Telegram Group Search
🔔 22-æм июны 1941 азы райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст.

Ацы хæст адæймагады историйы нымад цæуы иууыл трагикондæрыл, кæцы фехæлдта милуангай адæймæгты хъысмæт.

Рæстæг æгъатыр у ӕмӕ  азæй-азмӕ къаддæрæй-къаддæр кæнынц уыцы адæймæгты нымæц, кæцытæ, сæхиуыл æнæауæрдгæйæ, хъахъхъæдтой Фыдыбæстæ æмæ афтæмæй бавзæрстой ацы тæссаг хæсты цаутæ.

Фæлæ мысынад тыхджындæр у рæстæгæй, цæуынц азтæ, фæлæ мах зӕрдылдарӕм нӕ историйы саудӕр цаутӕ.

@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Стыр зонды - стыр тых.

Стыр тулдзæн арф уидæгтæ.

Стыр фурдæн - стыр улæн.

@ironkanal
⭐️ Абон y сӕрдыгон хурхӕтӕн - ӕппӕты даргъдӕр бон азы мидӕг ӕмӕ абонӕй нымайынц ирон дины сӕрдыгон бӕрӕгбӕттӕ.

@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🔥 РЕКОМЫ КУВӔНДОН - Ирыстоны фидӕнмӕ, ирондинмӕ ӕмӕ нӕ адӕмы иудзинадмӕ фӕндаг.

Ацы фӕндагыл цыдысты ирӕттӕ - нӕ фыдӕлтӕ мин азы размӕ дӕр ӕмӕ куывдтой Хуыцаумӕ нӕ мадӕлон ӕвзагыл.

#Дунемӕбакаст
#Ирондин
#Хуыцау
#Уастырджы
#Зӕдтӕ
#Дауджытӕ
#Реком
#Дзуарылӕгтӕ
#Хистӕртӕ
#ирон

@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Абон Уæрæсейы адæмон артист, Цæгат Ирыстоны фыццаг «Фæллойы хъайтар», хъуыстгонд композитор æмæ фæндырдзæгъдæг Гæздæнты Булат сӕххӕст уыдаид 89 азы!

Булаты чи нæ зыдта æмæ чи нæ уарзта, ахæм адæймаг Ирыстоны, æвæццæгæн, нæ уыд. Уый бирæ азты дæргъы сыгъдæгзæрдæйæ лæггад кодта национ культурæйæн æмæ йæ курдиаты рухсæй тавта аивадуарзджыты зæрдæтæ!

@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🪶 Ме'взагыл уӕ чи дзуры, уый ма ахӕм лайк 👍 сӕвӕрӕд!

@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
⚡️Петици Дӕргъӕвсы некрополь сӕхгӕныны тыххӕй.

Цыппар боны размӕ портал «Change.org»-ы равӕрдтой Дзампаты Дианӕйы номӕй фыст курдиат Дӕргъӕвсы некрополь сӕхгӕныны тыххӕй. Ахæм хуызы йӕ фӕнды ацы историон бынат бахъахъхъӕнын. Цыппар бонмӕ петици бафыстой 600 адӕймаджы.

Ивгъуыд ӕнусы 90 азты ацы бынат, федералон нысаниуӕг кӕмӕн ис, ахӕм культурон хӕзнайыл нымад æрцыд, æмæ афтæмæй ахӕм уавӕры кӕй ис, уый раст нӕу. Алы бон дӕр ӕм цӕуынц, йӕ ахадындзинад ын чи не 'мбары, ахӕм ӕцӕгӕлон адӕм. Куыд ӕмбӕлы, сӕхи фылдӕр хатт афтӕ нӕ фӕдарынц. 

«Ныр бирӕ азты фӕткӕвӕрд алы бон дӕр хӕлд цӕуы. Зӕппадзтӕм ӕппарынц бырӕттӕ. Стӕджытӕ ӕмӕ сӕры къуыдыртӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕн рахӕссынц, зарджытӕн исынц клиптӕ. Уал дуджы фӕстӕ та кӕмӕдӕрты ӕрцыдис, зӕппӕдзты чи ис, уыдонæн бынæттæ куыд æвзæрстой, ууыл ныхас кӕнын», — фыссы Дзампаты Дианӕ.

21 июны Дӕргъӕвсы цӕрджытӕ сарӕзтой ӕмбырд ӕмӕ ныхас кодтой некрополы уавӕрыл.

«Фӕнды нӕ, цӕмӕй йӕ сӕхгӕной ӕмӕ йӕм туристтӕй мачи цӕуа. Кӕсӕн фӕз скӕнӕнт, равӕрӕнт дзы, йӕ истори фыст кӕм уа, ахӕм стенд, ӕмӕ табуафси — истори дӕр базондзысты, кӕсгӕ дӕр ӕм бакӕндзысты. Туристты фылдӕр хай, кӕдӕм цӕуынц, уый зонгӕ дӕр нӕ фӕкӕнынц ӕмӕ сӕ нӕ фыдӕлты стӕгдартыл ракӕн-бакӕн кӕнынц. Ацы фарстайыл аныхас кӕнынӕн ныр цалдӕр хатты сӕмбырд стӕм. Ацы къуыри нӕ зӕрды ис республикӕйы сӕргълӕууӕгимӕ фембӕлын ӕмӕ ацы фарста алыг кӕнын», — дзуры Дӕргъӕвсы цӕрӕг Сасиаты Руслан.

⚡️ Нӕ истори бахъахъхъӕнӕм!

#зӕппадз

@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Лирикон миниатюрӕ «Симды фæз», композитор Кокойты Асланбег.

🎵 Цӕгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы оркестр.

@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
☄️ Мӕнӕ куыд фыссынц Федералон СМИ-тӕ Цӕгат Ирыстоны дам ахӕм хӕлиудзыхтӕ цӕрынц ӕмӕ дам джы алцы дӕр ис гӕнӕн аразын - куыд фӕндыдӕр дам гӕнӕн ис хи дарын.

@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
⚡️ Цӕгат Ирыстоны тынг фӕкъаддӕр фосы нымӕц:

🐐🐏 Сӕгъты ӕмӕ фысты нымӕц фӕкъаддӕр 44,6%-ты (80,8 мин онг).

🐷 Хуыты нымӕц дӕр ӕрхаудта 36%-ты (8,1 мины онг).

✔️ Туристтӕн сӕ ныргӕвстой.

@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🏟️ Дзӕуӕджыхъӕуы Стадионы сывӕллӕтты спортивон фӕзуаты (детская спортивная площадка) видео.

@ironkanal
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🧑‍⚖️ Ӕхсӕрдӕмӕм апелляционон тӕрхондон ныууагъта йӕ тыхы Цӕгат Ирыстоны Арбитражон тӕрхондоны уынаффӕ, кӕцымӕ гӕсгӕ Сергей Меняйлойы бардзырд ӕрцыд нымад ӕнӕзакъононыл.

@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
⚡️ xорз хабар: туристты нымӕц Цӕгат Ирыстоны фӕкъаддӕр 30%-мӕ ӕввахс.

@ironkanal
9⃣3⃣5⃣ Ирон ӕфсӕдтон 33-аздзыд ХУЫГАТЫ РАДИСЛАВ фӕмард Сӕрмагонд Хӕстон операцийы.

🔥 РУХСАГ У, ИРОН!

🎖 Путин радта ХУЫГАТЫ РАДИСЛАВӔН Уӕрӕсейы Хъайтары ном!

💔 Абоны онг Сӕрмагонд Хӕстон операцийы фӕмард сты 935 ирон хӕстоны.

@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🤍 Ирон кафт, зард ӕмӕ ӕвзаг сты нӕ нацийы сӕйраг хӕзнатӕ, - Гаглойты Алан

Дзургӕ раст кӕны Гаглойты Алан, фӕлӕ йӕм худинаг нӕ кӕсы, Хуссар Ирыстоны иу ирон скъола дӕр кӕй нӕй, уый?

✔️ Президент ма нӕ ӕндӕр цӕмӕн хъӕуы?!

@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
⚡️ Ирон къордты дӕр иронау дзурӕм, ӕндӕр ӕвзӕгтыл цы "ирӕттӕ" дзурынц, уыдон осхъопилатӕ сты...

✔️Ма ут осхъопилатӕ!

@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🚰 Уӕрӕсейы чырыстон аргъуаны дон нуазынӕн нӕ бӕззы, - УЧА-йы минӕвар

@ironkanal
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🎆 Чъребайы астӕу рауагьдонтӕ бӕрӕг кӕнынц сӕ бӕрӕгбон сӕ уарзон ирон хиттимӕ.

@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🔔🔔🔔 Ирӕтты нымӕц Уӕрӕсейы 2010 азӕй 2021 азы онг фӕкъаддӕр 43 мин адӕймаджы бӕрц.

@ironkanal
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
2025/06/26 01:46:53
Back to Top
HTML Embed Code: