Къайтӕ регистрацигӕнӕн управленийы бамбарын кодтой, райгуырды тыххӕй ӕвдисӕндартӕ ӕрӕгмӕ цӕмӕн дӕттынц, уый
🔻 Къуыригӕйттӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй цӕрджытӕй бирӕ хъӕстытӕ цыд. Сӕ иу «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй йӕ гӕххӕттытӕ майы балӕвӕрдта, фӕлӕ йын ӕвдисӕндар æрмæст цалдæр боны размæ радтой.
💬 «Райгуырды тыххӕй ӕвдисӕндар райсыны курдиат цы бон бадӕттай, уыцы бон æй хъуамӕ райсай. Фӕлӕ йӕм 3-4 къурийы ӕнхъӕлмӕ кӕсын хъӕуы. Ау, афтӕ бирӕ сывӕллӕттӕ гуыры, ӕмӕ кусджытӕ нал ӕххӕссынц?», — дзуры горӕты цӕрӕг.
Къайтӕ регистрацигӕнӕн управленийы ӕмбарын кӕнынц, алыхуызон аххосӕгтӕм гӕсгӕ хатгай афтӕ кӕй рауайы, уый.
💬 «Кӕм программӕтӕ ӕмбӕлгӕ уагыл нӕ фӕкусынц, кӕм техникон зындзинӕдтӕ, кӕм адӕймаг ӕппӕт гӕххӕттытӕ нӕ бадӕтты. Рауайы афтӕ, ӕмӕ иу афон бирӕ курдиӕттӕ райсӕм», — зӕгъынц управленийы специалисттӕ.
Сывӕллон куы райгуыры, уӕд ын регистраци скӕнын ӕмӕ ӕвдисӕндар рафыссынӕн курдиат ныффысӕн ис ӕнӕ ЗАГС-ӕй дӕр — интернетӕй сервис «Рождение ребенка»-йы. Афтӕ чи бакӕна, уымӕн ӕвдисӕндар ӕрбарвитдзысты «Паддзахадон лӕггӕдты» хи кабинетмӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Къайтӕ регистрацигӕнӕн управленийы ӕмбарын кӕнынц, алыхуызон аххосӕгтӕм гӕсгӕ хатгай афтӕ кӕй рауайы, уый.
Сывӕллон куы райгуыры, уӕд ын регистраци скӕнын ӕмӕ ӕвдисӕндар рафыссынӕн курдиат ныффысӕн ис ӕнӕ ЗАГС-ӕй дӕр — интернетӕй сервис «Рождение ребенка»-йы. Афтӕ чи бакӕна, уымӕн ӕвдисӕндар ӕрбарвитдзысты «Паддзахадон лӕггӕдты» хи кабинетмӕ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Telegram
СапÆ
• Ирыстоны хабӕрттӕ
• Рухстауӕн ӕрмӕджытӕ
• Ирхӕфсӕн рубрикӕтӕ
• Рухстауӕн ӕрмӕджытӕ
• Ирхӕфсӕн рубрикӕтӕ
Ацы хъуыдыйæдтæй раст фыст кæцы у?
Anonymous Quiz
9%
Бæрæгбоны хорзæх уæ уæнт!
10%
Бæрæгбоны хорзæх уæ уæт!
72%
Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!
8%
Бæрæгбоны хорзæх Уæ уæд!
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Елхотӕй Кӕрдзынмӕ фӕндаджы 100 метры доны бын фесты
🔻 Тыхджын уарынты аххосӕй Кировы районы къуыбыртӕй ламидон рацыд ӕмӕ Елхотӕй Кӕрдзынмӕ фӕндаджы 100 метры йӕ быны фӕкодта.
Доны лӕсӕнтӕ рацыдысты федералон трассӕ «Кавказ»-ы Р-217 хайы 515 километрыл.
➡️ Фӕндагон службӕты специалистты ныхӕстӕм гӕсгӕ, дон тагъд ацӕудзӕн ӕмӕ уӕд бавналдзысты фӕндаг сыгъдӕг кӕнынмӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Доны лӕсӕнтӕ рацыдысты федералон трассӕ «Кавказ»-ы Р-217 хайы 515 километрыл.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Хӕстонты кадӕн
🔻 Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизӕй рацыд 80 азы. Рӕстӕджы уылӕнтӕ семӕ бирӕ ивддзинӕдтӕ хӕссынц. Ӕнӕивгӕ у иу хъуыддаг — Советон Цӕдисы сырхӕфсӕддонты хъӕбатырдзинад ӕмӕ лӕгдзинад. Инӕларӕй салдаты онг сӕ алчидӕр ӕнӕуынонӕй тох кодта знаджы ныхмӕ. Бӕллыд ӕмӕ йӕхиуыл нӕ ауӕрста Стыр Уӕлахизы сӕраппонд.
