1917 азы кæронмæ Уæрæсейы сконды кæцы горæт уыди?
Anonymous Quiz
64%
Хельсинки
13%
Осло
7%
Стокгольм
16%
Копенгаген
Дзӕуджыхъӕу ӕрӕхгӕндзӕн тӕрккъӕвда ӕмӕ кӕндзӕн тыхджын дымгӕ
🔻 Ныридӕгӕн иуӕй-иу районты рухс ахуыссыд, Доваторы проспекты та бӕлӕстӕ ӕд бынтӕ ратыдта.
➡️ Ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрадӕй куыд хъусын кӕнынц, афтӕмӕй 14 июньмӕ кӕндзӕн тынг дымгӕ, уардзӕн, ранӕй-рӕтты ихимӕ. Дымгӕ кӕндзӕн секундмӕ 20-25 метры.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Хъомыладон куыст хъӕуы ӕви нӕ? Цавӕр хъуамӕ уа: фӕлмӕнӕй ӕви тыхӕй, хи дӕнцӕгыл ӕви дзургӕйӕ? Уый тыххӕй ныхас дӕргъвӕтин рауайдзӕн ӕмӕ алкӕмӕ йӕхи хъуыды уыдзӕн. Абон та уын ӕвдисӕм советон кинонывӕй скъуыддзаг. Хъомыладон куысты ирд дӕнцӕг.
#аивады_хӕзнадон
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
#аивады_хӕзнадон
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны цалдӕр районы цӕрджытӕ баззадысты ӕнӕ рухс ӕмӕ донӕй
🔻 Ахӕм уавӕры сты Горӕтгӕрон, Рахизфарсы, Алагиры, Ӕрыдоны, Дыгуры ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы иуӕй-иу районтӕ.
Доны хӕдзарады хъусынгӕнинагмӕ гӕсгӕ, дон нӕй, электрон тыхы телтӕ хъыгдард кӕй баййӕфтой, уый тыххӕй.
➡️ Коммуналон службӕтӕ кусынц уавӕр банывыл кӕныныл.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Доны хӕдзарады хъусынгӕнинагмӕ гӕсгӕ, дон нӕй, электрон тыхы телтӕ хъыгдард кӕй баййӕфтой, уый тыххӕй.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Беслӕны 5-уӕладзыгон хӕдзар ӕмӕ рӕвдауӕндон дих кӕнынц иу бацӕуӕн
🔻 Дзӕрӕхохы-фырты 43-æм хӕдзары ӕмӕ йӕ бакомкоммӕ сывӕллӕтты рӕвдауӕндонмӕ фӕндагыл ӕвӕрд ис шлагбаум. Сӕвӕрдтой йӕ, цӕмӕй дзы машинӕтӕ ма тӕрой ӕмӕ дзы хӕдзары кӕрты сывӕллӕттӕ ӕдасӕй хъазой. Цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ дзы фӕндагон фыдбылызтӕ ӕрцыд. 2011 азы та машинӕйы бын сывæллон фӕцӕйхауд.
💬 «Уый фӕстӕ цӕрджытимӕ сӕмбӕлдыстӕм ӕмӕ рахастам шлагбаум сӕвӕрыны уынаффӕ. Йе сфидар кӕныны размӕ та администрацимӕ бацыдыстӕм ӕмӕ нын загътой, ома, уӕхи кӕрт у, уӕ хӕдзар у ӕмӕ йын уӕхӕдӕг уынаффӕ кӕнут. Афтӕмӕй йӕ сӕвӕрдтам», — зӕгъы цӕрджытӕй иу Цӕллагты Алан.
Уыцы уынаффӕ рӕвдауӕндоны кусджыты ӕмӕ ныййарджыты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ сын шлагбаум рӕвдауӕндонмӕ фӕндаг ӕхгӕны ӕмӕ бахъуаджы сахат хъыгдардзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы службӕты.
💬 «Рӕвдауӕндонмӕ нӕм 234 сывӕллоны цӕуы, уыдонӕй 18, йе 'нӕниздзинад хъыгдард кӕмӕн у, ахӕмтӕ. Алкӕй бон нӕу йӕ кӕстӕры къухтыл хӕссын. Уымӕй уӕлдай ахуырадон уагдоны гидрант ӕвӕрд ис, шлагбаум та йӕ хъыгдаргӕ кӕны», — зӕгъы рӕвдауӕндоны сӕргълӕууӕг Ходы Раисӕ.
Хъомылгӕнджытӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй иу хатт зынгхуыссынгӕнджыты бахъуыд шлагбаум сӕттын, фӕлӕ та дзы фарон ног быру фӕзынд. Цӕрджытӕ фидарӕй зæгъынц, рӕвдауӕндонӕн ӕртӕ дӕгъӕлы кӕй радтынц, уый. Фӕлӕ ам сӕ ныхас кӕрӕдзиуыл нӕ бады.
▫️ Уавӕр аиуварс кӕнынӕн сӕ алкӕмӕ йӕхи хъуыдытӕ ис. Цӕрджытӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ рӕвдауӕндонмӕ бацӕуӕн ис иннӕрдыгӕй скӕнæн, уым дӕр ис кулдуар ӕмӕ бацӕуӕнтӕ. Ууылты йӕм ласынц хойраг ӕмӕ хъӕугӕ дзаумӕттӕ.
▫️ Рӕвдауӕндоны кусджытӕм хуыздӕр кӕсы шлагбаум айсын ӕмӕ дзы, «лежачий полицейский» кӕй хонынц, уыдон скӕнын. Уӕд машинӕтӕ сӕ цыд сабырдӕр кӕндзысты. Иу хъудымӕ сӕ бон ӕрцӕуын нӕу. Нӕдӕр сын прокуратурӕ, нӕдӕр бынӕттон хиуынаффӕйады оргӕнтӕ баххуыс кодтой.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Уыцы уынаффӕ рӕвдауӕндоны кусджыты ӕмӕ ныййарджыты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ сын шлагбаум рӕвдауӕндонмӕ фӕндаг ӕхгӕны ӕмӕ бахъуаджы сахат хъыгдардзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы службӕты.
Хъомылгӕнджытӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй иу хатт зынгхуыссынгӕнджыты бахъуыд шлагбаум сӕттын, фӕлӕ та дзы фарон ног быру фӕзынд. Цӕрджытӕ фидарӕй зæгъынц, рӕвдауӕндонӕн ӕртӕ дӕгъӕлы кӕй радтынц, уый. Фӕлӕ ам сӕ ныхас кӕрӕдзиуыл нӕ бады.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уарзондзинад — сæ царды режиссер
📄 1955 азы Мæскуыйы Аивадон академион театры арæзтой ирон студи — хъуамæ бацæттæ кодтаиккой артистты Хуссар Ирыстоны драмон театрæн. Уырдæм бахауыны охыл йе сфæлдыстадон хъару бавзарынмæ æрбацыд 17-аздзыд Дзбойты Зоя. Худæнбыл чызг разынд ирд курдиаты хицау æмæ йæ банымадтой аккагыл.
🔸 Студимæ ма айстой, йæ зарынмæ-иу хъусынтыл кæмæн фесты, кафынмæ дæсны чи уыд, суанг ма аив æхситт кæнын дæр чи зыдта, иу ахæм лæппуйы — Годжыцаты Исахъы. Цыдис ыл 26 азы. Уыдис рæдау, хæларзæрдæ, хъæлдзæг, цыргъзонд. Зоя сæрыстыр сусæг уарзтæй бауарзта Исахъы. Уымæн та йæ зæрдæ æндæримæ дзырдта — Исахъæн йæ хатæны къулыл конд уыд йæ уарзон чызджы ныв. Фæстæдæр уыцы портрет айста: чызг æм нæ банхъæлмæ каст æмæ смой кодта.
💬 «Уый базонгæйæ дæр æм æввахс нæ цыдтæн, — мысыд йæ интервьюйы Зоя, — цæмæй афтæ ма банхъæла, æмæ иугæр сæрибар у, уæд мæ фæнды, æмæ мыл йæ цæст æрæвæра».
1961 азы фесты сæ ахуыр студийы æмæ баиу кодтой сæ цард. Нырма куыстой Хуссар Ирыстоны, уый фæстæ раивтой Дзæуджыхъæумæ. Иумæ хъазыдысты спектальты дæр, кинонывты дæр. Исахъы амæлæты фæстæ та Зоя архайдта йæ мойы ном сæнусон кæныныл.
💬 «Исахъ мын царды бирæ радта. Æппынæдзух йæхиуыл куыста, рæзыд, æмæ æз дæр йæ фæдыл цæуыныл архайдтон. Исахъ уыдис æрхъуыдыджын, уарзæгой цардæмбал, фæлмæн, хуымæтæг адæймаг. Исахъ мæнæн уыдис æппæт дæр — ме 'нцой, мæ хæлар. Абон бирæ æвзонг сылгоймæгтæ нæлгоймагæн йæ лæвæрттæм гæсгæ аргъ кæнынц, уыдон нымайынц уарзты æвдисæныл. Мах рæстæджы афтæ нæ уыд. Цæй лæвæрттæ? Мæгуыр цардыстæм, нæ къухтæм æмхасæнтæ кодтам», — мысыд Дзбойты Зоя.
Кæд сын цот нæ уыд, уæддæр сæ рæвдыд бирæтæ зыдтой, сæ уды хъарм тауынæй никуы бафæлладысты. Æмæ сын адæмон артистты нæмттæ хуымæтæджы нæ радтой — адæмы хорзæхæй хайджын уыдысты. Уый та цыфæнды хъæздыгдзинадæй зынаргъдæр у.
#таурӕгъ
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
1961 азы фесты сæ ахуыр студийы æмæ баиу кодтой сæ цард. Нырма куыстой Хуссар Ирыстоны, уый фæстæ раивтой Дзæуджыхъæумæ. Иумæ хъазыдысты спектальты дæр, кинонывты дæр. Исахъы амæлæты фæстæ та Зоя архайдта йæ мойы ном сæнусон кæныныл.
Кæд сын цот нæ уыд, уæддæр сæ рæвдыд бирæтæ зыдтой, сæ уды хъарм тауынæй никуы бафæлладысты. Æмæ сын адæмон артистты нæмттæ хуымæтæджы нæ радтой — адæмы хорзæхæй хайджын уыдысты. Уый та цыфæнды хъæздыгдзинадæй зынаргъдæр у.
#таурӕгъ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
#ӕмдзӕвгӕ
#цитатӕ
#зондджын_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Ацы мультипликацион киноныв ирон ӕвзагмӕ куы ратӕлмац кодтой, уӕд ӕм чи нӕ бакаст, ахӕм адӕймаг зын ссаргӕ у. Азтӕ рацыдысты, фӕлӕ раздӕрау худӕг ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ у.
Фыццаг хатт ӕм кӕд бакастыстут, уый уӕ чи хъуыды кӕны?