Telegram Group Search
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
А дунейы ныййарӕгӕй зынаргъдӕр ницы ис

🔻Ныййарӕджы амондӕй хайджын чи фӕци, уыдоны номыл абон хъуысынц ӕппӕты зӕрдиагдæр ныхӕстӕ. Сӕ сӕйрагдӕр у «Бузныг!».

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Абон у Мадӕлты æппӕтдунеон бон

🔻Адӕм дзурынхъом куы фесты, уӕдӕй абонмӕ цыфӕнды адӕймагӕн дæр ӕппӕтӕй адджындӕр дзырд у — мад! Цалфӕнды азы ныл куы рацӕуы, уӕддӕр нӕ алкӕмӕн дæр хъӕугӕ у. Куыд хистӕр кӕмӕм, уыйбӕрц та нын зынаргъдӕр вӕййынц.

Абон ӕппӕт мадӕлтӕн зӕгъӕм бузныг! Уӕ ӕнӕхуыссӕг ӕхсӕвты ӕмӕ стыр зӕрдӕты, уӕ фӕлмӕндзинад ӕмӕ узӕлаг ныхӕсты тыххӕй, цардамонӕг ӕмӕ ӕххуысгӕнӕг кӕй стут, уый тыххӕй. Ӕрмӕст уӕ андзӕвд нӕ алкӕмӕн ӕвдадзы хос у. 

Абон нӕ алчидӕр сыгъдӕгзӕрдӕйӕ зӕгъы: «Мам, ӕз дӕ бирӕ уарзын».

Лӕварӕн та айсут ацы зарӕг.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ӕвзонг лӕппуйӕн тыхмитӕ кӕй кодта, уый тыххӕй Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕгыл байгом кодтой ноджы иу уголовон хъуыддаг

🔻52-аздзыд нӕлгоймагыл ма бахъаст кодта ноджы иу лӕппу. Куыд радзырдта, афтӕмӕй йыл 16 азы куы цыд, уӕд ӕм йе 'мбӕлттимӕ уыд уазӕгуаты. Фӕлӕ йӕм дыккаг бон нӕлгоймаг ӕххуысмӕ фӕдзырдта, асайдта йӕ ӕмӕ йын тыхмитӕ бакодта. Ууыл рацыд цалдӕр боны ӕмӕ та йӕм нӕлгоймаг бадзырдта ӕмӕ та йӕ ногӕй цӕуын кодта. Фӕлӕ лӕппу нал сразы. Уӕд ӕм нӕлгоймаг ӕртхъирӕн кӕнын райдыдта, ома, фатеры камерӕтӕ уыд ӕмӕ «хосгӕнӕджы» видеомӕ систа ӕмӕ йӕ йӕ зонгӕтӕм арвитдзӕнис. Ӕвзонг лӕппу фӕтарстис ӕмӕ ӕрбацыд. Афтӕмӕй йын нӕлгоймаг афӕдзы 'рдӕг тыхмитӕ кодта.

➡️ «Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй ноябры райдианы нӕлгоймагыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Уый размӕ та тыхмитӕ кодта 14-аздзыд лӕппуйӕн ӕмӕ уый дӕр тӕрсын кодта, видеомӕ йӕ кӕй систа æмӕ йӕ иннӕтӕм кӕй арвитдзӕн, уымӕй. Ныр нӕлгоймагыл байгом кодтой ног хъуыддӕгтӕ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уыци-уыци: нӕ ног къус иууылдӕр хуынчъытӕ. Цы у?
Anonymous Quiz
17%
Канчыри
1%
Дидинӕг садзынӕн дурын
3%
Цӕппузыр
79%
Сасир
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Тыхмитӕ кӕмӕн бакодтой, уыцы прокуроры систой йæ куыстæй   

🔻Республикӕйы сӕйраг прокуроры уынаффӕмӕ гӕсгӕ прокуратурӕйы кусджыты нымӕц фӕкъаддӕр кодтой. Æнæ куыстæй чи баззад, уыдоны 'хсӕн ис, тыхмитӕ кӕмӕн бакодтой, уыцы сылгоймаг-прокурор дӕр. Йӕ бынаты ныхмӕ йын радтой куыст равзарыны фадат, фӕлӕ уӕгъд уыдысты ӕрмӕст шофырты бынӕттӕ. Ууыл сылгоймаг не сразы.

Уымӕй уӕлдай ма, йæ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уголовон хъуыддаг куы байгом кодтой, уӕдӕй фӕстӕмӕ йын йæ куыст цыппар хатты басгӕрстой. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ йӕ ахӕм хуызы прокуратурӕйæ цӕуын кӕнынц. Сӕвзӕргæ уавӕр раиртасыны тыххӕй сылгоймаг бацагуырдта Уӕрӕсейы генералон прокурор Игорь Красновы ӕххуыс.

