуыр кодтой бӕхыл бадын ӕмӕ ӕндӕр сусӕгдзинӕдтыл;
▫️ Мухтарбег ахъазыд бирӕ аивадон кинонывты;
▫️ Бавӕрдтой йӕ Дзӕуджыхъӕуы Намысы аллейы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Рагацау зонын хуыздӕр у: мӕнг ӕхцатӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц
🔻 Уӕрӕсейы банчы регионон хайады «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдтой, афтӕмӕй Цӕгат Ирыстоны мӕнг ӕхцатӕ дыууӕ хатты къаддӕр бӕрӕг кӕныны райдыдтой. 2024 азы уыдысты 22, 2023 — 41. Сӕ фылдӕр уыдысты 5000 сомы гӕххӕттын ӕхца, дыууӕ — 2000 гӕххӕттын ӕхца, фараст та — минтӕ.
Уӕрӕсейы банчы ӕрфарстмӕ гӕсгӕ, ӕхца мӕнг сты ӕви нӕ, уый бӕрӕг кӕнынц нӕ бӕстӕйы цӕрджыты 13%. Уыдонӕн сӕ 63% сты Цӕгат Кавказы цӕрджытӕ.
💬 «Ӕппӕт ӕхцатӕ дӕр банкты сбӕрӕг кӕны сӕрмагонд техникӕ. Царды та сæ чыссӕйы сӕвӕрыны размӕ хорз уаид уырзӕй басгарын, рухсмӕ сӕм бакӕсын ӕмӕ сӕ гыццыл анцъылд кӕнын», — радзырдта Уӕрӕсейы банчы регионон хайады разамонӕг Дзиуаты Иринӕ.
➡️ Ӕхцайыл чи фӕгуырысхо уа, уыдоны та хъӕуы сӕ фӕндаг банкмӕ акӕнын. Уым сын лӕвар скӕндзысты экспертизӕ. Спайдагӕнӕн ис телефоны уӕлӕфтуан «Банкноты Банка России» ӕмӕ сайты хай «Наличное денежное обращение»-йæ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Уӕрӕсейы банчы ӕрфарстмӕ гӕсгӕ, ӕхца мӕнг сты ӕви нӕ, уый бӕрӕг кӕнынц нӕ бӕстӕйы цӕрджыты 13%. Уыдонӕн сӕ 63% сты Цӕгат Кавказы цӕрджытӕ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ног разамонӕг
🔻 Александр Хоружийы сфидар кодтой Цӕгат Ирыстоны граждайнаг хъахъхъӕнынады ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы цауты комитеты сӕргълӕууӕгӕй.
➡️ Уый тыххӕй уынаффӕ бафыста республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстоны фидӕн аз фӕнд кӕнынц дыууӕ флюорографы балхӕнын
🔻 Аппараттӕ балхӕныны хӕс бахӕсдзысты 2026–2030 азты Хуссар Ирыстоны социалон ӕмӕ экономикон рӕзты программӕмӕ. Уый тыххӕй «Сапӕ»-йӕн радзырдта ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады ӕмӕ социалон политикӕйы парламенты комитеты сӕрдар Плиты Алыксандр.
💬 «Стационарон аппараты аргъ 10 милуан сомӕй фылдӕр у. Хъыгагӕн, базилынæн сӕм ӕхца нӕй. Куы сӕ ӕлхӕдтой, уӕд бюджетмæ бахастой сӕ цалцӕг ӕмӕ сӕм зилынӕн фӕрӕзтӕ. Фӕлӕ уал иу ныхасмӕ не 'рцыдыстӕм», — зӕгъы Плиты Алыксандр.
Дыккаг аппарат ис, КамАЗ-ӕй цы медицинон кабинет скодтой, уым. Фылдӕр дзы пайда кӕнынц районты цӕрджыты диспансеризацийы рӕстӕг. Афтӕмӕй ноджы зынаргъдӕр уайы, машинӕйы аргъ дӕр ма йыл кӕй бафты, уымӕ гӕсгӕ.
Республикӕйы бирӕфадатджын медицинон центры хицау Джиоты Луизӕ куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй ӕнӕ флюорографтӕй бирӕ азты хъизӕмар кӕнынц.
💬 «Кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ пайда кӕнӕм рентгенӕй. Фӕлӕ уыйбӕрц рынчынты фаг нӕ кӕны ӕмӕ уайтагъд фехӕлы», — хъаст кӕны Джиоты Луизӕ.
Куыд ма бафиппайдта, афтӕмӕй ныртӕккӕ сӕ центры ӕмӕ тарнизы диспансеры тынг хорз нырыккон рентген-аппараттӕ ис. Флюорограф ма сӕм куы фӕзына, уӕд кусынӕн ӕмӕ рынчынтӕн — удӕнцой.
➡️ Зӕрдӕ сриссы иу хъуыддагӕй: социалон ӕмӕ экономикон рӕзты программӕ парламентмӕ бадӕтдзысты ӕрмӕст сӕрды.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Дыккаг аппарат ис, КамАЗ-ӕй цы медицинон кабинет скодтой, уым. Фылдӕр дзы пайда кӕнынц районты цӕрджыты диспансеризацийы рӕстӕг. Афтӕмӕй ноджы зынаргъдӕр уайы, машинӕйы аргъ дӕр ма йыл кӕй бафты, уымӕ гӕсгӕ.
Республикӕйы бирӕфадатджын медицинон центры хицау Джиоты Луизӕ куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй ӕнӕ флюорографтӕй бирӕ азты хъизӕмар кӕнынц.
Куыд ма бафиппайдта, афтӕмӕй ныртӕккӕ сӕ центры ӕмӕ тарнизы диспансеры тынг хорз нырыккон рентген-аппараттӕ ис. Флюорограф ма сӕм куы фӕзына, уӕд кусынӕн ӕмӕ рынчынтӕн — удӕнцой.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — мысан.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Тыхджын митӕруарды аххосӕй Къуайсайы районы фӕндӕгты фылдӕр хай сты ӕхгӕд
🔻 Къуыдаргомы мит дыууӕ боны фӕд-фӕдыл ӕнӕрынцойӕ уары. Хуссар Ирыстоны горӕтты 'хсӕн фӕндаг «Дорэкспострой»-ы кусджытӕ ссыгъдӕг кодтой. Машинӕтыл ыл цӕуӕн ис.
Къуайсайы мит 80 см ӕруарыд. Горӕты мэры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Хуыгаты Ирбеджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, рӕвдауӕндон карантины сӕхгӕдтой, скъола кусы.
Уыйхыгъд горӕтӕй хъӕутӕм ацӕуыны фадат нӕй. Дӕнцӕгӕн, ивгъуыд митӕруарды фӕстӕ Къозмӕ фӕндаг мӕйы бӕрц сыгъдӕг кодтой. Ныр ногӕй миты бын фӕци. Ахӕм уавӕры сты Начърепа, Саджилзаз, Надарваз, Æхсæрджын ӕмӕ иннӕ хъӕутӕ. Фӕндӕгтӕ сыгъдӕг кӕнын райдайдзысты, мит куыддӕр йӕ уарынӕй банцайа, афтӕ, радзырдта «Сапӕ»-йӕн Хуыгаты лӕппу.
➡️ Хуссар Ирыстоны ӕнӕнхъӕлӕджы цауты министрады хъусынгӕнинагмӕ гӕсгӕ, цалынмӕ боныхъӕд нӕ фӕхуыздӕр уа, уӕдмӕ Транскамыл куыстытӕ дӕр фӕурӕдтой. Фӕндагыл ацӕуӕн нӕй. Ведомство сиды шофыртӕм, цӕмӕй рог хӕдтулгӕтыл Къуайса ӕмӕ Цъинагармӕ ма цӕуой.
