Telegram Group & Telegram Channel
Тыхджын митӕруарды аххосӕй Къуайсайы районы фӕндӕгты фылдӕр хай сты ӕхгӕд

🔻Къуыдаргомы мит дыууӕ боны фӕд-фӕдыл ӕнӕрынцойӕ уары. Хуссар Ирыстоны горӕтты 'хсӕн фӕндаг «Дорэкспострой»-ы кусджытӕ ссыгъдӕг кодтой. Машинӕтыл ыл цӕуӕн ис.

Къуайсайы мит 80 см ӕруарыд. Горӕты мэры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Хуыгаты Ирбеджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, рӕвдауӕндон карантины сӕхгӕдтой, скъола кусы.

Уыйхыгъд горӕтӕй хъӕутӕм ацӕуыны фадат нӕй. Дӕнцӕгӕн, ивгъуыд митӕруарды фӕстӕ Къозмӕ фӕндаг мӕйы бӕрц сыгъдӕг кодтой. Ныр ногӕй миты бын фӕци. Ахӕм уавӕры сты Начърепа, Саджилзаз, Надарваз, Æхсæрджын ӕмӕ иннӕ хъӕутӕ. Фӕндӕгтӕ сыгъдӕг кӕнын райдайдзысты, мит куыддӕр йӕ уарынӕй банцайа, афтӕ, радзырдта «Сапӕ»-йӕн Хуыгаты лӕппу.

➡️ Хуссар Ирыстоны ӕнӕнхъӕлӕджы цауты министрады хъусынгӕнинагмӕ гӕсгӕ,  цалынмӕ боныхъӕд нӕ фӕхуыздӕр уа, уӕдмӕ Транскамыл куыстытӕ дӕр фӕурӕдтой. Фӕндагыл ацӕуӕн нӕй. Ведомство сиды шофыртӕм, цӕмӕй рог хӕдтулгӕтыл Къуайса ӕмӕ Цъинагармӕ ма цӕуой.

📷 Тедеты Индирӕйы къам

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM

group-telegram.com/ironsapa/2923
Create:
Last Update:

BY СапÆ

Share with your friend now:
group-telegram.com/ironsapa/2923

View MORE
Open in Telegram

Telegram | DID YOU KNOW?

Date: |

"Like the bombing of the maternity ward in Mariupol," he said, "Even before it hits the news, you see the videos on the Telegram channels." Recently, Durav wrote on his Telegram channel that users' right to privacy, in light of the war in Ukraine, is "sacred, now more than ever." Artem Kliuchnikov and his family fled Ukraine just days before the Russian invasion. In view of this, the regulator has cautioned investors not to rely on such investment tips / advice received through social media platforms. It has also said investors should exercise utmost caution while taking investment decisions while dealing in the securities market. The picture was mixed overseas. Hong Kong’s Hang Seng Index fell 1.6%, under pressure from U.S. regulatory scrutiny on New York-listed Chinese companies. Stocks were more buoyant in Europe, where Frankfurt’s DAX surged 1.4%.
from tw

Telegram СапÆ
FROM American