«Сапӕ» ма куыд хъусын кодта, афтӕмӕй йын тыхмитӕ чи бакодта, уыцы ӕмкусӕг Григорий Авакяныл сылгоймаг-прокурор бахъаст кодта июлы райдианы. Нӕлгоймаджы ӕрцахстой, августы та хъуыддаг йӕхимӕ райста Слестгӕнӕн комитеты сӕйраг управлени Мӕскуыйы. 16-ӕм декабрмӕ уыдзӕн хъахъхъӕнджыты къухы.

💬 «Цы 'рцыдис, уый тыххӕй 3-ӕм июлы йӕ разамындӕн куы фехъусын кодта, уӕд ын ӕххуысӕй зӕрдӕ бавӕрдтой, фӕлӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй уавӕр бынтон ӕндӕрхуызон у. Генералон прокуратурӕйӕ куырдтам, цӕмӕй хъуыддагмӕ цӕст дарой, уыдон та йӕ фӕстӕмӕ ардӕм ӕрбарвыстой. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ иу сгӕрст иннӕйы фӕдыл», — зæгъы йæ адвокат Кокайты Алан.

Сылгоймаг ныффыста Уӕрӕсейы президентмӕ ӕмӕ бацагуырдта адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕджы ӕххуыс. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, слестгӕнджыты къорды нæ бауагътой, фыдми кӕм ӕрцыд, уыцы кабинетмӕ, ӕвӕстиатӕй йӕ цалцӕг кӕнын райдыдтой, камерӕты видеотӕ та схафтой. 

Сылгоймаг «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй 1-ӕм ноябры республикон прокуратурӕйы ӕдасдзинады службӕйы разамонӕг Мысыкаты Левыл Уӕрӕсейы слестгӕнӕн комитет байгом кодта уголовон хъуыддаг, рӕстдзинад ӕмӕ хъуыддаг равзарынӕн цӕлхдуртӕ кӕй ӕвӕрдта, уый тыххӕй. Фӕлӕ дыккаг бон генералон прокуратурӕ йӕ уынаффӕ аивта.

💬 «15 азы кӕм фӕкуыстон, уыцы къабазы бон мӕ бахъахъхъæнын нӕу, кӕнӕ та йӕ нӕ фӕнды. Мӕ зындзинӕдтимӕ иунӕгӕй аззадтӕн. Ацы хъуыддаг тагъддӕр куы фӕуид ӕмӕ аххосджын закъонмӕ гӕсгӕ ӕфхӕрд куы баййафид, уый мӕ тынг фӕнды» — зӕгъы сылгоймаг.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
«Йӕ бынат — Уӕрӕсейы иугонд командӕйы»: Цхинвалы ис ӕртӕ ӕвзонг футболисткӕйы

🔻Футболӕй хъазын кӕй фӕнды, ахӕм чызджытӕ республикӕйы бирӕ сты. Алы аз дӕр лӕппуты ӕмрӕнхъ сӕхи футболы секцимӕ ныффыссын кӕнынц.

Цалдӕр азы размӕ республикӕйы уыдис чызджыты футболон командӕ. Уыдис дзы 25 чызджы. Кокойты Юри семӕ лӕвар куыста. Фӕстӕдӕр сын тренировкӕтæ уагъта 22-аздзыд дзӕуджыхъӕуккаг футболисткӕ (йӕхӕдӕг та хуссарирыстойнаг у). Фӕлӕ алыхуызон аххосӕгтӕм гӕсгӕ командӕ нал ис.

Кокойты Юрийӕн хъыг у. Фӕнды йӕ, цӕмӕй чызджытӕ дӕр хъазой футболӕй ӕмӕ та йӕхимӕ райста ӕртӕ чызджы. Суинагыл дзы нымайы 15-аздзыд Плиты Миланӕйы. Суанг ма йӕ турниртӕм дӕр аласы ӕмӕ йын бар куы радтынц, уӕд ӕй лӕппуты командӕйы уӕнгӕй фӕзмӕ рауадзы. Тренеры бӕллиц та у Миланӕйы Краснодары Футболы академимӕ бакӕнын, ис дзы сылгоймӕгты футболон командӕ ӕмӕ хъазынц премьер-лигӕйы.

💬 «Фадат куы уаид, уӕд йӕхи иттӕг хорз равдисид, командӕмӕ йӕ райсиккой. Ууыл дызӕрдыг дӕр нӕ кӕнын. Ӕз ӕй Уӕрӕсейы иугонд командӕйы дӕр уынын, уый аккаг у», — зӕгъы тренер. 

➡️ Юрийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныртӕккӕ Хуссар Ирыстоны сылгоймӕгты иугонд футболон командӕ скӕнын зын у. Кӕд бирӕты бӕллиц у, уӕддӕр алчи йӕ ныфс нӕ хӕссы. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ зӕрдӕ дары ӕмӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны цыппар ныййарӕгӕн радтой «Мать-героиня»-йы кадджын ном

🔻Мадӕлты боны кадӕн семӕ фембӕлд ӕмӕ сын арфӕ ракодта Сергей Меняйло.

💬 «Мад уӕвын тынг зын, фӕлӕ уыимӕ амондджын хъуыддаг у. Дӕ сывӕллонӕй хорз адӕймаг куы рауайа, уӕд уый сӕрыстырдзинад у. Алы хъӕбулӕн мад йӕ ныфс вӕййы. Ныййарӕджы уарзондзинадӕн та ӕмбал нӕй, у ӕнусон. Зӕрдиагӕй арфӕ кӕнын сымахӕн ӕмӕ ӕппӕт мадӕлтӕн. Зындзинад ӕмӕ фыдбылызӕй хызт ут!» — загъта Сергей Меняйло.

Мады ном кадджынӕй кӕй хӕссынц ӕмӕ рӕсугъд цот кӕй схъомыл кодтой, уый тыххӕй «Мать-героиня» райстой:

▫️Галина Бойко, 12 сывӕллоны мад;
▫️Чочиты Майя, 10 сывӕллоны мад;
▫️Гегкиты Фатимӕ, 8 сывӕллоны мад;
▫️Ирина Чернега, 7 сывӕллоны мад.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Слестгӕнӕн комитет кӕронмӕ раиртӕста Алагиры районы администрацийы сӕргълӕууӕг Гӕджиты Гермӕны хъуыддаг

🔻Азымджын ӕй кодтой, йӕ барты сӕрты кӕй ахызт, уымӕй, хъусын кӕны Слестгӕнӕн комитет. Уголовон хъуыддаг арвыстой тӕрхондонмӕ.

Рагагъоммӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 2022-ӕм азы 4 августы районы администраци хаццоны ист зӕххы хайыл бындурон арӕзтадӕн бар радта. Скодтой дзы зиплайн. Арӕзтад бындуронӕй конд кӕй нӕу, уый зонгӕйӕ районы сӕргълӕууӕг уӕддӕр объект эксплуатаци кӕныны бар радта. Афтӕмӕй йӕ ауӕй кодтой 6 мин сомӕй, районӕн та зиан ӕрхастой 3 милуан сомы.

➡️ «Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй Гӕджиты Германимӕ ӕрцахстой Ӕлборты Паатӕйы, азымджын ӕй кодтой цӕстфӕлдахӕн митӕй.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хихджын бӕлӕсты бӕсты — сыфтӕрджынтӕ: доны станцӕйы ныссадздзысты 200 сусхъӕды

🔻Ӕрӕджы доны станцӕйы ныссагътой 40 нӕзыбӕласы, фӕлӕ сӕ 10 боны размӕ скъахтой ӕмӕ ӕрбынат кодтой фӕлладуадзӕн парчы, Горькийы уынджы 'рдыгӕй.

Дзӕуджыхъӕуы администрацийы куыд бамбарын кодтой, афтӕмӕй цады цур нӕзыбӕлӕстӕ ныссагътой, ӕндӕр талатӕ сӕм кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ цӕрджыты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдысты ӕмӕ сæ администрацийы кусджытӕ сыфтӕрджынтӕй баивдзысты. Дывӕр пайда сӕ ис: дӕттынц фылдӕр аууон, стӕй тагъд рӕзынц. Талатӕ балхӕнынӕн фӕрӕзтӕ ссардтой ӕмӕ сӕ мӕйы кӕронмӕ хъуамӕ балхӕной.

➡️ Уымӕй уӕлдай ма мэрийы минӕвӕрттӕ бафиппайдтой: куы сӕ сласой, уӕд тала ныссадзын кӕй фӕнда, уыдоны се 'ппӕты дӕр фӕхондзысты.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Тӕрхъусӕн йӕ ирвӕзынгӕнӕг цы хонынц?
Anonymous Quiz
84%
Йӕ къӕхтӕ
13%
Йӕ хъустӕ
1%
Ололийы хъӕр
2%
Ӕхсӕв
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — бӕлас.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Моноспектакль «Иногда нам снятся старые собаки» цӕгатирыстойнӕгтӕн у сӕ уарзондӕртӕй иу

🔻Афӕдзы райдианӕй йӕ республикӕйы равдыстой 28 хатты. Уымӕй уӕлдай ма йӕ аластой Мӕскуы ӕмӕ Налцыкмӕ, радзырдта моноспектаклы автор Плиты Сослан.

💬 «Ӕппӕтӕй арӕхдӕр ӕвдыст цӕуы Вахтанговы хӕдзары. Уыдис-иу афтӕ дӕр, ӕмӕ-иу билеттӕ иууылдӕр 4 сахатмӕ балхӕдтой. Мӕскуыйы дӕр ныл ӕхсызгонӕй сӕмбӕлдысты. Ам зӕгъдзынӕн уый, ӕмӕ уырдӕм цӕугӕйӕ спектаклы иунӕг ныхас дӕр нӕ аивтам — географион нӕмттӕ дæр. Нырыккон ирон ныхасы хъӕд ныууагътам», — радзырдта Плиты Сослан.

Ацы аз ӕй фӕстаг хатт равдисдзысты 30 декабры ирон театры. Автор куыд зӕгъы, афтӕмӕй йӕ уый размӕ республикӕйы ӕппӕт театрты дӕр равдыстой. Спектаклы премьерӕ та уыд 2020-ӕм азы мартъийы Уырыссаг театры.

📄 «Иногда нам снятся старые собаки»-йы ис Плиты Сосланы 13 новеллӕйы. Автор сӕ кӕрӕдзиимӕ баиу кодта. 22 ролы ахъазыд Ӕгайты Эльберд. Режиссер — Кокуаты Андрей. Ног аз бакусдзысты ног проектыл.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстонæй Абхазы хӕсты чи архайдта, уыдонӕй 152 адæймагæн саккаг кодтой майдантæ 

🔻Хуссар Ирыстоны Анахарсисы номыл национ чиныгдоны схорзӕхджын кодтой 1992-1993-ӕм азты Абхазы Фыдыбӕстӕйы хӕсты ветеранты. Уый тыххӕй указ бафыста Абхазы хъахъхъӕнынады министр. Республикæйы хицауады номӕй сын хӕрзиуджытӕ радта Абхазы минӕвар Хуссар Ирыстоны Елбачиты Алан.

Ӕдӕппӕтӕй Абхазы хӕсты 30 азы бонмӕ схорзӕхджын кодтой 152 адӕймаджы. Сӕ фылдӕры — сӕ амӕлӕты фӕстӕ, ӕмӕ майдантӕ радтой сӕ хиуӕттӕн, фехъусын кодта «Сапӕ»-йӕн Абхазы Фыдыбӕстӕйы хӕсты Бархион-ветеранты цӕдисы сӕрдар Санахъоты Морис.

Кадджын мадзал сарӕзтой Хуссар Ирыстоны Хъӕбатырдзинад ӕмӕ адӕмы иудзинады бонмӕ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Зынаргъ згъӕртӕ уӕйгӕнӕн дуканийы кусӕг адавта 400 мин сомы аргъ дзаумӕттӕ

🔻Знон рабӕрӕг, дукани «Золотой 585»-ӕй 417 мин сомы аргъ дзаумӕттӕ кӕй фесӕфтысты, уый. «Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй уыдысты хъусцӕджытӕ, къухдарӕнтӕ, аив рӕхыстӕ, цонгдарӕнтӕ, дзуӕрттӕ. Бирӕтӕ дзы уыдысты зынаргъ дуртимӕ — æдӕппӕтӕй 17 дзаумайы.

Фӕгуырысхо сты дуканийы кусджытӕй иуыл. Рагагъоммӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, давд сбӕрӕг кӕныны размӕ ӕрыгон сылгоймаг-уӕйгӕнӕг бацыд ломбардмӕ ӕмӕ сейфӕй райста 6 цъынды гӕххӕтты, кусгӕ боны фӕстæ та ма йемӕ рахаста сызгъӕринтӕ.

Дыккаг бон уӕйгӕнӕг йӕ зонгӕйӕ ракуырдта, цӕмӕй, йӕхирдыгӕй цы фӕкодта, уыдон ӕндӕр ломбардмӕ бахӕсса. Кӕцӕй йӕм сты, уымӕй йӕ йӕ зонгӕ куы афарста, уӕд загъта, рагӕй йӕм кӕй сты. 

➡️ Кӕронбӕттӕны сылгоймаджы зонгӕ фыццаг бон ломбардмӕ ахаста згъӕр дзаумӕттӕн се 'рдӕг ӕмӕ сӕ ауӕй кодта 80 мин сомыл. Дыккаг бон та иннӕтӕ радта 70 мин сомыл.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дунейы ӕппӕтӕй бӕрзонддӕр кӕрдӕг цавӕр у?
Anonymous Quiz
18%
Бананы пальмӕ
5%
Хъӕз
76%
Бамбук
1%
Сӕнк
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — цъынды.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
2024/11/27 01:38:48
Back to Top
HTML Embed Code: