Ӕдасдзинады федералон службӕйӕн баххуыс кӕныны ӕфсонӕй Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕгӕй расайдтой 2,6 милуан сомы
🔻 57-аздзыд сылгоймаг Цӕгат Ирландийы куы уыд, уӕд ӕм ӕрбадзырдтой Центробанкӕй ӕмӕ дзы куырдтой сӕрмагонд структурӕтимӕ ӕмгуыст кӕнын фыдгӕнджыты ӕрцахсынӕн. Сылгоймаг сразы.
Фыццаг уал иу банкӕй иннӕмӕ арвыста 900 мин сомы. Стӕй сӕ хъуыд, кӕдӕм ын бацамыдтой, уырдӕм сӕ арвитын, фӕлӕ нӕ рауад. Уӕд сылгоймагӕн бацамыдтой, банк ын ӕхца арвитын куыд сразы уа, уый тыххӕй цавӕр ӕрхъуыдыгонд цау радзурын хъӕуы, уый. Афтӕмӕй ӕрымысыдысты, цыма у нывгӕнӕг ӕмӕ йӕ равдыст байгом кӕнынӕн хъӕуы ӕхца. Уыцы æхца арвыстой. Стæй ма ноджыдæр цалдӕр хатты — ӕдӕппæтӕй 2,6 милуан сомы.
➡️ Цӕстфӕлдахджытӕ, ӕвӕццӕгӕн, нал ӕфсӕстысты ӕмӕ йӕ, ӕхца ма йæм ис ӕви нӕ, уымӕй афарстой. Фӕлӕ йӕ хыгъд ӕхгӕд кæй у, уый бамбаргӕйӕ йын фӕстӕдӕр ӕрбадзурынӕй зӕрдӕ бавӕрдтой. Кӕй йӕ асайдтой, уый сылгоймаг дыккаг бон бӕргӕ бамбӕрста. Уӕрӕсемӕ куы сыздӕхт, уӕд та йӕ фӕндаг акодта пъӕлицӕмӕ. Байгом кодтой уголовон хъуыддаг.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Фыццаг уал иу банкӕй иннӕмӕ арвыста 900 мин сомы. Стӕй сӕ хъуыд, кӕдӕм ын бацамыдтой, уырдӕм сӕ арвитын, фӕлӕ нӕ рауад. Уӕд сылгоймагӕн бацамыдтой, банк ын ӕхца арвитын куыд сразы уа, уый тыххӕй цавӕр ӕрхъуыдыгонд цау радзурын хъӕуы, уый. Афтӕмӕй ӕрымысыдысты, цыма у нывгӕнӕг ӕмӕ йӕ равдыст байгом кӕнынӕн хъӕуы ӕхца. Уыцы æхца арвыстой. Стæй ма ноджыдæр цалдӕр хатты — ӕдӕппæтӕй 2,6 милуан сомы.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Гӕнӕн ис, Дзӕуджыхъӕуы фӕзындзӕн, Центрон базары теракты чи фӕмард, уыдоны нӕмттимӕ фӕйнӕг
🔻 Фӕйнӕг уыдзӕн ӕви ӕндӕр архитектурон формæ, ууыл ӕрдзырдтой абон горӕты топонимикон къамисы ӕмбырды. Амыдта йӕ горӕты администрацийы сӕргълӕууӕг Милдзыхты Вячеслав. Хӕстӕгдӕр рӕстӕг ма аныхас кӕндзысты, теракты чи фӕмард, уыдоны хиуӕттимӕ.
▫️ Абайты мыггаг бахаста хъӕппӕрис Дзӕуджыхъӕуы Абайты Васойӕн цыртдзӕвӕн сӕвӕрыны тыххӕй. Къамисы уӕнгтӕ иууылдӕр рахӕцыдысты йӕ фарс. Ныхас кодтой цыртдзӕвӕн Терчы был ротондӕйы цур фӕзы сӕвӕрыныл. Кӕм ӕй сфидар кӕндзысты, уый равзардзысты скульптор Цхуырбаты Олег ӕмӕ специалисттӕ.
▫️ Цӕгат Ирыстоны Сылгоймӕгты совет бахаста ӕхсӕнадон бынӕттӕй иуӕн Задалески Нанайы ном радтыны фӕндон. Советы сӕрдар Хабыцты Ларисӕйы хъӕппӕрисмӕ ма ӕркӕсдзысты дыккаг хатт.
▫️ Ӕркӕсыны аккагыл ма банымадтой Дзӕуджыхъӕуы уынгтӕй иуӕн Михаил Шолоховы ном радтын.
▫️ Цӕгат Ирыстоны кинематографистты Цӕдисы уӕнгтӕм ис фӕндон зындгонд фыссӕг ӕмӕ кинорежиссер Гуыдиаты Гермӕнӕн мемориалон фӕйнӕг сфидар кӕныны тыххæй. Цы проект бацӕттӕ кодтой, уый къамисы уӕнгтӕ арвыстой, цӕмӕй ма йыл бакусой уый тыххӕй.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъуыдыйæдтæй раст фыст кæцы у?
Anonymous Quiz
9%
Бæстæ сæзмæст æмæ йын ничиуал ницы æмбары
20%
Бæстæ сызмæст æмæ йын ничи уал ницы æмбары
44%
Бæстæ сызмæст æмæ йын ничиуал ницы æмбары
27%
Бæстæ сæзмæст, æмæ йын ничиуал ницы æмбары
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — цъасс.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы теннисӕй хъазынӕн комплекс ацыд экспертизӕ
🔻 «Арӕзтадон проектты паддзахадон экспертизӕ» радта разыйы дзуапп стыр теннис ӕмӕ падел-теннисы комплексы проектӕн.
Сараздзӕн ӕй бынӕттон компани «Матчпоинт». Йӕ разамонӕг Карсанты Руслан у республикӕйы паделы федерацийы сӕргълӕууӕг. Арӕзтады проектыл та бакуыстой ӕмӕ йӕ бацӕттӕ кодта мӕскуыйаг компани «Спортивные линии».
Майы Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг фехъусын кодта, ацы комплексы проектмӕ Уӕрӕсейы спорты министрады кӕй ӕркастысты ӕмӕ йӕ арӕзтады аргъы кӕцыдӕр хайӕн субсидитӕ кӕй радих кодтой, уый тыххӕй. Объект уыдзӕн паддзахадон-хи исбоны.
Комплекс араздзысты Дзӕуджыхъӕуы Денджызон фистӕгӕфсӕдты номыл уынджы. Уыдзӕн дзы стыр теннисӕн дыууӕ ӕхгӕд корты, фондз та — падел-корттӕ, тренажертимӕ зал, дзӕбӕхгӕнӕн центр, хӕрынӕн ӕмӕ дзаумӕттӕ ивынӕн бынӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр агъуыстытӕ.
➡️ Январы республикӕйы спорты министрад райдыдта исын курдиæттæ, паддзахадимæ бадзырд бафыссын кæй фæнды, уыдонæй. Инвестицитӕ йын бахъӕудзӕн 642 милуан сомы бӕрц. Мартъийы куыстытӕ кӕныныл сразы «Матчпоинт».
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Сараздзӕн ӕй бынӕттон компани «Матчпоинт». Йӕ разамонӕг Карсанты Руслан у республикӕйы паделы федерацийы сӕргълӕууӕг. Арӕзтады проектыл та бакуыстой ӕмӕ йӕ бацӕттӕ кодта мӕскуыйаг компани «Спортивные линии».
Майы Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг фехъусын кодта, ацы комплексы проектмӕ Уӕрӕсейы спорты министрады кӕй ӕркастысты ӕмӕ йӕ арӕзтады аргъы кӕцыдӕр хайӕн субсидитӕ кӕй радих кодтой, уый тыххӕй. Объект уыдзӕн паддзахадон-хи исбоны.
Комплекс араздзысты Дзӕуджыхъӕуы Денджызон фистӕгӕфсӕдты номыл уынджы. Уыдзӕн дзы стыр теннисӕн дыууӕ ӕхгӕд корты, фондз та — падел-корттӕ, тренажертимӕ зал, дзӕбӕхгӕнӕн центр, хӕрынӕн ӕмӕ дзаумӕттӕ ивынӕн бынӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр агъуыстытӕ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Футболон клуб «Алани»-йы сӕйраг дуаргӕс Георгий Натабашвили йӕхи цӕттӕ кӕны «Гагра»-мӕ
🔻 Клуб ӕмӕ 25-аздзыд футболист бадзырд фехӕлдтой кӕрӕдзиимӕ баныхас кӕнгӕйӕ. Георгий Натабашвили ацыд тбилисаг «Гагра»-мӕ. «Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй спортсмен ног клубы тренировкӕтӕ кӕнын райдыдта.
Георгий Натабашвили гуырдзиаг клубӕй райста хуынды гӕххӕтт. «Алани» ныхмӕ нӕу.
➡️ Георгий профессионалон спорты архайын райдыдта 2019 азы Дзӕуджыхъӕуы «Спартак»-ы. 2020 азы фыццаг хатт «Алани»-имӕ хъазыд Национ футболон лигӕйы. 2022 азы уыд «Олимп-Долгопрудный»-ы футболист, стӕй та ногӕй ӕрыздӕхт республикон командӕмӕ. Ивгъуыд сезоны Дзӕуджыхъӕуы футболон клубы дуӕрттӕ хъахъхъӕдта 13 матчы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Георгий Натабашвили гуырдзиаг клубӕй райста хуынды гӕххӕтт. «Алани» ныхмӕ нӕу.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Танделаты Аминӕ сси Уӕрӕсейы чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй
🔻 Мӕскуыйы уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Уӕрӕсейы чемпионаты 62 килограммы онг уӕзы уӕлахиздзау сси Танделаты Аминӕ. Финалы хӕцыд Хъырымы номæй архайæг Кæсæбиты Алинæимæ. Дыууæ ирон чызджы тох ахицӕн 5:4 хыгъдæй.
Ӕрдӕгфиналы Танделаты Аминӕ хӕцыд Татарстаны минӕвар Светлана Липатоваимӕ, Кӕсӕбиты Алинӕ та фембӕлд Татарстаны æндæр минӕвар Екатерина Кошкинаимӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Ӕрдӕгфиналы Танделаты Аминӕ хӕцыд Татарстаны минӕвар Светлана Липатоваимӕ, Кӕсӕбиты Алинӕ та фембӕлд Татарстаны æндæр минӕвар Екатерина Кошкинаимӕ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы наркотиктӕ чи уӕй кодта, уыдонӕн рахастой тӕрхон
🔻 Центрон Азийы авд минӕвары дзуапп лӕвӕрдтой Дзӕуджыхъӕуы Советон тӕрхондоны раз. Рахастой сын 10,5 азӕй 15 азы онг карз царды фӕткимӕ колонийы уӕвыны тӕрхон. Азымджынтӕн сӕ бон у апелляци радтын.
➡️ Наркотиктӕ уӕйгӕнджыты рабӕрӕг кодтой Ӕдасдзинады федералон службӕйы цӕгатирыстойнаг управлени ӕмӕ пъӕлицӕйгтӕ. Зианхӕссӕг буарыхъӕдтӕ парахат кодтой Цӕгат Ирыстоны, Мӕскуыйы, Липецкы, Астраханы, Челябинскы ӕмӕ Уӕрӕсейы иннӕ облӕстты.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны арӕзтады министрад прокуратурӕйӕ куры Дзӕуджыхъӕуы ӕнӕзакъон арӕзтадтӕй иу бауромын
🔻 Арӕзтад цӕуы Ӕрыдойнаг ӕмӕ Плиты Иссӕйы уынгты тигъыл. Министрады курдиаты куыд фыст ис, афтӕмӕй куыстытӕн бардӕттӕг гӕххӕттытӕ нӕй ӕмӕ цӕуы арӕзтадон домӕнтӕ нӕ хынцгӕйӕ.
