Telegram Group Search
Фыййагдоны цӕрджыты донӕн бафидын кодтой

🔻Поселочы цӕрджыты донӕн фиддонтӕ систы 3 милуан сомы. Уый размӕ сӕ капекк дӕр ничи фыста. Уый тыххӕй хицауады пресс-конференцийы фехъусын кодта республикӕйы доны хӕдзарады хицау Хъараты Тимур.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ сӕ бахъуыд карз уӕвын ӕмӕ, коттеджтӕ суткӕгай хаццоны чи дӕтты, уыдон бӕстыхӕйттӕн сӕ хӕтӕлты дон нал уагътой. Иннӕты нӕ бафхӕрдтой.

Ахӕм мадзал «ӕнтыстджын» рауад. Коттеджты ӕмӕ ныдӕнуӕтты хицӕуттӕ уайтагъд бафыстой бадзырдтӕ. Сӕвӕрдтой нымайӕн гарзӕгтæ ӕмӕ фидын райдыдтой.

➡️ Республикӕйы цӕрджытӕй йӕ хӕдзӕрттӕм кӕнӕ бӕстыхӕйттӕм доны хӕтӕлтӕ ӕнӕзакъонӕй чи бауагъта ӕмӕ дзы чи пайда кӕны, уыдоны иумӕйаг хӕс у 150 милуан сомы. Ныртӕккӕ сӕ хъуыддӕгтӕ сты тӕрхондоны. Закъоны домӕнтӕ хынцгӕйӕ сын бафидын кодтой 90 милуан сомы.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Ӕххуысгӕнӕг агродронтӕ

🔻Хъӕууон аграрон университет цардимӕ ӕмдзу кӕны. Специалисттӕ сӕ хъус дарынц хъӕууон хӕдзарады ногдзинӕдтӕм ӕмӕ алыхуызон ӕрхъуыдыдзинӕдтӕм. Афтӕ ацы аз фыццаг хатт ахуырмӕ райстой, ацы къабазы нырыккон технологитӕ чи ахуыр кӕндзӕн, ахӕм студентты.

34 студенты равзӕрстой ӕнӕ пилотӕй тӕхӕг аппаратты эксплуатацийы ӕмӕ агропромышленнон къабазы ӕнӕ пилотӕй тӕхӕг аппаратты программӕтӕ. Ахӕм техникӕимӕ кусын чи зоны ӕмӕ аттестаци кӕмӕ ис, уыцы специалисттӕ республикӕйы дыууӕ йеддӕмӕ не сты. Сӕ иу, Бичегкуты Дианӕ, студенттӕн йӕ зонындзинӕдтӕ нӕ бавгъау кӕндзӕн.

Фӕсивӕды уырны, фидӕны дронтӕ тынг парахат кӕй уыдзысты ӕмӕ сӕ алывӕрсыгӕй пайдагӕнӕн кӕй уыдзӕн, уый.

💬 «Кӕддӕр мын скъолайы дронтимӕ акусыны фадат уыдис ӕмӕ мӕм уӕдӕй фӕстӕмӕ цымыдисаг кӕсынц. Ныртӕккӕ сӕ хъӕууон хӕдзарады, арӕзтады ӕмӕ ма бирӕ кӕм пайда кӕнынц. Куыд мӕм кӕсы, афтӕмӕй сӕ авналӕнтӕ уӕрӕх сты ӕмӕ ноджы фылдӕр кӕндзысты. Мӕхицӕн сфӕнд кодтон семӕ архайын сахуыр кӕнын», — зӕгъы Кокойты Энри.

Ӕнӕ пилотӕй тӕхӕг аппараттӕ ахуыргӕнӕн центры студенттӕ сӕхӕдӕг саразынц алыхуызон электрон программӕтӕ ӕмӕ ахуыр кӕнынц, аппараттӕй бӕлвырд хӕс куыд сӕххӕстгӕнӕн ис, уый. Сӕрдыгон практикӕйы рӕстӕг сӕ спайда кӕндзысты картофы быдыртӕ донӕй ӕфсадыны хъуыддаджы, стӕй зайӕгойты химион буарыхъӕдтӕй пырх кӕнынæн дæр. Университеты специалисттӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй сӕ студентты бон уыдзӕн канд хъӕууон хӕдзарады нӕ, фӕлӕ ӕндӕр къабӕзты дӕр кусын.

💬 «Нӕ хӕс у фӕсивӕдӕн ахӕм зонындзинӕдтӕ радтын, цӕмӕй сӕ ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр сӕ бон уа кусын. Центры алыхуызон дронтӕ ис. Се 'хсӕн агродронтӕ дӕр, пайда сӕ кӕнынц картӕтӕ аразыны куысты», — зӕгъы центры разамонӕг Бичегкуты Дианӕ.

➡️ Центры бындурыл ма агроуниверситет ӕмӕ Мӕскуыйы инженерон-физикон институт иумӕ сарӕзтой ӕнӕ пилотӕй тӕхӕг аппараттӕн разамынддӕттӕг программӕ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — хъахъхъӕнӕг.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
«Рудзгуытӕ байгом кӕнӕн нӕй»: уӕзласӕн машинӕты хицӕуттӕ хӕдзӕртты кӕрты сарӕзтой лӕууӕн бынат

🔻Хъесаты Астаны номыл уынджы 37 ӕмӕ 39 хӕдзӕртты цӕрджытӕ хъаст кӕнынц машинӕты фӕздӕг ӕмӕ хъӕрӕй. Уыимӕ канд уынджы нӕ, фӕлӕ фатерты дӕр. Уӕлдайдӕр та райсомӕй, машинӕты хицӕуттӕ сӕ хӕдтулгӕтӕм куы ӕрбацӕуынц, уӕд. Зӕгъӕм, Гӕззаты Светланӕйӕн ис бронхӕты низ ӕмӕ тыхсы астмӕйӕ. Машинӕты фӕздӕгӕй хуыдуг кӕнын райдайы.

💬 «Райсомӕй рудзгуытӕ байгом кӕнӕн нӕ вӕййы. Уӕзласӕн машинӕйы хицау ӕй ам алы бон дӕр ныууадзы. Райсомы авдыл ӕй куы скусын кӕны, уӕд фатер йӕ тӕф ӕмӕ фӕздӕгæй уайтагъд айдзаг вæййы», — зӕгъы Светланӕ.

Шофыртӕ сӕ машинӕтӕ ныууадзынц цалцӕггӕнӕн ӕрмадзты ӕмӕ гаражты цур фӕндагыл дӕр. Уый аххосӕй фистӕгæй цӕуджытӕм фӕндаг нал фӕзыны — уый иу хъуыддаг. Иннӕмӕй та ма фӕндаг дӕр бацахсынц ӕмӕ хъыгдарынц фӕндагон змӕлд. Цӕрджытӕ шофыртимӕ ныхас кодтой, фӕлӕ сӕ ныхас кӕрӕдзиуыл нӕ бады.

💬 «Иуы дзы куырдтон йӕ "КАМАЗ" мӕ рудзгуыты бын ма ӕвӕрын. Ӕмӕ мын дзуапп радта: "30 азы йӕ ам ӕвӕрдтон ӕмӕ дарддӕр афтӕ кӕндзынӕн". Машинӕ кӕрты ма уромыны курдиатимӕ гӕххӕттытӕ дӕр ӕвгтыл ныхӕстам, фӕлӕ ницы», — зӕгъы Светланӕ.

📄 Шофырты закъонмӕ гӕсгӕ бафхӕрын дӕр никӕй бон у. Горӕты администрацийы куыд зӕгъынц, афтӕмӕй сӕм ахӕм бартӕ нӕй, ома, паддзахадон автоинспекцийы хъуыддаг у. Фӕндагон пъӕлицӕйы та сӕ къухтӕ иуварс акодтой — сӕрмагонд фӕндагон нысæнттӕ дзы нӕй ӕмӕ сӕ бон нӕу домын, цæмæй дзы машинӕтӕ ма ӕвӕрой. Ӕмӕ та ногӕй фарста арвыстой горӕты администрацимӕ.

➡️ P. S. «Фӕлӕуу хӕрӕг, ма амӕл, уалдзӕг ӕрцӕудзӕн», — ирон ӕмбисонд.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Сывӕллоны йӕ гыццылӕй ахуыр кӕн: Дзӕуджыхъӕуы рӕвдауӕндӕттӕй иуы сбӕрӕг кодтой Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бон

🔻30-ӕм рӕвдауӕндоны скъоламæ цӕттæгæнæн къорды сывӕллӕттӕ бабӕрӕг кодтой Намысы Мемориал ӕмӕ дидинджытӕ сӕвӕрдтой Ӕнусон арты цур цыртдзӕвӕныл. Кӕстӕртӕ кастысты ӕмдзӕвгӕтӕ Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты тыххӕй æмæ дзырдтой хъӕбатырты лӕгдзинадыл.

Ахӕм мадзӕлттӕ сабитӕн арӕх саразынц. Уӕлахизы 80 азы кадӕн мадзӕлтты фӕлгӕты сын хъомылгӕнджытӕ радзурынц Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты тыххӕй, саразынц ӕфсӕддон зарджыты концерттӕ.

💬 «Нӕ рӕвдауӕндоны патриотон хъомыладыл стыр куыст цӕуы. Сывӕллӕттӕн саразӕм экскурситӕ, бацамонӕм ӕмӕ сын равдисӕм цыртдзӕвӕнтӕ, семӕ ныхас кӕнӕм, суанг ма уӕлӕмхасӕн рӕстӕг дӕр фӕкусӕм семӕ», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн къорды хъомылгӕнӕг Цӕлыккаты Галинӕ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Зынгæ поэт Хъодзаты Æхсар йе 'мдзæвгæйы «зондцухты тырыса» цы схуыдта?
Anonymous Quiz
16%
Хъæбатырдзинад
36%
Схъæлдзинад
24%
Æнæмæт зæрдæ
24%
Уарзондзинад
Революционер Айдарты Знауыры бюстыл фыстытӕ сраст кодтой

🔻Йӕ амӕлæты аз раст фыст кӕй нæу, уый-иу бафиппайдтой, Ирыстоны зындгонд адӕмы бюстты аллеймӕ чи ӕрбацыд, уыдон. Хъуыстгонд революционер амард 1919 азы, амынд та дзы уыдис 1912 азы 15 ноябрь.

Скульптор Дзукъаты Николайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, рӕдыд сраст кӕныны хӕс йӕхимӕ райста, аллейы фарсмӕ цы къофицымӕн кафе ис, уый хицау Санахъоты Азӕмӕт. Тынг бузныг дзы у.

➡️ «Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй аллей байгом кодтой 2023 азы. Ӕппӕт хӕрдзтӕ йӕхимӕ райста ӕмӕ проект сӕххӕст кодта ӕхсӕнадон организаци «Аланты Ныхас»-ы Мӕздӕджы хайады разамонӕг ӕмӕ меценат Гуцъаты Фридон.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — хъомылгӕнӕг.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🎵 Тауытты Арсен — «Дидинӕг»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уыци-уыци: нæ хъарм нау быдыры фæленк кæны
Anonymous Quiz
26%
Мæй
12%
Теуа
16%
Æврагъ
46%
Иту
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Хорз лӕппуйӕ-иу исчи куы 'ппӕлыд, уӕд арӕх фехъусӕн уыд, джигит лӕппу, зӕгъгӕ. Хуымӕтӕг ныхас, фӕлӕ бирӕтӕн йӕ фехъусын ӕхсызгон уыдис. Ацы лӕппу-джигиты ном та айхъуыст ӕгас бӕстӕйыл. «Маленький джигит»-ы вокалон къорды зарын та кӕй нӕ фӕндыд, ахӕм стӕм разындаид. Телеуынынадмӕ кӕсджытӕн дӕр уарзон уыдысты. Азтӕ рацыдысты, фӕлӕ аивады хӕзнадоны ссарӕн ис сӕ музыкалон номыртӕй иу. 

#аивады_хӕзнадон

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🎵 Айларты Ларисӕ — «А-изӕр»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уыци-уыци: хæссынæн — æнцон, нымайынæн — зын
Anonymous Quiz
10%
Хъæдур
21%
Хæстæ
53%
Сæрыхил
16%
Мысинæгтæ
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Ахуырадон мадзӕлттӕ алыхуызон вӕййынц.

#аивады_хӕзнадон

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
2025/02/10 05:46:52
Back to Top
HTML Embed Code: