Зымӕгон аргъау
🔻 Сӕрмагондӕй «Сапӕ»-йӕн Алайнаг моладзандоны митын рӕсугъддзинад равдыста моладзан Цӕлойты Мария. Ацы бынат афӕдзы алы афон дӕр рӕсугъд у. Фӕлӕ йæ миты тъыфылтӕ алӕмӕты бӕстӕ фестын кодтой.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Арвыкомы фӕндаг у ӕхгӕд, Уӕллаг Ларсы сӕмбырд мингай адӕм
🔻 Контролон-уадзӕн пункт дыккаг бон у ӕхгӕд. Уӕзласӕн машинӕты рад райдайы Балтайы, рог хӕдтулгӕты рад та — Цымийы, ӕмӕ адӕмӕй иуы бон дӕр зæгъын нӕу, арӕн кӕд байгом уыдзӕн, уый.
💬 «Нӕдӕр бастдзинад, нӕдӕр исты информацион бюро. Кӕмӕфӕнды ма бацæуай — ничи ницы зоны, хъыгагӕн. Ӕнхъӕлмӕ уал кӕсӕм. Нӕ зонын, цас ӕнхъӕлмӕ кӕсын ма нӕ бахъӕудзӕн», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Заза Чежия.
Заза цӕры Саратовы, кусы дзы ӕфсӕнвӕндагыл. Афӕдз иу хатт ӕнӕмӕнг фӕцӕуы йӕ мадмӕ Гуырдзыстонмӕ, Зугдидимӕ. Арӕхдӕр цӕуын ын нӕ уайы. Фӕлӕ ацы аз ӕрдз йӕхи уынаффӕ бакодта ӕмӕ, чи зоны, ныр дӕр йӕ йӕ фӕнд ма сӕххӕст уа.
💬 «Сом сихормӕ — ӕппынфӕстаг 15 сахатмӕ — фӕндаг куы нӕ байгом кӕной, уӕд мын фӕстӕмӕ цӕугӕ уыдзӕн. Кӕннод хӕдзармӕ афоныл нӕ бахӕццӕ уыдзынӕн. Уымӕн ӕмӕ ма мӕ Тбилисӕй Зугдидимӕ суткӕйы бӕрц цӕуын хъӕуы. Мӕ мад мӕм фӕхӕрам уыдзӕн, фӕлӕ цы кӕнон», — дзуры Заза.
Жумахан Ергалиев та у Казахстанӕй. Тынг ӕй фӕндыд йӕ гуырӕн бон Гуырдзыйы сбӕрӕг кӕнын. Фӕлӕ уал йӕ бон хъармгӕнӕн пунктæй дарддӕр ацӕуын нӕу. Арӕны цур чи ис, уыдонӕн хъармгӕнӕн бынат бацӕттӕ кодта ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрад. Адӕмы бон дзы у цай, къофи бацымын.
«Иннӕбон мӕ гуырӕн бон у. Уарзын алы бӕстӕтӕм цӕуын, сӕ ӕрдзмӕ кӕсын, сӕ рӕсугъд бынӕттӕм. Ацы хатт мӕ фӕндыд Гуырдзыстон бабӕрӕг кӕнын.Фӕлӕ арӕн куы нӕ байгом кӕной, уӕд ӕй Ирыстоны сбӕрӕг кӕндзынӕн», — дзуры Жумахан.
Зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрад цы дыууӕ хъармгӕнӕн пункты сӕвӕрдта, уыдон се 'ппӕты фаг нӕ кӕнынц: æгӕр бирӕ адӕм дзы ис. Рады лӕууӕг сылгоймӕгты та бахъӕуы пункттӕм дардӕй цӕуын.
💬 «Иу цатыр дзы куы сӕвӕрдтаиккой 50-100 адӕймагӕн, уӕд хорз уыдаид. Цӕмӕй адӕймаджы бон ӕрхуыссын уа, йӕхи ахъарм кӕнын. Машинӕты ныр цал боны стӕм. Ныр дыууӕ суткӕйы стӕм ам. Æмæ дзы уӕддӕр къуындӕг у, пункты хуызӕн нӕ. Фӕлӕ уый дӕр нӕ фаг кӕны. Адӕм бирӕ сӕмбырд, бынат та нӕй», — хъаст кӕны Жумахан.
➡️ Зӕгъдзыстӕм ма уый дӕр, ӕмӕ ӕрдзон уавӕртӕ кӕй аивтой, уый аххосӕй Арвыкомы фӕндаг 26 ноябрӕй у ӕхгӕд.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Заза цӕры Саратовы, кусы дзы ӕфсӕнвӕндагыл. Афӕдз иу хатт ӕнӕмӕнг фӕцӕуы йӕ мадмӕ Гуырдзыстонмӕ, Зугдидимӕ. Арӕхдӕр цӕуын ын нӕ уайы. Фӕлӕ ацы аз ӕрдз йӕхи уынаффӕ бакодта ӕмӕ, чи зоны, ныр дӕр йӕ йӕ фӕнд ма сӕххӕст уа.
Жумахан Ергалиев та у Казахстанӕй. Тынг ӕй фӕндыд йӕ гуырӕн бон Гуырдзыйы сбӕрӕг кӕнын. Фӕлӕ уал йӕ бон хъармгӕнӕн пунктæй дарддӕр ацӕуын нӕу. Арӕны цур чи ис, уыдонӕн хъармгӕнӕн бынат бацӕттӕ кодта ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрад. Адӕмы бон дзы у цай, къофи бацымын.
«Иннӕбон мӕ гуырӕн бон у. Уарзын алы бӕстӕтӕм цӕуын, сӕ ӕрдзмӕ кӕсын, сӕ рӕсугъд бынӕттӕм. Ацы хатт мӕ фӕндыд Гуырдзыстон бабӕрӕг кӕнын.Фӕлӕ арӕн куы нӕ байгом кӕной, уӕд ӕй Ирыстоны сбӕрӕг кӕндзынӕн», — дзуры Жумахан.
Зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрад цы дыууӕ хъармгӕнӕн пункты сӕвӕрдта, уыдон се 'ппӕты фаг нӕ кӕнынц: æгӕр бирӕ адӕм дзы ис. Рады лӕууӕг сылгоймӕгты та бахъӕуы пункттӕм дардӕй цӕуын.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — ӕдасдзинад.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Бӕлӕстӕ ӕрхауынӕй тӕссаг кӕй у, уымӕ гæсгæ Дзӕуджыхъӕуы цӕрджытӕй ӕмӕ уазджытӕй курынц парктæм ӕнӕхъуаджы ма цӕуын
🔻 Боны дӕргъы Дзӕуджыхъӕуы мит ӕруарыд 55 см. Йӕ уӕзӕй бӕлӕстӕ хауын райдыдтой. Уымӕ гӕсгӕ горӕты администраци адæмæй куры, цӕмӕй ӕнӕхъуаджы парктӕм, сквертӕм ӕмӕ хъӕдтӕм ма цӕуой.
«ВладЛесЭкология»-йӕ куыд хъусын кӕнынц, афтӕмӕй ныридӕгӕн «Нæртон» ӕмӕ «Дендрарий»-ы цалдӕр бӕласы ӕрхауд. Хъыгдард баййӕфтой Дзӕуджыхъӕуы бӕлӕстӕ дӕр.
Къам: Кобегкаты Эдуард
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
«ВладЛесЭкология»-йӕ куыд хъусын кӕнынц, афтӕмӕй ныридӕгӕн «Нæртон» ӕмӕ «Дендрарий»-ы цалдӕр бӕласы ӕрхауд. Хъыгдард баййӕфтой Дзӕуджыхъӕуы бӕлӕстӕ дӕр.
Къам: Кобегкаты Эдуард
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Нузалы аргъуаны къулты нывтӕ хӕлынц
🔻 Ууыл ныхас цыд къуырисӕры хицауады ӕмбырды. Культурон нысаниуӕг кӕмӕн ис, уыцы объекттӕ хъахъхъӕнæн комитетӕн бабар кодтой уавӕр сбӕлвырд кӕнын ӕмӕ хатдзӕгтӕ фехъусын кӕнын.
«Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй фӕстаг хатт аргъуанмӕ базылдысты 6 азы размӕ. Уӕд дзы скодтой, цӕмӕй ма кӕла, ахӕм мадзӕлттӕ. Куыста дзы рацарӕзты наукон-иртасӕн паддзахадон институты специалист Сергей Филатов. Ахӕм куыстытӕ специалисттӕ бафӕдзӕхстой алы 5 азы кӕнын.
📄 Нузалы аргъуанӕн ис федералон культурон нысаниуӕг. Ис Алайнаг епархийы бӕрны, хъуамӕ йæм зила ӕмӕ йын хъахъхъӕна йӕ историон хуыз.
➡️ Ӕрмӕг цӕттӕ кӕнгӕйӕ епархиимӕ аныхас кӕнын нæ къухы нӕ бафтыд. Афтӕмӕй та, дзуапп цы фарстӕн агурӕм, уый хуымӕтӕг у — объекты къултыл нывтӕ бахъахъхъӕнынӕн цы мадзӕлттӕ конд цӕуы? Базыдтам ӕрмӕст уый, ӕмӕ аргъуан зымӕгмӕ сӕхгӕныныл ныхас кӕй цыд.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
«Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй фӕстаг хатт аргъуанмӕ базылдысты 6 азы размӕ. Уӕд дзы скодтой, цӕмӕй ма кӕла, ахӕм мадзӕлттӕ. Куыста дзы рацарӕзты наукон-иртасӕн паддзахадон институты специалист Сергей Филатов. Ахӕм куыстытӕ специалисттӕ бафӕдзӕхстой алы 5 азы кӕнын.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Мӕскуыйы ӕрцахстой Гогаты Батрадзы ӕртӕ ӕмбалы, азымджын сты стыр ӕхцатӕ фӕлгъауынӕй
🔻 Барадхъахъхъӕнджытӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй Ц. Аслан, Б. Артур ӕмӕ Г. Султан хъыгдардбаййафджыты бастыгътой ӕмӕ сӕхи бамбӕхстой. Знон изӕрӕй сӕ Мӕскуыйы ӕрцахстой ӕмӕ сӕ Дзӕуджыхъӕумӕ ӕрбаластой. Ныр семӕ кусынц слестгӕнджытӕ.
«Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй Гогаты Батрадз ӕмӕ йе 'мбӕлтты къухтӕм бафтыд, фӕсивӕд ӕнӕуаг митӕ кӕм кӕнынц, уыцы видео. Видеойы архайджытӕй райдыдтой бирӕ ӕхца домын. Цæмӕй видео ма апарахат кӕной, уый тыххӕй та сын сӕхи номыл исын кодтой кредиттӕ. Афтӕмӕй хъыгдардбаййафджытӕ райстой дыууӕ стыр кредиты, стӕй банк кредит куы нал лӕвӕрдта, уӕд ӕххуысагур пъӕлицӕмӕ араст сты. Фӕлгъауджытӕ та республикӕйӕ ӕндӕр ранмӕ ацыдысты.
➡️ «Сапӕ» куыд фыста, афтӕмӕй 4-ӕм ноябры Гогаты Батрадзы ӕрцахстой, 10-ӕм ноябры та йын Дзӕуджыхъӕуы Ленины районы тӕрхондон рахаста 30-ӕм декабрмӕ хъахъхъӕнджыты къухы уӕвыны тӕрхон.