Ведомство прокуратурӕйӕ куры, цӕмӕй йӕ бауромын кӕной, аххосджынты та бафхӕрой.
Уавӕр фӕбӕлвырддӕр кӕнынӕн «Сапӕ» ныхас кодта Дзӕуджыхъӕуы администрацийы минӕвӕрттимӕ. Райстам цымыдисаг дзуапп: ӕрбацыд сӕм зӕронд хӕдзар акалыны тыххӕй курдиат. Ног хӕдзар амайынмӕ кӕй хъавынц, уый тыххӕй дӕр сын фехъусын кодтой, фӕлӕ гӕххӕттыты аиппытӕ кӕй уыд, уый аххосӕй сӕ нӕ райстой. Амынд дзы уыд, зӕгъгӕ, егъау арӕзтад уыдзӕн, горӕты арӕзтады кодексмӕ гӕсгӕ та уымæн кӕнӕн нӕй. Хъуамӕ проект сраст кодтаиккой. Уӕдмӕ аразын райдыдтой, фӕлӕ мэримӕ гӕххӕттытӕ ничиуал ӕрбахаста.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Ведомство прокуратурӕйӕ куры, цӕмӕй йӕ бауромын кӕной, аххосджынты та бафхӕрой.
Уавӕр фӕбӕлвырддӕр кӕнынӕн «Сапӕ» ныхас кодта Дзӕуджыхъӕуы администрацийы минӕвӕрттимӕ. Райстам цымыдисаг дзуапп: ӕрбацыд сӕм зӕронд хӕдзар акалыны тыххӕй курдиат. Ног хӕдзар амайынмӕ кӕй хъавынц, уый тыххӕй дӕр сын фехъусын кодтой, фӕлӕ гӕххӕттыты аиппытӕ кӕй уыд, уый аххосӕй сӕ нӕ райстой. Амынд дзы уыд, зӕгъгӕ, егъау арӕзтад уыдзӕн, горӕты арӕзтады кодексмӕ гӕсгӕ та уымæн кӕнӕн нӕй. Хъуамӕ проект сраст кодтаиккой. Уӕдмӕ аразын райдыдтой, фӕлӕ мэримӕ гӕххӕттытӕ ничиуал ӕрбахаста.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — ӕрдӕгфинал.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Сӕрды фыццаг мӕй Цӕгат Ирыстоны фӕкъаддӕр туристты нымӕц
🔻 Ууыл дзурынц гидтӕ. Иуӕй-иуты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ сӕ нымӕц фӕкъаддӕр 30%.
💬 «Цы туроператортимӕ кусын, уыдонимӕ ныхас кӕнгӕйӕ ӕрцыдыстӕм иу хатдзӕгмӕ — уый баст у, авиабилеттӕ ӕмӕ цӕрӕн бынӕттӕ зынаргъ кӕй сты, уыимӕ. Фӕзынаргъдӕр хойраг дӕр», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн гид Людмила Белоус.
Республикӕмӕ цӕуӕг уазджытӕ кӕй фӕкъаддӕр сты, уый туризмимӕ баст иннӕ къабӕзтыл нӕ фӕзынд. Фӕлӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ, алыхуызон хӕрӕндæттӕ бафиппайдтой, ӕрбацӕуджытӕ афтӕ бирӕ кӕй нал сты, уый.
Гид Кӕсӕбиты Сосланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы мӕй фӕкъаддӕр сты бӕхтыл тезгъогӕнджытӕ, рафтинг чи уарзы, уыдон дӕр.
💬 «Туризмы ис бӕлвырд циклтӕ. Июнь сабыр мӕйтӕй иу у. Ахуыры азы кӕрон уымӕ ӕрцӕуы, фӕлварӕнтӕ. Ныр ӕртӕ азы дӕргъы мӕ цӕст ууыл ӕрхӕцыд. Фӕлӕ сӕрды фыццаг мӕй куы фӕвӕййы, уӕд та адӕм фӕфылдӕр вӕййынц ӕмӕ алцы йӕ гаччы сбады», — зӕгъы Туристты ассоциацийы разамонӕг Вячеслав Санников.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Республикӕмӕ цӕуӕг уазджытӕ кӕй фӕкъаддӕр сты, уый туризмимӕ баст иннӕ къабӕзтыл нӕ фӕзынд. Фӕлӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ, алыхуызон хӕрӕндæттӕ бафиппайдтой, ӕрбацӕуджытӕ афтӕ бирӕ кӕй нал сты, уый.
Гид Кӕсӕбиты Сосланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы мӕй фӕкъаддӕр сты бӕхтыл тезгъогӕнджытӕ, рафтинг чи уарзы, уыдон дӕр.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дигорайы зианмӕ ӕрцӕуӕг адӕмыл машинӕ чи батардта, уыцы 95-аздзыд нӕлгоймагыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг
🔻 Хъуыддагмӕ ӕркӕсдзӕн Дигорайы районты 'хсӕн тӕрхондон. Аххосджынӕн тӕссаг у 5 азы онг ахӕстоны фӕбадынӕй.
Слестгӕнджытӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй нӕлгоймаг рахизырдӕм зилгӕйӕ газ ӕмӕ тормоз фемхӕццӕ кодта, машинӕмӕ нӕ сарӕхст, афтӕмӕй йӕ, даргъ бандоныл чи бадт, уыцы зианмӕ ӕрцӕуӕг адӕмыл баскъӕрдта. Фӕмард дзы 57-аздзыд нӕлгоймаг, иу та хъыгдард баййӕфта.
➡️ «Сапӕ» куыд фыста, афтæмæй фыдбылыз ӕрцыд 23 апрелы. 95-аздыд нӕлгоймаг Land Rover Discovery-йыл цыд Алагирӕй Дигорамӕ зианмӕ. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй пенсиисӕгмӕ машинӕ скъæрынæн бардӕттӕг гӕххӕттытӕ нӕ уыд.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Слестгӕнджытӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй нӕлгоймаг рахизырдӕм зилгӕйӕ газ ӕмӕ тормоз фемхӕццӕ кодта, машинӕмӕ нӕ сарӕхст, афтӕмӕй йӕ, даргъ бандоныл чи бадт, уыцы зианмӕ ӕрцӕуӕг адӕмыл баскъӕрдта. Фӕмард дзы 57-аздзыд нӕлгоймаг, иу та хъыгдард баййӕфта.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты кусджытӕн райдыдтой банчы картӕтӕ «Мир» дӕттын
🔻 Ратдзысты сӕ 597 адӕймагӕн. «Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй Хуссар Ирыстоны Национ банчы кусджытӕ дыккаг бон сты уӕлдӕр скъолайы ӕмӕ, картӕтӕ кӕмӕ уыдзӕн, уыцы ахуыргӕнджытимӕ фыссынц бадзырдтӕ.
Уӕлдӕр ахуыргӕнӕндоны кусджыты мызд картӕтӕм ӕрвитдзысты сентябрӕй. Цӕмӕй сын ӕнцондӕр уа, уый тыххӕй университеты сӕвӕрдтой банкомат.
Картӕйӕ кӕй пайда кӕнынц, уый тыххæй алкӕй фидын хъӕудзӕн афӕдз 450 сомы. Чырӕ телефонты уӕлӕфтуан сын нӕма ис.
➡️ Фæстæдæр банчы картӕтӕй пайда кӕнӕн уыдзӕн ӕгас Уӕрӕсейы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Уӕлдӕр ахуыргӕнӕндоны кусджыты мызд картӕтӕм ӕрвитдзысты сентябрӕй. Цӕмӕй сын ӕнцондӕр уа, уый тыххӕй университеты сӕвӕрдтой банкомат.
Картӕйӕ кӕй пайда кӕнынц, уый тыххæй алкӕй фидын хъӕудзӕн афӕдз 450 сомы. Чырӕ телефонты уӕлӕфтуан сын нӕма ис.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъуыдыйæдтæй раст фыст кæцы у?
Anonymous Quiz
6%
Фыййау йæ нымæт кæрдæгыл æрытытта
31%
Фыййау йæ нымæт кæрдæгыл æрæтыдта
9%
Фыййау йæ нымæт кæрдæгыл 'рæтыдта
53%
Фыййау йæ нымæт кæрдæгыл æрытыдта
«Симды фӕз»-ы фатертӕ арӕзт цӕудзысты ӕрмӕстдӕр цæрæнуæтты республикон программæмæ гæсгæ
🔻 Абон арӕзтады министрад уацхӕсджытӕн бацамыдта «Симды фӕз» аразӕг компанийы разамонӕг Хъыбызты Тамерланы. Фембӕлды ныхас кодтой проекты ивддзинӕдтыл ӕмӕ, ӕхсӕнады цы фарстатӕ фӕзынд, уыдоныл.
Министрады минӕвӕрттӕ фыццаджыдӕр бафиппайдтой, арӕзтадӕн цы зӕххытӕ радих кодтой, уыдонӕн хъӕууон-хӕдзарадон нысаниуӕг кӕй нӕй, фӕлӕ сӕрмагондӕй арӕзтадӕн кӕй сты. Уый фыст ис Дзӕуджыхъӕуы генералон планы. Фӕбӕрӕг кодтой, разамынддӕттӕг компани йӕм ӕппӕт хъӕугӕ хызӕгтӕ ӕмӕ коммуникацитӕ кӕй бауадздзӕн, уый. Ӕххӕст уыдзӕн инженерон коммуникацитæй дӕр: скӕндзысты доны ӕмӕ канализацийы хызӕгтӕ, сараздзысты скъолатӕ, рӕвдауӕндӕттӕ, поликлиникӕтӕ, улӕфӕн бынӕттӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр.
Ног разамонӕг ӕмӕ проект ӕххӕстгӕнӕг чи у, уый се 'ппӕтмӕ цымыдисаг каст. Амонæм ӕй сымахӕн дӕр — не 'мзӕххонмӕ егъау проекттӕ аразыны стыр фӕлтӕрддзинад ис. У экономикон наукӕты кандидат.
💬 «Ам райгуырдтӕн, ам хъомыл кодтон, кусын ӕмӕ цӕрын Ирыстоны. Арӕзтады министрадимӕ ацы проектыл ӕнгом кусӕм, хӕссӕм ӕм ивддзинӕдтӕ. Куыддӕр сцӕттӕ уа, афтӕ ӕхсӕнады йемӕ базонгӕ кӕндзыстӕм», — загъта Хъыбызты Тамерлан.
Ис иу ахсджиаг хъуыддаг — проект ӕххӕст кӕндзысты ӕрмӕстдӕр бынӕттон аразджытӕ. Ногарӕзт фатертӕ та адæмæн дӕтдзысты цӕрӕнуæтты республикон программӕмӕ гӕсгӕ.
Фыццаджыдӕр та:
▫️ Джызӕлы цӕрджытӕн;
▫️ Ӕрыгон ӕмӕ бирӕсывӕллонджын бинонтӕн;
▫️ Ӕрыгон специалисттӕн;
▫️ Сидзӕр сывӕллӕттӕн;
▫️ Льготӕтӕ кӕмӕ ис ӕмӕ ног хӕдзар кӕмӕ ӕмбӕлы, уыцы адӕмӕн.
➡️ Хӕстӕгдӕр рӕстӕг байгом кӕндзысты сайт. Уым алцы ӕргомӕй фысдзысты ӕмӕ дзы базонӕн уыдзӕн, куыстытӕ куыд цӕуынц, уый. Гæнæн дзы уыдзæн хъӕугӕ гӕххӕтытӕм ӕркӕсын, инвесторӕй аразӕджы онг проекты архайджыты тыххӕй базонын.