Telegram Group Search
Байстой фондз мины бæрц пиротехникон продукци
#Æхсæнад

Горӕт Цхинвалы милицийы кусджытӕ ныр иу мӕйы дӕргъы уадзынц профилактикон рейдон мадзӕлттӕ дуканиты ӕмӕ ӕндӕр ахӕм базарадон объектты пиротехникӕ уӕй кӕныны фактты фӕдыл. Ногазон улӕфт бонты рӕстӕджы сконфискаци кодтой фондз мин гуыпгӕнӕнӕй фылдӕр. Административон суагъӕтӕ бакодтой 11 амалиуӕггӕнӕгыл ӕмӕ сӕ арвыстой горӕт Цхинвалы тӕрхондонмӕ.

Ахӕм рейдон мадзӕлттӕ уадзынц районты…
Æрбайгом уыдзæн ног цех
#Экономикæ

Дурцъæлгæнæн завод «Импульс-А»-йы та ныртæккæ цæуынц цæттæгæнæн куыстытæ. Ног цех хъуамæ байгом кæной. Æппæт хъомысадæй уый скусдзæнис мартъийы мæйы. Куыстуат рауæрæх кæнын сфæнд кодтой, уымæн æмæ йæ продукци фыццаджыдæр хъæуы нæхи, республикæйы арæзтадты æнæкъуылымпыйæ. Ныридæгæн бадзырдтæ сарæзта республикæйы цалдæр компаниимæ.

Хомаг амал кæнынц бынаты. Хуссар Ирыстоны æрдз хъæздыг у…
Дæ райсом хорз, Ирыстон!

@XurZaerin
— Цыма уазал уарзæн ис?
— Ис. Уый нæ ахуыр кæны хъармæн аргъ кæныныл

@XurZaerin
Абон 14:00 сахатыл Республикон библиотекæйы презентаци уыдзæнис Æрсойты Владимиры чиныг «Осетинская народная хореография в лицах»-æн.

@XurZaerin
Цхинвалы Стыр Леуахийы сæрты цы хид арæзт цæуы, уый арæзтад кӕронмӕ бахӕццӕ уыдзӕн 2025 азы, сæрды.

@XurZaerin
Абон Ираны президент Масуд Пезешкиан æртахт Мæскуымæ, цæмæй фембæла Владимир Путинимæ. Уыдон хъуамæ сæ къухтæ бафыссой стратегион партнердзинады тыххæй гæххæттыл.

@XurZaerin
Абон режиссер Джелыты Хъазбегæн «Спутник Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры уыдзæн пресс-конференци.
Уый сæрмагондæй æрдзурдзæнис спектакль «Тиль»-ы премьерæйы тыххæй.

Ацы спектаклæн ивгъуыд аз хъуамæ уыдаид премьерæ, фæлæ сын нæ бантыст йæ равдисын.

Цымыдисон уыдзæн режиссермæ байхъусын спектаклы тыххæй. Чизоны раргом кæна цæмæн къуылымпы кодтой сæ куысты, уый.

@XurZaerin
Паддзахадон университеты музейон комплекс фæхъæздыгдæр ис ног экспонатæй. Уый тыххæй фехъусын кодтой университеты пресс-службæ.

Нæ горæты цæрæг Цоциты Гамлет музейæн балæвар кодта музыкалон инструмент банджо, цæуы йыл сæдæ азы бæрц.

@XurZaerin
«Алкæддæр æнцой кæндзыстæм æхсæнадон хъуыдыйыл»


РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз знон фембæлд республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттимæ. Пресс-конференцийы рæстæг, семæ ныхас кæнгæйæ, Парламенты Сæрдар бахыгъта ивгъуыд азы куысты бæрæггæнæнтæ æмæ дзуаппытæ радта журналистты фарстытæн.

– Ралæууыд ног аз, æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы амонд, сабыр цард, уæ бинонтæ фæрнджын куыд уой, уæ куыстæй та райгонд куыд уат, уыцы хорздзинæдтæ, – йæ ныхас арфæтæй райдыдта Парламенты Сæрдар. – Ивгъуыд аз Цæгат Ирыстонæн уыд уæлдай ахсджиаг, бæрæг кодтам нæ республикæйы историимæ баст æртæ кадджын цауы: 240 азы сæххæст Дзæуджыхъæуыл, Ирыстон Уæрæсеимæ баиуыл – 250 азы æмæ нæ республикæйы автономийы 100 азы. Уымæй уæлдай, 165 азы сæххæст Ирыстоны уарзондæр хъæбул, ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл.

бæлвырддæр кæсут:https://rastdzinad.ru/2025/01/17/alkaeddaer-aentsoj-kaendzystaem-aehsaenadon-huydyjyl.html
УЫЙ ÆНХЪÆЛ НÆ УЫДЫСТЫ


Тынг худæг у, æвæдза, данийаг политиктæ æмæ экспертты хъарджытæ сæ прессæйы кæсын. Æнæхъæн сериал сæ саразæн ис «Куыд ныл æрцыди ахæм цау?», зæгъгæ сæргондимæ. Копенгагены университеты профессор Миккел Расмуссены хъарджытæй газет Politiken-ы:



«Хиуылхæцындзинадмæ æрсидын бæргæ æвзарæм, бæргæ нæ фæнды уавæр æрсабыр кæнын, фæлæ æцæгдзинадæй Данийы бон ницы у. АИШ-ы æрдыгæй Гренландийыл контроль сæвæрынæн Трампæн цы пълан ис, уый йæхигъæдæй не æрбайсæфдзæн. Цæуылнæ? Уымæн æмæ афтæ уыдзæн…
Конфликты мидис бамбарынæн хъæуы Трамп йæхи куыд дары, уымæ æркæсын. Мах уынгæ дæр нæ кæны, бынтондæр æй не ндавынц Даниимæ æмахастытæ. Æввахс æмцæдисонтæ кæй стæм, уый цыма Трамп хъусгæ дæр никуы фæкодта, йæхи афтæ дары. Иран кæнæ æндæр исты знаджы паддзахадимæ цымæ дзуры, Даниимæ дæр йæхи афтæ дары...
Дани у ныгуылæн дунейы æрдзон хай. Трампмæ уый нымады дæр нæу. Нæ йæ æндавы, Ирак æмæ Афганистаны АИШ-имæ уæхски-уæхск Дани кæй хæцыдис. Нæ йæ æндавы, нæ бæстæйæ АИШ-мæ егъау базарадон ахастытæ кæй ис. Æппæт уыдæттæй нæ зонд схæццæ , кризис та арфдæр кæны»



Диссаджы адæм! Цæй аккаг стут, уый уын аразы Трамп. Уымæн æмæ АИШ уæм «æмцæдисонты» цæстæй никуы кастис. Уый уæ кæддæриддæр нымадта йæ вассалтыл, кæцытæн сæ хæс у бахъуаджы сахат АИШ-ы интересты сæраппонд туг ныккалын. Афтæ уыдис Иракы, афтæ уыдис Афганистаны. Сымах уым уæхи интересты сæрыл никуы хæцыдыстут – уæ туг Америкæйы сæрыл фæкалдтат!


@XurZaerin
Forwarded from НОГДЗАУ
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Тыджыты Аланæ y нæ конкурс «Уалдзæг Ирыстоны»-йы уæлахиздзау Хуссар Ирыстонæй.
Forwarded from СОЛОВЬЁВ
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🔴🔴🔴🔴 Владимир Путин и Масуд Пезешкиан подписали Договор о всеобъемлющем стратегическом партнерстве между Россией и Ираном.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цавæр спектаклтæ хъуамæ уой фылдæр нæ театры репертуары?
Anonymous Poll
8%
Фæсарæйнаг
4%
Уырыссаг
88%
Ирон
Дунеон конкурс «Русский диктант-онлайн»-ы бафæлварут уæхи.

Конкурсы хайад райсыны тыххæй, регистраци скæныны бар ис 23 январмæ.

@XurZaerin
Республикон библиотекæйы ног чиныджы презентацийы фæстæ, автор йæ чингуытæй балæвар кодта мадзалы уазджытæн.

«Осетинская народная хореография в лицах» бакæсдзысты ансамбль «Симд»-ы разамонджытæ.

@XurZaerin
Уæрæсейы президент Владимир Путин æмæ Ираны президент Масуд Пезешкиан сæ къухтæ æрфыстой сразыдзинадыл
#Къухæрфыст

Владимир Путинимæ фембæлыны нысанæн знон, 17 январы Уæрæсемæ официалон визитимæ æрцыд Ираны президент Масуд Пезешкиан. Дыууæ бæстæйы президенттæн ацы фембæлд у æртыккаг. Аивгъуыйгæ аз октябры мæйы Владимир Путин æмæ Масуд Пезешкиан фембæлдысты Ашхабады дунеон форумы æмæ Казаны БРИКС-ы саммиты фæзуæттыл.

Уæрæсейаг информацион фæрæзтæ куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ…
Уæ райсомтæ хорз, Ирыстоны фæллойгæнджытæ!

Абон нæ республикæйы уыдзæн уазал æмæ асæст.

Хорз улæфтбонтæ æрвитут!

@XurZaerin
2025/01/18 06:24:49
Back to Top
HTML Embed Code: