Telegram Group & Telegram Channel
Ӕ арфиаг фӕллӕнттӕ нин имисуйнаг ӕнцӕ... /// Цӕгат Иристони адӕмон артист, Уӕрӕсей Федераций Аййевӕдти ӕскъуӕлхт архайӕг, зундгонд режиссер, актер, драматург, тӕлмацгӕнӕг, Уӕрӕсей финсгути ӕму театралон архайгути Цӕдеси иуонг, Устур Фидибӕстон тугъди архайӕг ТЕМИРАТИ Иласи фурт Давид райгурдӕй 1924 анзи 15 августи Киристонгъӕуи. Ӕ исфӕлдистадон цардвӕндаг райдӕдта 1941 анзи. Уӕд ма Цӕгат Иристони театралон училищей студент уогӕй. Давид иссӕй Цӕгат Иристони театри агъазгӕнӕг хайади актер, кӕций сценӕбӕл исаразта уӕхӕн рольтӕ, куд Овод Войничи пьесӕ "Овод"-мӕ гӕсгӕ, Незнамов - Островский "Ӕвудӕй фудгин"-и , Клавдио - Шекспири "Берӕ дзахъула нецӕмӕй", зӕгъгӕ, уоми, Къоста - Хъусати Дмитрийи пьесӕ "Адӕми фурт"-и. Темирати Дауит зундгонд адтӕй куд искурдиадӕгин драматург. Ниффинста дӕс пьесемӕй фулдӕр. "Мастесгутӕ", "Фӕдес", "Цӕргӕсти хонх" ӕма ӕндӕртӕ, кӕцитӕ иссӕнцӕ драматургий Еугуруӕрӕсеуон конкурс лауреаттӕ. 1993 анзи иссӕй театралон скъола студи разамонӕг., 1996 анзи ба нӕуӕг равзургӕ Дигорон драмон театри аййевадон разамонӕг. Темирати Давиди берӕвӕрсуг искурдиади раргом ӕй еума, фарс. Е иссӕй ӕцӕг ахургӕнӕг ӕма гъомбӕлгӕнӕг. Бацӕттӕ кодта дессаги искурдиадин актерти къуар. Кӕцитӕй цалдӕр кади хӕццӕ хӕссунцӕ нӕ республики адӕмон артисти ном. Темирати Давид, театралон аййевади патриарх, кӕци ӕ цӕрӕнбонти ӕдзӕстхезӕй фӕллӕгадӕ кодта Иристони культурӕ, ӕ уӕлзӕхон цардӕй рахецӕн ӕй 2007 анзи 2 феврали. Рохсаг уӕд... Лӕмбунӕг дӕр ӕрмӕг кӕсетӕ газет "Дигорӕ "-йи 47 номери.

group-telegram.com/gdigoria/1939
Create:
Last Update:

BY Газет "Дигорæ" / Газета "Дигόра/Digoræ"

Warning: Undefined variable $i in /var/www/group-telegram/post.php on line 260

Share with your friend now:
group-telegram.com/gdigoria/1939

View MORE
Open in Telegram

Telegram | DID YOU KNOW?

Date: |

Markets continued to grapple with the economic and corporate earnings implications relating to the Russia-Ukraine conflict. “We have a ton of uncertainty right now,” said Stephanie Link, chief investment strategist and portfolio manager at Hightower Advisors. “We’re dealing with a war, we’re dealing with inflation. We don’t know what it means to earnings.” The regulator said it has been undertaking several campaigns to educate the investors to be vigilant while taking investment decisions based on stock tips. Ukrainian forces have since put up a strong resistance to the Russian troops amid the war that has left hundreds of Ukrainian civilians, including children, dead, according to the United Nations. Ukrainian and international officials have accused Russia of targeting civilian populations with shelling and bombardments. "Your messages about the movement of the enemy through the official chatbot … bring new trophies every day," the government agency tweeted. And while money initially moved into stocks in the morning, capital moved out of safe-haven assets. The price of the 10-year Treasury note fell Friday, sending its yield up to 2% from a March closing low of 1.73%.
from us

Telegram Газет "Дигорæ" / Газета "Дигόра/Digoræ"
FROM American