Telegram Group Search
Газеты рæдыд куыд бахъахъхъæдта иу цард
#Цымыдисон_цау

1992 азы 29 май у Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы ахсджиагдæр бонтæй иу.

Уыцы бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Совет, 1992 азы 19 январы референдумы фæстиуджытæ бахынцгæйæ, адæмы фæндон царды æрфидар кæныны, æмæ æдасдзинад сифтонг кæныны тыххæй райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны Акт. Ацы ахсджиаг
БОКС
#Спорт

Чиколайы уагъд æрцыд турнир боксæй. Уым хайад райстой хуссарирыстойнаг æвзонг боксертæ. Бантыст сын 8 майданы рамбулын. Ерысты уæлахиздзаутæ систы Кокойты Ричард (44 кг), Зассеты Георги (48 кг) æмæ Бекъойты Шамиль (52 кг). Дыккаг бынат бацахста Коцты Сæрмæт (54 кг). Æртыккаг бынæттыл та ацыдысты Æлборты Арик (38 кг),…
Шахматон клубы ауагътой ерыстæ ветеранты ‘хсæн
#Спорт

Куыд зонæм, афтæмæй нæ горæты уагдæтты æмæ скъолаты уагъд цыдысты дзæвгар мадзæлттæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы цытæн. Уыцы мадзæлтты активон хайад истой Цхинвалы горæты Ветеранты советы уæнгтæ дæр. Сæ раныхæсты нысанчындæуыд, фашистон Германы ныхмæ Советон Цæдисы адæмтæ хъазуатонæй кæй хæцыдысты æмæ уыцы уæззау тохты сæ къухы кæй
Уæ райсомтæ хорз, нæ зынаргъ адæм!

@XurZaerin
Æнæхицау хъæуы рувас - æлдар.☝️

Æнæфсис - бындурхор.

Æнæсæрст уæрдон хъинцъгæнаг вæййы.☝️

@XurZaerin
Нæ республикæйы уагъд цыдысты рог атлетикæйæ ерыстæ. Уым хайад истой Знауыры районы Мугуты хъæуы скъолайы æрыгон спортсментæ дæр. Призон бынæттæ дзы бацахстой ацы скъолайы æртæ ахуыргæнинаджы Гæбæраты Алан, Гаглойты Заур æмæ Бестауты Радион.
Спортсменты ерыстæм бацæттæ кодта сæ ахуыргæнæг Гаглойты Заур Герасимы фырт.

@XurZaerin
Цæмæй скъоладзауты фæлладуагъд зæрдæзæгъгæ уа…


Ахуыры аз кæронмæ куыд æрхæццæ, афтæ боны фæткы ногæй æр-
лæууыдысты скъоладзауты сæрдыгон фæлладуагъд æмæ æнæниздзинад фæфидардæр кæныны кампанимæ цæттæдзинады фарстатæ. Профилон ведомствæты минæвæртты докладтæм гæсгæ, скъолаты цур лагертæ æмæ æндæр фæлладуадзæн-дзæбæхгæнæн центртæ куыд кусдзысты, уый фæтк ныридæгæн бæлвырд у.

Куыд æрвылаз, афтæ ацы хатт дæр сывæллæтты сæрдыгон фæлладуагъды мадзæлттæ райдайдзысты 1 июны. Æнахъомты фæлладуадзæн æмæ æнæниздзинад фидардæр кæнæн кусæндæтты цæттæдзинады хъуыддаджы фыццаградон æргом здæхт цæуы санитарон сыгъдæгдзинады домæнтæм, зынгсирвæзтытæ æмæ æндæр æнæнхъæлæджы цаутæй æдасдзинады, лагерты хъомылгæнинæгтæм медицинон цæстдарды уагæвæрдтæм.

бæлвырддæр кæсут:https://rastdzinad.ru/2025/05/30/tsaemaej-skoladzauty-faelladuagd-zaerdaezaeggae-ua.html
Знон паддзахадон киноконцертон зал «Чермен»- ы уыд бӕрӕгбонон концерт, Республикӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады Акт райсыны боны фӕдыл. Концерты организатор уыд РХИ-йы Фӕсивӕды политикӕ ӕмӕ спорты фæдыл комитет.

Сценӕйӕ хъуыстысты ирон эстрадӕйы стъалыты зарджытæ– куыд Хуссар Ирыстонӕй, афтӕ Цӕгат Ирыстонӕй дӕр. Зарæггæнджыты хсæн уыдысты Бекъойты Вано, Гатыгкоты Нинæ, Хъесаты Илонæ, Хаситы Сослан æмæ бирæ æндæртæ.

@XurZaerin
Бæлвырд ныхас - ахадгæ фæндтæ

Уалдзæджы къæсæрыл Мæскуыйы уыд Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы æнæрадон съезд. Йæ куысты архайдтой ацы сфæлдыстадон артдзæстæн нæ бæстæйы регионты цы хайæдтæ ис, уыдоны сæргълæуджытæ æмæ уæнгтæ, нæ бæстæйы политикæйы, æхсæнады, æфсады, аивад æмæ культурæйы зындгонд минæвæрттæ. Нæ республикæйы Фысджыты цæдисæй съезды архайдта йæ сæрдар, филологон наукæты кандидат Хозиты Барис, æмæ журнал «Ирæф»-ы сæйраг редактор, поэт, прозаик, публицист Скъодтаты Эльбрус. Æрæджы мах фембæлдыстæм Барисимæ æмæ нын уый нæ фæрстытæн съезды фæдыл радта бæстон дзуæппытæ.
Далее
Ныр дыккæгæм бон РХИ-йы Культурӕйы министрады цур Хореографион скъола-студийы хъомылгæнинæгтæ хайад исынц «Артек»-ы сæдæ азы юбилейы цытæн цы мадзæлттæ цæттæ кæнынц, уыцы репетициты. Уый тыххæй фехъусын кодтой РХИ-йы Культурæйы министрады пресс-службæ.

Ансамбль «Кафт» хуынд æрцыдис юбилейон бæрæгбонмæ æмæ сæ æрæджы афæндараст кодтой Хъырыммæ.

Юбилейон бæрæгбонмæ æрцыдысты Мæскуы, Санкт-Петербург, Узбекистан, Хуссар Ирыстон æмæ æндæр регионты сфæлдыстадон коллективтæ. Уыдон нымæцы уæрæсейаг популярон коллектив «Непоседы», «Веселые человечки», ансамбль «Кафт» æмæ æндæртæ.

@XurZaerin
2025/05/31 00:51:48
Back to Top
HTML Embed Code: