Telegram Group Search
Абон Цхинвалы Равдыстыты залы цытджын æгъдауæй байгом нывгæнджытæ Джиоты Вадим æмæ Битеты Залинæйы куыстыты равдыст «Родные мотивы», зæгъгæ, ахæм номимæ. Се сфæлдыстадимæ базонгæ кæныны тыххæй ардæм æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны нывгæнджытæ, се ввахс адæм æмæ æхсæнадон архайджытæ.

Вадим æмæ Залинæйы сфæлдыстады тыххæй, стæй нывгæнæджы дæсныйад куыд равзæрстой, уыдæтты тыххæй радзырдта РХИ-йы Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Битеты Алан.

Сæрмагондæй дыууæ курдиатджын нывгæнæджы тыххæй раныхас кодта сæ ахуыргæнæг Уæрæсе æмæ Ирыстоны Адæмон нывгæнæг Челæхсаты Магрез.
Залы цы диссаджы нывтæ конд ис, уыдонæн аккаг аргъ скодтой нывгæнджытæ æмæ аивадуарзджытæ дæр.

Равдысты тыххæй бæстондæрæй бакæсдзыстут нæ газеты радон номыры.

@XurZaerin
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстоны Падзахадон универститеты раз уадзынц масштабон акци «Свеча Памяти». Ам ссыгътой сæдæгай цырæгътæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдон ном сæнусон кæнынæн.

@XurZaerin
Forwarded from ГТРК"ИР"
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Дзудцаты Тимур — аивадон олимпиадæ «Лазурная волна - Сочи 2025» уалахиздзау.
Уæ райсомтæ хорз, Ирыстоны адæм.

@XurZaerin
Милуан советон æфсæддоны сæ цард радтой Европæйы сæрибары тыххæй
#Стыр_Фыдыбæстæйон_хæст

2025 азы 22 июнь у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдайæны бон. Растдæр ацы бон 1941 азы сæрды райдыдта нæ бæстæйы историйы иууыл тугкалæндæр æмæ тæссагдæр хæст, æмæ сси 1939-1945 азты Дыккаг дунеон хæсты сæйраг хай.

1941 азы 22 июны райсомæй раджы фашистон Герман мæнгардæй æрбабырста Советон Цæдисмæ, стыр…
1941 азы 22-æм июны райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст.

84 азы размæ 22 июны Советон Цæдисы адæмыл æрвнæрæгау айхъуыст ацы æвирхъау хабар. Уыцы бон райсом раджы, 4 сахатыл фашистон Герман æрбабырста Советон Цæдисмæ, хæст нæ расидт, афтæмæй.
Ацы хæст адæймагады историйы нымад цæуы иууыл трагикондæрыл. Уый иу уысммæ æрбайхæлдта милуангай адæймæгты цард æмæ хъысмæт. Фæлæ нæ бæстæйы адæм сфæрæзтой æппæтæн дæр, уымæн æмæ сæ уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ уыд æгæрон æмæ æрхастой Уæлахиз. Уыцы тугкалæн хæсты немыцаг фашисттимæ тох кодтой ирон хæстонтæ дæр æмæ уыдонæн сæ нæмттæ никуы уыдзысты махæй рох.
Фыдыбæстæйы Стыр хæст цыдис 1418 боны.

@XurZaerin
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
ХЪУСЫНГÆНИНАГ

Зынаргъ ирон адæм!

Кæддæр Хуыцау нæ рагон фыдæлтæн радта цæрæнбынатæн табуйаг зæхх, абон дæр ма 2 минмæ æввахс кувæндæттæ кæм ис, Дуне Сфæлдисæг сын кæм бахæс кодта æххæст кæнын куырыхон царды æмæ кувыны æгъдæуттæ.

Уыцы фæдзæхст æххæст кæнгæйæ, Хуыцауæн уарзон, уæларвон цæрджытимæ æнгом баст ирон адæм фæлтæрæй фæлтæрмæ цæсты гагуыйау хъахъхъæдтой Ирыстоны зæхх, негъдæуттæ, нæ мадæлон æвзаг.

Фæлæ абон Ирыстон, ирон адæм бахаудысты тынг тæссаг уавæры! Нæ адæмы нымæц къаддæрæй-къаддæр кæны, сæфы не
взаг, сæфы негъдау, нæ фыдæлты фæрнæйдзаг зæххытæ уæйгонд цæуынц æцæгæлон адæмтæн æмæ уыдон нæ табуйаг хæхбæстæй ривæддон аразынц.

Уый махæн нæ ныббардзысты нæдæр Хуыцау, нæдæр нæ зæдæнгæс фыдæлтæ.

Абон фыдæлты тæмæссаг исбон (нæ сыгъдæг дзуæрттæ æмæ кувыны æгъдау) мах хъуамæ ныфсджынæй райсæм нæ къухмæ, цæмæй уыдон бацæуой сæ фыццаг, алæмæты тыхы – æмæ уæд сæ ныхмæ тыхгæнæг тых нал ссардзæн.

Уымæ гæсгæ, сидæм æгас ирон адæммæ Хуссарæй Цæгатмæ – равдисæм Стыр Иунæг Хуыцауæн нæ иузæрдиондзинад, нæ иудзинад æмæ иумæ, æмрæстæджы, скувæм Дуне Сфæлдисæг Хуыцау æмæ йе
сконд зæдтæм, цæмæй Ирыстон фыдбылызæй бахизой æмæ ирон адæмы рæствæндаг фæкæной!

Уыцы иумæйаг куывд -иу нæ фыдæлтæ кодтой Хурты Хурзæрин йæ тыхы куы бацæуы, уыцы боны ( день летнего солнцестояния). Ацы аз хур йæ тæккæ тæмæны уыдзæн Хурхæтæны мæйы, 22 боны, хуыцаубоны.
Æмæ уыцы бон, 12 сахатыл скувæм неппæт кадджын дзуæртты бынæтты æмæ æппæт ирон хæдзæртты хи конд æртыгай уæливыхтæ æмæ хи конд бæгæны кæнæ къуымæлæй!

Уымæй равдисæм нæ уæларвон цæстдарджытæн - Ирон туг кæй дадзинты кæлы, уыцы адæм фидарæй кæй дарынц сæ зæрдыл Хуыцау æмæ йе
сконд зæдтæ æмæ дауджыты! Æмæ уыдонæн кад кæнынмæ æмæ Рухс, Сыгъдæг, Фæрнджын æмæ Æгъдауджын цард хъахъхъæнынмæ цæттæ кæй сты !!!

Æхсæнадон змæлд «Ирыстоны Национ Форум»-ы правлени

/ Дзæуджыхъæу, 05.06.2025 аз.
Бафæрс æмæ базонай.

Бафæрсын аипп нæу.

Бадæг æмæ лæууæгæн иу аргъ ис.

@XurZaerin
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
"Священная война" ирон æвзагмæ тæлмацæй.

@XurZaerin
2025/06/29 18:24:04
Back to Top
HTML Embed Code: