group-telegram.com/sogu_news/7885
Last Update:
Премьера стихотворения о Нафи Джусойты и Шамиле Джикаеве состоялась сегодня на конференции. Написала его член Союза писателей России, поэт, переводчик Залина Басиева.
Приглашаем всех познакомиться с прекрасными строками
Джусойты Нафи æмæ Джыккайты Шамилы ном арæн æмдзæвгæ
Нысан ис алцæмæн дæр царды,
Зæххон лæг дзæгъæлы нæ гуыры.
Цы дуг у стыр лæгтæй нымады,
Нæ вæййы уымæн тас мæгуырæй.
Нæ уарзон Иры зæхх, дæ риуыл
Ныфсджын, нæртон поэтты схастай.
Фæлæ Нафи æмæ Шамилы,
Æдзух уæлдай фылдæр ды уарзтай.
Уæлдай фылдæр сæ уарзта лирæ,
Æргом, сыгъдæг дзырды фæтæгты,
Уæлвонг поэзийы хæстонты,
Рæстдзырд Нафи æмæ Шамилы.
О, базырджын табуйаг дзырд,
Дæуæн лæггадгæнæг уыдысты.
Дæ рухс сын фарны рухсау уыд,
Сæ удтæ тар æхсæв сыгъдысты
Цырагъау Хуссарæй Цæгатмæ
Уæлкурдиаты æнусон арты,
Ирон поэзийы цæхæры…
Фæлæ поэт, поэт нæ мæлы….
Æмæ дыууæ æртуд цæргæсы
Ирыстоны зæхмæ фæлгæсынц,
Бæрзæнддæй хъахъхъæнынц йæ фарн-
Фыдрæстæгæй æмæ тымыгьтæй,
Ныр дæр æххæстгæнгæ уæлæрвтæй
Сæ базырджын зæххон нысан.
#СОГУ #Осетия #Владикавказ