➡️ «Сапӕ»-йы кусджытӕй рох не сты. Бацӕттӕ кодтам нӕхи акци — «Уӕлахиздзаутӕ». Сӕ иу — Цоколаты Геннадий.
#Уӕлахизы80_азы
#Уӕлахиздзаутӕ
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
#Уӕлахизы80_азы
#Уӕлахиздзаутӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — зындзинад.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Беслӕны ӕфсӕнвӕндагыл локомотив ӕмӕ «КамАЗ» кӕрӕдзийы скъуырдтой
🔻 Ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрадӕй куыд хъусын кӕнынц, афтӕмӕй фӕндагон фыдбылыз ӕрцыд Нарты уынджы. Бардӕ ласӕг «КамАЗ»-ы шофыры аластой Дзӕуджыхъӕуы рынчындонмӕ.
➡️ Ирвӕзынгӕнджытӕ фыдбылызы фӕстиуджытӕ аиуварс кодтой. Куыстой дзы 7 специалисты ӕмӕ техникӕйы 2 иуӕджы. Фыдбылыз фӕндагон змӕлдыл нӕ фӕзынд.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Первомайскийы поселочы йӕ хӕдзар кӕмӕн басыгъд, уыцы бинонтӕн ӕххуыс кӕнынц сӕ сыхӕгтӕ
🔻 Бинонты хӕдзарыл арт схӕцыд. Ныр сӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты сӕ сыхӕгтӕ ӕмӕ иумӕйаг хъарутӕй фатер нывыл кӕнынц. Чи басыгъд, уыцы хӕйттӕ калынц ӕмӕ йӕ сыгъдӕг кӕнынц. Тарханаты Зӕринӕйы руаджы бинонтӕн ӕххуыс кӕнынц республикӕйы цӕрджытӕ дӕр. Чызг сын сӕ хабар айхъуысын кодта, бамбарын ӕй кодта дзыллон фӕрӕзты дӕр ӕмӕ сын зӕрдӕхӕлар адӕм се 'ххуыс нӕ бавгъау кодтой. Се 'ргом сӕм аздӕхта хӕрзаудӕн фонд «Будем жить». Æхсӕз бонмӕ иумӕйаг хъарутӕй сӕмбырд кодтой 200 мин сомы бӕрц.
💬 «Фыццаг бонты нӕм рудзгуытӕн сӕмбырд ӕмӕ сӕ хӕстӕгдӕр рӕстӕг сӕвӕрдзыстӕм. Ныртӕккӕ ӕлхӕнӕм арӕзтадон ӕрмӕджытӕ. Фонды сайты алы бон фыссӕм, цӕуыл цас схардз кодтам, уый», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Зӕринӕ.
Зынгсирвӕзт бахъыгдардта дыккаг уӕладзыджы фатертӕй иуы. Подъезды баивын хъӕуы асин ӕмӕ бахизӕн дуар. Фӕлӕ, чызджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, бонӕй-бонмӕ ӕххуыс къаддӕр кӕны.
📄 Центрон уынджы 10-æм хӕдзары зынгсирвӕзт ӕрцыд 10 июны, телефоны зарядкӕ электрон тыхӕй куы 'фсӕстой, уӕд. Цӕрынц дзы фыд ӕмӕ фырт — Игорь ӕмӕ Алыксандр Молибогтӕ. Фыдбылызы рӕстӕг хӕдзары уыд ӕрмӕст 16-аздзыд фырт, ранӕй-рӕтты гыццыл басыгъд, фӕлӕ ныр фӕхуыздӕр ӕмӕ иннӕты ӕмхуызон фатер сног кӕныныл кусы. Цалынмӕ цалцӕггӕнӕн куыстытӕ цӕуынц, уæдмӕ сӕ сӕхимӕ суазӕг кодтой сыхӕгтӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Зынгсирвӕзт бахъыгдардта дыккаг уӕладзыджы фатертӕй иуы. Подъезды баивын хъӕуы асин ӕмӕ бахизӕн дуар. Фӕлӕ, чызджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, бонӕй-бонмӕ ӕххуыс къаддӕр кӕны.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы 10-ӕм маршрутӕн шофыртӕ нӕ фаг кӕны
🔻 Ацы маршрутыл бӕлццӕттӕ ласыны конкурс рамбылдта компани «ВладГорТранс». Ныртӕккӕ йыл кусы 6 автобусы, фӕнды ма сӕ ноджы 4 рауадзын, фӕлӕ ис фиппаинӕгтӕ.
💬 «Маршрут даргъ у, дыууӕ кӕройнаг лӕууӕн бынӕтты 'хсӕн 15 км ис. Ныртӕккӕ автобустӕ цӕуынц алы 10-15 минуты, фӕлӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй алы 7 минуты уой. Уый тыххӕй та нӕ хъӕуы ноджы 4 автобусы рауадзын», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн компани «ВладГорТранс»-ы хицау Зембатты Валентин.
Ныртӕккӕ маршрутыл кусы 9 шофыры. Хъӕуы ма сӕ фондз.
💬 «Кӕйдӕр сӕ фӕнды райсомы 7 сахатӕй изӕры 9 сахатмӕ кусын, ӕмӕ сӕ бон у, чидӕр та радыгай кусы. Фӕлӕ 6 автобусы дӕр рацӕуынц маршрутмӕ. Фондз шофыры ма нæ куы уаид, уӕд иттӕг хорз уаид», — зӕгъы Зембатты Валентин.
Транспорты комитеты сӕрдары хӕдивӕг Хъараты Зауырбег куыд радзырдта, афтӕмӕй «ВладГорТранс»-ы шофырӕй кусын кӕй фӕнды, уыдонӕн ДОСААФ-ы скъолайы сарӕзтой C категори райсынӕн лæвар ахуыртӕ.
Уый размӕ Кировы курсантты уынджы цӕрджытӕ хъаст кодтой, автобустӕ дыууӕ сахаты иу хатт йеддӕмӕ кӕй нӕ цӕуынц, уымæй.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Ныртӕккӕ маршрутыл кусы 9 шофыры. Хъӕуы ма сӕ фондз.
Транспорты комитеты сӕрдары хӕдивӕг Хъараты Зауырбег куыд радзырдта, афтӕмӕй «ВладГорТранс»-ы шофырӕй кусын кӕй фӕнды, уыдонӕн ДОСААФ-ы скъолайы сарӕзтой C категори райсынӕн лæвар ахуыртӕ.
Уый размӕ Кировы курсантты уынджы цӕрджытӕ хъаст кодтой, автобустӕ дыууӕ сахаты иу хатт йеддӕмӕ кӕй нӕ цӕуынц, уымæй.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы спортивон хъазты ис дуæрттæ, фæлæ дзы дуаргæс нæй. Цы хъазт у?
Anonymous Quiz
10%
Гандбол
52%
Регби
19%
Мотобол
19%
Доны хъазгæ поло
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Гыццылӕй иууылдӕр цы хорз вӕййынц: Дзӕуджыхъӕуы сырддоны фӕзынд цъӕх маймулийы лӕппын
🔻 Цъӕх маймулитӕ сырддоны фӕзындысты 2007 азы. Уал азмӕ сын райгуырд дыууæ нӕлы æмæ иу сыл лӕппын. Ныр та цыппӕрӕм. Нӕл у ӕви сыл, уый рабӕрӕггӕнæн уыдзӕн ӕрмӕст ӕхсӕз мӕйы фӕстӕ. Ныртӕккӕ йӕм мад никӕй уадзы.
💬 «Куыддӕр сын исты райгуыры, афтӕ йӕ мад йӕ къухӕй нал фӕуадзы. Ӕдзухдӕр ын хӕринаг дӕтты. Афтӕмӕй рӕзы, хъомыл кӕны. Иу мӕй-дыууӕ мӕйы фӕстӕ йӕ йӕхицӕй метры бӕрц ауадзы, фӕлӕ уый дӕр тӕрсгӕйӕ, мӕтгӕнгӕйӕ, уайтагъд ӕй йӕ хъӕбысмӕ райсы. Гъе ахӕм уарзӕгой мад у», — зӕгъы сырддоны ветеринар Зассеты Алыксандр.
➡️ Мад йӕ лӕппыны арӕхдӕр ӕмбӕхсы, цы хӕдзар сын скодтой, уым. Фӕлӕ йӕ дӕсны оператор уӕддӕр систа. Ӕвдисӕм ӕй сымахӕн дӕр.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — арт.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Бӕгънӕг чызгимӕ аныхас кӕныны ӕфсонӕй Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕгæй асайдтой 3 мин сомы
🔻 29-аздзыд нӕлгоймагмӕ интернеты иу хъусынгӕнинаг цымыдисаг фӕкаст. Йӕ бынмӕ фыст куы ауыдта, уӕд ма йӕ чи урӕдта, ӕмӕ нӕлгоймаг ныффыста амынд номырмӕ. Мессенджеры йын «Диана Георгиевна» ӕрбарвыста бӕгънӕг чызджы къам ӕмӕ йӕ бон цы лӕггӕдтӕ кӕнын у, уый бацамыдта. Рагагъоммӕ та бацагуырдта 3 мин сомы.
Ӕрыгон нӕлгоймаг ӕхца арвыста ӕмӕ изӕры фембӕлдмӕ тынг ӕхсызгонӕй ӕнхъӕлмӕ каст, фӕлӕ «разговор по душам» нӕ рауад. Чызг фесӕфт, телефон та рахицæн кодта.
Зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ фембӕлдмӕ чи бӕллыд ӕмӕ фыдӕнхъӕл чи фӕци, уый йӕ хъаст бахаста пъӕлицӕмӕ. Уым байгом кодтой уголовон хъуыддаг.
➡️ «Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй «Диана Георгиевна» разынд 32-аздзыд, раздӕр тӕрхонгонд Гошӕ. Ӕрцахстой йӕ. Ныр ын «разговор по душам» слестгӕнӕгимӕ уыдзӕн.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Ӕрыгон нӕлгоймаг ӕхца арвыста ӕмӕ изӕры фембӕлдмӕ тынг ӕхсызгонӕй ӕнхъӕлмӕ каст, фӕлӕ «разговор по душам» нӕ рауад. Чызг фесӕфт, телефон та рахицæн кодта.
Зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ фембӕлдмӕ чи бӕллыд ӕмӕ фыдӕнхъӕл чи фӕци, уый йӕ хъаст бахаста пъӕлицӕмӕ. Уым байгом кодтой уголовон хъуыддаг.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Джызӕлы цӕрджыты фӕнды, цӕмӕй сӕм уа «Симды фӕз»
🔻 Хъӕуы цӕрджытӕ курынц, цӕмӕй проект Ногирӕй раивой Джызӕлмӕ. Уый фӕдыл бынӕттон Культурӕйы хӕдзары сарӕзтой ӕмбырд ӕмӕ рахӕцыдысты хъӕуы фарсмӕ ӕмбӕлццон-горӕт саразыны фарс. Бахастой фӕндон, 2021 азы Дзӕуджыхъӕуӕн цы 15 гектары зӕххытӕ радтой, уыдон фӕстӕмӕ районы исбоны скæныны ӕмӕ дзы «Симды фӕз» саразыны тыххæй.
Горӕты ӕдде цы бырондон уыд, уый банывыл кӕныны куыстыты фӕлгӕты Цӕгат Ирыстоны парламент сфидар кодта закъон. Йӕ домӕнтӕм гӕсгӕ Дзӕуджыхъӕуы фӕзуат фестырдӕр кӕнынӕн районӕй ӕмткӕй радих кодтой 250 гектары.
Хъӕуы хицау Доййаты Таймураз «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй «Симды фӕз»-ы тыххӕй адӕм социалон хызӕгтӕй базыдтой. Ӕрбацыдысты йӕм проект Джызӕлы фарсмӕ саразыны тыххӕй хъӕппӕрисимӕ.
💬 «Уый, гӕнӕн ис, æмæ хъӕуӕн стыр пайда ӕрхӕсса. Куыд нын радзыдтой, афтӕмӕй дзы уыдзысты рӕвдауӕндӕттӕ, скъолатӕ. Кӕй бафӕнда, уыдонӕн фадат уыдзӕн хъӕуккаг ипотекӕ 3%-ӕй райсынæн. Афтӕмӕй фӕсивӕдӕн хорз цӕуылнӕ уыдзӕн? Ноджы хъӕуы тӕккӕ фарсмӕ ис. Тынг нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ сывӕллӕттӕн исты уа. Ногирӕгтӕ разы не сты, мах та хъуыддагмӕ гыццыл ӕндӕр цӕстӕй кӕсӕм», — зӕгъы Джызӕлы администрацийы хицау.
Хъӕуы цӕрджыты уынаффæйы фӕстӕ адӕм сæмбырд кодтой сæ къухæвæрдтæ ӕмӕ курдиат арвыстой республикӕйы разамонӕг Сергей Меняйломӕ. Ӕдӕппӕтӕй сӕ къухтӕ бавӕрдтой 170 адӕймаджы.
💬 «Стыр хъӕу у, бирӕ фӕсивӕд дзы ис ӕмӕ царды нырма ницы федтой. Уӕдӕ бирӕсывӕллонджын бинонтӕ дӕр сӕ цоты горӕтмӕ, Октябрыхъӕумӕ, Архонкӕмӕ ласынц. Ам та сын хӕстӕгдӕр уыдзӕн, алцыдӕр иумӕ, æмӕ сын ӕнцондӕр куыд нӕ уыдызӕн», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн хъæуы цӕрӕг Гӕздӕрты-Цӕлыккаты Альбинӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Горӕты ӕдде цы бырондон уыд, уый банывыл кӕныны куыстыты фӕлгӕты Цӕгат Ирыстоны парламент сфидар кодта закъон. Йӕ домӕнтӕм гӕсгӕ Дзӕуджыхъӕуы фӕзуат фестырдӕр кӕнынӕн районӕй ӕмткӕй радих кодтой 250 гектары.
Хъӕуы хицау Доййаты Таймураз «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй «Симды фӕз»-ы тыххӕй адӕм социалон хызӕгтӕй базыдтой. Ӕрбацыдысты йӕм проект Джызӕлы фарсмӕ саразыны тыххӕй хъӕппӕрисимӕ.
Хъӕуы цӕрджыты уынаффæйы фӕстӕ адӕм сæмбырд кодтой сæ къухæвæрдтæ ӕмӕ курдиат арвыстой республикӕйы разамонӕг Сергей Меняйломӕ. Ӕдӕппӕтӕй сӕ къухтӕ бавӕрдтой 170 адӕймаджы.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны Конституцимӕ бахастой горӕты ном иронау — Дзӕуджыхъӕу
🔻 Конституцион закъоны тексты куыд фыст ис, афтӕмӕй «горӕт Владикавказ» баивдзысты «Владикавказ (Дзӕуджыхъӕу)»-æй. Регионы цӕрӕн бынӕтты номхыгъдмӕ дӕр бахастой ивддзинӕдтӕ. Дзӕуджыхъӕуӕй уӕлдай ма дзы сты Алагиры, Ӕрыдоны, Дыгуры ӕмӕ ӕндӕр районтӕ.
➡️ Закъон сфидар кодтой 29 майы парламенты ӕмбырды, дыккаг бакасты. Бафыста йӕ республикӕйы сӕргълӕууӕг, ӕмӕ йӕ тыхы бацӕудзӕн 20-ӕм июнӕй.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны рабӕрӕг кодтой, мӕрӕн 12 миллиард сомы зиан чи ӕрхаста, ахӕм ӕнӕзакъон быгъдон
🔻 Рабӕрӕг ӕй кодтой Росприроднадзоры Цӕгат Кавказы управленийы специалисттӕ, хъусын кӕны федералон ведомствойы разамонӕг Светлана Радионова.
Скодта йӕ республикӕйы бырӕттыкуыстгӕнӕг оператор «Экологический Регион Алания».
💬 «Зӕххыл ӕмбырд кодтой дуртӕ, авг, хъӕбӕр гӕххӕтт, хъӕды лыггӕгтӕ. Нӕдӕр сын сӕрмагонд фӕз уыди, нӕдӕр дымгӕ ӕмӕ къӕвдайӕ ӕхгӕд уыдысты», — зӕгъы Светлана Радионова.
Быгъдон бацахста зӕххы 1,6 мин кубометры, уый у 650 олимпаг бассейны бӕрц. Ахӕм архайд мӕрӕн стыр зиан ӕрхаста: иртӕстыты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ нормӕтӕй дзӕвгар фылдӕр чъизи у.
➡️ Росприроднадзор оператормӕ арвыста домӕн, цӕмӕй барвӕндонӕй бафидой, цы зиан ӕрхастой, уый — 12 милуан сомы. Афтæ куы нӕ бакӕной, уӕд та хъуыддаг арвитдзысты тӕрхондонмӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Скодта йӕ республикӕйы бырӕттыкуыстгӕнӕг оператор «Экологический Регион Алания».
Быгъдон бацахста зӕххы 1,6 мин кубометры, уый у 650 олимпаг бассейны бӕрц. Ахӕм архайд мӕрӕн стыр зиан ӕрхаста: иртӕстыты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ нормӕтӕй дзӕвгар фылдӕр чъизи у.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы хъуыдыйæдтæй раст фыст кæцы у?
Anonymous Quiz
36%
Лæппуйæн йæ маст ссыд
5%
Лæппуйæн йæ маст ыссыд
33%
Лæппуйæн йæ маст 'ссыд
26%
Лæппуйæн йæ маст æссыд
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — ӕхсӕрсӕттӕг.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM