Карантины чи ис, уыцы сывæллæтты ныййарджытæн сæ бон у куыстæй сæхи суæгъд кæнынæн æмбæлгæ гæххæтт райсын — Хуссар Ирыстоны фæллойы министрад
🔻 Ныййарджытæн сæ сывæллоны рæвдауæндонмæ кæныны фадат куы нæ уа, уæд сæ бон у райсын æмбæлгæ гæххæтт — больничный лист кæй фæхонынц, уый, фехъусын кодта «Сапæ»-йæн фæллойы æмæ социалон хъахъхъæнынады министр Гаглойты Олег.
Дыццæджы, 25 февралы, республикæйы скъолаты æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты фæдæргъвæтин кодтой карантин — ахæсдзæн 1 мартъимæ. Уый аххосæй бирæ ныййаржыты бахъæуы куыстæй сæхи ракурын, цæмæй хæдзары сæ сывæллæттимæ æрлæууой. Гаглойты Олегы ныхæстæм гæсгæ, министрадмæ ныридæгæн дæр цалдæр хатты æрбадзырдтой, ахæм уавæрты куыд кæнгæ у, уый базоныны тыххæй.
➡️ Югосетпортребнадзоры уынаффæмæ гæсгæ карантин снысан кодтой 19-25 февральмæ. Уый баст у, грипп æмæ респираторон низтæй рынчынты нымæц кæй фæфылдæр, уыимæ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Дыццæджы, 25 февралы, республикæйы скъолаты æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты фæдæргъвæтин кодтой карантин — ахæсдзæн 1 мартъимæ. Уый аххосæй бирæ ныййаржыты бахъæуы куыстæй сæхи ракурын, цæмæй хæдзары сæ сывæллæттимæ æрлæууой. Гаглойты Олегы ныхæстæм гæсгæ, министрадмæ ныридæгæн дæр цалдæр хатты æрбадзырдтой, ахæм уавæрты куыд кæнгæ у, уый базоныны тыххæй.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Тиволи Парк»-ы æхстыты фæстæ пъæлицæ агуры Октябрьскæйы цæрæджы
🔻 Цæгат Ирыстоны барадхъахъхъæнджытæ агурынц, Дзуарыхъæуы рестораны цы хыл рауад, уый архайджытæй иуы – 29-аздзыд Г. Севостьяны. Нæлгоймаг цалдæр хатты уыдис ахст: давыны, хыл къахыны, хæцæнгарз дарыны æмæ искæй æнæниздзинадæн барæй разиан кæныны тыххæй.
«Сапæ» куыд фыста, афтæмæй «Тиволи Парк»-ы æхстыты фæстæ æрцахстой Джакойы фыдгæнджыты къорды раздæры уæнг Б. Таймуразы. Уый фæхыл хъахъхъæнæгимæ.
Хабар æрцыд 24 февралы æхсæв. Рестораны йæ райгуырæн бон бæрæг кодта регионы раздæры разамонæджы чызг Æгъуызарты Дианæ. Развæлгъау информацимæ гæсгæ, быцæу ракъахтой йæ уазджытæ. Уыцы быцæу расайдта стыр хылмæ. Уазджытæй иу цалдæр хатты фехста уæлдæфмæ, загъд-заманайы архайджыты баиргъæвынмæ чи хъавыд, уыцы хъахъхъæнæгæн та ныппырх кодтой йæ цæсгом.
➡️ Цæгат Ирыстоны пъæлицæ байгом кодта уголовон хъуыддаг.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
«Сапæ» куыд фыста, афтæмæй «Тиволи Парк»-ы æхстыты фæстæ æрцахстой Джакойы фыдгæнджыты къорды раздæры уæнг Б. Таймуразы. Уый фæхыл хъахъхъæнæгимæ.
Хабар æрцыд 24 февралы æхсæв. Рестораны йæ райгуырæн бон бæрæг кодта регионы раздæры разамонæджы чызг Æгъуызарты Дианæ. Развæлгъау информацимæ гæсгæ, быцæу ракъахтой йæ уазджытæ. Уыцы быцæу расайдта стыр хылмæ. Уазджытæй иу цалдæр хатты фехста уæлдæфмæ, загъд-заманайы архайджыты баиргъæвынмæ чи хъавыд, уыцы хъахъхъæнæгæн та ныппырх кодтой йæ цæсгом.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цыппар азы размӕ цы фӕндагон фыдбылыз ӕрцыд, уый тыххӕй Цӕгат Ирыстоны мидхъуыддӕгты министры раздӕры хӕдивӕгыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг
🔻 51-аздзыд мидхъуыддӕгты министры раздӕры хӕдивӕг, булкъон Альберт Сабанаевы азымджын кӕнынц йӕ барты сӕрты ахизынӕй.
Слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, 2020 азы Hyundai Santa Fe-йыл цӕугӕйӕ йӕ машинӕмӕ нӕ сарӕхст ӕмӕ Зилгӕйы бахауд фӕндагон фыдбылызы. Уӕд куыста ӕхсӕнадон фӕткӕвӕрд хъахъхъӕнӕг пъӕлицӕйы хицауы хӕдивӕгӕй.
Фӕндагон фыдбылызы бынатмӕ чи ӕрбацыд, уыцы инспектортӕн гӕххӕттытӕм бахӕссын кодта мӕнг бӕрӕггӕнӕнтӕ, стӕй, машинӕ ӕндӕр адӕймаг кӕй тардта, уый. Фыдбылызы аххосджыныл ӕндӕр машинӕйы хицауы банымадтой.
➡️ Мидхъуыддӕгты министры хӕдивӕгӕй Альберт Сабанаевы сфидар кодтой 2022 азы октябры. 2024 азы йæ систой йæ куысты бынатæй, ӕмбӕлгӕ азтӕ кӕй бакуыста, уый тыххӕй.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, 2020 азы Hyundai Santa Fe-йыл цӕугӕйӕ йӕ машинӕмӕ нӕ сарӕхст ӕмӕ Зилгӕйы бахауд фӕндагон фыдбылызы. Уӕд куыста ӕхсӕнадон фӕткӕвӕрд хъахъхъӕнӕг пъӕлицӕйы хицауы хӕдивӕгӕй.
Фӕндагон фыдбылызы бынатмӕ чи ӕрбацыд, уыцы инспектортӕн гӕххӕттытӕм бахӕссын кодта мӕнг бӕрӕггӕнӕнтӕ, стӕй, машинӕ ӕндӕр адӕймаг кӕй тардта, уый. Фыдбылызы аххосджыныл ӕндӕр машинӕйы хицауы банымадтой.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дзæуджыхъæуæй «Мамысон»-мæ райдайдзæн автобус цæуын
🔻 Автобус цæудзæн Пушкины уынгæй æрвыл бон дæр 9:00 æмæ 16:00 сахатыл. Фæстæмæ-иу раздæхдзæн 12:00 æмæ 18:00 сахатыл. Уый тыххæй «Сапæ»-йæн фехъусын кодтой фæндагон инфраструктурæ æмæ транспорты комитеты.
💬 «Автобус-иу йæ фæндаг акæндзæн раздæры кинотеатр "Дружба"-йы уылты. Уырдыгæй Марковы уынгыл цæудзæн æфсæнвæндагон вокзалмæ æмæ Алагиры автовокзалмæ. Уый фæстæ та-иу ацæудзæн хæххон курортмæ», — радзырдтой ведомствойы.
Нырма автобус кусдзæн фæлварæн режимы. Адæм æй куыд агурой, уымæ гæсгæ йын фæстæдæр араздзысты йæ график æмæ куы бахъæуа, уæд ивдзысты ацы маршрутыл цæуæг транспорты бæрц.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Нырма автобус кусдзæн фæлварæн режимы. Адæм æй куыд агурой, уымæ гæсгæ йын фæстæдæр араздзысты йæ график æмæ куы бахъæуа, уæд ивдзысты ацы маршрутыл цæуæг транспорты бæрц.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Æрмæст йæ хъуын нæ, фæлæ йæ царм дæр хъулæттæ кæцы цæрæгойæн у?
Anonymous Quiz
49%
Зебрæйæн
26%
Жирафæн
21%
Тигрæн
4%
Пандæйæн
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — саргъ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цæгат Ирыстоны æхсæз цæрæджы æрцахстой телефонæй цæстфæлдахæн миты тыххæй
🔻 Цæстфæлдахджыты къорд Мæскуы æмæ Калугæйы облæсты цæрджыты сайдта уыцы иу схемæмæ гæсгæ. «Сапæ» куыд базыдта, афтæмæй фарон фæззæджы фæлитойтæ медицинон полисы кæнæ чырæ бастдзинады операторимæ бадзырд фæдæргъвæтин кæныны æфсонæй дзырдтой адæммæ. Уый фæстæ-иу сæ æхца расайдтой.
Цæрджытæн æмбарын кодтой, се 'хца сæ æдас хыгъдтæм ракæнын кæй хъæуы. Кæй уырныдта, уыдон-иу сын радтой 100 мин сомæй 9 милуан сомы онг. Ныридæгæн барадхъахъхъæнджытæ ссардтой æппынкъаддæр æхсæз ахæм адæймаджы. Цы зиан баййæфтой, уый 19 милуан сомæй фылдæр у. Æхца-иу арвыстой цæстфæлдахджыты хыгъдтæм кæнæ та-иу сæ курьермæ радтой.
Иу нæлгоймаджы та кæронмæ асайын сæ бон нæ баци. Дзырдтой йын, цæмæй банчы кредит райса, фæлæ сын фæстагмæ не сразы.
➡️ «Сапæ» куыд базыдта, афтæмæй сайæн миты азымджын кæнынц, 19-æй 23 азы онг кæуыл цæуы, авд ахæм лæппуйы. Уыдонæй æхсæз цæрынц Цæгат Ирыстоны, иу та — Ленинграды облæсты. Се 'ппæт дæр сты хæдзары ахст. Пъæлицæ куыд зæгъы, афтæмæй сын, гæнæн ис, æмæ уыдаид æндæр хъузæттæ дæр.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Цæрджытæн æмбарын кодтой, се 'хца сæ æдас хыгъдтæм ракæнын кæй хъæуы. Кæй уырныдта, уыдон-иу сын радтой 100 мин сомæй 9 милуан сомы онг. Ныридæгæн барадхъахъхъæнджытæ ссардтой æппынкъаддæр æхсæз ахæм адæймаджы. Цы зиан баййæфтой, уый 19 милуан сомæй фылдæр у. Æхца-иу арвыстой цæстфæлдахджыты хыгъдтæм кæнæ та-иу сæ курьермæ радтой.
Иу нæлгоймаджы та кæронмæ асайын сæ бон нæ баци. Дзырдтой йын, цæмæй банчы кредит райса, фæлæ сын фæстагмæ не сразы.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Мӕздӕджы куыдздоны ӕхсӕз мӕйӕ фылдӕр уӕгъд бынат нӕй
🔻 Ныртӕккӕ дзы ис 60 вольеры, алкӕм дӕр дзы — 2-3 куыдзы. Организацийы кусджытӕ «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдтой, афтӕмӕй сӕм июнӕй уӕгъд бынат нӕй.
💬 «Ома, стерилизацийы фӕстӕ куыдзы куы ауадзӕм, уӕд уайтагъд йӕ бынатмӕ ног райсӕм. Районы цас дзӕгъӕл куыйтӕ ис, уыйбӕрц бынӕттӕ нӕм нӕй», — зӕгъынц кусджытӕ.
Районы администрацийы хъусынгӕнинагмӕ гӕсгӕ, ацы аз ӕхца радих кодтой, куыдздон ныр куыд у, уымӕн. Йӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕныныл ныхас нӕ цӕуы.
Куыдздоны кусджытӕ ма ӕййафынц иу зындзинад: куыйты куы фӕахсынц, уӕд сын цӕрджытӕ арӕх цӕлхдуртӕ февӕрынц.
💬 «Раст зӕгъгӕйӕ, раздӕр нӕ ацы фарста ноджы фылдӕр къуылымпы кодта. Суанг ма-иу немӕ участокмӕ цӕстдарӕг пъӕлицӕйаджы раластам. Ныр уавӕр фӕхуыздӕр. Фӕлӕ уӕддӕр бирӕтӕ ныхмӕ вӕййынц. Ӕмбарӕм ӕй, ныртӕккӕ нӕ куыст, чи зоны, нӕ ахады. Фыццаг бӕрӕггӕнӕнтӕ ирдæй иу-ӕртӕ азы фӕстӕ разындзысты», — зӕгъынц куыдздоны специалисттӕ.
➡️ «Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй куыйтӕн фыццаг бынӕттӕ скодтой фарон майы. Куыдздоны арӕзтадыл республикæйы ӕмӕ районы бюджеттӕй схардз кодтой 28 милуан сомы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Районы администрацийы хъусынгӕнинагмӕ гӕсгӕ, ацы аз ӕхца радих кодтой, куыдздон ныр куыд у, уымӕн. Йӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕныныл ныхас нӕ цӕуы.
Куыдздоны кусджытӕ ма ӕййафынц иу зындзинад: куыйты куы фӕахсынц, уӕд сын цӕрджытӕ арӕх цӕлхдуртӕ февӕрынц.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстоны сбӕрӕг кодтой Джусойты Нафийы 100 азы
🔻 Стыр ахуыргонд, ирон ӕвзаг иртасӕг, фыссӕг, поэт йӕ адӕмӕн бирæ бынтӕ ныууагъта. Наукӕмӕ цы ӕвӕрӕн бахаста, уый та истӕимӕ абарын дӕр зын у. Ӕрныхас сыл кодтой абон дӕр ХУПУ-йы зонадон конференцийы. Ахуыргӕнӕндоны чиныгдоны та байгом кодтой Нафийы номыл ӕппынӕдзух кусӕг экспозици.
Стендтыл равӕрдтой йӕ чингуытӕ, критикон уацмыстӕ, Нафийы тыххӕй газетты ӕмӕ журналты ӕрмӕджытӕ. Библиотекӕйы хицау Цхуырбаты Фатимӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Нафийы юбилейы агъоммӕ равдыст фенынмӕ уӕлдай бирӕ адӕм ӕрбацӕуы.
💬 «Ацы бӕрӕгбонмӕ сӕхи бирӕтӕ цӕттӕ кодтой æмæ, ай-гъайдæр, агуырдтой Нафийы фыст уацмыстӕ, ууыл фыст ӕрмӕджытӕ. Ахуыр сӕ кӕнынц, фыссынц докладтӕ, кӕсынц сӕ», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Цхуырбаты Фатимӕ.
Куыд зӕгъы, афтӕмӕй-иу сӕм Нафи дӕр арӕх фæуазӕг. Пайда кодта чиныгдоны ӕвӕрӕнтӕй, йӕхи ӕрмӕджытӕ ӕмӕ чингуытӕ-иу сын балӕвар кодта. Фатимӕ бавæрдта, Нафи йӕхи къухӕй цы курдиат ныффыста, уый — цӕмӕй йын йæ чингутӕй цалдæр экземпляры радтой, уый тыххӕй.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Стендтыл равӕрдтой йӕ чингуытӕ, критикон уацмыстӕ, Нафийы тыххӕй газетты ӕмӕ журналты ӕрмӕджытӕ. Библиотекӕйы хицау Цхуырбаты Фатимӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Нафийы юбилейы агъоммӕ равдыст фенынмӕ уӕлдай бирӕ адӕм ӕрбацӕуы.
Куыд зӕгъы, афтӕмӕй-иу сӕм Нафи дӕр арӕх фæуазӕг. Пайда кодта чиныгдоны ӕвӕрӕнтӕй, йӕхи ӕрмӕджытӕ ӕмӕ чингуытӕ-иу сын балӕвар кодта. Фатимӕ бавæрдта, Нафи йӕхи къухӕй цы курдиат ныффыста, уый — цӕмӕй йын йæ чингутӕй цалдæр экземпляры радтой, уый тыххӕй.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — дзынга.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Ирыстонӕй Иранмӕ ӕмӕ Араббаг эмираттӕм: Мӕздӕджы районы ссады куыстгӕнджытӕ сæ базайраг ласдзысты фӕсарӕйнаг бӕстӕтæм
🔻 Комаровойы нырккон технологитӕм гӕсгӕ кусӕг куырой фӕзынд фарон. Хор ӕм ласынц респуликӕйӕ ӕмӕ Стъараполы крайӕ. Ӕрыссынц дзы алы хуызы ссад, суанг ӕппӕты лыстӕг дӕр. Афӕдзмӕ куыстуаты бон баци фӕсарӕйнаг бӕстӕтимӕ ӕмгуыстады бадзырдтӕ саразын ӕмӕ ныр иннӕ бӕстӕтӕм арвитынц ссады 6 мин тоннæйы. Уый ӕрбаласӕггаг базайрагӕн у йӕ 70%. Ссад ласынц Араббаг эмираттӕ, Иран, Афганистан, Азербайджан, Узбекистан, Гуырдзы, Сомихмӕ.
Куырӕйтты комплексы хицау Андрей Узловенко «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй ныртӕккӕ ныхас кӕнынц Хуссар Ирыстонимӕ. Фӕлӕ сын сӕйрагдӕр у хи регионимӕ кусын.
💬 «Мӕздӕджы районы нын кусын ӕнцон у, ныхасгонд бирӕтимӕ стӕм. Дзӕуджыхъӕуимӕ зындӕр у. "Деликат", "Ника-7", "Мини чебуреки" мах ссадӕй архайынц. Иннӕтӕ зынтӕй разы кӕнынц. Мах сын ӕмбарын кӕнӕм, нӕ продукци гыццыл зынаргъдӕр уымӕн кæй у, ӕмӕ хӕрзхъӕддӕр у. Зӕгъӕм, Дзӕуджыхъӕуы "Метро" не ссад нӕ исы, Пятигорскы "Метро" та исы», — зӕгъы куырӕйтты хицау.
Андрей Узловенко ма бафиппайдта, цӕмӕй базарады сӕ бынат ссарой, уый тыххӕй сӕ афӕдз кæй бахъуыд. 2025 азы та ма скусын кодтой ссад къоппыты ӕвӕрыны лини. Ныр сӕ бон уыдзӕн ссад 1, 2, 5 ӕмӕ 10 килӕйы дзӕкъулты уӕй кӕнын.
💬 «Нырма уал ссады куыст кӕндзыстӕм. Ацы аз фӕнд кӕнӕм йӕ ног хуызтӕ уадзын. Зӕгъӕм, пиццӕйӕн, круассантӕн, цъаргай чи у, ахӕм», — фидӕнмӕ нысанты тыххӕй радзырдта куырӕйтты комплексы хицау.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Куырӕйтты комплексы хицау Андрей Узловенко «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй ныртӕккӕ ныхас кӕнынц Хуссар Ирыстонимӕ. Фӕлӕ сын сӕйрагдӕр у хи регионимӕ кусын.
Андрей Узловенко ма бафиппайдта, цӕмӕй базарады сӕ бынат ссарой, уый тыххӕй сӕ афӕдз кæй бахъуыд. 2025 азы та ма скусын кодтой ссад къоппыты ӕвӕрыны лини. Ныр сӕ бон уыдзӕн ссад 1, 2, 5 ӕмӕ 10 килӕйы дзӕкъулты уӕй кӕнын.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Къахдзоныгътыл бырынӕн хӕххон курорт Ручъы 1 мартъийӕ цӕттӕ у уазджытӕм
🔻 Иуцасдӕр рӕстӕг курортмӕ фӕндаг уыд ӕхгӕд. Тӕссаг дзы уыд зӕйтӕ рацӕуынӕй. Специалисттӕ ӕхстой хохы фæхстӕ ӕмӕ сӕ тыхӕй ӕрцӕуын кодтой. Ныр фӕндагыл алкӕй бон дӕр у ӕдасӕй цӕуын. 1 мартъийы курорт ногӕй скусдзӕн. Къахдзоныгътыл бырын чи уарзы, уыдоны 'рцыдмӕ сты цӕттӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
1 мартъийы йӕ тыхы бацӕудзӕн сывӕллӕттӕн энергетиктӕ уӕй кӕныны тыххӕй закъон
🔻 1 мартъийӕ фӕстӕмӕ сывӕллӕттӕн сӕ бон энергетиктӕ балхӕнын нал уыдзӕн. Уӕйгӕнджытӕн ис ӕвзонг адӕмӕй сӕ кар ӕвдисӕг гӕххӕттытӕ бацагурыны бар.
Роспотребнадзоры республикон управленийы «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдтой, афтӕмӕй ныр Цӕгат Ирыстонӕн бар ис йӕхи фӕтк сфидар кӕнынæн, уыимӕ сӕ уӕй кӕнӕн кӕм ис, уыцы бынӕттӕ снысан кæнынæн. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕ скъолатӕм, поликлиникӕтӕм, культурон ӕмӕ спортивон уагдӕттӕм хӕстӕг уӕй кӕнӕн ма уа.
💬 «Закъон бынӕттон хиуынаффӕйады оргӕнтӕн бар дӕтты, цӕмӕй сӕ ма уадзой уæй кæнын, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, уым. Сывӕллӕттӕн та сӕ уӕй кӕнӕн ӕппындӕр нӕй», — радзырдта Роспотребнадзоры фӕлхасгӕнджыты бартӕ хъахъхъӕнӕг хайады разамонӕг Плиты Аннӕ.
📄 Специалистты иртӕстытӕм гӕсгӕ, энергетиктӕ ӕнӕниздзинадыл ӕвзӕрырдӕм ахадынц. Фӕбӕрзонддӕр кӕнынц туджы ӕлхъывдад, расайынц къухты ӕмӕ кӕхты зыр-зырмӕ, адӕймаг мӕстыгӕр свӕййы, ӕвзӕр фӕфынӕй кӕны, суанг ма сӕрхӕндӕг вӕййы ӕмӕ йӕхимӕ хъусыныл фӕвӕййы. Бирӕ сӕ чи нуазы, уыдонмӕ фӕзынынц зӕрдӕйы ӕмӕ дадзинты низтӕ, сӕкӕрниз, райдайынц нард кӕнын.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Роспотребнадзоры республикон управленийы «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдтой, афтӕмӕй ныр Цӕгат Ирыстонӕн бар ис йӕхи фӕтк сфидар кӕнынæн, уыимӕ сӕ уӕй кӕнӕн кӕм ис, уыцы бынӕттӕ снысан кæнынæн. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕ скъолатӕм, поликлиникӕтӕм, культурон ӕмӕ спортивон уагдӕттӕм хӕстӕг уӕй кӕнӕн ма уа.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Адарддæр кæн æмбисонд: дæхи базонын дæ куы фæнда, уæд...
Anonymous Quiz
62%
Адæмы бафæрс
17%
Балцы ацу
9%
Дæ тасы сæрты ахиз
12%
Сабиимæ аныхас кæн
Сусæг-æргом хъæр
🔻 «Цы сусæг кæнон?» – ацы зарæг чи нæ фехъуыста, ахæм адæм стæм разындзæн Ирыстоны. Æдзух былалгъыл чи фæбады, уыцы зарæджы та арæх адæмоныл фæнымайынц. Ахæмæй агæпп ласта ацы зарæг дæр – чындздзон чызджы сагъæстæ чи æргом кæны, йæ райстбавæрд сæнтты уаз къуыммæ нæ чи хоны, уыцы зарæг. Фæлæ æрæджиау йæ автор сбæрæг – уый у Кировы районы цæрæг Дзиуаты Хадзыбечыр. Фæлæ куыд рауад афтæ, æмæ чызджы номæй сусæг уарзтыл зарæг ныффыста?
Иу бон ын Хадзымуссæйы хо Зæлухан дзуры:
– Иу лæппу мæ зæрдæмæ цæуы æмæ-ма йыл мæ номæй æмдзæвгæ ныффысс. Æз æй сахуыр кæндзынæн æмæ йæ фæндыры цагъдмæ зардзынæн. Ау, уæддæр мæ нæ бамбардзæн?
Хадзыбечыр сразы æмæ зарæг сцæттæ. Зæлуханы курджытæ бирæ уыд, фæлæ никæмæн разы кодта. Хадзыбечыр-иу æй хионау афарста, курæг дæ куы ис, уæд мой цæуылнæ кæныс, зæгъгæ. Чызг-иу ницы дзуапп радта, æрмæст-иу бахудт æмæ-иу йæ цæстытæ æруагъта.
Хадзыбечырмæ хæдзары фæкæсæг нæ уыд æмæ хæрзæрыгонæй бинонты хъуыддаг бакодта. Чындзæхсæвы фæстæ Зæлуханмæ бауад, æнхъæл уыд, йæ циныл ын бацин кæндзæн. Фæлæ чызгæн йæ хуыз фæцыд, афтæмæй йæ баййæфта.
– Исты 'рцыди, æнкъард цæмæн дæ?
– Æрцыди, æрцыди. Кæуыл зарыдтæн, уыцы иунæг уарзон ус æрхаста.
– Чи уыди?
– Ды.
Æрмæст уæд бамбæрста Хадзыбечыр, йæхæдæг кæй уыди зарæджы сæр.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Уый уыдис 1946 азы, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ. Хадзыбечыр йæ хæдзарыл сæмбæлдис рынчын æмæ цæфтæй. Сæ уарзон сыхæгты лæппу, йе 'мгар Хадзымуссæ та йæ уæзæгмæ нал сыздæхт. Сæ фыдтæ иу рæстæджы амардысты – 1928 азы, дыууæ бинонтæ сæ хæдзардарджытæй афтид абадтысты. Уыцы зынвадат сын сæ мадæлты ноджы æрбангом кодта, æнæ кæрæдзи къæбæр нал хордтой. Кæимæ схъомыл, уыцы лæппу æнустæм бамыр, Дзиуайы-фырт та йæ хæстон фæндæгтыл фыста æмдзæвгæтæ. Иу бон ын Хадзымуссæйы хо Зæлухан дзуры:
– Иу лæппу мæ зæрдæмæ цæуы æмæ-ма йыл мæ номæй æмдзæвгæ ныффысс. Æз æй сахуыр кæндзынæн æмæ йæ фæндыры цагъдмæ зардзынæн. Ау, уæддæр мæ нæ бамбардзæн?
Хадзыбечыр сразы æмæ зарæг сцæттæ. Зæлуханы курджытæ бирæ уыд, фæлæ никæмæн разы кодта. Хадзыбечыр-иу æй хионау афарста, курæг дæ куы ис, уæд мой цæуылнæ кæныс, зæгъгæ. Чызг-иу ницы дзуапп радта, æрмæст-иу бахудт æмæ-иу йæ цæстытæ æруагъта.
Хадзыбечырмæ хæдзары фæкæсæг нæ уыд æмæ хæрзæрыгонæй бинонты хъуыддаг бакодта. Чындзæхсæвы фæстæ Зæлуханмæ бауад, æнхъæл уыд, йæ циныл ын бацин кæндзæн. Фæлæ чызгæн йæ хуыз фæцыд, афтæмæй йæ баййæфта.
– Исты 'рцыди, æнкъард цæмæн дæ?
– Æрцыди, æрцыди. Кæуыл зарыдтæн, уыцы иунæг уарзон ус æрхаста.
– Чи уыди?
– Ды.
Æрмæст уæд бамбæрста Хадзыбечыр, йæхæдæг кæй уыди зарæджы сæр.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — куырой.