Telegram Group Search
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🏟 Цал азы рацыд Меняйлойы ныхӕстӕй?
🏟 Кӕм ис Стадион?
🏟Кӕцы азы сӕрдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?

❗️ Хъӕр-ма уӕддӕр куыннӕ кодтаит!!!
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🥇 ЗӔРОНД СКЪОЛА

Байаты Дауыт, Найфонты Артур ӕмӕ Сидахъаты Зауырбег рамбылдтой сӕ уӕзты 3 сыгъзӕрин майданы Иван Ярыгины турниры.

✔️ Куыд ӕй зонӕм Ирыстоны спорт у ӕнӕӕхца ӕмӕ нӕм спорт бынтондӕр нал ис республикӕйы.

✔️ Кӕд-ма искуы исчи нӕ спортсментӕй фӕуӕлахиз вӕййы, уӕд ӕнӕ республикӕйы ӕххуысӕй!
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
☄️ ТУРИЗМ У ФЫДБЫЛЫЗ!

Ӕрмӕст Ирыстоны нӕ хъуыды кӕнынц афтӕ, фӕлӕ Испани ӕмӕ Португалийы дӕр.

Лиссабоны ӕмӕ Барселонайы цӕрджытӕ хъаст кӕнынц туристтӕй:
- бынӕттон цӕрджытӕн нӕй сыхӕгтӕ,
- ӕргътӕ дуканиты ӕмӕ хӕдзӕртты ӕгътӕ тынг фӕзынаргъ сты,
- бынӕттон ӕхсӕнад халынц,
- туристтӕ семӕ ӕрбахӕссынц ӕнӕгьдау ӕмӕ чизъи митӕ,
- нӕ кӕнынц цыт бынӕттон ӕгъдӕутӕн.
- бынӕттонтӕ лидзынц сӕ райгуырӕн бынӕттӕй.

✔️ Туристтӕ ницӕмӕй хицӕн кӕнынц мигранттӕй.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
⚡️ТАСС: Уӕрӕсейы Спортивон хъӕбысӕйхӕсты Федерацийы Президент Мамиашвили Михал тагъд хъавы Цӕгат Ирыстонмӕ ӕрцӕуын, уый тыххӕй ӕмӕ уый тыхсы хъӕбысӕйхӕсты тынгадыл Ирыстоны.

✔️ Мӕнмӕ гӕсгӕ, иннӕ спортивон федерациты сӕргълӕууджыты дӕр хъӕуы атагъд кӕнын Ирыстонмӕ!

#хъӕбысӕйхӕст
#культурӕ
#стадион
#футбол
#спорт
#хид
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
⚡️ Тъӕнджы мӕйы 26 боны 1991 азы Хуссар Ирыстоны хотыхджын тыхтӕ Цхинвал ссӕрибар кодтой гуырдзиаг ӕфсадӕй, кӕцыйы нымӕц уыд 6 мин хӕстоны.

Гуырдзыйӕгтӕн сӕ бон бацис Цхинвалы хай бацахсын 6 январы уыцы аз ӕрмӕстдӕр Советон ӕфсады фӕрцы - уыдон рацыдысты гадзрахатӕй Хуссар Ирыстоныл.

📍гадзрахатӕй цӕуын - предавать
ÆРТÆ НАРТЫ

Уæрхæг æмæ Дзерассæйæн райгуырди дыууæ фаззоны. Дыууæ фаззонæй сæ иу куы гуырд, уæд иннæ та йæ мады уæнтæй ысбырыд, иумæ райгуырын цын зын уыди. Уыйадыл фыццаг лæппуйыл сæвæрдтой Фарнæг зæгъгæ, ахæм ном. Фарны гуырд ракодта, æмæ уымæн. Фæлæ уæнтæй чи райгуырди, уый та схуыдтой Уæн.

Фарнæг æмæ Уæн рахъомыл ысты. Æмæ иумæ нал фидыдтой Уæрхæджы зæнæг. Хæмыц æмæ Уырызмæг сæхи сæ фыды номыл ныууагътой, æмæ равзæрдысты Æхсæртæггатæ. Уæн æмæ Фарнæг та сæ фыдыфыд Борæйы намыс ысхуыдтой сæхи. Æмæ рацыдысты Борæтæ. Уæрхтæнæгæн та иу фырт уыди Алæг зæгъгæ. Æмæ уый та йæхи номыл ныууагъта фæд – Алæгатæ.

Борæтæ фосджын æмæ бонджын систы.
Æхсæртæггатæ – тыхджын æмæ хъаруджын.
Алæгатæ та – æвзыгъд æмæ номдзыд.

Ахæм хуызы Нартæй равзæрди æртæ сыхы, кæнæ Æртæ Нарты:
Уæллаг Нарт – Борæтæ,
Астæуггаг Нарт – Æхсæртæггатæ, æмæ
дæллаг Нарт – Алæгатæ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
⚡️ Бекъойты Азӕмӕт ӕрыздӕхт Ирыстонмӕ йӕ фыццаг ӕнтысджын дебютон хӕст UFC-йы фӕстӕ ӕмӕ йыл Дзӕуӕджыхъӕуы ӕмбӕлынц кадджын ӕгъдауӕй.
7⃣1⃣8⃣ Сӕрмагонд Хӕстон операцийы йӕ хӕстӕ цӕсгомджынӕй ӕххӕстгӕнгӕйӕ фӕмард ирон хӕстон ИКЪАТЫ ГЕУӔРГИ (ГИВИЧ)

Ирон хӕстоныл цыд 36 азы, Сидзӕртӕй баззадысты дыууӕ сывӕллоны. Бавӕрдзысты йӕ Цхинвалы 30 январы.

РУХСАГ У!

💔 Абоны онг Сӕрмагонд Хӕстон операцийы фӕмард сты 718 ирон хӕстоны.
⚡️ Ирӕттӕн нӕй куыст Ирыстоны ӕмӕ лидзынц ӕгуыст ӕвзонг адӕм, суанг ма АИШ-мӕ дӕр мингай цӕуынц, ацы хицауады кусдджытӕн та уыцы хабар хорз у, нӕ сӕ хъӕуы бирӕ кусын ӕмӕ ног куыстуӕттӕ гом кӕнын.

Тагъд Ирыстоны ирон сыстӕм уыдзӕн.
Ирыстоны ис ахӕм ӕхсӕнад, кӕцы тыхсы ирон нацийы ӕмӕ Ирыстоны интерестыл?

Кӕд ис, уӕд сӕ посты бын комментариты ныффыссут.

📍ӕхсӕнад-организация
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
⭐️Дзырды фарн
    
Фæнды мæ мæн,  цæмæй нæ Иры
     Мæгуыр лæг царды уаг æмбара.
     Фæнды мæ мæн,  цæмæй нæ Иры
     Лæджы фæллой йæ кад ыссара.
     Фæнды мæ мæн,  цæмæй нæ Иры
     Рæстдзинад адæммæ куыд хъара.
     Фæнды мæ мæн,  цæмæй нæ Иры
     Нæ тых,  нæ фæнд,  нæ сæр нæ бар уа.
  
© ГÆДИАТЫ ЦОМАХЪ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
7⃣2⃣3⃣ Сӕрмагонд Хӕстон операцийы йӕ хӕстӕ цӕсгомджынӕй ӕххӕстгӕнгӕйӕ фӕмард ирон хӕстон ПАГАТЫ СОСЛАН.

Ирон хӕстоныл цыд 36 азы. .

РУХСАГ У!

💔 Абоны онг Сӕрмагонд Хӕстон операцийы фӕмард сты 723 ирон хӕстоны.
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
⚡️ Абхазӕн снысан кодтой ног куратор Уӕрӕсейӕ - Сергей Кириенко йӕхӕдӕг кӕсдзӕн, Абхазы цы политикон уавӕр ис абон, уымӕ.

Ныр уый экстренон ӕгъдауӕй ӕртахт Сухуммӕ ӕмӕ фембӕлдзӕн президентон ӕвзӕрстыты сӕйраг кандидаттимӕ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🚌 Транспортон коллапс Дзӕуӕджыхъӕуы: 11 маршруты скъӕрджытӕ нӕ рахызтысты куыстмӕ.

Кӕй аххос у?
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🎬 Ног телепроект сывæллæттæн! Кастинг!

🟨 Национ телекомпани "Осетия-Ирыстон" агуры, иронау хорз чи дзуры, ахæм сабиты. Æртæ азæй иуæндæс азы онг кæуыл цæуы, ахæмты!

🥰 Цыргъзонд, дзырдарæхст æмæ ныфсджын чысыл хуртæм æнхъæлмæ кæсæм нæ телекомпанийы.

📹 Ныййарджытæ, уæ сабиты видеоæрмæджытæ æрвитут нæ электрон постмæ [email protected]мæ, кæнæ та мæнæ ацы номырмæ: 8 926 387 73 09.

Æнхъæлмæ уæм кæсæм!
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
⚡️ Нӕ сыхаг нацитӕ стыр кьахдзӕфтӕ кӕнынц размӕ:
- абхаз авицийы
-цӕцӕн космосы..,

Дыууӕ Ирыстоны сӕргълӕууӕгтӕн сӕ бон бынтондӕр ницы у?
Нӕ хид саразын нæу сæ бон, нӕ стадион?
Уӕрӕсейы хицауад сӕ бынтондӕр ницӕуыл нымайы?

⚡️Ӕрмӕст-ма Сӕрмагонд Хӕстон операцимӕ цӕуынц ирон фӕсивӕд, Ирыстоны та уавӕр ӕвзӕрӕй ӕвзӕр дӕр кӕны!

⚡️Гъӕ мардзӕ исчи, бынтон сӕфт кӕнӕм алантау!
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🇷🇺 Тасойты Инал 1/4 финалы фӕуӕлахиз йӕ ныхмӕлӕууӕг французагыл Парижы Стыр шлемы ӕмӕ дарддӕр ӕрдӕгфиналмӕ ахызт.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
7⃣2⃣9⃣ Сӕрмагонд Хӕстон операцийы йӕ хӕстӕ цӕсгомджынӕй ӕххӕстгӕнгӕйӕ фӕмард ирон хӕстон МӔРЗАТЫ ВЛАДИМИР.

Ирон хӕстоныл цыд 46 азы, сидзӕртӕй баззадысты 2 сывӕллоны, ӕвӕрынц ӕй абон Дзӕуӕджыхъӕуы.

РУХСАГ У!

💔 Абоны онг Сӕрмагонд Хӕстон операцийы фӕмард сты 729 ирон хӕстоны.
БИТАРТЫ ВЯЧЕСЛАВЫ гуырӕнбон у ӕмӕ йын хуыздӕр арфӕтӕ кӕнӕм!

Уыд бирӕ хуыздӕр ӕмӕ кусагдӕр сӕргълӕууӕг нырыонимӕ абаргӕ кӕд разы дӕ, уӕд ныллайк кӕн афтӕ 💯
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
2025/02/02 18:04:53
Back to Top
HTML Embed Code: