Telegram Group Search
Зынгсирвæзты ныхмæ тохгæнджытæ
#Æхсæнад

Адæймаджы фæллой æмæ йын йæхи дæр зынгсирвæзтæй чи хъахъхъæнынц, уыдон сты зынгсирвæзты ныхмæ тохгæнæн хайадтæ æмæ сты куыд нæ горæты, афтæ республикæйы æртæ районы.

Нæ горæты уыцы хайад у иууыл стырдæр, æдæппæт дзы кусы 80 адæймаджы. Ацы хайад Цхинвалы горæты уæвынад кæны бирæ азты æмæ намысджынæй æххæст…
Зассеты Алан — Уæрæсейы чемпион
#Спорт

Хуссарирыстойнаг богал Зассеты Алан ссис гауызы дæсныты ‘хсæн Уæрæсейы чемпион. Ерыстæ уагъд цыдысты Смоленскы. Алан хæцыд 88 кг уæзы категорийы дивизион «А»-йы, цыран хæцынц 35-40-аздзыд спортсментæ. Зассейы фырт акодта æртæ тохы. Финалмæ цæугæйæ, цхинвайлаг рамбылдта Новосибирск æмæ Мæскуыйы областты минæвæртты. Финалы та тыхджындæр уыд бурятаг спортсменæй.

«Раст…
Демографион уавæр
#Æхсæнад

Абон нæ сæйрагдæр проблемæтæй иу у, цæрджыты нымæц кæй къаддæр кæны, уый. Æнусты сæрты рахызтыстæм, бахъахъхъæдтам не ‘взаг, нæ адæмы æмæ ныр знæгты фæндиаг куыд фæуæм. Хицауады исынц цахæмдæр мадзæлттæ, фæлæ къухты æнтыст не ‘фты. Куыд рабæрæг, афтæмæй хъæуты цæрджытæй мæлы 2-3 хатты фылдæр.

Æрæджы мæ райгуырæн…
Цæгат Ирыстоны
#Цæгат_Ирыстоны

ГОРÆТЫ АИВДЗИНАДÆН

Тагъд æмбæлон органтæ бахынцдзысты Дзæуджыхъæуы аивдзинады тыххæй хъæлæскæныны бæрæггæнæнтæ. Проект «Формирование комфортной городской среды», зæгъгæ, у æрвылазон, æмæ дзы хайад ра-йсынц кæй фæнды, уыдон се ‘ппæт дæр цыппæрдæс азæй уæлæмæ. Конкурс æрвылаз дæр арæзт æрцæуы парти «Иугонд Уæрæсе» æмæ Уæрæсейы Арæзтады министрады хъæппæрисæй. Йæ нысан…
В. Мединский: «Америкæйаг æхцатæ æрмæстдæр маргæ æмæ дæрæн кæнынц»
#Политикæ

Уæрæсейы президенты æххуысгæнæг Владимир Мединский уæрæсейаг-украинаг делегациты фембæлдты фæдыл радта интервью америкæйаг журналист Рик Санчесæн, кæцы ныридæгæн кусы телеканал RT-йы. Уый лæмбынæг æрдзырдта æппæт хъуыддæгтыл, суанг Сæрмагонд æфсæддон операцийы райдианæй абонмæ.

«Украинæйы хæстон архайдтытæ æруромын куы фæндыдаид, уынаффæтæ сæхæдæг куы хастаиккой æнæ кураторты амындæй, уæд 2022 азы…
Дохтыры аудгæ ахаст – рынчынæн æвдадзы хос
#Æхсæнад

Адæймаг куы фæтыхсы, уæд фыццаг ныфс кæмæй авæры, уый у дохтыр. Фыццаджыдæр дохтырмæ фæфæдис кæнæм, уый æххуысы руаджы слæууæм нæ къахыл. Уымæ гæсгæ ацы дæсныйад чи равзары, уый æнæмæнг хъуамæ уа æнкъараг, хæларзæрдæ, уа йын æнувыд ахаст рынчынтæм æмæ сæйраджыдæр та йæ дæсныйады фæдыл арф зонындзинæдтæ.

Нæ…
Литературон конкурс хид сарæзта цæгат æмæ хуссары ‘хсæн
#Конкурс

Ацы аз Джусойты Нафи æмæ Хаджеты Таймуразæн юбилейон аз кæй у, уый æгас Ирыстоны дæр зонынц. Дыууæ номдзыд æфсымæры лæггæдтæ æгæрон сты ирон аив дзырд æмæ мыхуыры раз. Цæрæнбонты æмгуыст фæкодтой журнал «Фидиуæг»-имæ дæр æмæ уый хынцгæйæ журналы редакци сæ рухс ном арыны цытæн æрæджы расидт литературон
Вашему вниманию представлены источники хотаносакского языка.

Хотаносакский язык – является одним из скифских языков, бытовавший в Хотанском оазисе, сегодня – это юго-запад Синьцзян-Уйгурского автономного округа Китайской Народной Республики.

Хотаносакский хорошо изучен и аттестирован в многочисленных сутрах, документах, включая разговорники и «Книгу Замбасты» на 200 листах, тюркско-хотаносакский словарь и т. д.

Это один из древнейших памятников северо-восточных иранских языков, который возводит ираноязычность скифо-сарматов в ранг аксиомы. Причем как западных скифов, так и восточных.
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Цыфæнды нырыккон модæ куы ныффидар уа, уæддæр ирон разгæмттæ сты иууыл аивдæр.

@XurZaerin
Forwarded from РИА Новости
Иранское агентство SNN публикует кадры из Тегерана после израильских ударов
«Барсалан» чемпион!

Анапӕйы ацыд Уӕрӕсейы Кубок футболӕй 2010-2011 азты гуырд ӕвзонг футболистты ‘хсӕн. Уый тыххæй хъусын кæнынц РХИ-йы Фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитеты пресс-службæйы.

Турнир арӕзт ӕрцыд Уӕрӕсейы Бон бӕрӕг кӕнынмӕ, уый уӕлдай ахадындзинад ӕмӕ бӕрӕгбонон атмосферӕ бафтыдта цауыл.

Бӕстӕйы алы регионты командӕтӕ тох кодтой хуыздӕрты ном райсыныл, фӕлӕ тыхджындӕр разынд «Барсалан» Хуссар Ирыстонӕй. Ӕвзонг футболисттӕ равдыстой ирд хъазт, дӕсныдзинад, уӕлахизмӕ фӕндон ӕмӕ командӕйы удыгъӕд.

«Барсалан»-ы уӕлахиз канд командӕйӕн нӕ уыд ӕнтыст, фӕлӕ ма уыд ахсджиаг цау Хуссар Ирыстоны ӕппӕт ӕвзонг футболӕн дӕр.

Организатортӕ, фарсхӕцджытӕ ӕмӕ архайджытӕ сбӕрӕг кодтой ерыстӕ аразыны бӕрзонд ӕмвӕзад ӕмӕ загътой сӕ ныфс, цӕмӕй дарддӕр рӕзой ахӕм турниртӕ.

@XurZaerin
2025/06/14 03:26:44
Back to Top
HTML Embed Code: