Telegram Group Search
🔸 Хатт искæй рæнхъытæ куы фæкæсæм, уæд дзы ссарæм, нæхи бон зæгъын кæй нæ бацис, уыцы хъуыдыты халдих, науæд та нæ бафтауынц, ныры онг кæй никуыма бавзæрстам, ахæм сагъæстыл, раргом нын кæнынц æмбæхст рæсугъддзинад, сæвæрынц нæ разы ног фарстытæ.

▫️Ахæм рæнхъытæ уæм хæццæ кæныны охыл æрымысыдыстæм ноджы иу рубрикæ — «Хуыздæр нæ зæгъдзынæ».

#ӕмдзӕвгӕ
#цитатӕ
#зондджын_хъуыдытӕ

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Хӕсты рӕстӕг уарзондзинадӕн бынат ис ӕви нӕй? Уӕвгӕ, куыд нӕ. Ацы ӕнкъарӕн тыхдӕттӕг куы у, цыфӕнды зындзинӕдты сӕрты ахизыны фӕрӕз куы у. Афтӕмӕй Фыдыбӕстӕмӕ ӕмӕ зӕрдӕйӕн хӕстӕг адӕммӕ уарзондзинад куы баиу вӕййынц, уӕд дзы рауайы, басæттӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм тых. Афтӕ уыд Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг дӕр. 

#аивады_хӕзнадон 

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🎵 Дауыраты Эдуард — «Зырнӕджытӕ»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🔸 Хатт искæй рæнхъытæ куы фæкæсæм, уæд дзы ссарæм, нæхи бон зæгъын кæй нæ бацис, уыцы хъуыдыты халдих, науæд та нæ бафтауынц, ныры онг кæй никуыма бавзæрстам, ахæм сагъæстыл, раргом нын кæнынц æмбæхст рæсугъддзинад, сæвæрынц нæ разы ног фарстытæ.

▫️Ахæм рæнхъытæ уæм хæццæ кæныны охыл æрымысыдыстæм ноджы иу рубрикæ — «Хуыздæр нæ зæгъдзынæ».

#ӕмдзӕвгӕ
#цитатӕ
#зондджын_хъуыдытӕ

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Чабӕхан... Ӕрыгон, фӕлӕ йӕ райгуырӕн зӕххыл, йӕ хъӕубӕстӕ ӕмӕ адӕмыл ӕнувыд ӕмӕ йӕ хистӕртӕн аккаг чызг. Мӕлӕтӕй нӕ тӕрсгӕйӕ знагӕн фидарӕй «нӕгъ» зӕгъыны ныфс кӕмӕ разынд, уыцы ӕрыгон чызджы ном Цӕгат Ирыстоны историйы ӕнустӕм фыст ӕрцыд.Хӕсты рӕстӕг уарзондзинадӕн бынат ис ӕви нӕй? Уӕвгӕ, куыд нӕ. Ацы ӕнкъарӕн тыхдӕттӕг куы у, цыфӕнды зындзинӕдты сӕрты ахизыны фӕрӕз куы у. Афтӕмӕй Фыдыбӕстӕмӕ ӕмӕ зӕрдӕйӕн хӕстӕг адӕммӕ уарзондзинад куы баиу вӕййынц, уӕд дзы рауайы, басæттӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм тых. Афтӕ уыд Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг дӕр. 

#аивады_хӕзнадон 

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Симды фӕз» сараздзысты Джызӕлы

🔻Ӕмбӕлццон-горӕт сырӕздзӕн Горӕтгӕррон районы. Джызӕлы цӕрджыты курдиатмӕ гӕсгӕ ахӕм уынаффӕ рахастой хицауады уӕнгтӕ. Уый тыххӕй абон хицауады ӕмбырды фехъусын кодта Сергей Меняйло.

💬 «Цы пайда сын фӕуыдзӕн, уый адӕм бамбӕрстой ӕмӕ сӕхи бафӕндыд сӕ фидӕныл бацархайын. Мах та хъӕуы адӕммӕ байхъуысын», — загъта хицауады ӕмбырды республикӕйы сӕргълӕууӕг. 

Ис ӕрмӕст иу фиппаинаг: хъӕуы зӕххытӕ кадавар сты. Уымӕ гӕсгӕ Сергей Меняйло бабар кодта, цавӕр фӕзуат бахъӕудзӕн, уый сбӕрӕг кӕнын ӕмӕ зӕххытӕ хъӕуккаг категоримӕ раивын. Арӕзтады министрад, разамынддӕттӕг компани та хъӕуы цӕрджытимӕ иумӕ хъуамӕ бакусой проектыл. Сӕйрагдӕр домӕн — социалон инфраструктурӕ ӕмӕ инженерон хызӕгтӕ хъуамӕ хъыгдард ӕмӕ ивд ма ӕрцӕуой.

💬 «Ногиры та ӕмбӕлццон-горӕты бынаты скӕндзыстӕм ӕндӕр цӕрӕн бынттӕ. Льготӕтӕм гӕсгӕ лӕвӕрд цӕудзысты сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы архайджыты хицӕн къордтӕн», — загъта регионы разамонӕг.

➡️ «Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй ивгъуыд къуыри джызӕйлӕгтӕ хъӕуы ӕмбырды рахӕцыдысты сӕ хъӕуы ӕмбӕлццон-горӕт саразыны фарс. Бахастой фӕндон, 2021 азы Дзӕуджыхъӕуӕн цы 150 гектары радтой, уыдон фӕстӕмӕ хъӕуы исбонмӕ радтын ӕмӕ дзы «Симды фӕз» саразыны тыххæй.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны цӕрӕг ныффыста петици Дӕргъӕвсы некрополь сӕхгӕныны тыххӕй

🔻4 боны размӕ портал «Change.org»-ы равӕрдтой Дзампаты Дианӕйы номӕй фыст курдиат Дӕргъӕвсы некрополь сӕхгӕныны тыххӕй. Ахæм хуызы йӕ фӕнды ацы историон бынат бахъахъхъӕнын. Цыппар бонмӕ петици бафыстой 190 адӕймаджы.

Ивгъуыд ӕнусы 90 азты ацы бынат, федералон нысаниуӕг кӕмӕн ис, ахӕм культурон хӕзнайыл нымад æрцыд, æмæ афтæмæй ахӕм уавӕры кӕй ис, уый Дианӕмӕ раст нӕ кӕсы ӕмӕ йын хъыг у. Алы бон дӕр ӕм цӕуынц, йӕ ахадындзинад ын чи не 'мбары, ахӕм ӕцӕгӕлон адӕм. Куыд ӕмбӕлы, сӕхи фылдӕр хатт афтӕ нӕ фӕдарынц. 

💬 «Ныр бирӕ азты фӕткӕвӕрд алы бон дӕр хӕлд цӕуы. Зӕппадзтӕм ӕппарынц бырӕттӕ. Стджытӕ ӕмӕ сӕры къудыртӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕн рахӕссынц, зарджытӕн исынц клиптӕ. Уал дуджы фӕстӕ та кӕмӕдӕрты ӕрцыдис, зӕппӕдзты чи ис, уыдонæн бынæттæ куыд æвзæрстой, ууыл ныхас кӕнын», — фыссы Дзампаты Дианӕ.

21 июны Дӕргъӕвсы цӕрджытӕ сарӕзтой ӕмбырд ӕмӕ ныхас кодтой некрополы уавӕрыл.

💬 «Фӕнды нӕ, цӕмӕй йӕ сӕхгӕной ӕмӕ йӕм туристтӕй мачи цӕуа. Кӕсӕн фӕз скӕнӕнт, равӕрӕнт дзы, йӕ истори фыст кӕм уа, ахӕм стенд, ӕмӕ табуафси — истори дӕр базондзысты, кӕсгӕ дӕр ӕм бакӕндзысты. Туристты фылдӕр хай, кӕдӕм цӕуынц, уый зонгӕ дӕр нӕ фӕкӕнынц ӕмӕ сӕ нӕ фыдӕлты стӕгдартыл ракӕн-бакӕн кӕнынц. Ацы фарстайыл аныхас кӕнынӕн ныр цалдӕр хатты сӕмбырд стӕм. Ацы къуыри нӕ зӕрды ис республикӕйы сӕргълӕууӕгимӕ фембӕлын ӕмӕ ацы фарста алыг кӕнын», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Дӕргъӕвсы цӕрӕг Сасиаты Руслан.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — хъӕу.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны сфидар кодтой ӕнӕ пилотæй тӕхӕг аппараттӕй тӕссаг уавӕр

🔻Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло. Бафиппайдта, уый аххосӕй мобилон бастдзинад ӕвзӕр кӕй кусдзӕн ӕмӕ интернет кӕй нӕ уыдзӕн, уый.

💬 «Адӕммӕ сидын, цӕмӕй ма тыхсой ӕмӕ сæ зæрдыл дарой, алцыдӕр ӕдасдзинады домӕнтӕ сӕххӕст кӕнынӕн кӕй аразынц, уый», — зӕгъы республикӕйы разамонӕг.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Интернеты бирӕ хъӕстыты фӕстӕ Дзӕуджыхъӕуы уӕлмӕрд бырӕттӕй ссыгъдӕг кодтой

🔻Хъастгӕнӕг цӕрджытӕ интернеты социалон хызӕгты равӕрдтой, уӕлмӕрд быроны бын куыд фӕци, уый ӕвдисӕг къамтӕ ӕмӕ видеотӕ. Адӕм сӕхӕдӕг дӕр ницӕуыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, сӕ хиуӕтты ингӕнтӕ сыгъдӕг кӕнгӕйӕ, сӕ бырӕттӕ иу иннӕйыл уӕлӕ калынц.

Цӕрӕнуӕтты коммуналон хӕдзарады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Хъараты Тимур республикæйы разамонæгæн ацы проблемæ фехъусын кодта аппаратон ӕмбырды. Министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй уӕлмӕрдтӕ сыгъдӕг кӕнын регионон оператормӕ нӕ хауы, фӕлӕ сӕ бафснайдзысты.

Куыстытӕн радих котой ӕмӕ арвыстой уӕзласӕн машинӕтӕ ӕмӕ самосвалтӕ. Раластой алыхуызон бырӕтты 50 кубометры.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Мӕздӕджы районы ӕнӕзакъон бырондӕттӕ айсынӕн бахъӕудзӕн 9 милуан сомы бӕрц

🔻Районы бюджетӕй разы сты 8,9 милуан сомы онг радих кӕнын. Ссарын хъӕуы, куыстытӕ чи кӕндзӕн, ахæм организаци.

Хъæудзæн ӕй ӕрвылбоны хӕслӕвӕрдтӕ ӕмӕ, администрацимӕ цы курдиӕттӕ ӕрбацӕуы, уыдонмӕ гӕсгӕ кусын. Сæ бæрны уыдзæн бырӕттӕ куыд къухӕй, афтӕ техникӕйы ӕххуысӕй ӕмбырд кӕнын, машинӕтӕм ӕвгӕнын ӕмӕ сæ хауӕццӕгтӕ ӕмбырдгӕнӕн бынатмӕ ласын.

Голджыты ӕмбырдгонд бырӕттӕ сӕ хъӕудзӕн фӕндаджы был ӕвæрын ӕмӕ сæ ӕртӕ сахатмӕ ӕмбӕлгӕ ранмӕ аласын, стæй ма ӕнӕзакъон быгъдон ӕмӕ йӕ алыварс фӕзуат ссыгъдӕг кӕнын.

➡️ Куыстытӕ ӕххӕстгӕнӕг хъуамӕ сбӕрӕг уа 1 июльмӕ. Кусдзӕн 2026 азы 6 февральмӕ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — уарди.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Республикӕйы хъӕутӕ донӕй бафсадынӕн доны хӕдзарад къахы ног цъассытӕ

🔻Ольгинскӕйы скъахтой 200 метры арфæн артезианаг цъасс. Йӕ фӕрцы дон дыууӕ хатты фӕфылдӕр уыдзӕн ӕмӕ хъӕуы 3000 цӕрӕджы уыдзысты донӕфсӕст. Куыстытӕ хъуамӕ фӕуой августы.

💬 «Доны фарста сӕ бирӕ азты тыхсын кодта. Иунӕг цъасс йеддӕмӕ сӕм нӕ уыд, йӕ хъомыс — сахатмӕ 160 кубометры. Фаг нӕ уыд, уӕлдайдӕр сӕрдыгон», — зӕгъынц доны хӕдзарады.

Ӕртӕ уӕлӕмхасӕн хуынчъы скодтой Архонкӕйы сӕйраг донӕмбырдгӕнӕны. Ныридӕгӕн дӕр адӕммӕ суткӕмӕ хӕццӕ кӕны доны 1000 кубометры. Сарӕзтой дзы ног электрон тыхдӕттӕг дӕлстанцӕ.

Дыгуры районы та сног кодтой, дӕс азӕй фылдӕр чи нӕ куыста, уыцы цъасс. Донӕй ӕфсаддзӕн Сындзыхъӕу ӕмӕ Къора-Урсдон. Къахынц ма Алханчурты, дон фӕфылдӕр уыдзӕн Дур-Дуры цӕрджытӕм дӕр.

💬 «Хъызлары цӕры 10 мин адӕймагӕй фылдӕр. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй сӕм дон хӕццӕ кӕны Малгобечы доны хӕдзарад. Ныр хаст ӕрцыд уынаффӕ, ӕмӕ скусын кӕндзыстӕм дыууӕ цъассы. Сӕ хъомыс уыдзӕн сахатмӕ 100 ӕмӕ 160 кубометры. Уый алкӕйы фаг дӕр у, уӕлӕмхасӕн ма дзы 20% дӕр уыдзӕн», — зӕгъынц доны хӕдзарады минӕвӕрттӕ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
2025/06/28 14:16:57
Back to Top
HTML Embed Code: