Telegram Group Search
Нæ горæты Сывæллæтты сфæлдыстады галуан рауагъдонтæн бацæттæ кодтой сæ бæрæгбонон бал. Театралон фæзуаты парахатæй айтыгътой сырх гауыз æмæ йын йæ фæйнæ фарс срæсугъд кодтой алыгъуызон фæлындæттæй.

Традицимæ гæсгæ гауызыл рацыд æмæ сценæмæ схызт бæстæйы сæргълæууæг, стæй та рауагъдонтæ сæ ахуыргæнджытимæ сæрбæрзондæй кæрæдзи фæдыл араст сты æрæмбырдуæвджыты æхсæнты сырх гауызыл æмæ æрбадтысты сæрмагонд бадæн бынæтты.

РХИ-йы Президент Гаглойты Алан зæрдиаг арфæйы ныхæстæ загъта рауагъдонтæн. Бафæндыд æй, цæмæй сæ царды фæндæгтыл æнтыстджын уой æмæ сæ Ирыстон сæрыстыр уа сомбоны.
Ацы аз рауагъдонтæй иттæг хорз нысæнттыл скъола каст чи фæцис, уыдонæн сыгъзæрин æмæ æвзист майдантæ радта бæстæйы сæргълæууæг. Уыдон та æдæппæтæй ацы аз сты фондз.
Бæрæгбонон изæр адарддæр кодтой концертон программæйæ.


@XurZaerin
Нафийы мӕлӕт
#Мысынад

Нафийыл 92 азы куы сӕххӕст, уӕд йӕ сӕрӕн нал уыд ӕмӕ уалдзӕджы райдианы ӕруатон. Уыцы рӕстӕджы уыдис Дзӕуджыхъӕуы, йӕ хо, Клавдиамӕ, ӕнӕуый дӕр ӕм зӕрыбон йӕ хъус уый дардта. Уалдзӕджы фӕстаг мӕй сынтӕгӕй нал сыстад, хӕххон царды ныхсидгӕ хъаруджын уӕнгтӕн сӕ тых асаст ӕмӕ уӕнгтӕ сӕхи исын
Йæ адæмы амондыл æнувыд тохгæнæг
#Æхсæнад

Ирыстоны раззагондæр æхсæнадон стыр архайджытæй сæ иу уыд Калоты Зауырбег. Рацыд зæхкусæг адæмы ‘хсæнæй æмæ бирæ азты лæггад кодта йæ адæмæн.

Зауырбег райгуырд 1886 азы Цæгат Ирыстоны хæххон хъæу Захъайы мæгуыр лæджы хæдзары. Йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ уый базыдта хæххон бæсты уæззау цард бавзæрста æххуырсты дудгæбонтæ, куыста…
Сæрыстырдзинады æнкъарæнтимæ
#Хисæрмагонд_хъуыды

Иу стæм нæлгоймагæй дарддæр алкæмæ дæр æрхауы æфсады службæ кæныны кадджын хæс. Райгонд æмæ сæрыстыр вæййы уымæй нæлгоймаг. Сæйраджыдæр уымæн, æмæ æфсадæн абон та ногæй раздæрау стыр кад æмæ аргъ ис. Æмæ дзы абон стыр ныфс кæй æвæрынц, уый нæу дызæрдыккаг.

Раздæр æфсæдтоны фенгæйæ, алчидæр архайдта салдатæн…
Мадзал ауадзыны активон хайадисты тыххæй – хорзæхтæ
#Ахуырад #Хицауады #Хорзæхтæ

Президент Гаглойты Алан паддзахадон хорзæхтæ радта горæты скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ республикæйы ахуырад æмæ зонады министрады кусджытæн.

Президенты Барамындæй арфæ расидт æрцыд ахуырады къабазы кусджытæн, Фыдыбæстæйон Стыр хæсты Уæлахизыл 80 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзал – флешмоб «Уæлахизы вальс» бацæттæ кæнын æмæ йæ ауадзыны активон хайад райсыны тыххæй.…
Фембæлд уæлвæткон уавæрты фæдыл министримæ
#Фембæлд #Хицауады

Президент Гаглойты Алан фембæлд æмбæстагон хъахъхъæнынады, уæлвæткон уавæрты æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны хъуыддæгты фæдыл Гассеты Ибрагимимæ.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыдис ведомствойы архайды актуалон фарстатыл æмæ æввахс перспективæйы йæ разылæууæг хæстыл.
Гассеты Ибрагим Президентæн радзырдта, ведомствойы материалон-техникон базæйы модернизацийы фæдыл цы куыст цæуы, уый тыххæй æмæ банысан…
Æркастысты закъоны проектмæ
#Парламенты

«Децентрализацион автономон организациты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проектмæ æркастысты Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл парламентон комитеты æмбырды Къуезерты Арсены сæрдариуæгадæй.

Ацы проектыл бакуыста профилон комитет. Уый бæлвырд кæны децентрализацион автономон организациты барадон уавæр, сæ архайджыты æмæ уæнгты бартæ æмæ хæстæ, афтæ ма сæ саразыны,…
Гаглойты Алан: нæ мадæлон æвзаг, ирон кафт æмæ зард сты национ культурæйы бындур
#Юбилейон_мадзал

15 азы лæггад кæнынц кафты аивадæн

24-æм июны Цхинвалы администрацийы цур сывæллæтты хореографион ансамбль «Ирон» Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры цытджын æгъдауæй банысан кодтой сæ 15 азы юбилей æмæ равдыстой диссаджы концерт.

Сывæллæтты кафджыты ансамбль сырæзт 2010 азы сентябры мæйы, Республикæ Хуссар Ирыстоны…
Ирон мыхуыр — се мбæлццон
#Æхсæнад

Ирон мыхуыры дзырд, ирон ныхас уарзон кæмæн у, уыдонæй сты нæ горæты Коцты Грийы уынджы цæрæг Тъехты бинонтæ. Уыдонæн зынаргъ æмæ адджын у уарзон Ирыстон, стæй нæм цы мыхуыры органтæ уагъд цæуы ирон æвзагыл, уыдон дæр, лæууынц сæм æввахс, æмæ сæ сæхи никуы фæиппæрд кодтой. Бинонты хистæр,…
Хуссарирыстойнаг — Уæрæсейы хъайтар
#Спецопераци

Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин Уæрæсейы Хъайтары ном саккаг кодта хуссарирыстойнаг сержант Хуы­га­ты Радиславæн. Уый фæдыл Барамынд мыхуыр æрцыд 24 июны ба­радон актты порталы. «Æфсæддон хæстæ æххæст кæныны рæс­тæджы равдисгæ æхсардзинады тыххæй Уæрæсейы Федерацийы Хъайтары ном лæвæрд æрцæуæд сержант Хуыгаты Радислав Вадимы фыртæн йæ амæлæты фæстæ, —…
«Кванториум» байгом уыдзæн Хуссар Ирыстоны
#Ахуырад #Пресс_конференци

Информацион агентад «Спутник Хуссар Ирыс­тон»-ы пресс-цен­тры уагъд æрцыд пресс-кон­фере­нци Ахуырад æмæ зонады ми­нис­тр Ло­латы Асланæн. Уый æрæ­джы Ка­заны архайдта ахуы­рады министрты æр­тыккаг ду­неон форум «Формируя будущее»-йы. Йæ балцы фæ­дыл лæм­бы­нæ­гæй радзырдта журналисттæн, сæ фарстатæн сын радта æм­бæлон дзуаппы­тæ.

Форумы фæлгæтты Лолаты Асланæн фембæлд уыдис Уæ­рæсейы Федерацийы ахуырады…
Концерт-реквием — «Знать, чтобы помнить»
#Культурæ

Мысæн æмæ хъынцъымы бо­ны сæраппонд Мæскуыйы уыд Ирыс­тонæй — Фыдыбæстæйон Стыр хæсты хайадисджыты ис­тори бахъахъхъæныны сæраппонд Уæлахизы Музеймæ рад­ты­ны церемони. Ацы зынаргъ экс­по­нат­тæ баххæст кæндзысты æп­пæ­та­дæмон историон проект «Ли­ца Победы»-йы бæрæг­гæ­нæн­ты базæ. Уыцы ресурсы семæ зонгæ кæндзысты, кæй фæнда, уыдон.
Церемони уагъд æрцыд Уæ­рæ­сейы Федерацийы сенатор Ви­талий…
Слæууыд рейтингы сæргъ
#Спорт

Ирон дзюдоист Тасойты Инал слæууыд дзюдойæ дунейы фе­де­рацийы абсолютон рейтингы сæргъ. Дунейы чемпионаты йæ дис­саджы уæлахизы фæстæ уый æрæмбырд кодта 7000 очкойы æмæ нæл­гоймæгты ‘хсæн ссис иууыл хуыздæр дзюдоист æппæт уæзты ка­тегориты дæр.
Тасйоты Инал ма у 2023 азы чемпион, «Большой шлем» æмæ ду­нейы кубокты бирæ хатты…
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Абон фæстаг хæрзбон загътой дзауаг лæппу Тедеты Аланæн, кæцы фæмард Украинæйы сæрмагонд хæстон операцийы рæстæджы.

Паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Алан йæ барамындæй Тедеты Аланы схорзæхджын кодта ( йæ амæлæты фæстæ ) Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы майданæй.

Тедеты Аланыл цыдис 28 азы, нæ йын бантыст бинонтæ скæнын дæр.

@XurZaerin
Фӕсивӕдон политикӕ æмæ спорты фæдыл комитет Спортивон-реабилитацион клуб «Like Спорту»- имӕ иумӕ уадзы Фӕсивӕды бонмӕ мадзал!

Хурхæтæны мæйы 27 боны 17:00 сахатыл Пионерты парчы Баскетболы фӕзуаты уагъд æрцæудзысты дунейы адӕмты зӕрдӕмӕдзӕугӕ спортивон хъӕзтытӕ!

Ӕппӕты активондӕр архайджытӕ райсдзысты лӕвӕрттӕ!



📆 Хурхæтæны мæйы 27-æм бон
⏱️ 17:00 сазатыл
📍Пионерты парк.

@XurZaerin
Маршрутты уавæр рабæрæг кодтой


Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты нæ республикæйы Экономикон рæзты министрады туризмы хайады кусджытæ бабæрæг кодтой Дыгургом æмæ бынæттон туристон маршрутты уавæр сбæлвырд кодтой.

Хъуыддаджы балцы ацæуæг адæймæгтæ федтой регионы æрдзон рæсугъддзинæдтæ, стæй амынд маршрутты (ома, Æхсинты былгæрæттæ, Хæйрæджыты хид, Уастырджийы кувæндон, Задæлескы Нанайы хæдзар-музей, Мæцутæ, национ парк «Алани», Байрады æхсæрдзæн) хъæндзинæдтæ дæр раргом кодтой. Куыд рабæрæг, афтæмæй иуæй-иу маршруттæ санитарон тæлмыты, удæнцой къахвæндæгты æмæ амонæнты хъуаг сты, цалдæр маршруты æдасдзинадыл ахъуыды кæнын æмбæлы. Балцы архайджытæ баныхас кодтой маршруттæ иртасыны куыст дарддæр æххæст кæныныл. Национ проект «Туризм æмæ уазæгуарзондзинад» амынд хъуыддаг аразынæн ахъаз кæны.

«Ир-Информ»
27 - æм июны банысан кæнæм Фæсивæды бон. Æвзонджы бонтæ сты царды иууыл цымыдисондæр рæстæг. Уæд зондахаст райдайы фидар кæнын, адæймагмæ вæййы дывæр хъару.

Ирыстоны хорз фæлтæр рæзы сæ фыодæр зонд æмæ æгъдауыл хæст.Уыдонимæ баст у Ирыстоны сомбон. Ут амондджын,æнæниз.

Фæсивæды боны хорзæх уæ уæд!!!

@XurZaerin
2025/06/27 08:54:09
Back to Top
HTML Embed Code: