Telegram Group & Telegram Channel
Forwarded from СапÆ
Стъолыл хъазгæ «Кæфхъуындар»-ы саразджытæн кæд спонсорты 'ххуыс райсын нæ бантыст, уæддæр æй Ног азмæ рауадздзысты
 
🔻Хъазт «Кæфхъуындар» чысыл тиражæй мыхуыры рацæудзæн бынæттон типографийы. Цы 'хца сын нæ фаг кодта, уый баххæст кодтой автортæн сæхи фæрæзтæй æмæ сæ фарсмæ чи рбалæууыд, уыцы иугай адæмы æвæрæнтæй.
 
«Сапæ» куыд фыста, афтæмæй сын хъазт рауадзынæн интернет-платформæ ницы уадиссаг сарæзта сæ къух. Уæд æрæмбырд кодтой æрмæст 45 мин сомы, «Кæфхъуындар»-ы мин комплектæн та сæ хъуыд 700 мин сомы. Уымæ гæсгæ тираж фæкъаддæр кодтой 300 онг. Æрæджиау ныхъхъуыды кодтой æппынкъаддæр бæрц рауадзын: развæлгъау заказтæ цас райстой, уыййас – 40 экземплярмæ 'ввахс. Афтæмæй, хъазт балхæнæн нырма нæ уыдзæн.
 
Проекты редактор æмæ æмавтор Кулиджанова Нинайы хъуыдымæ гæсгæ, цыфæнды хъазт дæр ирхæфсынæн вæййы, хæрзхъæд хъазт та уымæй хицæн кæны, æмæ ма адæймаджы рæзтæн ахъаз у.
 
💬 «Уыцы хъуыддаджы "Кæфхъуындар" замманай у: ирхæфсынæн дæр у æмæ хиуыл кусынæн дæр. Уыимæ хæрзхъæд ирхæфсæн мадзал у. Æрхъуыды, цæрдæгдзинад, зонды архайд – алцæмæн дæр пайда у. "Кæфхъуындар"-ы руаджы ма мадæлон æвзаг дæр ис хуыздæр базонæн. Ома, махæн уый хорз у, æвзагæн хорз у», – зæгъы Кулиджанова.
 
➡️ Бафиппайдта уый дар, æмæ хъазт кæцыфæнды карæн дæр бæззы, архайджытæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн сæ рæстæг арвитынц сæ хæлæрттимæ, бинонтимæ, сывæллæттимæ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM

group-telegram.com/ironau_online/2747
Create:
Last Update:

BY Новая школа осетинского языка

Share with your friend now:
group-telegram.com/ironau_online/2747

View MORE
Open in Telegram

Telegram | DID YOU KNOW?

Date: |

The fake Zelenskiy account reached 20,000 followers on Telegram before it was shut down, a remedial action that experts say is all too rare. In 2018, Russia banned Telegram although it reversed the prohibition two years later. "This time we received the coordinates of enemy vehicles marked 'V' in Kyiv region," it added. There was another possible development: Reuters also reported that Ukraine said that Belarus could soon join the invasion of Ukraine. However, the AFP, citing a Pentagon official, said the U.S. hasn’t yet seen evidence that Belarusian troops are in Ukraine. Since January 2022, the SC has received a total of 47 complaints and enquiries on illegal investment schemes promoted through Telegram. These fraudulent schemes offer non-existent investment opportunities, promising very attractive and risk-free returns within a short span of time. They commonly offer unrealistic returns of as high as 1,000% within 24 hours or even within a few hours.
from no

Telegram Новая школа осетинского языка
FROM American