📷 Тедеты Индирӕйы къам
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Къуайсайы мит 80 см ӕруарыд. Горӕты мэры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Хуыгаты Ирбеджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, рӕвдауӕндон карантины сӕхгӕдтой, скъола кусы.
Уыйхыгъд горӕтӕй хъӕутӕм ацӕуыны фадат нӕй. Дӕнцӕгӕн, ивгъуыд митӕруарды фӕстӕ Къозмӕ фӕндаг мӕйы бӕрц сыгъдӕг кодтой. Ныр ногӕй миты бын фӕци. Ахӕм уавӕры сты Начърепа, Саджилзаз, Надарваз, Æхсæрджын ӕмӕ иннӕ хъӕутӕ. Фӕндӕгтӕ сыгъдӕг кӕнын райдайдзысты, мит куыддӕр йӕ уарынӕй банцайа, афтӕ, радзырдта «Сапӕ»-йӕн Хуыгаты лӕппу.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Футболон академи «Алани»-йы хъомылгӕнинӕгты сӕхимӕ ӕхсызгонӕй исынц алыхуызон клубтӕ
🔻 Ацы зымӕг академийы ӕртӕ хъомылгӕнинаджы футболон клуб «Алани»-имӕ бафыстой сӕ фыццаг бадзырдтӕ. Гогниты Спартак ӕрыгон спортсментӕм куы ӕркаст, уӕд йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта Кодзырты Артур ӕмӕ Тепсыхъоты Давидыл.
Кодзырты Артур ма йӕхи хорз равдыста «Алани» ӕмӕ «Дружба»-йы матчы рӕстӕг. Бакъуырдта ӕртӕ голы.
▫️ Хуыгаты Ирлан ӕмӕ Хъантеты Арсенмӕ кӕсынц «Крылья Советов». Архайдтой Дӕллаг Новгороды футболы Федерацийы Кубок рамбулыны ерысты. Алчидӕр сӕ бакъуырдта фӕйнӕ голы.
▫️ Академийы иу хъомылгӕнинаг Кокойты Алан та ацыд клуб «Динамо»-йы академимӕ. Уыдзӕн ӕрдӕгхъахъхъӕнӕг.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Кодзырты Артур ма йӕхи хорз равдыста «Алани» ӕмӕ «Дружба»-йы матчы рӕстӕг. Бакъуырдта ӕртӕ голы.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Сергея Меняйлойы пресс-конференци «ТАСС Кавказ»-ы: сӕйрагдӕр:
▫️ Мамысоны курорт байгом уыдзӕн 28 февралы. Стыр ӕргом дзы здӕхт цӕудзӕн бальнеологимӕ. Афтӕмӕй фадат уыдзӕн курортмӕ афӕдзы цыфӕнды афон цӕуынæн. Аэропортӕй ӕмӕ ӕфсӕнвӕндаджы вокзалӕй транспортон бастдзинадӕн дзуапп дӕтдзӕн республикон автоколоннӕ.
▫️ Фарон Цӕгат Ирыстон бабӕрӕг кодтой 1,2 милуан туристы. Мамысоны курорт ӕмӕ «Алания-парк» кӕй скусдзысты, уымӕ гӕсгӕ ацы аз фылдӕр уыдзысты.
▫️ 2025 азы райдайдзæн кусын аэропорты зӕронд корпус рацаразыныл, байгом дзы кӕндзысты ӕхсӕнадӕмон уадзӕн пункт. Лӕггад кӕндзӕн 1,2 милуан бӕлццонӕн. Зӕронд ӕмӕ ног бӕстыхӕйттӕ баиу кӕндзысты. Рацарӕзтӕн радих кӕндзысты 1 миллиард сомы, сты инвесторы ӕхца.
▫️ Республикӕйы фӕфылдӕр хъӕууон-хӕдзарадон продукцийы рауагъд. 2021 азы иумӕйаг базарады республикӕйы хойрӕгтӕ уыдысты сӕ 15%, 2024 азы — 20%. Рӕзы «Казачий хутор» дӕр, фарон систой кӕрдоты фыццаг тыллӕг. Скуыстой «Теплицы Алании», схардз сыл кодтой инвестициты 18,5 миллиард сомы. Ацы аз фӕнд кӕнынц алы хуызы пъамидорты 25 мин тонны сӕмбырд кӕнын.
▫️ Скъолаты бындурон цалцӕджы хъуыддаджы Цӕгат Ирыстон ис нӕ бӕстӕйы 10 хуыздӕр регионы 'хсӕн. Январы та цалцӕг кӕныны программӕмӕ бахастой 26 рӕвдауӕндоны. 2025 азы райдайдзысты республикӕйы поликлиникӕтӕ цалцӕг кӕнын.
▫️ Ацы аз аразын райдайдзысты егъау инвестицион проект — Wildberries-ы терминал. Схардз ыл кӕндзысты 12 миллиард сомы. Куысты бынӕттӕ дзы уыдзӕн 8,5 мин адӕймагӕн.
▫️ Стадион «Спартак»-ы цӕттӕдзинад у 98%. Куыст къуылымпы кӕнынц ӕрдзон уавӕртӕ. Инвестор схардз кодта 400 милуан сомы. Футболон клуб «Алани» дӕр ӕнӕ ӕхцайӕ нӕ баззайдзӕн.
▫️ 9 маймӕ мемориалтӕ ӕмӕ ӕфсымӕрон ингӕнтӕ иууылдӕр банывыл кӕндзысты. Фӕнд кӕнынц, «Ӕнӕмӕлгӕ полк» проспектыл куыд ацӕуа, афтӕ. Радон хатт сараздзысты акци «Посмотри на их лица». Хӕсты архайджыты къамтӕ уыдзысты ӕппӕт рекламон фӕйнӕджытӕ ӕмӕ уарттыл.
▫️ Рӕхджы хицауады кусджытӕй иу суыдзӕн сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы архайӕг, Уӕрӕсейы хъӕбатыр Абайты Юрий.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстоны фӕдзӕхст бынаты разамонӕг æрсыты æхсыны тыххæй цы фæнд бахаста, уый республикæйы хорзыл нӕ банымадтой
🔻 Зонкъары фӕдзӕхст бынаты хицау Бестауты Анатоли куыд фехъусын кодта, афтæмæй фæстаг рæстæг Хуссар Ирыстоны дзӕвгар фӕфылдӕр ӕрсыты нымӕц. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æрмӕст сӕ фӕзуаты хъӕдты 600 фылдӕр сты. Фӕкъаддӕр сæ кӕныны охыл Бестауты Анатоли бахаста æрсытыл цуан кæныны хъӕппӕрис. Фӕлӕ ӕрмӕст фӕдзӕхст бынаты нӕ.
Республикӕйы ӕрдзхъахъхъӕнӕн комитеты сӕргълӕууӕг Остъаты Роберт уый растыл нӕ нымайы.
💬 «2022 азы 24 февралы хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ Хуссар Ирыстоны цуан кӕнӕн нӕй. Фӕткы сӕрты ахизӕн ис ӕрмӕст шакалтӕ ӕмӕ бирӕгътӕ куы сбирӕ вӕййынц, уæд. Уый дӕр уымӕн, ӕмӕ хъӕуты цӕрджыты фос цӕгъдынц. Ӕрсытӕ ӕхсынӕн лицензийыл ныхас дӕр нӕй», — загъта Остъаты Роберт.
Ӕрсытӕ уыйбӕрц кӕй сты, ууыл дис кӕнынц бынӕттон ӕрдзхъахъхъӕнджытӕ дӕр.
💬 «Ӕгас республикӕйы сӕ куыд сӕ банымадта, уый диссаг у. Ахӕм хатдзӕгтӕм куыд ӕрцыд, уый дӕр цымыдисаг у», — «Сапӕ»-имӕ ныхасы бафиппайдта экологон ӕхсӕнадон змӕлды сӕрдар Габайты Зӕлинӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Республикӕйы ӕрдзхъахъхъӕнӕн комитеты сӕргълӕууӕг Остъаты Роберт уый растыл нӕ нымайы.
Ӕрсытӕ уыйбӕрц кӕй сты, ууыл дис кӕнынц бынӕттон ӕрдзхъахъхъӕнджытӕ дӕр.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Митзӕйы бын аирвӕзӕн ис? Уый тыххӕй радзырдта ирыстойнаг Уӕрӕсейы сгуыхт ирвӕзынгӕнӕг
🔻 Цъӕйы агурӕн-ирвӕзынгӕнӕн къорды хицау Перисаты Лаврентийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ куысты рӕстӕг ахӕм цаутимӕ никуы сӕмбӕлд.
💬 «Уӕвгӕ, митзӕйы бын чи фӕци, уыдонӕн ис бӕлвырд амынддзинӕдтӕ. Уӕлдай змӕлд кӕнын нӕ хъӕуы, ма хъӕр кӕнын, ату кӕнын — цӕмӕй, кӕцырдӕм хуыссыс, уый бамбарай. Фӕлӕ уый фыстытӕ сты. Зӕйы бын чи фӕци, уыдонӕн аирвӕзын зын у. Ам дын дӕ зӕды хай ӕххуыс кӕны ӕви нӕ, уый дӕр ис. Уӕлдайдӕр та афӕдзы ацы афон. Митзӕйтӕ хонынц "пылевые". Йӕ мит фӕлмӕн у, сахатмӕ 160 километры тӕхы. Хи бахъахъхъӕнӕн ис ӕрмӕст рагацау боныхъӕд бӕрӕг кӕнгӕйӕ, стӕй тӕссаг рӕттӕм цӕуын нæ хъæуы», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Лаврентий.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм митзӕйтӕ иугӕйттӕй нӕ рацӕуынц. Гӕнӕн ис, ӕмӕ иу ран цалдӕр бынатӕй рацӕуой. Уӕд, йӕ быны чи фӕци, уый миты ноджы арфдӕр фӕвӕййы. Ахӕм уацары иу хатт Лаврентий йӕ къордимӕ дӕр бахауд.
💬 «Уыцы 'хсӕв тынг бирӕ мит ӕруарыд. Дыгуыры хохы тӕссаг фахсыл нын ӕнӕ ацӕугӕ нӕ уыд. Бахӕццӕ кӕнынмӕ ма нӕ гыццыл хъуыд, афтӕмӕй нӕ къæхты тӕккӕ бын мит дӕлӕмӕ атындзыдта. Ӕз разӕй цыдтӕн ӕмӕ ме 'мбӕлттӕ миты бын куыд фесты, уый ауыдтон. Сӕ фӕдыл мӕн дӕр аласта. Уӕлейы кӕй уыдыстӕм, уымӕ гӕсгӕ дзы мит бирӕ нӕма ӕрбырыд. Ӕз къӕдзӕхы скъуыды бахаудтӕн, мӕн митӕй ракъахтой. Иннӕтӕ мӕ бӕндӕнӕй баст уыдысты ӕмӕ афтӕмӕй иннӕты дӕр раластой. Хуыцау нын баххуыс кодта», — зӕгъы Уӕрӕсейы сгухт ирвӕзынгӕнӕг.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм митзӕйтӕ иугӕйттӕй нӕ рацӕуынц. Гӕнӕн ис, ӕмӕ иу ран цалдӕр бынатӕй рацӕуой. Уӕд, йӕ быны чи фӕци, уый миты ноджы арфдӕр фӕвӕййы. Ахӕм уацары иу хатт Лаврентий йӕ къордимӕ дӕр бахауд.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Арктикæ» равзæрд бердзенаг «арктос»-æй. Цы амоны ацы дзырд?
Anonymous Quiz
25%
Арс
36%
Их
13%
Дæрддзæф бынат
26%
Урс бæстæ
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — арс.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM