Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Зын зæгъæн у Рекомы хъомыс цæуыл не `ххæссы, уый. Тыхджын дзуармæ кувæн бонты та адæм ногæй цæудзысты сæхи фæдзæхсынмæ. Куыд æм цæттæ кæнын хъæуы, уый фæдыл у ÆÆЗ «Аланты Ныхас»-ы сæрдары хæдивæг Дзæгъойты Вячеславы раныхас!
Ацы сахат ÆÆЗ «Аланты Ныхас»-ы цæуы координацион Советы æмбырд. Архайынц дзы Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ. Боны фæткы ис 5 фарсты! Æмбырд райдыдта ирон æвзаджы райрæзтмæ стыр æвæрæн чи хæссы уыцы адæмæн арфæтæй! Уыдоны ‘хсæн УФ фысджыты Цæдисы уæнг Баситы Зæлинæ. Зæлинæ ирон æвзагмæ стæлмац кодта зындгонд зарджытæ.
Координацион Советы ахсджиаг фарстатæй иу «РЦИ-Аланийы Паддзахадон æвзæгты фæдыл» закъоны проект. Мыггæты комитет ацы куыстмæ цы стыр æвæрæн бахаста, уый фæдыл раныхас кодта координацион Советы уæнг Цгъойты Тамерлан. Фæнысан кодта РЦИ—Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйло ацы фартайы фæдыл кæй фембæлд ÆÆЗ «Аланты Ныхас»-ы сæрдар Фриаты Хъазыбегимæ. Фæлæ фарста нырма у гом. Æнхъæлмæ кæсдзыстæм закъон йæ тыхы кæд бацæуздæн уымæ. Боны дæргъы ратдзыстæм раныхасæй скъуыддзæгтæ!
Кæм хъуамæ базона сывæллон ирон æвзаг? Ацы фарст тыхсын кæны Алагиры районы минæвар Цогойты Тамерланы!