Telegram Group Search
Цӕгат Ирыстоны доны хӕдзарады разамонӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнæг сси Кцойты Тамерлан

🔻Цӕуы йыл 39 азы, каст фӕци Хӕххон-аграрон университеты механизацийы факультет ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы разамынды институты юриспруденцийы факультет. Уыд муниципалон куыстуат «Ухоженный город»-ы хицау, стӕй — доны хӕдзарады генералон директоры хӕдивӕг.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Нæ фыдæлтæ мыдæй цавæр нозт кодтой?
Anonymous Quiz
28%
Æлутон
55%
Ронг
3%
Бæгæны
15%
Къуымæл
Дыууæ мæскуыйаг сылгоймаджы аныгъуылдысты Фыййагдоны

🔻Фыдбылыз æрцыд Хæрисджынмæ хæстæг. Дыууæ туристы хаццоны райстой квадроциклтæ. Инструктор сæ акодта зындгонд маршрутыл. Сылгоймæгтæ нæ сарæхстысты æмæ 25 метры бæрзæндæй цæугæдоны ныххаудтой. Уый уыд боны цыппар сахатыл. Иу буар донæй систой зынгхуыссынгæнджытæ, иннæйы 5 км дæлдæр ссардтой пъæлицæйæгтæ.

📄 Сылгоймæгтæ — 43-аздзыд Мария М. æмæ Юлия З. — республикæйы улæфыдысты æртæ боны. Юлия амард йæ гуырæн боны. Сæххæст ыл 33 азы.

➡️ Фыййагдоны хъæуы администрацийы сæргълæууæг Гуыриаты Валерий «Сапæ»-йæн куыд радзырдта, афтæмæй сæм квадроциклтæ хаццоны райсæн ис фондз раны. Цалдæр боны размæ бахаста хъæппæрис, хъæуы астæу ацы транспортæй пайдагæнæн куыд нæ уа, уый фæдыл. Йæ уынаффæ баст уыд, шофыртæ æгæр кæй хъæлæба кæнынц, уыимæ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — дон.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Сылгоймаг аныгъуылд Дзæуджыхъæуы цæугæдоны

🔻Регионы æнæнхъæлæджы уавæрты министрад куыд хъусын кæны, афтæмæй сылгоймаг фæдæлдон Терчы, фысымуат «Владикавказ»-ы цур.

Донæй йæ систой Олег Кошевойы уынджы цур. Реанимацион мадзæлттæ йын нæ баххуыс сты. Чи у, уый нæма сбæрæг.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🎵 Дзуццаты Сослан — «Зӕлинӕ»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Къуыдыргалмӕй хаст алагираг балер кӕсаг у ӕргъайы хуызӕн нард

🔻Краснодары лабораторийы ветеринарон-санитарон иртӕстытӕм гӕсгӕ, «Ир-Фиш»-ы балер кӕсаджы сой 11,2% ис. Уый къухы бафтыд энтомологон технологиты руаджы.

💬 «Мах кӕсагӕн ӕмбал нӕй. Хорз балер кӕсагӕн йӕ нард вӕййы 6,5%, махӕн та 11,2% у.  Ӕрдзы нӕ, фӕлӕ аразгӕ аквакультурӕты кӕй цӕры, ууыл ахуыргӕндтӕ тынг бадис кодтой», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн куыстуаты хистӕр наукон кусӕг Хъотайты Давид.

Кӕсаджыкуыстгӕнӕг хæдзарад «Ир-Фиш» балхӕдта америкæйаг бындзыты. Дарынц сӕ инсектарийы. Уым ӕрӕфтауынц ӕйчытӕ. Уыдоны та дарынц лабораторийы.

💬 «Фӕзынынц дзы къуыдыргӕлмытӕ. Хæссӕм сӕ органикон хауӕццӕгтӕй: кӕсагӕй, хойрӕгты базарты цы баззайы, уыдонæй ӕмӕ ӕндӕртӕй. Ам ма иу пайда хъуыддаг ис: бырондонмӕ ӕппарыны бӕсты сӕ хӕрын кӕнӕм ӕмӕ уӕлдӕфмӕ метан къаддӕр цӕуы», — ӕмбарын кӕны Хъотайты Давид.

Фӕстӕдӕр сӕ техникӕйы руаджы æфсадæн субстратæй фæхицæн кӕнынц. Афтӕмӕй рауайы цӕрӕгойтӕн хӕринаг ӕмӕ зайӕгойтӕн пайда хъацӕн.

💬 «Мӕнмӕ гӕсгӕ, фидӕны къуыдыргӕлмытӕй парахатӕй пайда кӕндзысты. Мах сыл фондз азы куыстам, хатгай тынг зын уыд. Ӕрмӕст иртӕстытыл 25 милуан сомы схардз кодтам. Стыр наукон куыст бакодтам ӕмӕ йӕ хатдзӕгтыл нӕ зӕрдӕ тынг дарӕм», — зӕгъы «Ир-Фиш»-ы хицау Гӕбуты Игорь.

➡️ Хӕстӕгдӕр рӕстӕг амалхъом адӕймаг фӕнд кӕны сӕрмагонд кусӕнгӕрзтӕ балхӕнын. Уӕд сӕ бон уыдзӕн фармаци ӕмӕ косметологон къабазӕн къуыдыргалмӕй урсаг ӕмӕ сой кӕнын.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
1917 азы кæронмæ Уæрæсейы сконды кæцы горæт уыди?
Anonymous Quiz
67%
Хельсинки
11%
Осло
8%
Стокгольм
15%
Копенгаген
Дзӕуджыхъӕу ӕрӕхгӕндзӕн тӕрккъӕвда ӕмӕ кӕндзӕн тыхджын дымгӕ

🔻Ныридӕгӕн иуӕй-иу районты рухс ахуыссыд, Доваторы проспекты та бӕлӕстӕ ӕд бынтӕ ратыдта.

➡️ Ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрадӕй куыд хъусын кӕнынц, афтӕмӕй 14 июньмӕ  кӕндзӕн тынг дымгӕ, уардзӕн, ранӕй-рӕтты ихимӕ. Дымгӕ кӕндзӕн секундмӕ 20-25 метры.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Хъомыладон куыст хъӕуы ӕви нӕ? Цавӕр хъуамӕ уа: фӕлмӕнӕй ӕви тыхӕй, хи дӕнцӕгыл ӕви дзургӕйӕ? Уый тыххӕй ныхас дӕргъвӕтин рауайдзӕн ӕмӕ алкӕмӕ йӕхи хъуыды уыдзӕн. Абон та уын ӕвдисӕм советон кинонывӕй скъуыддзаг. Хъомыладон куысты ирд дӕнцӕг.

#аивады_хӕзнадон 

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны цалдӕр районы цӕрджытӕ баззадысты ӕнӕ рухс ӕмӕ донӕй

🔻Ахӕм уавӕры сты Горӕтгӕрон, Рахизфарсы, Алагиры, Ӕрыдоны, Дыгуры ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы иуӕй-иу районтӕ.

Доны хӕдзарады хъусынгӕнинагмӕ гӕсгӕ, дон нӕй, электрон тыхы телтӕ хъыгдард кӕй баййӕфтой, уый тыххӕй.

➡️ Коммуналон службӕтӕ кусынц уавӕр банывыл кӕныныл.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🎵 Цӕрикъаты Альбинӕ ӕмӕ Фати — «Бадолӕ»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Беслӕны 5-уӕладзыгон хӕдзар ӕмӕ рӕвдауӕндон дих кӕнынц иу бацӕуӕн

🔻Дзӕрӕхохы-фырты 43-æм хӕдзары ӕмӕ йӕ бакомкоммӕ сывӕллӕтты рӕвдауӕндонмӕ фӕндагыл ӕвӕрд ис шлагбаум. Сӕвӕрдтой йӕ, цӕмӕй дзы машинӕтӕ ма тӕрой ӕмӕ дзы хӕдзары кӕрты сывӕллӕттӕ ӕдасӕй хъазой. Цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ дзы фӕндагон фыдбылызтӕ ӕрцыд. 2011 азы та машинӕйы бын сывæллон фӕцӕйхауд.

💬 «Уый фӕстӕ цӕрджытимӕ сӕмбӕлдыстӕм ӕмӕ рахастам шлагбаум сӕвӕрыны уынаффӕ. Йе сфидар кӕныны размӕ та администрацимӕ бацыдыстӕм ӕмӕ нын загътой, ома, уӕхи кӕрт у, уӕ хӕдзар у ӕмӕ йын уӕхӕдӕг уынаффӕ кӕнут. Афтӕмӕй йӕ сӕвӕрдтам», — зӕгъы цӕрджытӕй иу Цӕллагты Алан.

Уыцы уынаффӕ рӕвдауӕндоны кусджыты ӕмӕ ныййарджыты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ сын шлагбаум рӕвдауӕндонмӕ фӕндаг ӕхгӕны ӕмӕ бахъуаджы сахат хъыгдардзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы службӕты.

💬 «Рӕвдауӕндонмӕ нӕм 234 сывӕллоны цӕуы, уыдонӕй 18, йе 'нӕниздзинад хъыгдард кӕмӕн у, ахӕмтӕ. Алкӕй бон нӕу йӕ кӕстӕры къухтыл хӕссын. Уымӕй уӕлдай ахуырадон уагдоны гидрант ӕвӕрд ис, шлагбаум та йӕ хъыгдаргӕ кӕны», — зӕгъы рӕвдауӕндоны сӕргълӕууӕг Ходы Раисӕ.

Хъомылгӕнджытӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй иу хатт зынгхуыссынгӕнджыты бахъуыд шлагбаум сӕттын, фӕлӕ та дзы фарон ног быру фӕзынд. Цӕрджытӕ фидарӕй зæгъынц, рӕвдауӕндонӕн ӕртӕ дӕгъӕлы кӕй радтынц, уый. Фӕлӕ ам сӕ ныхас кӕрӕдзиуыл нӕ бады.

▫️Уавӕр аиуварс кӕнынӕн сӕ алкӕмӕ йӕхи хъуыдытӕ ис. Цӕрджытӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ рӕвдауӕндонмӕ бацӕуӕн ис иннӕрдыгӕй скӕнæн, уым дӕр ис кулдуар ӕмӕ бацӕуӕнтӕ. Ууылты йӕм ласынц хойраг ӕмӕ хъӕугӕ дзаумӕттӕ.

▫️Рӕвдауӕндоны кусджытӕм хуыздӕр кӕсы шлагбаум айсын ӕмӕ дзы, «лежачий полицейский» кӕй хонынц, уыдон скӕнын. Уӕд машинӕтӕ сӕ цыд сабырдӕр кӕндзысты. Иу хъудымӕ сӕ бон ӕрцӕуын нӕу. Нӕдӕр сын прокуратурӕ, нӕдӕр бынӕттон хиуынаффӕйады оргӕнтӕ баххуыс кодтой.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уарзондзинад — сæ царды режиссер

📄 1955 азы Мæскуыйы Аивадон академион театры арæзтой ирон студи — хъуамæ бацæттæ кодтаиккой артистты Хуссар Ирыстоны драмон театрæн. Уырдæм бахауыны охыл йе сфæлдыстадон хъару бавзарынмæ æрбацыд 17-аздзыд Дзбойты Зоя. Худæнбыл чызг разынд ирд курдиаты хицау æмæ йæ банымадтой аккагыл.

🔸 Студимæ ма айстой, йæ зарынмæ-иу хъусынтыл кæмæн фесты, кафынмæ дæсны чи уыд, суанг ма аив æхситт кæнын дæр чи зыдта, иу ахæм лæппуйы — Годжыцаты Исахъы. Цыдис ыл 26 азы. Уыдис рæдау, хæларзæрдæ, хъæлдзæг, цыргъзонд. Зоя сæрыстыр сусæг уарзтæй бауарзта Исахъы. Уымæн та йæ зæрдæ æндæримæ дзырдта — Исахъæн йæ хатæны къулыл конд уыд йæ уарзон чызджы ныв. Фæстæдæр уыцы портрет айста: чызг æм нæ банхъæлмæ каст æмæ смой кодта.

💬 «Уый базонгæйæ дæр æм æввахс нæ цыдтæн, — мысыд йæ интервьюйы Зоя, — цæмæй афтæ ма банхъæла, æмæ иугæр сæрибар у, уæд мæ фæнды, æмæ мыл йæ цæст æрæвæра».

1961 азы фесты сæ ахуыр студийы æмæ баиу кодтой сæ цард. Нырма куыстой Хуссар Ирыстоны, уый фæстæ раивтой Дзæуджыхъæумæ. Иумæ хъазыдысты спектальты дæр, кинонывты дæр. Исахъы амæлæты фæстæ та Зоя архайдта йæ мойы ном сæнусон кæныныл.

💬 «Исахъ мын царды бирæ радта. Æппынæдзух йæхиуыл куыста, рæзыд, æмæ æз дæр йæ фæдыл цæуыныл архайдтон. Исахъ уыдис æрхъуыдыджын, уарзæгой цардæмбал, фæлмæн, хуымæтæг адæймаг. Исахъ мæнæн уыдис æппæт дæр — ме 'нцой, мæ хæлар. Абон бирæ æвзонг сылгоймæгтæ нæлгоймагæн йæ лæвæрттæм гæсгæ аргъ кæнынц, уыдон нымайынц уарзты æвдисæныл. Мах рæстæджы афтæ нæ уыд. Цæй лæвæрттæ? Мæгуыр цардыстæм, нæ къухтæм æмхасæнтæ кодтам», — мысыд Дзбойты Зоя.

Кæд сын цот нæ уыд, уæддæр сæ рæвдыд бирæтæ зыдтой, сæ уды хъарм тауынæй никуы бафæлладысты. Æмæ сын адæмон артистты нæмттæ хуымæтæджы нæ радтой — адæмы хорзæхæй хайджын уыдысты. Уый та цыфæнды хъæздыгдзинадæй зынаргъдæр у.

#таурӕгъ

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Натимӕ хъусынӕй адӕймаг нӕ фӕллайы.

#аивады_хӕзнадон 

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ирæтты фыццаг къорд Туркмæ кæцы азы алыгъд?
Anonymous Quiz
23%
1835
44%
1859
16%
1897
18%
1910
2025/06/14 02:40:51
Back to Top
HTML Embed Code: