Telegram Group & Telegram Channel
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Арвыкомы фӕндаг у ӕхгӕд, Уӕллаг Ларсы сӕмбырд мингай адӕм

🔻Контролон-уадзӕн пункт дыккаг бон у ӕхгӕд. Уӕзласӕн машинӕты рад райдайы Балтайы, рог хӕдтулгӕты рад та — Цымийы, ӕмӕ адӕмӕй иуы бон дӕр зæгъын нӕу, арӕн кӕд байгом уыдзӕн, уый.

💬 «Нӕдӕр бастдзинад, нӕдӕр исты информацион бюро. Кӕмӕфӕнды ма бацæуай — ничи ницы зоны, хъыгагӕн. Ӕнхъӕлмӕ уал кӕсӕм. Нӕ зонын, цас ӕнхъӕлмӕ кӕсын ма нӕ бахъӕудзӕн», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Заза Чежия.

Заза цӕры Саратовы, кусы дзы ӕфсӕнвӕндагыл. Афӕдз иу хатт ӕнӕмӕнг фӕцӕуы йӕ мадмӕ Гуырдзыстонмӕ, Зугдидимӕ. Арӕхдӕр цӕуын ын нӕ уайы. Фӕлӕ ацы аз ӕрдз йӕхи уынаффӕ бакодта ӕмӕ, чи зоны, ныр дӕр йӕ йӕ фӕнд ма сӕххӕст уа.

💬 «Сом сихормӕ — ӕппынфӕстаг 15 сахатмӕ — фӕндаг куы нӕ байгом кӕной, уӕд мын фӕстӕмӕ цӕугӕ уыдзӕн. Кӕннод хӕдзармӕ афоныл нӕ бахӕццӕ уыдзынӕн. Уымӕн ӕмӕ ма мӕ Тбилисӕй Зугдидимӕ суткӕйы бӕрц цӕуын хъӕуы. Мӕ мад мӕм фӕхӕрам уыдзӕн, фӕлӕ цы кӕнон», — дзуры Заза.

Жумахан Ергалиев та у Казахстанӕй. Тынг ӕй фӕндыд йӕ гуырӕн бон Гуырдзыйы сбӕрӕг кӕнын. Фӕлӕ уал йӕ бон хъармгӕнӕн пунктæй дарддӕр ацӕуын нӕу. Арӕны цур чи ис, уыдонӕн хъармгӕнӕн бынат бацӕттӕ кодта ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрад. Адӕмы бон дзы у цай, къофи бацымын.

«Иннӕбон мӕ гуырӕн бон у. Уарзын алы бӕстӕтӕм цӕуын, сӕ ӕрдзмӕ кӕсын, сӕ рӕсугъд бынӕттӕм. Ацы хатт мӕ фӕндыд Гуырдзыстон бабӕрӕг кӕнын.Фӕлӕ арӕн куы нӕ байгом кӕной, уӕд ӕй Ирыстоны сбӕрӕг кӕндзынӕн», — дзуры Жумахан.

Зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрад цы дыууӕ хъармгӕнӕн пункты сӕвӕрдта, уыдон се 'ппӕты фаг нӕ кӕнынц: æгӕр бирӕ адӕм дзы ис. Рады лӕууӕг сылгоймӕгты та бахъӕуы пункттӕм дардӕй цӕуын.

💬 «Иу цатыр дзы куы сӕвӕрдтаиккой 50-100 адӕймагӕн, уӕд хорз уыдаид. Цӕмӕй адӕймаджы бон ӕрхуыссын уа, йӕхи ахъарм кӕнын. Машинӕты ныр цал боны стӕм. Ныр дыууӕ суткӕйы стӕм ам. Æмæ дзы уӕддӕр къуындӕг у, пункты хуызӕн нӕ. Фӕлӕ уый дӕр нӕ фаг кӕны. Адӕм бирӕ сӕмбырд, бынат та нӕй», — хъаст кӕны Жумахан.

➡️ Зӕгъдзыстӕм ма уый дӕр, ӕмӕ ӕрдзон уавӕртӕ кӕй аивтой, уый аххосӕй Арвыкомы фӕндаг 26 ноябрӕй у ӕхгӕд.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM

group-telegram.com/ironsapa/2319
Create:
Last Update:

BY СапÆ

Warning: Undefined variable $i in /var/www/group-telegram/post.php on line 260

Share with your friend now:
group-telegram.com/ironsapa/2319

View MORE
Open in Telegram

Telegram | DID YOU KNOW?

Date: |

Multiple pro-Kremlin media figures circulated the post's false claims, including prominent Russian journalist Vladimir Soloviev and the state-controlled Russian outlet RT, according to the DFR Lab's report. As such, the SC would like to remind investors to always exercise caution when evaluating investment opportunities, especially those promising unrealistically high returns with little or no risk. Investors should also never deposit money into someone’s personal bank account if instructed. Telegram users are able to send files of any type up to 2GB each and access them from any device, with no limit on cloud storage, which has made downloading files more popular on the platform. Stocks closed in the red Friday as investors weighed upbeat remarks from Russian President Vladimir Putin about diplomatic discussions with Ukraine against a weaker-than-expected print on U.S. consumer sentiment. Ukrainian forces successfully attacked Russian vehicles in the capital city of Kyiv thanks to a public tip made through the encrypted messaging app Telegram, Ukraine's top law-enforcement agency said on Tuesday.
from sg

Telegram СапÆ
FROM American