Telegram Group Search
Президент Гаглойты Алан арфæ ракодта Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн.

@XurZaerin
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта Паддзахадон æдасдзинады Комитет æмæ йæ кусджытæн раарфæ кодта сæ профессионалон бæрæгбон – ведомствойы сырæзты 33 азы боны фæдыл.

Нæ бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта ПÆК-ы бæрзонд рол Хуссар Ирыстоны æдасдзинад æмæ стабилондзинад ифтонг кæныны хъуыддаджы. Службæйы ветерантæ æмæ кусджытæн Президент арфæтæ ракодта Фыдыбæстæйæн бæрнонæй æмæ хиуыл æнæауæрдгæйæ кæй лæггад кæнынц , уый тыххæй.

@XurZaerin
🩺Мæскуыйы Бакулевы номыл зæрдæ-дадзинты хирургион центры специалисттæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн уадздзысты консультацитæ. Уый тыххæй хъусын кæнынц нæ республикæйы Хицауады пресс-службæйы.

Дохтыртæ 9-æм æмæ 10-æм июны исдзысты зæрдæнизтæ кæмæн ис, уыцы пациентты.
Специалисттæ басгардзысты сывæллæтты æмæ хистæр кары адæймæгты дæр.

@XurZaerin
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
«Мыстыты уынаффæ»
Ирон аргъау

Аудиосказку можно послушать на канале «Нанайы аргъаутта»
Книгу в бумажном варианте можно купить в книжных магазинах Владикавказа
Сæйраг историон бон
#Æрфарст

Абон Хуссар Ирыстон нысан кæны бæстæйы историйы иууыл сæйрагдæр паддзахадон бæрæгбон – Хæдбардзинад расидыны Акт. Цалынмæ ацы ахсджиаг бон не ‘рлæууыд, уæдмæ хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ бирæ зындзинæдтæ баййæфтой сыхаг паддзахады æрдыгæй. Ирыстоны æмбæстæгтæн ацы бон цы нысан кæны, уый фæдыл нын сæ хъуыдытæ радзырдтой:

Джиоты Мурат
Уæ куысты фæстиуджытæ комкоммæ æндавынц нæ республикæйыл
#Хорзæхтæ

Президент Гаглойты Алан знон арфæ ракодта бæстæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн.

Ацы бон 33 азы размæ 1992 азы бæстæйы цы æртæ паддзахадон органы сырæзтысты, уыдоны æхсæн уыд бæстæйæн ахсджиаг уагдон — Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад.

Бæстæйы разамонæг куыд банысан кодта,…
Дывæр æмбæстагдзинад – Уæрæсеимæ æнгомдæр уæвынмæ ахсджиаг къахдзæф
#Видеобастдзинад

2015 азы 18 марты Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæн Цæдисад æмæ интеграцийы тыххæй къухтæ цы бадзырдыл æрфыстæуыд, уым нысан сты ахсджиаг æхсæнпаддзахадон æмархайды фарстатæ. Бадзырды 6-æм статьяйы дзырд цæуы дывæр æмбæстагдзинады фарстытыл. Ацы ахсджиаг уагæвæрды реализаци, бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, фæстæ кодта.

Йæ реализацимæ æрæвнæлдæуыд, æрмæстдæр,…
Зонады хæрзиуæгæн, Ирыстон æмæ Уæрæсейы кадæн!
#Юбилей

Уæрæсейы зæххыл æмæ дард фæсарæнты дæр Ирыстоны кад бæрзонд чи систа, ирон сылгоймаджы ном аккагæй чи хæссы, йæ радтæг Ирыстонæн йе сгуыхтдзинæдтæй чи скад кодта, уыдонæй иу филологон зонæдты доктор, профессор, не ‘мбæстаг Джиоты Алеся Алыксандры чызг.

—————

Райгуырд 1955 азы 28 майы
Ирон адæм абон нысан кæнынц мæрдты бон - Зæрдæвæрæн,æнкъард æмæ цæсыгккалæн бон. Æрвыл аз дæр вæййы майы мæйы фæстаг цыппæрæмы. Афæдзы дæргъы чи амард уыдон ингæнтыл нæу зæлдæвæрæн,саив кæныны бон,цæмæй сыл хæмпæлгæрдæг ма æрзайа,ууыл бацархайыны бон.

Чырыстон динамонджытæ та ацы бон нымайынц аргъуаны бæрæгбоныл. Чырысти дам уæларвмæ йæ фыдмæ атахт ( Вознесение Господне ).

@XurZaerin
Йæ уды цин — адæмæн лæггад
#Не_хсæн_хорз_адæймæгтæ

Иры зæхх бæзнаг æмæ æлутон у, ис дзы фарн æмæ бæркад, рæдау у курдиатджын æмæ разагъды адæмæй. Уыдон сæ адæмæн лæггад кæнынц алы къабазы. Хорз лæгтæ æхсæнадæй хæс дарынц.

Æрдз царды бирæ хорзæхтæ кæмæн ратты, уый йæ разы стыр хæстæ æмæ бæрнондзинад æвæры. Ирыстоны æмæ Гуылæрты мыггаджы…
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран, Уæрæсейы Федерацийы Хъайтар, Стъараполы сæргълæууæджы хæдивæг Гуырцъиты Зауыр фæмард теракты абон.

Рухсаг у, Зауыр!

@XurZaerin
Фæсчъылдымы æнахъом фæллойгæнæг
#Стыр_Уæлахиз_80

Уæззау уыдысты советон адæмæн Фыдыбæстæйон Стыр хæсты азтæ, фæлæ нæ хъæбатыр æфсад немыцаг тыхæйисджытæн кодта сæрсæттæн цæф. Фæсчъылдымы чи баззад, уыдон ма уыдысты сылгоймæгтæ, зæрæдтæ æмæ сы-вæллæттæ æмæ се ‘ппæт дæр æмбæрстой, Райгуырæн бæстæ цы зын уавæры ис, уый. Зыдтой, ахæм тыхст дуджы кæрæдзийы фарсмæ ноджы æнгомдæр…
«Æхсæнад æмæ паддзахадæн – тæссаг»


«Информацион тыгъдады терроризмы идеологимæ ныхмæлæудыл æмæ экстремизм ма ’руадзыныл алывæрсыг куыст: уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг фæлтæрддзинад, ног фæрæзтæ æмæ хатдзæгтæ» – ахæм темæйыл наукон-практикон конференци цæуы ЦИПУ-йы. Йæ саразджытæ – РЦИ-Аланийы Национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министрад æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет.

Уæрæсе бирæнацион паддзахад кæй у, уымæ гæсгæ дзы фæзыны ныхмæлæудтытæ, историон, социалон-экономикон æмæ политикон разæууæлтæ кæмæн ис, ахæмтæ. Уыдоны фæстиуджытæ та сты терроризм, экстремизм, æхсæнад æмæ паддзахадæн тæссаг чи у, ахæм фæзындтытæ, уымæн æмæ, сæхи сæрмагонд идеологимæ гæсгæ, сæдæ, мингай адæмты сæртæ «разилын» кæнынц. Кæд комкоммæ нæ, уæддæр нырыккон информацион фæрæзты æххуысæй сæ ардауæн митæ кæнынц нацитæ æмæ динты ныхмæлæуды.

бæлвырддæр кæсут:https://rastdzinad.ru/2025/05/29/aehsaenad-aemae-paddzahadaen-taessag.html
Уазджытæ сæ цæст æрæвæрдтой «Импульс-А»-йыл
#Экономикæ

25-27 майы Минводы цыд Кавказы инвестицион форум. Форумы аразæг у фонд «Росконгресс» Уæрæсейы Федерацийы Экономикон рæзты министрады æххуысæй.

Хуссар Ирыстоны стендыл ацы аз æвæрд æрцыдысты дургуыстгæнæн, базальты, сæн, бæгæны æмæ консерваразæн заводты продукци.

Уазджытæ тынг цымыдис кодтой Дургуыстгæнæн завод «Импульс-А»-йы продукцимæ. Æрмæст уымæй дæр бæрæг уыд, завод…
Газеты рæдыд куыд бахъахъхъæдта иу цард
#Цымыдисон_цау

1992 азы 29 май у Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы ахсджиагдæр бонтæй иу.

Уыцы бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Совет, 1992 азы 19 январы референдумы фæстиуджытæ бахынцгæйæ, адæмы фæндон царды æрфидар кæныны, æмæ æдасдзинад сифтонг кæныны тыххæй райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны Акт. Ацы ахсджиаг
БОКС
#Спорт

Чиколайы уагъд æрцыд турнир боксæй. Уым хайад райстой хуссарирыстойнаг æвзонг боксертæ. Бантыст сын 8 майданы рамбулын. Ерысты уæлахиздзаутæ систы Кокойты Ричард (44 кг), Зассеты Георги (48 кг) æмæ Бекъойты Шамиль (52 кг). Дыккаг бынат бацахста Коцты Сæрмæт (54 кг). Æртыккаг бынæттыл та ацыдысты Æлборты Арик (38 кг),…
Шахматон клубы ауагътой ерыстæ ветеранты ‘хсæн
#Спорт

Куыд зонæм, афтæмæй нæ горæты уагдæтты æмæ скъолаты уагъд цыдысты дзæвгар мадзæлттæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы цытæн. Уыцы мадзæлтты активон хайад истой Цхинвалы горæты Ветеранты советы уæнгтæ дæр. Сæ раныхæсты нысанчындæуыд, фашистон Германы ныхмæ Советон Цæдисы адæмтæ хъазуатонæй кæй хæцыдысты æмæ уыцы уæззау тохты сæ къухы кæй
2025/05/30 00:32:44
Back to Top
HTML Embed Code: